УӔЛӔМХАСӔН Б
Адӕймагимӕ дӕ ныхас кӕд хъуамӕ фӕуай?
Исчи цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл немӕ разы куы нӕ вӕййы, фӕлӕ бӕрӕг куы вӕййы, дзуапп базонын ӕй кӕй фӕнды, йе та нын куы фӕзӕгъы, цӕмӕй йын цыдӕр бамбарын кӕнӕм, уӕд йемӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕнӕм. Мах уарзӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕмимӕ ныхас кӕнын (Хъуыд. 13:48).
Фӕлӕ адӕймаг мӕсты куы уа, немӕ куы быцӕу кӕна кӕнӕ йӕ ныхас кӕнын куы нӕ фӕнда, уӕд та куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хъуамӕ нӕ ныхас уӕзданӕй фӕуӕм (Ӕмб. 17:14). Архай, цӕмӕй фӕлмӕнӕй ныхас кӕнай, ӕмӕ йӕ уӕд, чи зоны, ӕндӕр хатт немӕ аныхас кӕнын бафӕнда (1 Пет. 2:12).