Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ныхас кӕнын-иу райдайӕм, цӕмӕй-иу хорз хабар радзурӕм
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ арӕх бирӕты хӕдзары нӕ баййафӕм. Фӕлӕ сыл фембӕлӕн вӕййы транспорты цӕугӕйӕ, поликлиникӕйы дохтырмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, куысты кӕнӕ скъолайы улӕфты рӕстӕг ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъуса (1 Тим. 2:3, 4). Цӕмӕй хорз хабар радзурӕм, уый тыххӕй арӕх нӕхи фӕхъӕуы семӕ ныхас кӕнын райдайын.
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Алы къуыри дӕр-иу бацархай, цӕмӕй, ӕппынкъаддӕр, иу адӕймагимӕ ныхас кӕнын райдайай ӕмӕ йын хорз хабар радзурай.