Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w00 1/4 3–4 фф.
  • Цы зоныс кӕлӕнты тыххӕй?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цы зоныс кӕлӕнты тыххӕй?
  • Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы хъуамӕ зонай кӕлӕнты тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Кӕлӕнтӕ кӕнын ӕмӕ дӕсны фӕрсын раст нӕу
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
w00 1/4 3–4 фф.

Цы зоныс кӕлӕнты тыххӕй?

КӔЛӔНТӔ! Ацы дзырд куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс?

Бирӕтӕ ацы хъуыддаг нымайынц мӕнгуырнындзинадыл ӕмӕ аргъауыл, зӕгъгӕ йыл ӕууӕндын нӕ хъӕуы. Уыдонӕн кӕлӕнтӕ сты, адӕм цы ӕрхъуыды кодтой, ахӕм цыдӕр, ӕмӕ сӕ цӕстытыл уайынц афтӕ: зӕронд къулыбадӕг устытӕ, сӕрӕй къӕхтӕм пӕлӕзтӕй ӕмбӕрзт, хӕлынбыттырты базыртӕ калынц фыцгӕ аджы, адӕмы фестын кӕнынц хӕфсытӕ ӕмӕ ӕхсӕвыгон арвыл уисӕйттыл ратӕх-батӕх кӕнынц ӕмӕ цъӕхснаг хъӕлӕсӕй худынц.

Фӕлӕ иннӕтӕм кӕлӕнтӕ худӕг нӕ кӕсынц. Иуӕй-иу иртасджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ӕппӕт дунейы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр ӕрдӕг ӕууӕндынц, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕцӕг кӕй ис ӕмӕ иннӕты цардыл сӕ бон ӕндавын кӕй у, ууыл. Милуанты уырны, кӕлӕнтӕ фыддзинад кӕй хӕссынц, тӕссаг кӕй сты ӕмӕ сӕ тынг тӕрсын кӕй хъӕуы. Цӕвиттонӕн, иу чиныджы Африкӕйы дины тыххӕй дзырдӕуы: «Африкӕйы цӕрджытӕ тынг ӕууӕндынц, сау маги, кӕлӕнтӕ ӕмӕ хинтӕ тӕссаг кӕй сты, ӕмӕ уыцы уырнындзинад ауагъта арф уидӕгтӕ... Се ’хсӕнады ӕппӕты тынгдӕр се сӕфт уынынц кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ хингӕнджытӕй. Суанг ма абон дӕр ис, фырнадӕй сӕ кӕм амарынц, ахӕм бынӕттӕ».

Фӕлӕ Ныгуылӕн бӕстӕты кӕлӕнтӕ систы тынг кадджын. Чингуытӕ, телеуынынад ӕмӕ кинонывты руаджы адӕм кӕлӕнтӕй къаддӕр тӕрсын райдыдтой. Ирхӕфсӕн ралӕвӕрдты фӕлгӕсӕг Дейвид Дейвис дзуры: «Ӕвиппайды кӕлӕнгӕнджытӕ систы ӕрыгондӕр ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр, бирӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр. Голливуд ног уавӕрты хорз фӕцарӕхст. [...] Кӕлӕнгӕнджыты бирӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕрӕй ӕмӕ хӕрзконддӕрӕй кӕй ӕвдисынц, уый руаджы ахӕм кинотӕм чи кӕсы, уыдоны нымӕц фӕфылдӕр, уыимӕ сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты нымӕц дӕр». Голливуды зонынц, алы хъуыддагӕй дӕр куыд ис спайдагӕнӕн, уый.

Иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, кӕлӕнтӕ систы, Иугонд Штатты духовон фӕзындтӕй ӕппӕты тагъддӕр чи парахат кӕны, уыдонӕй сӕ иу. Ӕгас размӕцыд дунейы фылдӕр кӕны, сӕйраг динтӕй фыдӕнхъӕл чи фӕци ӕмӕ сылгоймӕгты бартӕ нӕлгоймӕгты бартимӕ сӕмуӕз кӕныныл чи тох кӕны, уыдон кӕуыл ӕндавынц, уыцы адӕмы нымӕц, ӕмӕ уыдон сӕ фарстытӕн дзуаппытӕ агурынц алыхуызон кӕлӕнты. Ӕцӕгӕй та кӕлӕнты хуызтӕ уыйбӕрц сты, ӕмӕ ма адӕм дзырд «кӕлӕнгӕнӕджы» нысаниуӕгыл дӕр сӕ кӕрӕдзиимӕ разы не сты. Фӕлӕ профессионалон кӕлӕнгӕнджытӕ арӕх баст вӕййынц Виккӕимӕ — иу дзырдуаты ӕмбӕрстгонд цӕуы куыд «ӕрдзы тыхтыл бындуриуӕггӕнӕг муртаттаг дин, фӕзынд чырыстон дуджы размӕ Ныгуылӕн Европӕйы ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕндидзыдта XX ӕнусы». Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сӕхи хонынц муртаттӕ кӕнӕ ног муртаттӕ.

Историйы дӕргъы кӕлӕнгӕнджытӕй се сӕфт уыдтой, сырдтой сӕ, хъизӕмарӕй сӕ мардтой ӕмӕ ма сӕ маргӕ дӕр кодтой. Уӕдӕ диссаг нӕу, абон кӕлӕнтӕ чи кӕны, уыдоны сӕхицӕй уыцы къӕм сисын кӕй фӕнды. Иу ӕрфарсты цалдӕр кӕлӕнгӕнӕджы бафарстой, зӕгъгӕ сӕ адӕмӕн ӕппӕты тынгдӕр цы зӕгъын фӕндид. Сӕ дзуаппытӕ иртасӕг сын Марго Адлер иумӕйагӕй загъта афтӕ: «Мах фыддзинад нӕ кӕнӕм ӕмӕ Хӕйрӕгӕн нӕ кувӕм. Адӕмӕн зиан нӕ хӕссӕм ӕмӕ сӕ нӕ рӕдийын кӕнӕм. Мах тӕссаг не стӕм. Стӕм сымах хуызӕн хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ. Ис нын бинонтӕ, куыст, ныфсытӕ ӕмӕ бӕллицтӕ. Мах сектӕ не стӕм ӕмӕ нӕм сусӕгӕй ницы ис. [...] Нӕ нӕ хъӕуы тӕрсын. [...] Кӕд нӕ уӕхи хуызӕн нӕ хонут, уӕддӕр сымах хуызӕн тынг стӕм».

Ацы ныхӕстимӕ разы чи у, уыцы адӕмы нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын ницы бындур ис мӕт кӕнынӕн? Цӕй ӕмӕ равзарӕм ацы фарста иннӕ статьяйы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын