Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 13 ур., 21 ф.
  • Кӕлӕнтӕ кӕнын ӕмӕ дӕсны фӕрсын раст нӕу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕлӕнтӕ кӕнын ӕмӕ дӕсны фӕрсын раст нӕу
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы хъуамӕ зонай кӕлӕнты тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕуу
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Цы зоныс кӕлӕнты тыххӕй?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Хӕйрӕджытӕй дӕхи бахъахъхъӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 13 ур., 21 ф.

13 УРОК

Кӕлӕнтӕ кӕнын ӕмӕ дӕсны фӕрсын раст нӕу

Адӕймаджы сӕрыкӕхц; диссаджы хуызы чи дзӕбӕх кӕны, ахӕм хос; адӕм хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнынц

Сайтаны фӕнды, цӕмӕй кӕлӕнтӕ кӕнай. Бирӕтӕ сӕ мард фыдӕлтӕн кӕнӕ сын сӕ удтӕн хӕссынц нывӕндтӕ, цӕмӕй сын знаггад ма кӕной. Уыдон афтӕ уый тыххӕй кӕнынц, ӕмӕ тӕрсынц ӕнӕуынгӕ дунейы тыхтӕй. Уыдон дарынц кӕлӕны къухдарӕнтӕ кӕнӕ цонгдарӕнтӕ. Уыдон нуазынц «хосгӕнӕн дӕттӕ» кӕнӕ сӕ сӕ буӕрттыл байсӕрдынц, афтӕ сӕм кӕсы, цыма сӕ ис диссаджы дзӕбӕхгӕнӕн тых. Иуӕй-иутӕ сӕ хӕдзӕртты кӕнӕ зӕххы баныгӕнынц цавӕрдӕр дзаумӕттӕ, афтӕ сӕм фӕкӕсы, цыма сӕ уыдон бахъахъхъӕндзысты. Иннӕтӕ та дарынц дуатӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ уырны, уыдон сын кӕй баххуыс кӕндзысты бизнесы, скъолайы фӕлварӕнты кӕнӕ тӕрхондоны ӕнтыстджын уӕвынӕн.

Иегъовӕ дӕ хӕлар куы уа, уӕд дӕ уый Сайтанӕй бахъахъхъӕндзӕн. Иегъовӕ Хуыцау йӕ зӕдтимӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕй бирӕ тыхджындӕр у (Иаковы 2:19; Раргомад 12:9). Иегъовӕйы тынг фӕнды йӕ хӕлӕртты, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдоны бахъахъхъӕныны тыххӕй йӕ тых равдисын (2 Паралипоменон 16:9).

Хуыцауы Ныхасы дзырдӕуы: «Хинтӕ ма кӕнут». Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты кӕлӕнтӕ ӕмӕ дӕсны фӕрсын, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн сӕ бон у Сайтан Хӕйрӕджы ӕндӕвдады бын бахауын (Левит 19:26).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын