Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕн сӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн!
«Дӕ ныхмӕ цӕудзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕтых уыдзысты» (ИЕРЕМИ 1:19, АМТ).
1. Цавӕр хӕс ӕрцыд лӕвӕрд Иеремийӕн ӕмӕ цас рӕстӕг лӕггад кодта уыцы хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ?
ИЕГЪОВӔ ӕвзонг Иеремийы сӕвӕрдта пехуымпарӕй адӕмтӕн (Иереми 1:5). Уый уыд, Иудейы хорз паддзах Иоси куы хицауиуӕг кодта, уыцы рӕстӕджы. Иереми пехуымпар уыд, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы басастой, уый размӕ змӕст рӕстӕджы ӕмӕ суанг Хуыцауы адӕмы уацары куы акодтой, уӕды онг (Иереми 1:1—3).
2. Иегъовӕ Иеремийы куыд бафидар кодта ӕмӕ уыцы пехуымпары ныхмӕ цӕуын цы нысан кодта?
2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иереми цы тӕрхӕттӕ хъусын кодта, уыдон алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты ӕмӕ ӕнӕмӕнг йӕ ныхмӕ цыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Иегъовӕ бафидар кодта, цӕмӕй йӕм цы зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн хъӕддых фӕлӕууыдаид (Иереми 1:8—10). Зӕгъӕм пехуымпары ныфс бауагътой ахӕм ныхӕстӕ: «„Уыдон дӕ ныхмӕ цӕудзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕтых уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, Ӕз дӕ ирвӕзын кӕндзынӕн,“— дзуры Иегъовӕ» (Иереми 1:19, АМТ). Иудзырдӕй, Иеремийы ныхмӕ чи цыд, уый цыд Хуыцауы ныхмӕ. Иегъовӕйӕн абон дӕр ис, пехуымпары хуызӕн лӕггадгӕнджыты къорд, ӕмӕ уыцы къорд дӕр ӕххӕст кӕны, Иереми цы хӕс ӕххӕст кодта, ахӕм хӕс. Иеремийау уыдон дӕр уӕндонӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы пехуымпарадон дзырд. Ӕмӕ уыцы дзырд ӕндавы, куыд алы хицӕн адӕймагыл, афтӕ ӕгас адӕмтыл дӕр. Уыцы ныхасмӕ кӕмӕн цавӕр ахаст уыдзӕн, ууыл баст у, йӕ кӕрон хорз уыдзӕн ӕви ӕвзӕр, уый. Иеремийы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр ис, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ чи архайы, чи сӕ хъыгдары, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн йӕхи ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕймӕгтӕ.
Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕййафынц ӕфхӕрд
3. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд цӕмӕн цӕуынц?
3 Иегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд ӕййафынц XX ӕнусы райдианӕй фӕстӕмӕ. Бирӕ бӕстӕты фыдадӕм сӕ тых сӕ бонӕй архайдтой Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл ӕмӕ ма йӕ суанг бынтон ныммынӕг кӕныныл дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махыл сӕ ардауы нӕ цыфыддӕр знаг Хӕйрӕг, уый «зилы богътӕгӕнаг домбайау» (НФ) ӕмӕ «кӕй аныхъуыра», уый агуры (1 Петры 5:8). 1914 азы, «муртатты рӕстӕджытӕ» куы фесты, уӕд Хуыцау йӕ Фырты сӕвӕрдта зӕххы ног Паддзахӕй ӕмӕ йын бардзырд ратта: «Хицауиуӕг кӕн Дӕ знӕгты ’хсӕн» (Лукайы 21:24; Псалом 109:2). Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райсгӕйӕ, Чырысти Сайтаны уӕларвӕй ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын ныр зӕххӕй дарддӕр авналӕн никуыдӕм уал ис. Хӕйрӕгӕн ма гыццыл рӕстӕг кӕй баззад, уый зоны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ маст калы сӕрст чырыстӕттыл ӕмӕ семӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмыл (Раргомад 12:9, 17). Цы-иу рауад Хуыцауы знӕгтӕн сӕ хъуыддӕгтӕй?
4. Иегъовӕйы адӕм Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, фӕлӕ 1919 ӕмӕ 1922 азты цы ’рцыд?
4 Иегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджыты уырнындзинад стыр фӕлварӕнты бахауд Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы. Худтысты сыл ӕмӕ сыл алыхуызон хахуыртӕ кодтой, адӕм сӕ сырдтой ӕмӕ сӕ надтой. Растдӕр Йесо куыд загъта, афтӕ «ӕнӕуынон систы ӕппӕт адӕмӕн» (Матфейы 24:9). Хӕст йӕ тӕккӕ тӕмӕны куы уыд, уӕд Хуыцауы Паддзахады знӕгтӕ спайда кодтой, Йесо Чырыстийы ныхмӕ кӕмӕй спайдачындӕуыд, ахӕм тактикӕйӕ. Иегъовӕйы адӕмы ӕнӕ аххосӕй фӕазымджын кодтой паддзахады ныхмӕ архайды ӕмӕ Хуыцауы зӕххон организацийы зӕрдӕ барӕхуыстой. 1918 азы майы мӕйы АИШ-ы федералон хицауад ратта Ӕхсӕнады президент Дж. Ф. Рутерфорды ӕмӕ йе ’ввахсдӕр ӕмкусджытӕй авды ӕрцахсыны бардзырд. Уыцы аст адӕймагӕн рахастой дӕргъвӕтин ӕмгъуыд фӕбадыны тӕрхон ӕмӕ сӕ штат Джорджиайы (АИШ) горӕт Атлантӕйы федералон ахӕстоны ныппӕрстой. Фараст мӕйы фӕстӕ сӕ рауагътой. 1919 азы майы окруджы аппеляцион тӕрхондон дӕлдӕр къӕпхӕны тӕрхондоны уынаффӕ растыл нӕ банымадта, ӕмӕ йӕ аивта. Хъуыддаг равзарынӕн снысан кодтой ног къамис, фӕлӕ фӕстӕдӕр хицауад хъуыддаг сӕхгӕдта ӕмӕ ӕфсымӕр Рутерфорд ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ бынтондӕр реабилитацигонд ӕрцыдысты. Ногӕй та зӕрдӕбынӕй ӕрӕвнӕлдтой Паддзахады хъуыддагмӕ ӕмӕ 1919 ӕмӕ 1922 азты штат Огайойы горӕт Сидар-Пойнты цы конгрестӕ ӕрцыд уагъд, уыдон уацамынды хъуыддагӕн раттой ног хъарутӕ.
5. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фашистон Греманы цы бавзӕрстой?
5 1930-ӕм азты иуӕй-иу бӕстӕты хицаудзинады бартӕ йӕ къухтӕм райста диктатурӕ; Герман, Итали ӕмӕ Япон баиу сты ӕмӕ систы Сӕмӕны паддзахӕдтӕ. 30-ӕм азтӕн суанг сӕ райдианӕй Хуыцауы адӕм карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕлдайдӕр та фашистон Германы. Сызмӕлыны бар сын нал лӕвӕрдтой. Джигул кодтой хӕдзӕртты ӕмӕ сын сӕ цӕрджыты ахстой. Мингай адӕймӕгтӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты концлагертӕм, сӕ уырнындзинадыл сӕ къух сисын кӕй нӕ куымдтой, уый тыххӕй. Хуыцауы ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ, ныхмӕлӕуджытӕн сӕ нысан уый мидӕг уыдис, цӕмӕй тоталитарон паддзахӕдты территорийыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ кой дӕр мауал уыдаидa. Ӕвдисӕнтӕ сӕ бартӕ бахъахъхъӕныны сӕраппонд Германы тӕрхондӕттӕм хъаст куы балӕвӕрдтой, уӕд Ӕртыккаг рейхы Юстицийы министрад бацӕттӕ кодта стыр документ, цӕмӕй сӕ хъуыддагӕй мацы рауадаид. Документы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Тӕрхондӕтты куыст, нысаниуӕг кӕмӕн нӕй, ахӕм гыццыл юридикон уагӕвӕрдты тыххӕй хъуамӕ ма къуылымпы кӕна; уый ӕддейӕ цӕлхдуртыл цы нымайынц, уыдон сӕрты хизгӕйӕ сӕ кадджын хӕс ӕххӕст кӕнынӕн, куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ агурой ӕмӕ арой фадӕттӕ». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзы рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕ уыд. Фашистты хъуыдымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты архайд уыд зианхӕссӕг ӕмӕ «национал-социализмы арӕзтад къуылымпыгӕнӕг».
6. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы ӕмӕ уый фӕстӕ азты не знӕгтӕ цы арӕзтой нӕ архайд бакъуылымпы кӕнынӕн?
6 Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Хуыцауы адӕмӕн сӕ хурхыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ сызмӕлын нал уагътой Австралийы, Канадӕйы, ӕмӕ Британийы ӕмбаладмӕ чи хауд, ӕндӕр ахӕм бӕстӕты — Африкӕйы, Азийы, стӕй Къарибы денджызы ӕмӕ Сабыр океаны сакъадӕхтыл. Иугонд Штатты та, ӕхсӕнады стыр тых кӕмӕн уыд, ахӕм ныхмӕлӕуджытӕ ӕмӕ ӕнӕраст информаци кӕй хъустыл ӕрцыд, ахӕм адӕм, «закъоны сӕрты хизгӕйӕ», ӕфхӕрдтой ӕнаххос адӕмы (Псалом 93:20). Фӕлӕ тӕрхондӕтты ӕркастысты тырысайӕн цыт дӕттыны фарстамӕ, ӕмӕ ма бынӕттон тӕрхондӕттӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн бар кӕй нӕ лӕвӕрдтой, уымӕ дӕр. Уыйадыл Иугонд Штатты тӕрхондӕттӕ рахастой уынаффӕтӕ мах пайдайӕн ӕмӕ байгом дуар Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнынӕн. Иегъовӕйы фӕрцы знӕгтӕн сӕ фӕндтӕ сӕ хъуыры фӕбадтысты. Хӕст куы фӕцис, уӕд Европӕйы нӕ архайдӕн ногӕй бар лӕвӕрд ӕрцыд. Мингай Ӕвдисӕнты ссӕрибар кодтой концлагертӕй, фӕлӕ тох ууыл нӕ фӕцис. Дыккаг дунеон хӕсты хӕдфӕстӕ райдыдта уазал хӕст. Иегъовӕйы адӕм дарддӕр дӕр ссӕст ӕййӕфтой Скӕсӕн Европӕйы бӕстӕты. Хицауад ӕппӕт мадзӕлттӕй дӕр архайдта ууыл, цӕмӕй уацамынды хъуыддаг къуылымпы кодтаид ӕмӕ йын бынтондӕр кӕрон скодтаид, цӕмӕй библион литературӕ макӕцӕй хаудаид ӕфсымӕртӕм ӕмӕ сын ӕмбырдтӕ уадзыны фадат мауал уыдаид. Бирӕтӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты ахӕстӕтты, йе та хаст ӕрцыдысты рӕстмӕгӕнӕн-фӕллойадон лагертӕм.
Уацамындӕн бауромӕн нӕй!
7. Фӕстаг азты Польшӕйы, Уӕрӕсейы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи цӕстӕй цы федтой?
7 Цалдӕр дӕсазы фӕстӕ Паддзахады хъуыддагӕн дуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты. 1982 азы ма кӕд Польшӕйы коммунисттӕ хицауиуӕг кодтой, уӕддӕр дзы бар раттой иубойнон конгрестӕ уадзынӕн. Уым 1985 азы уагъд ӕрцыд ӕхсӕнадӕмон конгрестӕ. 1989 азы та дзы ацыд стыр ӕхсӕнадӕмон конгрестӕ; уым Уӕрӕсейӕ ӕмӕ Украинӕйӕ дӕр уыд мингай ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Уыцы аз Венгри ӕмӕ Польшӕйы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты закъонмӕ гӕсгӕ срегистраци кодтой. 1989 азы фӕззӕджы хӕлд ӕрцыд Берлины сис. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та регистрацигонд ӕрцыдыстӕм Скӕсӕн Германы, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ Берлины ацыд ӕхсӕнадӕмон конгресс. XX ӕнусы фӕстаг дӕсазы нӕ тыхтӕ тынгдӕр сарӕзтам Уӕрӕсейы ӕфсымӕртимӕ фембӕлынмӕ. Бантыст нын Мӕскуыйы хицауады сӕргълӕуджытӕй цалдӕримӕ фембӕлын ӕмӕ 1991 азы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ регистрацигонд ӕрцыдысты. Уӕдӕй нырмӕ Уӕрӕсейы ӕмӕ Советон Цӕдисы сконды цы республикӕтӕ уыд, уыдоны Паддзахады хъуыддаг апарахат дардыл.
8. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ 45 азы дӕргъы Иегъовӕйы адӕм цы бавзӕрстой?
8 Иуӕй-иу бӕстӕты ныхмӕлӕуд куыд лӕмӕгъ кодта, афтӕ иннӕ рӕтты та тынгдӕр кодта. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ 45 азы дӕргъы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ бӕстӕты нӕ лӕвӕрдтой сӕрибарӕй архайыны бар. Уымӕй дарддӕр нын нӕ организацийӕн, йе та нӕ архайдӕн бар кӕм нӕ лӕвӕрдтой, ахӕм бӕстӕтӕ сты: Африкӕйы — 23 бӕстӕйы, Азийы — 9, Европӕйы — 8, Латинаг Америкӕйы — 3 ӕмӕ 4 сакъадахон бӕстӕйы.
9. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Малавийы цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрстой?
9 1967 азӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой Малавийы. Не ’фсымӕртӕ, куыд ӕцӕг чырыстӕттӕ, афтӕ политикон хъуыддӕгты хайад кӕй нӕ исынц, уымӕ гӕсгӕ партион билеттӕ нӕ истой (Иоанны 17:16). 1972 азы Малавийы Конгрессы партийы съезды фӕстӕ фыдмитӕ тынгдӕр сарӕх сты. Ӕфсымӕрты сырдтой сӕ хӕдзӕрттӕй ӕмӕ сӕ куыстмӕ никуыдӕм истой. Сӕ цард бахъахъхъӕныны сӕраппонд мингӕйттӕ фӕлыгъдысты Малавийӕ. Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕлӕуджытӕн сӕ фӕнд сӕ къухы бафтыд? Ницы хуызы! Фӕстӕдӕр уавӕр бынтондӕр фӕивта, ӕмӕ 1999 азы Малавийы уыд Паддзахады хъусынгӕнджыты ног стырдӕр нымӕц— 43 767 адӕймаджы, облӕстон конгрестӕм та ӕрбацыд 120 000 адӕймагӕй фылдӕр. Уый ӕддейӕ Малавийы сӕйраг горӕты ӕрӕзт ӕрцыд Ӕхсӕнады ног филиал.
Уыдон агурынц ӕфсон
10. Данелы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнынц?
10 Аздӕхджытӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ма ӕндӕр адӕм дӕр, Хуыцауы Ныхасӕй цы уацхъуыд хъусын кӕнӕм, уымӕ хъусын нӕ фӕразынц. Чырыстон дунейы динон разамонджыты хъӕппӕрисӕй ныхмӕлӕуджытӕ агурынц, «закъонон бындур» нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уымӕн. Цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнынц? Цымӕ цавӕр мадзалӕй пайда кодтой, пехуымпар Данелы ныхмӕлӕуджытӕ? Данелы 6:5, 6-ӕм стихты (БГТ) кӕсӕм: «Уӕд сӕрдартӕ ӕмӕ сатраптӕ ӕфсон агурын байдыдтой Данелы базылын кӕнынмӕ йӕ паддзахады хицауиуӕджы; фӕлӕ сӕ бон не сси исты ӕфсон, кӕнӕ исты аххос ссарын, уымӕн ӕмӕ уый уыди иузӕрдыг, ӕмӕ йӕм ницы разынди нӕдӕр рӕдыдӕй, нӕдӕр хӕрамӕй. Уымӕ гӕсгӕ уыцы лӕгтӕ загътой: „Ацы Данелмӕ мах азымагӕй ницы ссардзыстӕм, цалынмӕ йын йӕ ныхмӕ йӕхи Хуыцауы дины ӕгъдауӕй [«закъоны», СТ] исты не ссарӕм, уӕдмӕ“». Абон нӕ ныхмӕлӕуджытӕ дӕр агурынц исты ӕфсон. «Тӕссаг сектӕты» кой йеддӕмӕ ницыуал кӕнынц ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл дӕр ахӕм гакк скӕнынмӕ хъавынц. Уыдон хъуыддӕгтӕ сзыгъуыммӕ кӕнынц, нӕ фӕсаууон дзырдӕппарӕнтӕ ӕмӕ гӕдыныхӕстӕ кӕнынц, ӕмӕ афтӕмӕй, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Библийы амындтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый ныхмӕ архайынц.
11. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕлӕуджытӕй иуӕй-иутӕ цавӕр ӕнӕраст хъуыдытӕ парахат кӕнынц?
11 Иуӕй-иу бӕстӕты та динон къордты ӕмӕ политикон архайджыты нӕ фӕнды, цӕмӕй сразы уой, нӕ кувынад Хуыцауы раз «сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп» кӕй у, ууыл (Иаковы 1:27). Кӕд нӕ чырыстон архайд закъонон ӕгъдауӕй цӕуы 234 бӕстӕйы, уӕддӕр нӕ ныхмӕлӕуджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, нӕ «зындгонд дин» схонӕн нӕй. 1998 азы ӕхсӕнадӕмон конгрессы хӕдразмӕ иу афинаг газет ныммыхуыр кодта Грекъаг Православон аргъуаны сауджынтӕй иуы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «[Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ] „зындгонд дин“ не сты». Афтӕмӕй адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы Тӕрхондон та бынтон ӕндӕр уынаффӕ рахаста. Цалдӕр боны фӕстӕ уыцы горӕты ӕндӕр газет та ӕрхаста аргъуаны ӕндӕр минӕвары ныхӕстӕ: «[Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ] не сты „чырыстон ӕмбырд“, уымӕн ӕмӕ Йесо Чырыстийыл чырыстон дунейы куыд ӕууӕндынц, уыимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис». Ӕмӕ уый ӕцӕг диссаг куыннӕ у, кӕд ӕмӕ ӕппӕт иннӕ динон къордты ’хсӕн Йесойы фӕзмынынӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй стырдӕр нысаниуӕг ничи дӕтты!
12. Духовон хӕсты хайад исгӕйӕ, цы хъуамӕ аразӕм?
12 Хорз уацхъуыд хъахъхъӕнгӕйӕ ӕмӕ йӕ фидар кӕнгӕйӕ мах агурӕм закъонон мадзӕлттӕ (Филиппӕгтӕм 1:7). Уый ӕддейӕ мах нӕ цӕуӕм, нӕ намыс нын цы дзуры, уый ныхмӕ ӕмӕ фидар хӕцӕм Хуыцауы рӕстаг принциптыл (Титмӕ 2:10, 12). Иеремийау мах дӕр «нӕ астӕутӕ ӕрбабастам» ӕмӕ нын Иегъовӕ цыдӕриддӕр фӕдзӕхсы, уый дзурӕм адӕмӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕн уый бар нӕ дӕттӕм, цӕмӕй нӕ фӕтӕрсын кӕной (Иереми 1:17, 18). Иегъовӕйы Сыгъдӕг Ныхас нын иттӕг хорз амоны, цы раст фӕндагыл нӕ цӕуын хъӕуы, уый. Уӕдӕ нӕ ныфс макуы дарӕм «адӕймаджы цонджы хъаруйыл» кӕнӕ макуы агурӕм «ӕмбӕхсӕн Египеты аууоны», ома ацы дунейы (2 Паралипоменон 32:8; Исай 30:3; 31:1—3). Духовон хӕсты хайадисгӕйӕ, мах хъуамӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ ныфс дарӕм Иегъовӕйыл, бар ын дӕттӕм нӕ къахдзӕфтӕ раст кӕнынӕн ӕмӕ нӕ ныфс нӕхиуыл ма дарӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5—7). Иегъовӕ нын куы нӕ ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ уый куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд нӕ фыдӕбӕттӕ иууылдӕр сты «дзӕгъӕлы» (Псалом 126:1).
Ӕфхӕрынц сӕ, фӕлӕ уӕддӕр фидар лӕууынц
13. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон зӕгъын, зӕгъгӕ, Йесойы ныхмӕ тохы Сайтанӕн ӕппындӕр ницы рауад?
13 Иегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззад, уыдонӕй нын иууыл хуыздӕр цӕвиттон у Йесо. Уый ӕнаххосӕй аххосджын кодтой ахӕм хъуыддӕгты, куыд адӕмы змӕнты ӕмӕ ӕхсӕнады цы фӕтк ныффидар, уый ныхмӕ цӕуы. Пилат хъуыддагмӕ лӕмбынӕг куы ’ркаст, уӕд бамбӕрста, Йесомӕ кӕй ницы азым ис, уый, ӕмӕ цӕттӕ уыд йӕ ауадзынмӕ. Фӕлӕ дины разамонджыты ардыд адӕм хъӕр кодтой ӕмӕ карзӕй домдтой, цӕмӕй Йесойы байтыгътаиккой, кӕд ницы аххосджын уыд, уӕддӕр. Уыдон домдтой, цӕмӕй сын Йесойы бӕсты рауагътаид Вараввӕйы — хицауады ныхмӕ ӕцӕгдӕр чи растад ӕмӕ лӕг чи амардта, уыцы адӕймаджы. Пилат ма ноджыдӕр иу хатт бафӕлвӕрдта, Йесойы ӕнӕсӕрфат ныхмӕлӕуджытӕн сӕ зонд ӕрӕмбарын кӕнын, фӕлӕ ӕппынфӕстаг адӕмы домӕн тыхджындӕр разынд, ӕмӕ уый дӕр сӕ фӕндыл дыууӕ нал загъта (Лукайы 23:2, 5, 14, 18—25). Фӕлӕ кӕд Йесо цӕджындзыл амард, уӕддӕр Хуыцауы ӕнаххос Фырты ныхмӕ ӕгъатыр тохы Сайтанӕн бынтондӕр ницы рауад, уымӕн ӕмӕ йӕ Иегъовӕ райгас кодта ӕмӕ йӕ иууыл кадджындӕр бынаты, йӕ рахизфарс, сбадын кодта. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон скадджынуӕвӕг Йесойы уылты Иегъовӕ ӕруагъта йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ уый фӕрцы фӕзынд «ног сконд» — чырыстон ӕмбырд (2 Коринфӕгтӕм 5:17; Куыстытӕ 2:1—4).
14. Иудейаг дины кусджытӕ-иу Йесойы фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ куы цыдысты, уӕд-иу йӕ фӕстиуӕг цы уыд?
14 Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дины разамонджытӕ ӕртхъирӕн кӕнын райдыдтой апостолтӕм, фӕлӕ уӕддӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕнӕрынцойӕ хъусын кодтой, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уый тыххӕй. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ куывтой: «Хицау [«Иегъовӕ», НД], ӕркӕс сӕ ӕртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт Дӕ цагъартӕн уӕндонӕй дзурын Дӕ ныхас» (Куыстытӕ 4:29). Иегъовӕ фехъуыста йӕ лӕггадгӕнджыты лӕгъстӕтӕ ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг удӕй бафидар кодта, цӕмӕй дарддӕр уӕндонӕй хъусын кодтаиккой. Иу цасдӕры фӕстӕ та апостолтӕн ногӕй бардзырд раттой, Чырыстийы кой мауал кӕнут, зӕгъгӕ, фӕлӕ Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ загътой: «Ӕмбӕлы, адӕмӕй хъауджыдӕр, фылдӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын» (Куыстытӕ 5:29, НФ). Кӕд сын мӕлӕтӕй дӕр уыд тас, ахӕстӕтты дӕр сӕ ӕппӕрстой ӕмӕ сӕ нӕмгӕ дӕр кодтой, уӕддӕр сӕ ницы баурӕдта Паддзахады хъуыддаг парахат кӕнынӕй.
15. Чи уыд Гамалиил ӕмӕ Йесойы фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн цавӕр уынаффӕ ратта?
15 Куыд дардтой сӕхи дины разамонджытӕ? «Мӕстӕй фӕйнӕрдӕм тыдтой ӕмӕ фӕнд кодтой уыдоны [апостолты] амарын». Апостолтыл куы тӕрхон кодтой, уӕд уым уыдис, адӕмы закъоныл чи ахуыр кодта ӕмӕ се ’хсӕн стыр кад кӕмӕн уыд, ахӕм фарисей Гамалиил. Уый цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты Синедрионӕй ракӕнын кодта. Сӕ ныхмӕлӕуджытӕн та уынаффӕ ратта: «Израилаг лӕгтӕ! ахъуыды кӕнут уӕхӕдӕг уӕхи ’хсӕн ацы адӕмы тыххӕй, цы бакӕнат уыдонимӕ сымах [...] Ӕмӕ уын ныр зӕгъын, аиуварс ут ацы адӕмӕй ӕмӕ сӕ ныууадзут: уымӕн ӕмӕ кӕд ацы куыстуат ӕмӕ хъуыддаг, у адӕймӕгтӕй, уӕд фехӕлдзӕн, фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у, уӕд ӕй сымах бон нӕу фехалын; уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй ма разынат Хуыцауы ныхмӕ цӕуджытӕй» (Куыстытӕ 5:33—39).
Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгарӕзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн
16. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕхи ныхӕстӕй куыд радзурис?
16 Гамалиил зондджын уынаффӕ ратта, ӕмӕ мах тынг аргъ кӕнӕм, нӕ сӕрыл чи рахӕцы, уыдонӕн. Мах ма бузныг стӕм, ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнджытӕ цы тӕрхӕттӕ рахӕссынц, уыдоны руаджы нын сӕрибарӕй кувыны бар кӕй ис, уымӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы Ныхасыл фидар кӕй хӕцӕм, уый чырыстон дунейы разамонджытӕн ӕмӕ Стыр Вавилоны, мӕнг дины дунеон империйы, иннӕ сӕргълӕуджытӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы (Раргомад 18:1—3). Ӕмӕ кӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ се ’ндӕвдады бын чи бахауд, уыдон дӕр нӕ ныхмӕ тох кӕнынц, уӕддӕр мах фидарӕй уырны: «„Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн; ӕмӕ тӕрхондоны демӕ чи быцӕу кӕна, уымӕн йӕхи фӕазымджын кӕндзынӕ. Уый у Хицауы цагъарты хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинады бӕлвырдгӕнӕн Мӕнӕй“,— дзуры Хицау [«Иегъовӕ», АМТ]» (Исай 54:17).
17. Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр ныфсджын цӕмӕн стӕм?
17 Кӕд не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ ӕнӕазымӕй цӕуынц, уӕддӕр нӕ ныфс нӕ сафӕм (Псалом 108:1—3, СПб). Библийы уацхъуыд йӕ цӕсты сындз кӕмӕн у, уыдонӕн уый бар нӕ ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ тас бауадзой ӕмӕ фыртӕсӕй нӕ уырнындзинады сӕрты ахизӕм. Мах ӕмбарӕм, духовон тох карзӕй-карздӕр кӕй кӕндзӕн, фӕлӕ хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый дӕр нын ӕнӕзонгӕ нӕу. Иеремийау мах дӕр нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, куыд сӕххӕст уыдзысты, ацы пехуымпарадон ныхӕстӕ: «„Уыдон дӕ ныхмӕ цӕудзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕтых уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, Ӕз дӕ ирвӕзын кӕндзынӕн“,— дзуры Иегъовӕ» (Иереми 1:19, АМТ). О, мах зонӕм, Хауыцауы ныхмӕлӕуджытӕн сӕ фӕнд сӕ къухы кӕй нӕ бафтдзӕн, уый!
[Фиппаинаг]
a Кӕс статья «Бесстрашие и преданность Богу перед лицом фашизма», «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» 2000 аз, 1 апрель, 24-28-ӕм фӕрстӕ, уырыс.
Цавӕр дзуапп раттис?
• Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц?
• Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ знӕгтӕ цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнынц?
• Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕн сӕ тох дзӕгъӕлы у?
[Ныв 24 фарсыл]
Иереми фидарӕй ӕууӕндыд, Иегъовӕ йемӕ кӕй уыдзӕн, ууыл.
[Ныв 26 фарсыл]
Концлагертӕй удӕгасӕй чи раирвӕзт, уыдон.
[Ныв 26 фарсыл]
Адӕм лӕбурынц Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм.
[Ныв 26 фарсыл]
Дж. Ф. Рутерфорд ӕмӕ йе ’мкусджытӕ.
[Ныв 29 фарсыл]
Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕн Йесойы ныхмӕ тохы сӕ фӕндтӕй ницы рауад.