Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w01 1/2 10–17 фф.
  • Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕнӕм
  • Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕппынӕдзух размӕ цӕуын
  • Бузныгдзинад духовон зонындзинӕдты тыххӕй
  • Нӕ лӕггаддзинады размӕ цӕуӕм
  • Размӕ цӕугӕйӕ, хуыздӕр кӕнӕм нӕ организацийы уагӕвӕрд
  • Йесойы ӕнтыстджын разамынд
  • Ӕмдзыд кӕнӕм!
  • Цӕуӕм, рухсӕй-рухсдӕр чи кӕны, уыцы фӕндагыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Иегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты
    Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
  • Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
w01 1/2 10–17 фф.

Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕнӕм

«Фарны Хуыцау та... уадз сӕххӕст кӕнӕд сымах алы хорз хъуыддаджы, Уый фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ» (ДЗУТТЫТӔМ 13:20, 21).

1. Цас сты зӕххы цӕрджытӕ ӕмӕ иуӕй-иу динты минӕвӕрттӕ?

МИН фараст сӕдӕ нӕуӕдз фарастӕм азы зӕххыл цӕрӕг адӕмы нымӕц схызт ӕхсӕз миллиардмӕ! Иу чиныджы («The World Almanac») дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, уыдонӕй 1 165 000 000 сты пысылмӕттӕ; 1 030 000 000 — католиктӕ; 762 000 000 — индустӕ; 354 000 000 — буддисттӕ; 316 000 000 — протестанттӕ; ӕмӕ 214 000 000 та православонтӕ.

2. Абоны динон уавӕрӕй цы ис зӕгъӕн?

2 Абоны динтӕ кӕрӕдзийӕ тынг кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ цымӕ ис зӕгъӕн, уыцы милуангай адӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй архайынц? Нӕ, «уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕу ӕнарӕзтдзинады Хуыцау, фӕлӕ фарны» (1 Коринфӕгтӕм 14:33). Цы ис зӕгъӕн Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрадӕй та? (1 Петры 2:17). Лӕмбынӕг ӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд бӕрӕг у, «фарны Хуыцау... сӕ кӕй сӕххӕст кодта алы хорз хъуыддаджы, Уый фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ» (Дзуттытӕм 13:20, 21).

3. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Иерусалимы цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн?

3 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Хуыцауы хорзӕх ис ӕви нӕ, уый сӕ нымӕцыл баст нӕу; нымӕц Хуыцауыл не ’ндавы. Уый израилӕгты уый тыххӕй нӕ равзӕрста, иннӕ адӕмтӕй «ӕппӕты фылдӕр» кӕй уыдысты. Уый хыгъд уыдон уыдысты «ӕппӕты гыццылдӕр» (Дыккаг закъон 7:7). Фӕлӕ израилӕгтӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй нал уыдысты, уымӕ гӕсгӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй Иегъовӕ арфӕ кӕнын райдыдта, уӕд Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй цы ног ӕмбырд сӕвзӕрд, уымӕн. Уыдон сӕрст ӕрцыдысты Иегъовӕйы сыгъдӕг удӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй райдыдтой хъусын кӕнын Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй ӕцӕгад (Куыстытӕ 2:41, 42).

Ӕппынӕдзух размӕ цӕуын

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд ӕппынӕдзух размӕ кӕй цыд?

4 Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд ӕппынӕдзух цыд размӕ: хъусын кодтой ног территоритыл, цӕттӕ кодтой ахуыргӕнинӕгтӕ, хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбӕрстой Хуыцауы фӕндтӕ. Фыццаг чырыстӕттӕ «ӕмдзыд кодтой», Хуыцауы удцырын ӕрвыстыты уылты цы духовон зонындзинӕдтӕ истой, уыдонимӕ. Апостолтӕ ӕмӕ-иу сӕм иннӕ чырыстӕттӕ кӕй ӕрцыдысты, уый-иу сын лӕвӕрдта тых лӕггад кӕнынӕн. Уый тыххӕй фыст ис Чырыстон Грекъаг Фыстыты (Куыстытӕ 10:21, 22; 13:46, 47; 2 Петры 3:17, 18; 2 Тимофеймӕ 1:13; 4:5; Дзуттытӕм 6:1—3).

5. Абон Хуыцауы организаци размӕ цӕмӕ цӕуы ӕмӕ нӕ цӕмӕ хъӕуы йемӕ ӕмдзыд кӕнын?

5 Куыд фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ, афтӕ нырыккон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр райдианы чысыл уыдысты (Захари 4:8—10). XIX ӕнусы кӕрон рабӕрӕг, Хуыцауы сыгъдӕг уд йӕ организациимӕ кӕй ис, уый. Мах нӕ ныфс адӕймагыл нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг уды разамындыл кӕй ӕвӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ размӕ цӕуӕм Фыстады ӕмбарынады ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныны (Захари 4:6). Абоны хуызӕн, «фӕстаг бонты», ахсджиаг никуы уыд, ӕппынӕдзух размӕ чи цӕуы, Иегъовӕйы уыцы организациимӕ ӕмдзыд кӕнын (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрд кӕронмӕ куынӕггонд не ’рцӕуа, уӕдмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ ныфс ма бамынӕг уа ӕмӕ цӕмӕй хайад исӕм Хуыцауы сфидаргонд Паддзахады тыххӕй ӕппӕт дунейы цы уацхъуыд хъусын кӕнынц, уым (Матфейы 24:3—14).

6, 7. Иегъовӕйы организаци цы ӕртӕ фадыджы ацыд размӕ, уыдонӕй нӕ хъус кӕцытӕм ӕрдардзыстӕм?

6 Не ’хсӕн ис, Иегъовӕйы организацимӕ 1920, 1930 ӕмӕ 1940-ӕм азты чи бацыд, уыдон. Махӕй уӕд чи ахъуыды кодтаид, ӕмӕ организаци афтӕ сырӕздзӕн ӕмӕ йе сконд афтӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн? Ахъуыды ма кӕн, цӕй диссаджы цаутӕ ӕрцыд нӕ рӕстӕджы! Иегъовӕ кӕуыл разамынд кӕны, уыцы адӕмы фӕрцы цы сарӕзта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый тынг бафидар кӕны нӕ уырнындзинад.

7 Давид Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл куы ахъуыды кодта, уӕд ыл тынг бандӕвтой. «Фӕнды мӕ дзурын ӕмӕ амонын,— загъта уый,— фӕлӕ уыдон сӕ хыгъдӕй фылдӕр сты» (Псалом 39:6, СПб). Мах дӕр ӕмбӕлӕм ахӕм зындзинадыл: нӕ бон нӕу ранымайын, Иегъовӕ нӕ рӕстӕджы цы бирӕ ӕмӕ раппӕлинаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон. Фӕлӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, организаци размӕ тынг цы ӕртӕ фадыджы ацыд, уыдонмӕ: 1) цадӕггай духовон зонындзинӕдты фылдӕр кӕныны, 2) лӕггаддзинады хъӕд хуыздӕр кӕныны ӕмӕ уӕрӕх кӕныны, 3) организацийы уагӕвӕрды афойнадыл ивындзинӕдтӕ кӕныны.

Бузныгдзинад духовон зонындзинӕдты тыххӕй

8. Паддзахады тыххӕй духовон зонындзинӕдты фӕрцы цы базыдтам? (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18).

8 Духовон зонындзинӕдты тыххӕй куы дзурӕм, уӕд тынг раст разындысты Фӕсномыг ныхӕсты 4:18-ӕм стихы ныхӕстӕ. Уым дзырдӕуы: «Рӕстгӕнӕджы фӕндаг у, сихормӕ йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, ахӕм тӕмӕнтӕ калгӕ рухсгӕнӕны хуызӕн». Куыд бузныг стӕм, арфӕй-арфдӕр чи кӕны, уыцы духовон зонындзинӕдты тыххӕй! 1919 азы Сидар-Пойнты (АИШ, штат Огайо) цы конгресс уыд, уым сӕйраджыдӕр дзырд цыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Иегъовӕ уыцы Паддзахады руаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ ном ӕмӕ хицауиуӕг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕндзӕн. Духовон зонындзинӕдты фӕрцы мах базыдтам, Библи Уӕвынадӕй Раргомады онг кӕй дзуры Иегъовӕйы фӕндоны тыххӕй, йӕ Фырт цы Паддзахады сӕргъы лӕууы, уый руаджы йӕ ном кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Ууыл бындуриуӕг кӕны рӕстдзинад чидӕриддӕр уарзы, уыдоны ныфс (Матфейы 12:18, 21).

9, 10. 1920-ӕм азты Библииртасджытӕ цы базыдтой Паддзахад ӕмӕ дыууӕ ныхмӕлӕууӕг организацийы тыххӕй ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кодта?

9 1922 азы Сидар-Пойнты конгрессы сӕйраг докладгӕнӕг Дж. Рутерфорд Хуыцауы адӕммӕ сидти, цӕмӕй «хъусын кӕной, хъусын кӕной, хъусын кӕной Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй». 1925 азы 1 мартъийы номыры, «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы», статья «Адӕмы райгуырд»-ы (англ.) дзырдӕуыд, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад кӕй сфидар, уымӕ цы пехуымпарадтӕ амыдтой, уыдоныл цы духовон рухс бакалд, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма 1920-ӕм азты рабӕрӕг, кӕй ис дыууӕ ныхмӕлӕууӕг организацийы: Иегъовӕйы организаци ӕмӕ Сайтаны организаци. Сӕ тох нырма дӕр нӕ фӕци, ӕмӕ уӕлахиздзаутимӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм, Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд куы кӕнӕм.

10 Куыд нын баххуыс кодта, уыцы хъуыддаг хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдыдтам, уый? Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Паддзах Йесо Чырысти ацы дунейӕ кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ацы дунейӕ хъуамӕ ма уӕм. Ацы дунейӕ иуварс куы лӕууӕм, уӕд уымӕй бӕлвырд кӕнӕм, ӕцӕгады фарс кӕй стӕм, уый (Иоанны 17:16; 18:37). Ацы фыдцардӕвӕрды уавӕртӕ уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах амондджын стӕм, Сайтаны организацийы кӕй не стӕм. Ӕмӕ цӕй стыр арфӕдзинад у, Иегъовӕйы организацийы духовон ӕдасдзинад кӕй ис ссарӕн!

11. 1931 азы Хуыцауы адӕм цавӕр библион ном райстой?

11 1931 азы Колумбусы (АИШ, штат Огайо) цы конгресс уыд, уым лӕмбынӕг ӕмбӕрстгонд ӕрцыдысты Исайы 43:10—12-ӕм стихтӕ. Библииртасджытӕ райстой ӕмбӕлон ном Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ сӕ уый иннӕтӕй хицӕн кӕны. Цӕй стыр кад у махӕй алкӕмӕндӕр Хуыцауы номы тыххӕй дзурын, цӕмӕй йӕм иннӕты бон дӕр уа сидын ӕмӕ уый фӕрцы ирвӕзындзинад райсын! (Псалом 82:19, СПб; Ромӕгтӕм 10:13).

12. 1935 азы духовон рухсы руаджы куыд рабӕрӕг, тынг бирӕ адӕм чи сты, уый?

12 Хуыцауы адӕмӕй минтӕ 1930-ӕм азты онг сӕ фидӕны царды ныфсы тыххӕй бӕлвырд нӕ зыдтой. Ахӕмтӕ дӕр дзы уыд, иуырдыгӕй уӕларвон царды тыххӕй чи хъуыды кодта, ӕмӕ иннӕрдыгӕй та дзӕнӕтон зӕххы тыххӕй библион ахуырӕдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕмӕн цыдысты. 1935 азы Вашингтоны, конгрессы фехъусын кодтой диссаджы хабар: Раргомады 7-ӕм сӕры цы тынг бирӕ адӕмы тыххӕй дзырдӕуы, уыдон сты зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм. Уӕдӕй нырмӕ тынг бирӕ адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Цымӕ бузныг не стӕм нӕ сӕр цъӕл кӕнын нӕ кӕй нӕ хъӕуы «тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый базоныныл? Нӕ цӕстыты раз ӕмбырд кӕны тынг бирӕ адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй, фӕлтӕртӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй фӕфидардӕр уӕм, нӕ цыд фӕтагъддӕр кӕнӕм ӕмӕ Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕнӕм.

13. 1941 азы Сент-Луисы цы конгресс уыд, уым сӕйраджыдӕр цавӕр ахсджиаг фарсты тыххӕй дзырдӕуыд?

13 1941 азы Сент-Луисы (АИШ, штат Миссури) цы конгресс уыд, уым дзырдӕуыд ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстыл, адӕмы чи хъуамӕ тыхсын кӕна, ууыл. Уый уыд Дун-дунейыл хицауиуӕг кӕныны кӕнӕ сӕйраг хицауиуӕгады фарст. Тагъд рӕстӕджы уыцы фарст аскъуыддзаг уыдзӕн, ӕмӕ уый цы стыр ӕмӕ тӕссаг боны ӕрцӕудзӕн, уый ӕвӕстиатӕй ӕрхӕстӕг кӕны! 1941 азы ма ӕвзӕрст цыд ноджы иу фарст адӕмы ӕнаипдзинады тыххӕй; уый нын дӕтты фадат, цӕмӕй махӕй алчидӕр йӕ ахаст равдиса Хуыцауы хицауиуӕгадмӕ.

14. 1950 азы ӕхсӕнадӕмон конгрессы Ӕвдисӕнтӕ цы базыдтой, Исайы 32:1, 2-ӕм стихты цы кънйӕзтыл цӕуы дзырд, уыдоны тыххӕй?

14 1950 азы Нью-Йоркы ӕхсӕнадӕмон конгрессы хорз ӕмбӕрстгонд ӕрцыд Исайы 32:1, 2-ӕм стихты кънйӕзтӕ чи сты, уый. Ӕфсымӕр Фредерик Френц уыцы темӕйыл куы дзырдта ӕмӕ куы ӕмбарын кодта, фидӕны ног зӕххы кънйӕзтӕ не ’хсӕн кӕй сты, уӕд ӕм иууылдӕр стыр цымыдисӕй хъуыстой. Уыцы конгрессы дӕр ӕмӕ ма йӕ фӕстӕ цы конгрестӕ уыд, уым дӕр духовон рухс арӕх ӕрттывта (Псалом 96:11). Куыд бузныг стӕм нӕ фӕндаг кӕй у, «йӕ рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕмӕн кӕны, уыцы тӕмӕнтӕ калгӕ рухсгӕнӕны хуызӕн».

Нӕ лӕггаддзинады размӕ цӕуӕм

15, 16. а) 1920-ӕм ӕмӕ 1930-ӕм азты нӕ лӕггаддзинады размӕ куыд ацыдыстӕм? ӕ) Фӕстаг дӕсазты цавӕр публикацитӕ разӕнгард кодтой чырыстон лӕггаддзинады хайад исынмӕ?

15 Дыккаг фадыг, цыран организаци ацыд размӕ, баст у нӕ сӕйраг архайдимӕ — Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнынимӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынимӕ (Матфейы 28:19, 20; Маркы 13:10). Цӕмӕй уыцы куыст ӕххӕстгонд цӕуа, уый тыххӕй нын организаци ӕппынӕдзух нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, куыд ахсджиаг у фылдӕр лӕггад кӕнын, уый. 1922 азы алы чырыстон дӕр разӕнгард цыд уацамынды хайад исынмӕ. Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг хаста уынаффӕ йӕ рухс адӕмы раз ӕрттивдзӕн, ома ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн кӕндзӕн ӕви нӕ, уымӕн (Матфейы 5:14—16). 1927 азы аскъуыддзаг кодтой, алы хуыцаубон дӕр уацамынды кӕй цӕудзысты, уый. 1940 азы февралы мӕйӕ ӕхсӕнадон районты уынгты арӕх уыд фенӕн, Ӕвдисӕнтӕ куыд парахат кодтой журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Рӕвдыд» (абон уыцы журнал хуыйны «Райхъал ут!»).

16 1937 азы фыццаг хатт рацыд гыццыл брошюрӕ «Дӕнцон ахуырад», ӕмӕ уым дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, тынг ахсджиаг у адӕммӕ дыккаг хатт цӕуын ӕмӕ сӕ библион ӕцӕгадыл ахуыр кӕнын. Фӕстӕдӕр та сӕйраджыдӕр хъусдард цыд, адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕ. Лӕггаддзинады уыцы хуызы хайад исынмӕ разӕнгард кодтой чингуытӕ: «Хуыцау уӕд ӕууӕнкджын», 1946 азы уагъд ӕмӕ «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгад» 1968 азы уагъд (англ. ). Абон та пайда кӕнӕм чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ӕй. Адӕмимӕ уыцы ӕрмӕг ахуыргӕнгӕйӕ мах ӕвӕрӕм фидар бындур ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн.

Размӕ цӕугӕйӕ, хуыздӕр кӕнӕм нӕ организацийы уагӕвӕрд

17. Исайы 60:17-ӕм стихмӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы организаци размӕ куыд цыд?

17 Ӕртыккаг фадыг, цыран Иегъовӕйы организаци ацыд размӕ, хауы архайыны мадзӕлттӕм. Исайы 60:17-ӕм стихы фыст ис Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрд: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сыгъзӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты — ӕвзист, суджы бӕсты — ӕрхуы, дурты бӕсты та — ӕфсӕйнаг; ӕмӕ дын фарн снысан кӕндзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад та — хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй». Уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд ахӕм хъуыддӕгтӕ, цӕмӕй Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн хуыздӕр разамынд дӕттой ӕмӕ дзуг ӕмбӕлон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хизой.

18, 19. Фӕстаг азты организацийы уагӕвӕрд куыд фӕхуыздӕр?

18 1919 азы хъусын кӕныны хъуыддаг спълан кӕныны тыххӕй ӕххуыс цы ӕмбырдтӕ куырдтой, уыдонмӕ нысангонд ӕрцыдысты службӕйон разамонджытӕ. Уый баххуыс кодта уацамынды зӕрдӕргъӕвдӕй цӕуынӕн. 1932 азы ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ диакъонты нал ӕвзӕрстой, ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг демократон мадзӕлттӕ кӕй аиуварс кодтой, уый. Иу стыр хъуыддаг ма ӕрцыд арӕзт 1938 азы, ӕмбырды алы лӕггадгӕнӕджы дӕр куы райдыдтой нысан кӕнын, фыццаг ӕнусы цы фӕткӕвӕрд уыд, растдӕр уымӕ гӕсгӕ (Куыстытӕ 14:23; 1 Тимофеймӕ 4:14). 1972 азы цӕстдарджытӕ ӕмӕ службӕйон ӕххуысгӕнджыты райдыдтой нысан кӕнын, фыццаг чырыстӕтты ӕмбырды сӕ цы лӕггаддзинадӕн нысан кодтой, ахӕм лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕмбырды цӕстдарӕгӕй ӕрмӕст иу нӕлгоймаг нал вӕййы, фӕлӕ Филиппӕгтӕм 1:1 ӕмӕ ма ӕндӕр стихтӕй куыд сбӕлвырд, афтӕмӕй цӕстарджытӕн Библийы цы домӕнтӕ ис, уыдон чи ӕххӕст кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ вӕййынц хистӕр нӕлгоймӕгты советы (Куыстытӕ 20:28; Ефесӕгтӕм 4:11, 12).

19 1975 азы Хуыцауы организацийы ӕппӕтдунеон архайдыл разамынд кӕнын райдыдтой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы комитеттӕ. Уымӕй уӕлдай ма нысангонд ӕрцыдысты филиалты Комитеттӕ, сӕ территоритыл организацийы архайдӕн разамынд чи хъуамӕ кодтаид, уыдон. Уӕдӕй нырмӕ архайынц Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады филиалты ӕмӕ сӕйраг управленийы куыст фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныныл, цӕмӕй «ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ бӕлвырд кӕной» (Филиппӕгтӕм 1:9, 10, НД). Чырыстийы разамындӕй чи архайы, уыцы фыййӕуттӕ хъуамӕ сӕхимӕ разамынд исой хорз уацхъуыд хъусын кӕныны ӕмӕ ӕмбырды ахуыр кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ хъуамӕ ӕмбӕлон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хизой Хуыцауы дзуг (1 Петры 5:2, 3; 1 Тимофеймӕ 4:16; Дзуттытӕм 13:7, 17).

Йесойы ӕнтыстджын разамынд

20. Йесойы уавӕры тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕнӕм?

20 Иегъовӕйы ӕппынӕдзух размӕ цӕуӕг организациимӕ ӕмдзыд кӕнынӕн хъӕуы аргъ кӕнын Йесо Чырыстийӕн, Хуыцау «ӕмбырды хистӕрӕй» кӕй снысан кодта, уымӕн (Ефесӕгтӕм 5:22, 23, НД). Нӕ хъус хъуамӕ ӕрдарӕм Исайы 55:4-ӕм стихы ныхӕстӕм: «Мӕнӕ! Ӕз [Иегъовӕ] ӕй радтон ӕвдисӕнӕй адӕмтӕн, раздзог ӕмӕ хицауӕй адӕмтӕн». Ӕцӕгӕй, Йесо зоны разамынд кӕнын. Уый зоны йӕ фысты, зоны сын сӕ хъуыддӕгтӕ. Къаннӕг Азийы авд ӕмбырды куы бӕрӕг кодта, уӕд фондз хатты загъта: «Зонын [дын] дӕ хъуыддӕгтӕ» (Раргомад 2:2, 19; 3:1, 8, 15). Йӕ Фыд Иегъовӕйау Йесо дӕр зоны, цӕуыл тыхсӕм, уый. Цалынмӕ Йесо, кувын куыд хъӕуы, уый бацамыдта, уӕдмӕ загъта: «Зоны уӕ Фыд, Уымӕй ракурыны размӕ хъуаг цӕмӕй стут, уый» (Матфейы 6:8—13).

21. Йесо куыд разамынд кӕны чырыстон ӕмбырдыл?

21 Куыд разамынд кӕны Йесо? Зӕгъӕм чырыстон цӕстдарджыты уылты — «лӕвӕрттӕ адӕймӕгты хуызы» (Ефесӕгтӕм 4:8, НД). Раргомады 1:16-ӕм стихы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, сӕрст цӕстдарджытӕ сты йӕ рахиз къухы, ома сыл уый къухдариуӕг кӕны. Абон Йесо разамынд дӕтты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, сӕ ныфс уӕларвон у ӕви зӕххон, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Фыццаг ахуыргӕнӕн статьяйы куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй уыдон нысангонд ӕрцӕуынц сыгъдӕг удӕй Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:5—9). Фыццаг ӕнусы Иерусалимы уыд разамонӕг совет, уырдӕм хаудтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ; уый разамынд кодта ӕмбырдтыл ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕмткӕй райсгӕйӕ. Иегъовӕйы организаци абон дӕр афтӕ кӕны.

Ӕмдзыд кӕнӕм!

22. Разамонӕг совет куыд ӕххуыс кӕны?

22 Паддзахады хъуыддӕгтыл зӕххыл разамынд кӕны «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», ома Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет (Матфейы 24:45—47). Разамонӕг совет, фыццаджыдӕр, архайы чырыстон ӕмбырдӕн духовон зондамынд ӕмӕ разамынд радтыныл (Куыстытӕ 6:1—6). Фӕлӕ исты ӕрдзы бӕллӕхтӕ куы ӕрцӕуы, уӕд Разамонӕг совет ӕххуыс ракуры иу кӕнӕ та цалдӕр юридикон оргӕнӕй, цӕмӕй ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной ӕмӕ хӕлд хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады Залтӕ ногӕй сцалцӕг кӕной кӕнӕ та сӕ саразой. Кӕд чырыстӕтты кӕмдӕр ӕфхӕрынц кӕнӕ сӕ хъыгдарынц, уӕд бацархайынц, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад бафидар кӕной. Уымӕй уӕлдай ма, «уӕззау рӕстӕджы» тынг бирӕ тыхтӕ хардз цӕуы, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг иу ран ма лӕууа (2 Тимофеймӕ 4:1, 2, НД).

23, 24. Иегъовӕйы адӕм цӕуылфӕнды ма ӕмбӕлой, уӕддӕр сын уый ӕппынӕдзух цы дӕтты ӕмӕ фидарӕй цы хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнӕм?

23 Иегъовӕйы адӕм цӕуылфӕнды ма сӕмбӕлой, уӕддӕр сын уый ӕппынӕдзух дӕтты духовон хӕринаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ разамынд. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕны зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕвынӕн, цӕмӕй сӕхи цӕттӕ кӕной размӕ цӕуынмӕ ӕмӕ теократон организаци хуыздӕр кӕнынмӕ (Дыккаг закъон 34:9; Ефесӕгтӕм 1:16, 17). Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт дунейы нӕ лӕггаддзинад ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нын Иегъовӕ алцыдӕр дӕтты (2 Тимофеймӕ 4:5).

24 Мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ уырны, Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕй никуы ныууадздзӕн; Хуыцау сӕ бахъахъхъӕндзӕн цы «стыр утӕхсӕн» ӕрхӕстӕг кӕны, уый рӕстӕджы (Раргомад 7:9—14, НФ; Псалом 93:14; 2 Петры 2:9). Ӕцӕгад куы базыдтам, уӕд куыд ныфсджын уыдыстӕм, афтӕ ныфсджын хъуамӕ уӕм кӕронмӕ дӕр ӕмӕ ӕппындӕр мацӕуыл дызӕрдыг кӕнӕм (Дзуттытӕм 3:14). Цӕй уӕдӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, Иегъовӕйы организациимӕ ӕмдзыд кӕй кӕндзыстӕм, уый.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Цӕмӕн ис зӕгъӕн, Иегъовӕйы организаци ӕппынӕдзух размӕ кӕй цӕуы?

• Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцауы адӕм иудадзыг духовон зонындзинӕдтӕ кӕй исынц, уый?

• Чырыстон лӕггаддзинады цы фӕхуыздӕр ис?

• Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты уагӕвӕрды йӕ афоныл цавӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд арӕзт?

[Ныв 13 фарсыл]

Давидау махӕн дӕр нӕ бон нӕу Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ранымайын.

[Ныв 15 фарсыл]

Организацийы уагӕвӕрды йӕ афоныл цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон Хуыцауы дзугӕн уыдысты пайда.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын