Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w03 1/7 9–14 фф.
  • Нӕ Хуыцау Иегъовӕйау никӕй хъулон кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ Хуыцау Иегъовӕйау никӕй хъулон кӕнӕм
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕйы хъомысджын хъуыддӕгтӕ адӕмыл бандӕвтой
  • Цы зӕрдӕ дардта Иегъовӕ Авраам ӕмӕ израилӕгтӕм
  • Йесо, чи никӕй хъулон кодта, уыцы Ахуыргӕнӕг
  • Арфӕйаг хъуыддаг
  • Фыдӕхдзинадыл уӕлахиз кӕнут
  • Ауӕрӕх кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ
  • Йесо Навин ӕмӕ Гаваоны цӕрджытӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесо Навины чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Израилӕгтӕ бацыдысты зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Йегъовӕйы Ныхас никуы фӕмӕнг вӕййы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
w03 1/7 9–14 фф.

Нӕ Хуыцау Иегъовӕйау никӕй хъулон кӕнӕм

«Хуыцау нӕ кӕсы цӕсгоммӕ» (РОМӔГТӔМ 2:11).

1, 2. а) Иегъовӕмӕ ханаайнӕгты тыххӕй цавӕр фӕнд уыди? ӕ) Иегъовӕ цы сарӕзта ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстытӕ ӕвзӕры?

УЫД н. э. агъоммӕ 1473 аз. Израилы адӕм лӕууыдысты Моавы быдырты ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыстой Моисеймӕ. Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс сӕ бакӕнын хъуыд иу зын хъуыддаг. Моисей сын фехъусын кодта Иегъовӕйы фӕнд: хъуамӕ ныддӕрӕн кодтаиккой, Зӕрдӕвӕрд зӕххы цы авд ханаайнаг тыхджын адӕмыхатты царди, уыдоны. Ӕмӕ сын Моисейы ныхӕстӕ, «дӕ Хуыцау Иегъовӕ дын сӕ дӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕн», зӕгъгӕ, сӕ зӕрдӕты стыр ныфс куыннӕ хъуамӕ бауагътаиккой! Израилӕгтӕ уыцы адӕмимӕ мадӕр хъуамӕ фидаугӕ бакодтаиккой, мадӕр сын тӕригъӕд хъуамӕ бакодтаиккой (Дыккаг закъон 1:1; 7:1, 2).

2 Фӕлӕ, Израилы адӕм фыццаг цы сахартӕм бабырстой, уым Иегъовӕ иу хӕдзар фервӕзын кодта. Хуыцау ма нӕ фесӕфта ноджыдӕр цыппар ӕндӕр сахары цӕрджыты дӕр. Цымӕ цӕуылнӕ? Уыцы ханаайнӕгтӕ куыд диссаджы ирвӕзт акодтой, уый нын Иегъовӕйы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у? Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон афтӕ кӕнын куыд у?

Иегъовӕйы хъомысджын хъуыддӕгтӕ адӕмыл бандӕвтой

3, 4. Израилӕгты уӕлахизтӕ Ханааны цӕрджытӕй иуӕй-иутыл куыд бандӕвтой?

3 Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны размӕ израилӕгтӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сӕ Иегъовӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ сӕрыл тох кодта. Зӕрдӕвӕрд зӕххы хуссарырдыгӕй сӕ ныхмӕ рацыд ханаайнаг сахар Арады паддзах. Израилӕгтӕ йӕ Иегъовӕйы ӕххуысӕй Хормӕйы зӕххы ӕд ӕфсад ныддӕрӕн кодтой (Нымӕцтӕ 21:1—3). Уый фӕстӕ Израилы адӕм Едомы иувӕрсты ахызтысты ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой цӕгатырдӕм — Мард денджызы цӕгат-скӕсӕнырдӕм. Ацы бӕстӕйы кӕддӕр цардысты Моавы фырттӕ, ныр та — аморрейӕгтӕ. Сӕ паддзах Сигон израилӕгты йӕ зӕххыл ахизын кӕй нӕ бауагъта, уый тыххӕй сын Иаацӕйы (ӕвӕццӕгӕн, Арноны доны тӕрфы цӕгатварс) хӕст бацайдагъ ӕмӕ Сигон уым фӕмард (Нымӕцтӕ 21:23, 24; Дыккаг закъон 2:30—33). Цӕгатырдӕм ноджы иу цасдӕр куы ацӕуай, уӕд уым, Васаны, цы аморрейӕгтӕ цард, уыдоны паддзах та уыд Ог. Ӕмӕ кӕд Ог уӕйгуыты мыггагӕй уыд, уӕддӕр Иегъовӕйы ныхмӕ йӕ бон ницы баци. Едрейы сахары йӕ мӕлӕт ссардта (Нымӕцтӕ 21:33—35; Дыккаг закъон 3:1—3, 11). Израилӕгтӕ уыцы адӕмтыл куыд фӕуӕлахиз сты, стӕй ма Египетӕй дӕр куыд рацыдысты, ӕппӕт уыдӕттӕ Ханааны цӕрӕг адӕмтӕй иуӕй-иутыл тынг бандӕвтойa.

4 Израилӕгтӕ Иорданы доныл куы ахызтысты ӕмӕ Ханаанмӕ куы бацыдысты, уӕд Галгалы ӕрӕнцадысты (Йесо Навин 4:9—19). Иерихоны сахары систӕ уыдысты сӕ фындзыбын. Иу ханаайнаг сылгоймаг, Раав, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы диссӕгты тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ыл баууӕндыд ӕмӕ уый йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уыд. Ӕмӕ Иегъовӕ Иерихон куы сӕфта, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕхионты дӕр фервӕзын кодта (Йесо Навин 2:1—13; 6:17, 18; Иаковы 2:25).

5. Гаваойнӕгтӕ зондӕй куыд сархайдтой?

5 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ цӕугӕдоны тӕрфӕй схӕрд кодтой, Ханааны астӕуты цы къуылдымтӕ цӕуы, уырдӕм. Уым Йесо Навин, Иегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, йӕ адӕмы сусӕг рӕтты ӕрӕмбӕхсын кодта ӕмӕ афтӕмӕй Гай бацахстой (Йесо Навин, 8-ӕм сӕр). Уыцы хабар куы айхъуыст, уӕд ханаайнаг паддзӕхтӕй бирӕтӕ бауынаффӕ кодтой израилӕгты ныхмӕ иумӕ схӕцын (Йесо Навин 9:1, 2). Сыхаг евейаг сахар Гаваоны цӕрджытӕ та афтӕ нӕ бакодтой. Уыдон, Йесо Навины 9:4 куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «сфӕнд кодтой зондӕй сархайын». Гаваойнӕгтӕ дӕр Раавау фехъуыстой, Иегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй куыд ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ Сигон ӕмӕ Огӕй куыд фервӕзын кодта, уый (Йесо Навин 9:6—10). Уыдон ӕмбӕрстой, израилӕгты ныхмӕ куы рацыдаиккой, уӕддӕр дзы кӕй ницы рауадаид. Уымӕ гӕсгӕ Гаваоны ӕмӕ ӕртӕ сыхаг сахары номӕй — Кефирӕ, Беероф ӕмӕ Кириаф-Йаримы номӕй — Йесо Навинмӕ Галгалмӕ арвыстой минӕвӕртты; уыдон цыма дард бӕстӕйӕ ӕрцыдысты, афтӕ скодтой сӕхи. Минӕвӕрттӕн сӕ хъул атылд. Йесо семӕ бафидыдта, дзырд сын радта, кӕй сӕм нӕ бавналдзӕн. Ӕртӕ боны фӕстӕ Йесо Навин ӕмӕ израилӕгтӕ бамбӕрстой, уыцы адӕм сыл хинӕй кӕй рацыдысты. Фӕлӕ фидаугӕйӕ Иегъовӕйӕ кӕй расомы кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ дзырд нӕ фӕмӕнг кодтой (Йесо Навин 9:16—19). Цымӕ уыцы хъуыддаг Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцыд?

6. Йесо Навин гаваойнӕгтимӕ кӕй бафидыдта, уымӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй ракаст?

6 Израилӕгтӕ гаваойнӕгтӕн бар радтой, цӕмӕй сын сугсӕтджытӕ ӕмӕ донхӕсджытӕ уыдаиккой. Суанг ма хӕсгӕ кувӕндоны цатыры «Иегъовӕйӕн [цы] нывондхӕссӕн» уыд, уымӕн дӕр суг цӕттӕ кодтой ӕмӕ йын дон хастой (Йесо Навин 9:21—27). Ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ ма фондз аморрейаг паддзахы се ’фсӕдтимӕ гаваойнӕгты ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Иегъовӕ сӕ сӕрыл схӕцыд ӕмӕ иу диссаг сарӕзта: ихкъӕвда рауагъта, ӕмӕ знӕгтӕй фӕмард, Йесо Навины адӕм цас фӕцагътой, уымӕй бирӕ фылдӕр. Иегъовӕ фехъуыста Йесойы лӕгъстӕ дӕр, ӕмӕ ӕрлӕууын кодта хур ӕмӕ мӕй, цӕмӕй фыдгулы кӕронмӕ ныццагътаиккой. «Ахӕм бон нӕдӕр уый размӕ уыд, нӕдӕр уый фӕстӕ,— ныффыста Йесо Навин,— ӕмӕ Иегъовӕ афтӕ байхъуыстаид адӕймагмӕ, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы сӕрыл» (Йесо Навин 10:1—14).

7. Петр цы хъуыды загъта, уый иуӕй-иу ханаайнӕгты хабарӕй куыд зыны?

7 Ханаайнаг сылгоймаг Раав ӕмӕ йӕхионтӕ, стӕй гаваойнӕгтӕ дӕр тарстысты Иегъовӕйӕ ӕмӕ уый сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг дӕр уыд. Цытӕ сыл ӕрцыд, уыдон ирдӕй ӕвдисынц, фӕстӕдӕр апостол Петр цы хъуыды загъта, уый: «Хуыцау... нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн, Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35).

Цы зӕрдӕ дардта Иегъовӕ Авраам ӕмӕ израилӕгтӕм

8, 9. Иегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый Авраам ӕмӕ Израилы адӕмы цардӕй куыд зыны?

8 Ахуыргӕнинаг Иаков дзырдта, Хуыцау Авраам ӕмӕ йӕ зӕнӕджы йе стыр хорзӕхӕй кӕй схайджын кодта, уый тыххӕй. Авраам «Иегъовӕйы хӕлар» сси, бӕлвырд кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыд, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ йӕ уырнындзинады фӕрцы (Иаковы 2:23, НД). Авраам Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ кӕй уарзта, уый бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхаста йӕ байзӕддӕгтӕн (2 Паралипоменон 20:7). Иегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын дӕ мыггаг, уӕларвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты ӕмӕ денджызы был змис куыд бирӕ у, афтӕ сбирӕ кӕндзынӕн». Фӕлӕ ма ӕркӕс, дарддӕр ын цы загъта: «Дӕ мыггаджы уылты арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Уӕвынад 22:17, 18; Ромӕгтӕм 4:1—8).

9 Иегъовӕ никӕй хъулон кӕны: Израилы адӕмы цардӕй бӕрӕг у, чи йӕм хъусы, уыдонӕн йӕ бон цы у саразын. Уый ӕвдисы, Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты йе ’нувыд уарзтӕй куыд тавы, уый. Ӕмӕ кӕд израилӕгтӕ Иегъовӕйы «исбон» уыдысты, уӕддӕр уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй иннӕтӕн хай нӕй (Рацыд 19:5; Дыккаг закъон 7:6—8). Раст у, Иегъовӕ израилӕгты Египетӕй балхӕдта ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Ӕгас зӕххыл цӕрӕг знӕмтӕй ӕрмӕстдӕр сымах зонын». Фӕлӕ ма Иегъовӕ пехуымпар Амос ӕмӕ ӕндӕрты дзыхӕй рухс фидӕнӕй зӕрдӕ бавӕрдта «ӕппӕт адӕмтӕн» дӕр (Амос 3:2; 9:11, 12; Исай 2:2—4).

Йесо, чи никӕй хъулон кодта, уыцы Ахуыргӕнӕг

10. Йесо йӕ Фыдау кӕй никӕй хъулон кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

10 Зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ Йесо, йӕ Фыды фӕлгонц, фӕзмыдта Иегъовӕйы ӕмӕ никӕй хъулон кодта (Дзуттытӕм 1:3). Уыцы рӕстӕг йӕ мӕт сӕйраджыдӕр уыд «Израилы хӕдзары сӕфт фысты» ссарын. Фӕлӕ иу хатт Йесо цъайы цур самариаг сылгоймагыл куы фембӕлд, уӕд дзы йӕхи нӕ бааууон кодта, фӕлӕ йын ӕцӕгады тыххӕй дзурын райдыдта (Матфейы 15:24; Иоанны 4:7—30). Стӕй йын сӕдӕйы хицау дӕр (ӕвӕццӕгӕн, дзуттаг чи нӕ уыд, ахӕм) куы ныллӕгъстӕ кодта, уӕд диссаг сарӕзта (Лукайы 7:1—10). Йесо цы арӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы адӕмы кӕй уарзта. Уӕдӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр алы рӕтты хъусын кодтой. Ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, Иегъовӕйы хорзӕх райсын, чи цы адӕмыхаттӕй у, уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, фӕлӕ адӕймаджы зӕрдӕйӕ. Ӕцӕгад базонынмӕ чи бӕллыд, уыцы сӕрныллӕг, рӕстзӕрдӕ адӕм хъуыстой Хуыцауы Паддзахады хорз хабармӕ. Сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуылӕрвӕссон адӕм та се сӕфт уыдтой Йесойӕн йӕхицӕй дӕр, ӕмӕ сын цы хъусын кодта, уымӕй дӕр. «Кадджын кӕнын Дӕу, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау,— загъта Йесо,— Ды кӕй бамбӕхстай уый зондджынтӕй ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй ӕмӕ йӕ [кӕй] байгом кодтай сывӕллӕттӕн; о, Мӕ Фыд! уымӕн ӕмӕ афтӕ уыд Дӕу хорз фӕндон» (Лукайы 10:21). Адӕмимӕ куыд цӕрӕм, уым кӕд нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад зыны, уӕд уымӕй бӕрӕг у, кӕй никӕй хъулон кӕнӕм, ӕмӕ йӕ зонӕм, уый Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы.

11. Рагон чырыстӕтты ӕмбырды иууылдӕр ӕмбар-ӕмсӕр кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

11 Рагон чырыстӕтты ӕмбырды дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмыхӕттытӕ дӕр уыдысты ӕмбар-ӕмсӕр. «Кад, намыс ӕмӕ фарн алкӕцы хорздзинад кӕнӕгӕн,— бамбарын кодта Павел,— фыццаг Иудейӕн, уый фӕстӕ Еллинӕн! Уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ кӕсы цӕсгоммӕ»b (Ромӕгтӕм 2:10, 11). Адӕймаг Иегъовӕйы стыр хорзӕхӕй хайджын уыдаид ӕви нӕ, уый, цы адӕмыхаттӕй уыди, уымӕй аразгӕ нӕ уыд. Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, йӕ Фырт Йесойы ӕлхӕнӕг нывонд адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй-иу цы базыдта, уымӕ куыд каст, уый уыд сӕйраг (Иоанны 3:16, 36). Павел фыста: «Иудей уый нӕу, кӕцы ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ ахӕм у, ӕмӕ сунӕт дӕр уый нӕу, кӕцы ис ӕддейӕ буарыл; фӕлӕ Иудей уый у, кӕцы мидӕгӕй у ахӕм, ӕмӕ уый у сунӕт, кӕцы ис зӕрдӕйы, дамгъӕйӕ нӕ, фӕлӕ удӕй». Уый фӕстӕ Павел арӕхстджынӕй спайда кодта дзырд «Иудей»-йӕ (амоны «Иудӕйы», ома кӕй скадджын кодтой ӕмӕ кӕмӕй ӕппӕлынц), ӕмӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уымӕн ӕппӕлындзинад дӕр, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй» (Ромӕгтӕм 2:28, 29). О, Иегъовӕ ӕппӕлы алкӕмӕй дӕр — цыфӕнды адӕмыхаттӕй уӕд. Мах дӕр афтӕ кӕнӕм?

12. Раргомад 7:9 цавӕр ныфсы кой кӕны ӕмӕ кӕмӕ хауы?

12 Фӕстӕдӕр апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, сӕ нымӕц 144 000 кӕмӕн у ӕмӕ «ӕппӕт Израилы фыртты фӕлтӕртӕй бӕрӕггӕндтытӕ» чи сты, уыцы иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты — монон адӕмы. Иоанны цӕст ма ӕрхӕцыд «тынг бирӕ адӕмыл... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй, лӕууыд паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз, урс дарӕсты ӕмӕ пальмӕ бӕласы къалиутӕ [уыдысты] сӕ къухты» (Раргомад 7:4, 9). Уӕдӕ абон дӕр адӕймаг цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа ӕмӕ цавӕрфӕнды ӕвзагыл ма дзура — чырыстон ӕмбырдмӕ йын фӕндаг гом у. Адӕймаг чифӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй ис ныфс «стыр утӕхсӕны» (НФ) удӕгасӕй баззайын ӕмӕ ног дунейы «ӕгас дӕтты гуырӕнтӕй» нуазын (Раргомад 7:14—17).

Арфӕйаг хъуыддаг

13—15. а) Адӕймаг ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй у кӕнӕ йе ’гъдӕуттӕ ӕндӕрхуызон кӕй сты, уымӕ цӕмӕй ма кӕсӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? ӕ) Адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын арфӕйаг хъуыддаг кӕй у, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

13 Иегъовӕ мах зоны, уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕтты куыд хорз зоны, раст афтӕ. Мах дӕр, иннӕтӕ цы бӕстӕйӕ сты ӕмӕ цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уыдӕтты тыххӕй куы базонӕм, уӕд уыцы адӕмы дӕр хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнӕм, уымӕ дӕр нал фӕкӕсӕм. Адӕймаг цы адӕмыхаттӕй у, уый нын уӕлдай нал вӕййы, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ хӕлардзинад кӕны фидардӕр, нӕ уарзт — тыхджындӕр. Не ’хсӕн иудзинад та кӕны домбайдӕр (1 Коринфӕгтӕм 9:19—23). Уый хорз зыны, ӕндӕр бӕстӕты чи лӕггад кӕны, уыцы миссионерты цардӕй. Миссионертӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг кӕй фӕагурынц, уый фӕрцы бынӕттон ӕмбырдтӕн тагъд свӕййынц уарзон (Филиппӕгтӕм 2:4).

14 Кӕй никӕй хъулон кӕнӕм, уый арфӕйаг хъуыддаг кӕй у, уымӕн бирӕ бӕстӕты ис цӕвиттонтӕ. Дзырдӕн, райсӕм иу лӕджы, Аклилу, зӕгъгӕ. Уый Ефиопийӕ цӕрынмӕ алыгъд Британийы сӕйраг горӕт Лондонмӕ. Уым йӕхи хатыд зыбыты иунӕг, стӕй ма уыдта, горӕты цӕрджытӕ фӕсарӕйнӕгтӕм уазал зӕрдӕ кӕй дарынц (уӕвгӕ, уый афтӕ у Европӕйы бирӕ стыр горӕтты). Фӕлӕ иухатт Аклилу Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдмӕ куы бацыд, уӕд йӕхи афтӕ фӕхатыд, цыма ӕндӕр бӕстӕйы фестад. Уым ыл тынг бацин кодтой, ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын ӕмбырд йӕхи хӕдзары хуызӕн адджын сси. Уый цыбыр рӕстӕгмӕ Сфӕлдисӕджы ноджы хуыздӕр базыдта ӕмӕ йӕ стыр уарзтӕй бауарзта. Тынг тагъд райдыдта фадӕттӕ агурын, кӕм цард, уым Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Иуахӕмы, кӕимӕ хъусын кодта, уый йӕ куы афӕрсид, царды тынгдӕр цӕмӕ бӕллыс, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын Аклилу уайтагъд загъта, кӕй бӕллы, йе ’взагыл, амхайраг ӕвзагыл, ӕмбырд куы уа ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр уыцы ӕмбырды куы уа, уыцы бон фенынмӕ. Уыцы хабар англисаг ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы базыдтой, уӕд сфӕнд кодтой Аклилуйы мадӕлон ӕвзагыл Библийы бындурыл раныхас бацӕттӕ кӕнын. Раныхасмӕ фӕхуыдтой бирӕ адӕмы. Ӕмӕ цы? Британийы амхайраг ӕвзагыл фыццаг раныхасмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ фӕсарӕйнӕгтӕ ӕмӕ бынӕттонтӕ. Ныр уыцы ран амхайраг ӕвзагыл цы диссаджы ӕмбырд ис, уым ефиопӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕймӕгтӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Бирӕтӕ дзы бамбӕрстой, Иегъовӕйы фарс ӕрлӕууынӕн ӕмӕ сӕ донаргъуыд райсынӕн кӕй ницы хъыгдары (Куыстытӕ 8:26—36).

15 Адӕмтӕн сӕ уды хъӕд дӕр ӕмӕ се ’гъдӕуттӕ дӕр алыхуызӕттӕ сты. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ иутӕ хуыздӕр сты, иннӕтӕ — ӕвзӕрдӕр; нӕ, ӕнӕуи сты алыхуызӕттӕ. Мальтӕйы сакъадахы цӕрджытӕй ӕрӕджы йӕхи Иегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыдон донаргъуыд куы истой, уӕд бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цинӕн кӕрон нал уыд, Британийӕ дзы цы уазджытӕ уыд, уыдонӕн та сӕ цины цӕссыгтӕ калдысты. Мальтӕйаг ӕмӕ бритайнаг чырыстӕттӕ дӕр цин кодтой, чи сӕ куыд сахуыр, афтӕ, ӕмӕ Иегъовӕйы цы стыр уарзтӕй уарзынц, уый фӕрцы сӕ хӕлардзинад у ӕндонау фидар (Псалом 132:1; Колоссӕгтӕм 3:14).

Фыдӕхдзинадыл уӕлахиз кӕнут

16—18. Чырыстӕттӕ ӕмбырды куыд уӕлахиз кӕнынц фыдӕхдзинадыл, уымӕн ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Иегъовӕ ӕмӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕрты цас фылдӕр уарзӕм, уыйас тынгдӕр уыдзӕн нӕ бон иннӕтӕм Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Афтӕмӕй нын бантысдзӕн, раздӕр уазалзӕрдӕ цы адӕмыхӕттытӕм дардтам, уыдонмӕ хӕлар цӕстӕй кӕсын. Ӕркӕсӕм ма Алберты хабармӕ. Алберт Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг службӕ кодта Британийы ӕфсады, ӕмӕ 1942 азы япойнӕгтӕ Сингапур куы бацахстой, уӕд сӕм уацары бахауд. Фӕстӕдӕр иу-ӕртӕ азы фӕкуыста Кхуэнойы цӕугӕдоны хидмӕ хӕстӕг, «мӕлӕтхӕссӕг ӕфсӕнвӕндагыл». Хӕсты фӕстӕ куы ссӕрибар, уӕд йӕ уӕз уыд 32 килӕйы, йе ’фсӕр ӕмӕ йӕ фындз уыдысты саст. Ахӕстоны ма йыл бахӕцыд гуыбынниз, уыдырны, стӕй ма тӕфсӕгӕй дӕр фӕрынчын. Кӕимӕ бадти, уыдонӕй мингӕйттӕ ноджы тынгдӕр ныссахъат сты; бирӕтӕ дзы мӕлгӕ дӕр акодтой. 1945 азы Алберт сӕхимӕ сыздӕхт. Фӕлӕ цытӕ федта ӕмӕ йӕ сӕр цытӕ бавзӕрста, уыдонӕй йӕ зӕрдӕ ныддур, смӕстыгӕр, Хуыцау ӕмӕ дины тыххӕй та ской дӕр нӕ уагъта.

17 Алберты бинойнаг, Айрин, сси Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Цалдӕр хатты Алберт Айрины тыххӕй ацыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдмӕ. Стӕй йӕм цӕуын райдыдта иу ӕрыгон пионер, Пол, зӕгъгӕ, ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кодта. Иегъовӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ кӕй кӕсы, уый бамбарынӕн Алберты бирӕ рӕстӕг нӕ бахъуыд. Уый йӕ цард Иегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд райста.

18 Фӕстӕдӕр Пол цӕрынмӕ алыгъд Лондонмӕ, сахуыр кодта япойнаг ӕвзаг ӕмӕ япойнаг ӕмбырдмӕ цӕуын райдыдта. Иу афон, Пол, Японӕй сӕм уазӕгуаты чи ссыд, уыцы Ӕвдисӕнты фӕхуыдта йӕ раздӕры ӕмбырдмӕ. Ӕмӕ уыцы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Алберт япойнӕгтӕм фыдӕхзӕрдӕ кӕй дардта. Британимӕ цы бон ӕрыздӕхт, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕхи япойнӕгтӕй хызта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ басагъӕс кодтой, зӕгъгӕ, хабар куыд рауайдзӕн. Фӕлӕ дзӕгъӕлы мӕт кодтой — Алберт уазджытыл хи мадызӕнӕгау бацин кодта (1 Петры 3:8, 9).

Ауӕрӕх кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ

19. Кӕд, мыййаг, искӕй хъулон кӕнӕм, уӕд нын Павелы уынаффӕтӕй кӕцы фӕахъаз уыдзӕн?

19 «Искӕй хъулон кӕнын хорз нӕу»,— фыста куырыхон паддзах Соломон (Ӕмбисӕндтӕ 28:21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз кӕй зонӕм, уыдон нӕ зӕрдӕйӕн адджын сты. Фӕлӕ, хорз кӕй нӕ зонӕм, уыдоны та хатт хъуыды дӕр не ’ркӕнӕм. Ахӕм митӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл нӕ фидауынц. Дзырд дӕр ыл нӕй, не ’ппӕты дӕр нӕ зӕрдӕтӕм айсын хъӕуы Павелы бӕлвырд амынд, «уӕрӕх зӕрдӕджынтӕ» ут, зӕгъгӕ. О, нӕ уарзтӕй хъуамӕ тавӕм не ’мчырыстӕттӕй алкӕйдӕр — кӕцӕйфӕнды дӕр ӕмӕ чифӕнды дӕр уӕд (2 Коринфӕгтӕм 6:13).

20. Царды цавӕр къабӕзты хъуамӕ фӕзмӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы?

20 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕ ис ӕви зӕххыл ӕнустӕм,— хъулон куы никӕй кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм иу дзуг, уыдзӕн нын иу Фыййау (Ефесӕгтӕм 4:4, 5, 16). Нӕ Хуыцау Иегъовӕйау мах дӕр куы никӕй хъулон кӕнӕм, уӕд нын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн уацамынды дӕр, хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр, уӕвгӕ, царды ӕппӕт къабӕзты дӕр. Куыд? Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн ууыл.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Фӕстӕдӕр Иегъовӕйы хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй Израилы адӕм кады зарджытӕ скодтой (Псалом 134:8—11; 135:11—20).

b Ацы стихы цы «Еллинты» кой цӕуы, уыдон уыдысты, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕ («Фыстады ӕмбарынад» 1 том, 1004 фарс, англ. Мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Иегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый Раав ӕмӕ гаваойнӕгты хабарӕй куыд рабӕрӕг?

• Йесо адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ кӕй никӕй хъулон кодта, уый куыд равдыста?

• Цы нын фӕахъаз уыдзӕн, адӕм цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой ӕмӕ цыфӕнды ӕгъдӕуттыл хӕст ма уой, уӕддӕр сӕм цӕмӕй фыдӕхзӕрдӕ ма дарӕм?

[Ныв 11 фарсыл]

Израилӕгтӕ Ханааны бӕстӕ дӕрӕн кӕнын райдыдтой.

[Ныв 12 фарсыл]

Йесо йӕхи нӕ бааууон кодта самариаг сылгоймагӕй, фӕлӕ йын ӕцӕгады тыххӕй дзурын райдыдта.

[Ныв 13 фарсыл]

Фембӕлд амхайраг ӕмбырды (Британи).

[Ныв 13 фарсыл]

Алберт Иегъовӕйы кӕй уарзы, уый фӕрцы иннӕтӕм фыдӕхзӕрдӕ нал дары.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын