Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w06 1/12 15–19 фф.
  • Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иуӕй-иуты ӕмбырдӕй цӕмӕн ацух кӕнынц
  • Ӕрфӕсмон кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у
  • Тӕригъӕд раргом кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
  • Ӕууӕнд дӕ иузӕрдион ӕфсымӕртыл
  • Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс
  • Хуыцауы зондамындмӕ дарддӕр дӕр хъус
  • Ӕмбырды фарн ӕмӕ сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕнӕм
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонмӕ уарзондзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ис ӕвдисӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Уӕззау тӕригъӕд куы саразай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
w06 1/12 15–19 фф.

Йегъовӕйы зондамындмӕ хъус

«Йегъовӕйы зондамындыл дӕхи ма тигъ кӕн» (ӔМБИСӔНДТӔ 3:11).

1. Хуыцауы зондамындмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

РАГОН Израилы паддзах Соломон нын бамбарын кодта, Хуыцауы зондамындмӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы, уый. «Мӕ фырт, Йегъовӕйы зондамындыл дӕхи ма тигъ кӕн ӕмӕ дын цы амона, ууыл былысчъил ма кӕн, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны, раст фыд йӕ уарзон фырты куыд раст кӕны, афтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:11, 12). Уӕдӕ дын нӕ уӕларвон Фыд зонд уымӕн амоны, ӕмӕ дӕ уарзы.

2. Цы нысан кӕны дзырд «зондамынд» ӕмӕ адӕймаг зондамынд куыд райсы?

2 Дзырд «зондамынд» нысан кӕны бафхӕрын, сраст кӕнын, разамынд раттын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Апостол Павел фыста: «Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – рӕстдзинад» (Дзуттӕгтӕм 12:11). Хуыцауы зондамындмӕ куы хъусай, уӕд царды цӕудзынӕ раст фӕндагыл ӕмӕ дӕ уый та ӕввахсдӕр кӕндзӕн сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ (Псалом 98:5). Хуыцау нын зонд фӕамоны не ’мчырыстӕтты, ӕмбырды, Библийы ӕмӕ «зондджын хӕдзармӕгӕсӕг» цы литературӕ уадзы, уый уылты (Лукайы 12:42–44). Куыд бузныг вӕййӕм, нӕ царды нӕ исты фӕивын куы бахъӕуы, уӕд нын куы баххуыс кӕнынц, уӕд! Фӕлӕ цавӕр зондамынд фӕхъӕуы, исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд?

Иуӕй-иуты ӕмбырдӕй цӕмӕн ацух кӕнынц

3. Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕд ацух кӕнынц?

3 Хуыцауы адӕм ахуыр кӕнынц Библи ӕмӕ йӕ чи ’мбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл ныхас фӕцӕуы ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты. Уый фӕрцы чырыстӕттӕ базонынц, Йегъовӕ сӕ цы домы, уый. Адӕймаджы ӕмбырдӕй ӕрмӕстдӕр уӕд ацух кӕнынц, йӕ тӕригъӕдыл куы нӕ ӕрфӕсмон кӕны, уӕд.

4, 5. Библийӕ цавӕр цаумӕ ӕркастыстӕм ӕмӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕн ӕмбырд цӕмӕн хъуамӕ ныххатыр кодтаид?

4 Ӕркӕсӕм, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ахӕм цаумӕ Библийӕ. Коринфы ӕмбырды куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, иннӕ адӕмтӕм дӕр цы нӕ кодтой, уымӕ: чидӕр дзы цард йӕ фыдыусимӕ (1 Коринфӕгтӕм 5:1–5). Павел коринфӕгтӕн дзырдта, «уыцы адӕймаджы Сайтаны бар бакӕнын ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ фесафын, цӕмӕй, ӕмбырдӕн цы хорз зондахаст уыд», уый ма фесӕфтаид (1 Коринфӕгтӕм 5:1–5). Искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Сайтаны бар куы ныууадзынц, уӕд та ногӕй свӕййы Хӕйрӕджы дунейӕ (1 Иоанны 5:19). Ахӕм адӕймаджы кӕй ацух кӕнынц, уымӕй ӕмбырд бахъахъхъӕнынц ӕвзӕр зондахастӕй ӕмӕ дарддӕр Хуыцауы фарнӕй хайджын вӕййы (2 Тимофеймӕ 4:22; 1 Коринфӕгтӕм 5:11–13).

5 Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Коринфы чырыстӕтты Павел сразӕнгард кодта, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ райсын. Цӕмӕн? «Цӕмӕй ныл Сайтан хинӕй ма рацӕуа»,– загъта Павел. Уыцы адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йӕ цард банывыл кодта (2 Коринфӕгтӕм 2:8–11). Коринфӕгтӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕмбырдмӕ куы нӕ райстаиккой, уӕд сыл Сайтан хинӕй рацыдаид – Хӕйрӕджы куыд фӕндыд, афтӕ дурзӕрдӕ ӕмӕ ӕнӕхатыр уыдаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы адӕймагӕн ӕцӕгдӕр «ныххатыр кодтой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кодтой» (2 Коринфӕгтӕм 2:5–7).

6. Адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?

6 Адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы? Афтӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг ном нӕ фегад вӕййы ӕмӕ йӕ адӕмы ном дӕр не счъизи вӕййы (1 Петры 1:14–16). Чи нӕ фӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ хӕлд ма цӕуой ӕмӕ ӕмбырды сыгъдӕгдзинад дӕр хъахъхъӕд уа. Афтӕмӕй адӕймаг бамбары цы уӕззау тӕригъӕд ракодта, уый, ӕмӕ йӕм фӕсмон ӕрцӕуы.

Ӕрфӕсмон кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у

7. Давид йӕ тӕригъӕдтӕ кӕй не ’ргом кодта, уый йыл куыд фӕзынд?

7 Уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыдонӕн сӕ фылдӕр зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ сӕ ӕмбырдӕй нӕ ацух кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнын ӕнцон нӕу. Ӕркӕсӕм Израилы паддзах Давиды хабармӕ. 32 псаломы Давид дзуры, цасдӕр рӕстӕг йе стыр тӕригъӕдтӕ кӕй не ’ргом кодта, уый тыххӕй (ӕвӕццӕгӕн, Вирсавиимӕ куы фӕрӕдыд, ӕмӕ ма уыцы рӕстӕг цы тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдон). Йӕ рӕдыдтӕ йын уыйбӕрц маст бавзарын кодтой, ӕмӕ йӕ хъару асаст, раст сӕрдыгон хус рӕстӕг бӕлас куыд бахус вӕййы, афтӕ. Давид тынг удхар кодта, фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл куы басаст, уӕд ын Йегъовӕ ныххатыр кодта (Псалом 31:3–5). Уӕд Давид ныззарыд: «Тӕхудиаг адӕймаг, кӕцыйӕн Хицау йӕ тӕригъӕд нӕ банымайдзӕн» (Псалом 31:1, 2). Куыд амондджын уыд Давид, Хуыцау ын кӕй ныххатыр кодта, уый тыххӕй!

8, 9. Адӕймаг кӕй фӕсмон кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг вӕййы ӕмӕ уый цас ахсджиаг у, цӕмӕй йын чырыстон ӕмбырдмӕ раздӕхыны бар уа?

8 Уӕдӕ бӕлвырд у, цӕмӕй Хуыцау, тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн ныххатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕна. Фӕлӕ адӕймагмӕ йӕ ми худинаг кӕй кӕсы ӕмӕ йын раргом уа, уымӕй кӕй тӕрсы, уый фӕсмон нӕу. Ӕрфӕсмон кӕнын нысан кӕны, адӕймаг ӕвзӕрдзинадмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдыдта. Чи ӕрфӕсмон кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕ саст ӕмӕ ’фхӕрд вӕййы ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, йӕ рӕдыд сраст кӕнын (Псалом 50:19; 2 Коринфӕгтӕм 7:11).

9 Цӕмӕй адӕймаджы ногӕй чырыстон ӕмбырдмӕ айсой, уый тыххӕй тынг ахсджиаг у ӕрфӕсмон кӕнын. Кӕй ацух кодтой, уымӕн ӕмбырдмӕ раздӕхыны бар канд уый тыххӕй нӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы хабарӕй цасдӕр рӕстӕг рацыд. Ӕмбырдмӕ раздӕхыны размӕ хъуамӕ йӕ зондахаст цӕхгӕр фӕива. Хъуамӕ бамбара, цы тӕригъӕд сарӕзта, уый куыд уӕззау уыд, стӕй Йегъовӕйы ӕмӕ ӕмбырды ном дӕр кӕй фӕхудинаг кодта. Хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕна, зӕрдиагӕй кува, цӕмӕй йын Хуыцау ныххатыр кӕна ӕмӕ йӕ раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайа. Ахӕм адӕймаджы куы бафӕнда ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхын, уӕд хъуамӕ «хъуыддагӕй равдиса», кӕй фӕсмон кӕны, уый (Хъуыддӕгтӕ 26:20).

Тӕригъӕд раргом кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

10, 11. Нӕ тӕригъӕд цӕуылнӕ хъуамӕ ӕмбӕхсӕм?

10 Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕй исчи, чи зоны, зӕгъа: «Мӕ рӕдыды тыххӕй искӕмӕн куы зӕгъон, уӕд мӕ рафӕрс-бафӕрс кӕндзысты, стӕй мӕ, чи зоны, ӕмбрыдӕй дӕр ацух кӕной. Фӕлӕ йӕ куы не схъӕр кӕнон, уӕд уыдӕттӕй мӕхи бахиздзынӕн ӕмӕ ’мбырды дӕр ничи ницы базондзӕн». Афтӕ куы хъуыды кӕна, уӕд цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы рохуаты баззайдзысты. Цавӕр хъуыддӕгтӕ?

11 Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йе ’цӕгдзинад, йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр». Фӕлӕ уӕддӕр йӕ адӕмы, «цас хъӕуы, уыйбӕрц бафхӕры» (Рацыд 34:6, 7; Йереми 30:11). Кӕд стыр тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дын Хуыцау куыд ныххатыр кӕндзӕн, кӕд ӕмӕ йӕ ӕмбӕхсыс, уӕд? Йегъовӕ хъуыддаг уӕддӕр зоны, ӕмӕ йӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы (Ӕмбисӕндтӕ 15:3; Аввакум 1:13).

12, 13. Адӕймаг йӕ тӕригъӕд куы ’мбӕхса, уӕд уый цӕмӕ ’ркӕны?

12 Уӕззау тӕригъӕд куы саразай ӕмӕ йыл куы ӕрфӕсмон кӕнай, уӕд Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн (1 Тимофеймӕ 1:18–20). Фӕлӕ адӕймаг фӕсмон куы нӕ кӕна, уӕд йе ’фсарм бынтондӕр бахӕрдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй, чи зоны, стырдӕр тӕригъӕд дӕр сараза. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ тӕригъӕд ӕрмӕст адӕймаджы кӕнӕ ӕмбырды ныхмӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауы ныхмӕ. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Хицауы паддзахбадӕн уӕлӕрвты мидӕг ис; Уымӕн Йӕ цӕстытӕ уынынц; Уымӕн Йӕ ных бавзары адӕмы фыртты. Хицау бавзары расты... [дӕр ӕмӕ] ӕнӕгъдауы» дӕр (Псалом 10:4, 5, МГТ).

13 Йегъовӕ нӕ арфӕ кӕндзӕн, йе стыр тӕригъӕд чи ’мбӕхсы ӕмӕ сыгъдӕг чырыстон ӕмбырды чи ис, уыцы адӕймагӕн (Иаковы 4:6). Уӕдӕ кӕд тӕригъӕд сарӕзтай, фӕлӕ дӕ фӕнды дӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын, уӕд ма фӕстиат кӕн ӕмӕ йӕ раргом кӕн. Кӕд нӕ, уӕд дӕ зӕрдӕ ӕнцой нал зондзӕн, уӕлдайдӕр ахӕм уӕззау тӕригъӕдты тыххӕй куы кӕсай кӕнӕ куы хъусай, уӕд. Ахъуыды ма кӕн, Йегъовӕ паддзах Саулӕй йӕ сыгъдӕг уд куыд айста, афтӕ йӕ дӕуӕй дӕр куы айса, ууыл (1 Паддзахӕдты 16:14). Хуыцауы сыгъдӕг уд дӕ куы нӕ уа, уӕд, гӕнӕн ис, ноджы уӕззаудӕр тӕригъӕд саразай.

Ӕууӕнд дӕ иузӕрдион ӕфсымӕртыл

14. Тӕригъӕд чи сарӕзта, уый Иаковы 5:14, 15 гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайа?

14 Уӕдӕ цы хъуамӕ араза, йӕ тӕригъӕдыл чи фӕсмон кӕны, уый? «Фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт. Ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн» (Иаковы 5:14, 15). Адӕймаг «кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый хъуыддагӕй равдисынӕн» иу фадат у, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс бацагурын (Матфейы 3:8). Уыцы иузӕрдион ӕмӕ хӕларзӕрдӕ ’фсымӕртӕ уый тыххӕй скувдзысты ӕмӕ йӕ «Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрддзысты». Рыст чи сабыр кӕны, ахӕм сойау, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Библийӕ цы уынаффӕ радтой, уый ӕрхӕсдзӕн удӕнцой, зӕрдиагӕй чи фӕсмон кӕна, уыдонӕй алкӕмӕндӕр (Йереми 8:22).

15, 16. Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд фӕзмынц Хуыцауы, Иезекилы 34:15, 16 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ?

15 Цы стыр уарзондзинад равдыста нӕ Фыййау Йегъовӕ, н. э. агъоммӕ 537 азы йӕ адӕмы Вавилоны уацарӕй куы ракодта ӕмӕ н. э. 1919 азы та уӕларвон Израил «Стыр Вавилонӕй» куы ссӕрибар кодта, уӕд (Раргомад 17:3–5; Галатӕгтӕм 6:16). Афтӕмӕй Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ ныхас: «Ӕз мӕхӕдӕг хиздзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕ мӕхӕдӕг сабыр ран ӕвӕрдзынӕн... Агурдзынӕн, чи фесӕфт, уый, ӕмӕ кӕй адавтой, уый раздахдзынӕн, цӕфты бабӕтдзынӕн ӕмӕ рынчынты бафидар кӕндзынӕн» (Иезекил 34:15, 16).

16 Йегъовӕ йӕ «фыстӕн» хӕринаг лӕвӕрдта, ӕдас ран сӕ ’вӕрдта ӕмӕ чи фесӕфт, уыдоны агуырдта. Афтӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ хъус дарынц, Хуыцауы дзуджы уырнындзинадӕн цы хъӕуы, уымӕй цух куыд не ’ййафа ӕмӕ ӕдас куыд уа, уымӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ агурынц, ӕмбырд чи ныууагъта, уыдоны. Хуыцау «цӕфты [куыд] баста», афтӕ цӕстдарджытӕ дӕр «бабӕттынц», ныхасӕй кӕй бафхӕрынц кӕнӕ йӕхи рӕдыды тыххӕй чи хъизӕмар кӕны, уыдоны. Ӕмӕ Хуыцау «рынчынты [куыд] фидар кодта», афтӕ ’фсымӕртӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн (чи зоны, йӕхи тӕригъӕды аххосӕй).

Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс

17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс агурын ӕфсӕрмы кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

17 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдиагӕй хъусынц Библийы фӕдзӕхстмӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ ут, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ, зӕгъгӕ (Иудӕйы 23). Иуӕй-иу чырыстӕттӕ стыр тӕригъӕд ӕруадзынц – ӕнӕгъдау ми саразынц. Фӕлӕ кӕд зӕрдиагӕй фӕсмон кӕнынц, уӕд сӕ ныфс уӕд, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзысты ӕмӕ сыл кӕй баузӕлдзысты, баххуыс кӕнын сӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Павел загъта ахӕм ӕфсымӕрты тыххӕй, уыимӕ йӕхи тыххӕй дӕр: «Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ уӕ уырнындзинадӕн нӕхи хицау кӕнӕм, фӕлӕ ууыл архайӕм, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм» (2 Коринфӕгтӕм 1:24). Уӕдӕ ма ӕфсӕрмы кӕн, бацу сӕм ӕххуысмӕ.

18. Чи фӕрӕдыд, уыдонмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы зӕрдӕ дарынц?

18 Кӕд стыр тӕригъӕд ракодтай, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтыл цӕмӕн хъуамӕ ’ууӕндай? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ уыдон сты Хуыцауы дзуджы фыййӕуттӕ (1 Петры 5:1–4). Иу уарзӕгой фыййау дӕр нӕ нӕмдзӕн, тӕригъӕддаг уаст чи кӕны, уыцы уӕрыччы, йӕхи кӕй ныццавта, уый тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, чи фӕрӕдыд, уый бафхӕрыныл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ йын куыд баххуыс кӕной, ууыл, цӕмӕй йӕ къахыл слӕууа (Иаковы 5:13–20). Уыдон хъуамӕ раст тӕрхон кӕной ӕмӕ дзугыл ауӕрдой (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30; Исай 32:1, 2). Иннӕ чырыстӕттау, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ «рӕстӕй архайой, хӕларзӕрдӕдзинад уарзой ӕмӕ сӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цӕуой» (Михей 6:8). Уыцы миниуджытӕ тынг ахсджиаг вӕййынц Йегъовӕйы «хизӕнуаты фысты» цард ӕмӕ лӕггадимӕ баст уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ (Псалом 99:3).

19. Цавӕр зӕрдӕйы уагимӕ фӕархайынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иуӕй-иуты сраст кӕныныл?

19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ’вӕрд сты Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕмӕ тырныц, цӕмӕй йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайой. Кӕд «адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй исты рӕдыд къахдзӕф сараза» – ӕнӕнхъӕлӕджы къӕппӕджы бахауӕгау – уӕддӕр фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, фӕархайынц «ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый фӕаразынц фӕлмӕнӕй» (Галатӕгтӕм 6:1; Хъуыддӕгтӕ 20:28). Хорз дохтыр саст къух куыд арӕхстгай сӕвӕры йӕ бынаты, рынчынӕн ӕнӕхъуаджы рис куыд нӕ бавзарын кӕна, фӕлӕ йӕ куыд сдзӕбӕх кӕна, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр фӕархайынц адӕймаджы зондахаст фӕлмӕнӕй сраст кӕныныл, фӕлӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ куыд нӕ фехалой, афтӕ (Колоссӕгтӕм 3:12). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕкувынц ӕмӕ Библи фӕиртасынц, цӕмӕй, кӕм хъӕуы, уым фӕлмӕнзӕрдӕ уой ӕмӕ хатыр кӕной. Уымӕ гӕсгӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уым бӕрӕг вӕййы Хуыцауы зонд (Матфейы 18:18).

20. Адӕймагӕн кӕй бауайдзӕф кодтой, уый тыххӕй ӕмбырдӕн кӕд фӕхъӕуы фехъусын кӕнын?

20 Кӕд адӕймаджы тӕригъӕды тыххӕй бирӕтӕ базонынц кӕнӕ базондзысты, уӕд ӕмбырдӕн уый фӕдыл фӕхъӕуы фехъусын кӕнын, цӕмӕй ӕмбырды сыгъдӕг номыл къӕм ма сбада. Зӕгъӕм, адӕймаг йӕхи ныццавта, уӕд цыдӕр рӕстӕг йӕ бон алцы кӕнын нӕ вӕййы. Ӕмбырды уайдзӕф кӕмӕн бакӕнынц, уымӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у. Ӕвӕццӕгӕн, иу цасдӕр рӕстӕг хуыздӕр уыдзӕн, ахӕм адӕймаг ӕмбырды ӕрмӕст хъусгӕ куы кӕнид, дзуаппытӕ куы нӕ дӕттид. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у искӕмӕн зӕгъын, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕной, ӕмӕ та йӕ уырнындзинад бафидар уа (Титмӕ 2:2). Уыдӕттӕ адӕймаджы бафхӕрыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй арӕзт вӕййынц.

21. Иуӕй-иу тӕригъӕдракӕндтӕ ӕфсымӕртӕ куыд скъуыддзаг кӕнынц?

21 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алыхуызонӕй феххуыс кӕнынц адӕймагӕн. Дзырдӕн, ӕфсымӕр раздӕр нуӕзтмӕ ӕмхиц уыд, ӕмӕ иу-дыууӕ хатты хӕдзары иунӕгӕй ӕгӕр ануӕзта. Кӕнӕ йӕ тамако раджы чи ныууагъта, уый нӕ фӕлӕууыд ӕмӕ иунӕгӕй куы уыд, уӕд бадымдта. Ахӕм адӕймаг кӕд Хуыцаумӕ кувы ӕмӕ йӕ зоны, кӕй йын ныххатыр кӕндзӕн, уый, уӕддӕр хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуыс бацагура, цӕмӕй та уыцы ӕвзӕр мийыл ма ныххӕца. Йемӕ иу кӕнӕ дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы аныхас кӕндзӕн. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ нӕлгоймӕгтӕ уыцы хабары тыххӕй зӕгъдзысты сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ ма уыцы хъуыддагимӕ, чи зоны, цыдӕр фарстытӕ баст уа.

Хуыцауы зондамындмӕ дарддӕр дӕр хъус

22, 23. Хуыцауы зондамындтӕм дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусай?

22 Хъуамӕ алы чырыстон дӕр хъуса Йегъовӕйы зондамындмӕ, цӕмӕй йын йӕ хорзӕх ссара (1 Тимофеймӕ 5:20). Цӕй уӕдӕ дӕ зӕрдӕмӕ ис, Библи ӕмӕ нӕ литературӕ куы фӕахуыр кӕныс, кӕнӕ Йегъовӕйы адӕмы ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты цы зондамындтӕ райсыс, уыдон. Фӕндфидарӕй ӕххӕст кӕн Йегъовӕйы фӕндон. Уӕд дын Хуыцауы зондамындтӕ стыр ӕххуыс уыдзысты – фидар мӕсыгау дӕ тӕригъдӕй хъахъхъӕндзысты.

23 Хуыцауы зондамындтӕм куы хъусай, уӕд йӕ уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзынӕ. Кӕд иуӕй-иуты ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр дӕуыл ахӕм хабар не ’рцӕудзӕн, дӕ зӕрдӕ куы хъахъхъӕнай ӕмӕ зондджынӕй куы архайай, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 4:23; Ефесӕгтӕм 5:15). Фӕлӕ кӕд ныр ӕмбырдӕй цухгонд дӕ, уӕд хорз нӕ уаид, ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхыныл куы бацархаис? Хуыцауы фӕнды, чидӕриддӕр ын нывонддзырд радта, уыдон ын иузӕрдионӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй куы лӕггад кӕниккой, уый (Дыккаг закъон 28:47). Афтӕ уыдзӕн ӕнустӕм, Йегъовӕйы зондамындмӕ куы хъусай, уӕд (Псалом 99:2).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Иуӕй-иуты чырыстон ӕмбырдӕй цӕмӕн ацух кӕнынц?

• Цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, адӕймаг зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый?

• Уӕззау тӕригъӕд ӕмбӕхсын цӕуылнӕ хъӕуы?

• Чи ӕрфӕсмон кӕны, уымӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кӕнынц?

[Ныв 17 фарсыл]

Раджы заманты фыййӕуттау, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Хуыцауы фысты цӕфтӕ «бабӕттынц»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын