Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w07 1/10 24–28 фф.
  • Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цавӕр къахдзӕфтӕ ис скӕнӕн
  • Ӕмбаргӕ уай, ууыл архай
  • Сӕйраг дын уӕд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын
  • Зӕрдӕ кӕмӕй райы, ахӕм цард
  • Дӕ цард афтӕ араз, райгонд дзы куыд уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны уӕ зӕрдыл дарут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Нӕ лӕггады исты куы фӕива, уӕддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Архайыс, цӕмӕй дын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
w07 1/10 24–28 фф.

Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм

«[Чырысти] амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой» (2 КОРИНФӔГТӔМ 5:15).

1. Радзур, иу миссионерыл цы хабар ӕрцыд, уый.

«МИДХӔСТЫ фӕстӕ ацы дард африкаг хъӕумӕ мах йеддӕмӕ ӕнӕуи уӕзласӕн машинӕйыл ничима ӕрбацыд – уымӕй размӕ дзы фенӕн уыд ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон машинӕтӕ, – загъта иу миссионер, Ааронa.– Уым цы гыццыл ӕмбырд уыд, уымӕй рагӕй ницыуал фехъуыстам, ӕмӕ сӕ хъуыди бабӕрӕг кӕнын. Немӕ аластам хӕринаг, дарӕс ӕмӕ литературӕ, стӕй ма видеофильм – „Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – йӕ номмӕ гӕсгӕ архайӕг организаци“b. Хъӕуы «кинотеатрмӕ» – телевизор ӕмӕ видеомагнитофон кӕм уыд, ахӕм стыр хъӕмпын хӕдзармӕ – уыйбӕрц адӕм ӕрбацыд, ӕмӕ нӕ уыцы видеофильм бахъуыд дыууӕ хатты равдисын. Алы равдысты фӕстӕ дӕр-иу бирӕты бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци».

2. а) Чырыстӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй Хуыцауӕн цӕмӕн лӕггад кӕнынц? ӕ) Цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Цӕмӕ райстой сӕхимӕ Аарон ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ахӕм зын хъуыддаг? Уымӕн ӕмӕ бузныг сты Йесо Чырыстийы нывонды тыххӕй. Уыдон нывонддзырд радтой Хуыцауӕн ӕмӕ сӕ фӕнды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Уыдонау Хуыцауӕн нывонддзырд чи ратта, уыцы ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр аскъуыддзаг кодтой, сӕхицӕн кӕй нал цӕрдзысты, фӕлӕ алцыдӕр «хорз хабары тыххӕй» кӕй араздзысты (2 Коринфӕгтӕм 5:15; 1 Коринфӕгтӕм 9:23). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зонынц, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд ӕхца ӕмӕ стыр бартӕ нымады дӕр кӕй нал уыдзысты. Уӕдӕ удӕгас кӕй сты ӕмӕ сӕ къахыл кӕй лӕууынц, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл (Екклесиаст 12:1). Куыд у нӕ бон Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын? Куыд уӕм хъӕбатыр ӕмӕ тых кӕм ссарӕм? Лӕггад кӕнынӕн нын цавӕр гӕнӕнтӕ ис?

Цавӕр къахдзӕфтӕ ис скӕнӕн

3. Цавӕр сӕйраг къахдзӕфтӕ скӕнын хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм?

3 Ӕцӕг чырыстӕттӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын у сӕ царды фӕндаг. Ӕмӕ уый тыххӕй фыццаг скӕнынц ахӕм сӕйраг къахдзӕфтӕ: Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы сӕхи ныффыссын кӕнынц, ӕрвылбон дӕр Библи фӕкӕсынц, хорз хабар фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ цард аивынц, цӕмӕй сӕ бон суа донаргъуыд райсын. Ацы къахдзӕфтӕ кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Ууыл хъуыды кӕн, уый уӕд ӕдзухдӕр дӕ мӕт, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 Тимофеймӕ 4:15). Ӕмӕ ӕнтыстджын хъуамӕ уый тыххӕй ма уӕм, цӕмӕй нӕхицӕй ныббуц уӕм, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ахӕм фӕндаг равзаргӕйӕ ӕвдисӕм, Хуыцауӕн бар кӕй дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр разамынд дӕтта, уымӕн ӕмӕ уый махӕй хуыздӕр зоны, кӕдӕм нӕ хъӕуы цӕуын (Псалом 32:8).

4. Тасы нӕ чи ӕфтауы, ахӕм хъуыдытӕй нӕ бон куыд у фервӕзын?

4 Ӕнӕныфсхаст куы уӕм кӕнӕ нӕхиуыл ӕгӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый хъыгдардзӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (Екклесиаст 11:4). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕцӕг циндзинад исӕм, уый тыххӕй нӕ фервӕзын хъӕуы, тасы нӕ чи ӕфтауы, ахӕм хъуыдытӕй. Цӕвиттон, Эрикы фӕндыд, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм ӕмбырды лӕггад кӕнын. Фӕлӕ йӕхимидӕг тыхстис: «Цы цӕстӕй мӕм ракӕсдзысты? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзысты кӕнӕ ӕз сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕн?» Эрик ног ӕмбырдмӕ куы ахызт, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Фӕстагмӕ бамбӕрстон, фылдӕр мӕхиуыл кӕй ма хъуамӕ хъуыды кӕнон, фӕлӕ ме ’фсымӕртыл. Мӕхицӕн аскъуыддзаг кодтон: мӕхиуыл нал мӕт кӕндзынӕн, фӕлӕ иннӕтӕн, мӕ бон цы у, уымӕй лӕггад кӕндзынӕн ӕмӕ сӕм ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн. Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, ӕмӕ ног ӕмбырдмӕ ахызтӕн. Ныр мӕ лӕггадӕй тынг райгонд дӕн» (Ромӕгтӕм 4:20). Хуыцауӕн куы фӕлӕггад кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд цас къаддӕр хъуыды кӕнӕм нӕхиуыл, уыйас уыдзыстӕм хъӕлдзӕгдӕр ӕмӕ амондджындӕр.

5. Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Бамбарын ӕй кӕн.

5 Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй ма нӕ хъӕуы нӕ хъуыддӕгтӕ бӕстон пълан кӕнын. Мах ӕмбаргӕ уыдзыстӕм ӕмӕ ӕфстау ӕхца нӕ исдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уӕд суыдзыстӕм ацы дунейы цагъар ӕмӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕфстауисӕг у ӕфстаудӕттӕгӕн цагъар» (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма рох кӕнӕм, сӕйрагдӕр нын цы у, уый. Зӕгъӕм, Гуоминг ӕмӕ йӕ дыууӕ хойы сӕ мадимӕ кӕм цӕрынц, уым фатерӕн хъӕуы бирӕ фидын. Стӕй дзы рӕстӕгмӕ куыстӕй дарддӕр ӕндӕр куыст зын ссарӕн у. Фӕлӕ фӕстауӕрц кӕнын кӕй зонынц ӕмӕ се ’хца иумӕйаг кӕй у, уый фӕрцы нӕ фӕтыхсынц, исчи сӕ ӕнӕ куыстӕй куы баззайы, уӕд дӕр. «Вӕййы афтӕ, ӕмӕ нӕ кӕмӕндӕр мызд нӕ бафидынц,– зӕгъы Гуоминг.– Фӕлӕ уӕддӕр пионертӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ма нӕ мады дӕр дарӕм. Мах бузныг стӕм, нӕ мад нӕ кӕй нӕ домы, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнӕм ӕмӕ йӕ афтӕ дарӕм, ӕмӕ ӕппындӕр мацы хъуаг уа» (2 Коринфӕгтӕм 12:14; Дзуттӕгтӕм 13:5).

6. Цавӕр цӕвиттон ӕвдисы, нӕ бон кӕй у Хуыцауы фӕндон нӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрын?

6 Кӕд дӕ дунейы хъуыддӕгтӕ – ӕхца бакусын кӕнӕ ӕндӕр исты – сӕ быны скодтой, уӕд дӕ бахъӕудзӕн дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ аивын, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон фыццаг бынаты сӕвӕрай. Уымӕн фӕхъӕуы рӕстӕг. Ӕмӕ дын алцы уайтагъд куы нӕ уайа, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕркӕсӕм Коичийы хабармӕ. Тынг бирӕ рӕстӕг ын цыд хиирхӕфсӕнтыл. Рӕзгӕ кары ма куы уыд, уӕд ахуыр кодта Библи, фӕлӕ бирӕ азты дӕргъы уыд видеохъӕзтыты ахӕсты. Иу бон Коичи йӕхицӕн загъта: «Ай цы ми кӕнын? Ныр мыл ӕртын азӕй фылдӕр цӕуы ӕмӕ мӕ царды хорзӕй ницыма сарӕзтон!» Коичи ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ йын тынг баххуыс кодтой ӕмбырды дӕр. Кӕд ын аивын ӕнцон нӕ уыд, уӕд дӕр йӕ къухтӕ не ’руагъта. Ӕдзух кӕй куывта ӕмӕ йын иннӕтӕ кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы фервӕзт видеохъӕзтыты ахӕстӕй (Лукайы 11:9). Ныр Коичи у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.

Ӕмбаргӕ уай, ууыл архай

7. Хуыцауы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

7 Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын уый аккаг у, цӕмӕй ӕппӕт удӕй архайӕм. Зивӕг хъуамӕ ма кӕнӕм ӕмӕ нӕхицӕн ӕгӕр ма тӕригъӕд кӕнӕм (Дзуттӕгтӕм 6:11, 12). Фӕлӕ Йегъовӕйы афтӕ дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи уыйонг ӕркӕнӕм, ӕмӕ нӕ тых асӕтта, нӕхимӕ ныхъхъусӕм кӕнӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ мауал рухс кӕна. Бонзонгӕ куы уӕм ӕмӕ куы ’мбарӕм, Хуыцауы хъуыддаг ӕрмӕст нӕхи тыхтӕй нӕ бон кӕй не суыдзӕн сӕххӕст кӕнын, уӕд уымӕй кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы ӕмӕ ӕвдисӕм, ӕмбаргӕ кӕй стӕм (1 Петры 4:11). Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн нын хъару кӕй дӕтдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм, ӕмӕ нӕ цы нӕ домы, уыдӕттӕ аразыныл нӕ уд ма хъарӕм (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕгӕр ма ныффӕллайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъарутӕй раст пайда кӕнӕм.

8. Цы ’рцыд иу ӕрыгон хойыл, йӕ бон хуыздӕрӕй цы уыд, уый Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ йӕ куыстӕн дӕр куы лӕвӕрдта, уӕд, ӕмӕ цы бакодта?

8 Зӕгъӕм, Скӕсӕн Азийы цӕрӕг Джи Хе дыууӕ азы дӕргъы уӕззау куыст кодта ӕмӕ ма пионерӕй дӕр лӕггад кодта. «Мӕ бон хуыздӕрӕй цы уыд, уый арӕзтон Йегъовӕйы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ мӕ куысты дӕр,– зӕгъы уый,– фӕлӕ ӕхсӕв фондз сахат йеддӕмӕ нӕ фынӕй кодтон. Фӕстагмӕ мӕм тыхтӕ нал уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ мын мӕ лӕггад циндзинад нал хаста». Джи Хейы фӕндыд Йегъовӕйӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй ссардта ӕндӕр куыст (Марчы 12:30). «Кӕд уый мӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй ӕз фылдӕр ӕхца куыстаин, уӕддӕр ӕз Хуыцауы фӕндон фыццаг бынаты сӕвӕрдтон,– зӕгъы Джи.– Ӕз ныр дӕр ӕххуысмӕ никӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ цы ’хца исын, уый мын фаг кӕны, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъӕуы уымӕн дӕр ӕмӕ ма хорз уӕлӕдарӕсӕн дӕр. Куыд хорз у ӕхсӕв фылдӕр фынӕй кӕнын! Мӕ лӕггадӕй мӕ зӕрдӕ райын райдыдта ӕмӕ мӕ уырнындзинад бафидар. Уый та мын бантыст, ацы дунейы хъуыддӕгтыл ӕмӕ цыбӕлтыл мӕ рӕстӕг кӕй нал хардз кӕнын, уый фӕрцы (Екклесиаст 4:6; Матфейы 6:24, 28–30).

9. Кӕй хъусын кӕнӕм, уый адӕмыл куыд фӕзындзӕн?

9 Алкӕмӕн йӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Кӕд ацӕргӕ дӕ, кӕнӕ дӕ де ’нӕниздзинад хъыгдары, йе та дӕ ӕндӕр исты тыхсын кӕны, уӕддӕр зон: Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, иузӕрдион ыл кӕй дӕ, ӕмӕ йын зӕрдӕбынӕй кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн, кӕд дӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр (Лукайы 21:2, 3). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, Хуыцауы хъуыддаджы цы аразӕм, уый иннӕтыл ӕнӕфӕзынгӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн. Зӕгъӕм, цалдӕр хӕдзармӕ бахостам, фӕлӕ нӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ нӕм зӕрдиагӕй ничи байхъуыста. Нӕ ацыды фӕстӕ цӕрджытӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг нӕ кой кӕной – суанг нын дуар чи нӕ байгом кодта, уыдон дӕр. Мах уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ хорз хабармӕ иууылдӕр байхъусдзысты, фӕлӕ иуӕй-иутӕ уӕддӕр уазал зӕрдӕйӕ нӕ баззайдзысты (Матфейы 13:19–23). Иннӕтӕ та, чи зоны, байхъусой, дунейы кӕнӕ сӕ царды исты куы фӕива, уӕд. Куыдфӕнды ма уа, уацамынды нӕ бон цы у, уый куы фӕаразӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ вӕййӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ. О, мах «фӕкусӕм Хуыцауимӕ» (1 Коринфӕгтӕм 3:9).

10. Ӕмбырды алкӕмӕндӕр йӕ бон цы у аразын?

10 Уымӕй уӕлдай ма махӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон у ӕххуыс кӕнын йӕ бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбырды хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн (Галатӕгтӕм 6:10). Нӕ хорз цӕвиттон сыл, чи зоны, тынг фӕзына (Екклесиаст 11:1, 6). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ сӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй куы феххӕст кӕнынц, уӕд хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уырнындзинад вӕййы фидар, сӕ кӕрӕдзи хуыздӕр фембарынц, стӕй хъусын дӕр фӕкӕнынц фылдӕр. Уӕдӕ кӕд Хуыцауы хъуыддаджы «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм», уӕд нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

Сӕйраг дын уӕд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын

11. Бынӕттон ӕмбырдӕй дарддӕр ма нӕ бон лӕггад кӕнын кӕм у?

11 Мах уарзӕм цард ӕмӕ нӕ фӕнды алцыдӕр аразын Хуыцауы кадӕн (1 Коринфӕгтӕм 10:31). Кӕд адӕмӕн хорз хабар зӕрдиагӕй дзурӕм ӕмӕ сӕ Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын ахуыр кӕнӕм, уӕд нын фӕзындзӕн диссаджы гӕнӕнтӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хорзӕхджын уыдзыстӕм (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Нӕхи ӕмбырдӕй дарддӕр ма нӕ бон у лӕггад кӕнын, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уым – ӕндӕр ӕмбырды, ӕндӕр ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм ӕмбырды, ӕндӕр бынаты кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы. Ӕнӕус хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ бон у сахуыр кӕнын Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы, цӕмӕй ӕххуыс кӕной фӕлтӕрд ӕфсымӕрты ӕххуыс кӕм хъӕуы, уыцы ӕмбырдты – сӕхи бӕстӕйы кӕнӕ фӕсарӕнты. Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны ӕмӕ аккаг чи у, ахӕм къайтӕн сӕ бон у Галаады скъола каст фӕуын ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйы миссионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ кӕддӕриддӕр фӕхъӕуы, Вефилты чи лӕггад кӕна, стӕй филиалтӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ чи араза ӕмӕ сӕм чи зила, ахӕм барвӕндон кусджытӕ.

12, 13. а) Цавӕр гӕнӕнтӕ нын ис лӕггад кӕнынӕн? ӕ) Радзур, адӕймаг иу ран цӕуыл сахуыр вӕййы ӕмӕ йӕм цы фӕлтӕрддзинад фӕзыны, уый йӕ ӕндӕр ран дӕр куыд бахъӕуы.

12 Цавӕр гӕнӕнтӕ нын ис лӕггад кӕнынӕн? Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ ӕдзух разамынд агур Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ. Уый дын йӕ «хорз удӕй», йӕ сыгъдӕг удӕй, баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн (Нееми 9:20). Адӕймагӕн иу хӕс куы раттынц, уӕд ын арӕх уый фӕстӕ йӕ бӕрны бакӕнынц ӕндӕр хӕс дӕр. Ӕмӕ иу ран цӕуыл сахуыр вӕййы ӕмӕ йӕм цы фӕлтӕрддзинад фӕзыны, уый йӕ бахъӕуы ӕндӕр ран дӕр.

13 Зӕгъӕм, Деннис ӕмӕ йӕ ус Дженни арӕх феххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ аразынӕн. Америкӕйы хуссар штаттыл тыхдымгӕ Катринӕ куы рацыд, уӕд Деннис ӕмӕ Дженни уырдӕм ацыдысты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнынмӕ. Деннис дзуры: «Паддзахады залтӕ аразгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр стӕм. Ӕмӕ нӕ уый ныр бахъуыд не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнынӕн. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр! Не ’фсымӕртӕ нын зӕрдиагӕй кӕй фӕарфӕтӕ кодтой, уый нын нӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Уырдӕм ма цы ӕххуысгӕнӕг къордтӕ ацыд, уыдонӕй сӕ фылдӕрӕн ницы бантыст. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та бацалцӕг кодтой ӕмӕ ногӕй сарӕзтой иу-5 300 хӕдзары ӕмӕ бирӕ Паддзахады залтӕ. Адӕм уый бафиппайдтой ӕмӕ ныр хорз хабармӕ хуыздӕр хъусынц».

14. Кӕд дӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын фӕнды, уӕд дӕ цы бакӕнын хъӕуы?

14 Дӕ бон у Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын? Кӕд о, уӕд хайджын уыдзынӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Кӕд дӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бахъӕудзӕн дӕ царды исты фӕивын. Ды дӕр Неемийау кув Йегъовӕмӕ. Уый ахсджиаг хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕныны размӕ куывта: «О, Йегъовӕ, курын дӕ... дӕ лӕггадгӕнӕджы къухы ацы хъуыддаг бафтын кӕн» (Нееми 1:11). Куывдмӕ чи хъусы, ууыл дӕ ныфс сӕвӕр ӕмӕ, цы ракуырдтай, уымӕ гӕсгӕ архай (Псалом 65:2). Цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна ӕмӕ йын фылдӕр лӕггад кӕнай, уый тыххӕй уал фыццаг дӕхи хъӕуы бацархайын. Иугӕр аскъуыддзаг кодтай, ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕндзынӕ, уӕд дӕ фӕнд мауал аив. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ дын хъусын кӕнын хуыздӕр уайдзӕн ӕмӕ дӕ циндзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзӕн.

Зӕрдӕ кӕмӕй райы, ахӕм цард

15. а) Цы пайда нын у, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сын сӕ царды хабӕрттӕ кӕсын? ӕ) Дӕ зӕрдӕ дын тынгдӕр кӕй биографи бацагайдта?

15 Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дын уый цы ’рхӕсдзӕн? Аныхас кӕн, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы, уӕлдайдӕр та ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ. Куыд амондджын сты ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ куыд райы! (Ӕмбисӕндтӕ 10:22). Уыдон дын радзурдзысты, Йегъовӕ сӕ йе ’ххуысӕй цух кӕй никуы ныууагъта: суанг-иу сын зын уавӕрты дӕр уыди, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уый, ӕмӕ ма ноджы фылдӕр дӕр (Филиппӕгтӕм 4:11–13). Ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты царды хабӕрттӕ фыст уыдысты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы рубрикӕйы «Цӕрын Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (1955–1961 азтӕ, англ.). Уӕдӕй нырмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы мыхуыр ӕрцыд сӕдӕгай биографитӕ. Алчидӕр сӕ лӕггад кодта цингӕнгӕ ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ – Хъуыддӕгты чиныджы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куыд лӕггад кодтой, раст афтӕ. Ахӕм адӕмы царды хабӕрттӕ куы бакӕсай, уӕд сын ды дӕр сӕ цардмӕ батӕхуды кӕндзынӕ.

16. Чырыстӕттӕ амондджын цӕмӕн сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕ сӕ цардӕй цӕмӕн райы?

16 Статьяйы райдианы цы Аароны кой кодтам, уый зӕгъы: «Ӕз-иу Африкӕйы арӕх сӕмбӕлдтӕн, ахӕм ӕвзонг адӕмыл, цӕмӕн цӕрынц, уый бамбарын кӕй фӕндыд. Уый тыххӕй-иу уыдон куы иу ранмӕ ацыдысты, куы та ӕндӕр ранмӕ ӕмӕ афтӕмӕй ӕгас бӕстӕйыл разил-базил кодтой. Фӕлӕ сӕ фылдӕр, цӕмӕн цӕрынц, уый уӕддӕр нӕ бамбӕрстой. Мах та Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодтам ӕмӕ хорз хабар хъусын кодтам, ӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ ради. Мах нӕхи цардӕй бамбӕрстам, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

17. Хуыцауы фӕндон цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?

17 Ды та цӕмӕ тырныс? Хуыцауы хъуыддаджы бӕлвырд куы ницӕмӕ тырнай, уӕд дӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сӕ фӕдыл ӕнцонтӕй асайдзысты. Цӕмӕн хъуамӕ хардз кӕнай дӕ цард, Хуыцауы зынаргъ лӕвар, Сайтаны дунейы афтид хъуыддӕгтыл? Тагъд «стыр бӕллӕх» куы райдайа, уӕд хъӕздыгдзинад ӕмӕ стыр бартӕ нымады дӕр нал уыдзысты. Фӕлӕ Йегъовӕимӕ хӕлардзинадӕн та йӕ аргъ никуы фесӕфдзӕн. Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн кӕй лӕггад кодтам ӕмӕ Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кодтам, уый нын цӕй стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн! (Матфейы 24:21; Раргомад 7:14, 15).

[Фиппаинӕгтӕ]

a Иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.

b Рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йегъовӕ, кӕй йын лӕггад кӕнӕм, уымӕ цы цӕстӕй кӕсы?

• Раст къахдзӕфтӕ ӕмӕ нын ӕмбаргӕдзинад, Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзысты?

• Кӕм ӕмӕ куыд у нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?

• Цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа?

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн ис алыхуызон гӕнӕнтӕ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын