Сывӕллонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, зиан куы ’рцӕуа, уӕд?
ЧИНГУЫТЫ дуканийы иу сылгоймаг уӕйгӕнӕгӕн тыхстхуызӕй загъта: «Дуне чингуытӕ уӕм ис, фӕлӕ дзы мӕ сывӕллонӕн чи баххуыс кӕна, ахӕм иу дӕр нӕй!» Уыцы сылгоймагӕн йӕ бинонтӕй ӕнӕнхъӕлӕджы чидӕр фӕзиан ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ гыццыл лӕппуйӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын.
Уыцы сылгоймаг дзӕгъӕлы нӕ тыхсти, уымӕн ӕмӕ гыццыл сывӕллонӕн тынг зын вӕййы, исчи куы амӕлы, уӕд. Йӕ уарзон бинонты ’хсӕн ӕнӕмӕтӕй цӕры, ӕмӕ стӕй ӕвиппайды, тынг кӕй уарзта, уыцы адӕймаг нал ис. Ныййарджыты бон куыд у сӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, хӕдзары мӕлӕтдзаг рынчын куы уа кӕнӕ исчи куы фӕзиан уа, уӕд?
Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд тынг фӕмаст кӕны ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъусы. Фӕлӕ ныййарӕг хъуамӕ ма рох кӕна, йӕ сывӕллоны йе ’ххуыс кӕй хъӕуы, уый. Америкӕйы (Миннесотӕ) иу рынчындон цы статья рауагъта, уым фыст ис: «Сывӕллон хистӕрты ныхӕстӕй цыдӕртӕ фехъусы ӕмӕ алцы раст нӕ бамбары. Сывӕллонӕн бамбарын кӕнын хъӕуы, ӕцӕгӕй цы ’рцыд, уый». Йӕ кармӕ гӕсгӕ хабар куыд бамбара, афтӕ йын ӕй зӕгъын хъӕуы. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыцы хъуыддаг сӕ зӕрдӕмӕ иухуызон нӕ айсынц (1 Коринфӕгтӕм 13:11).
Мӕлӕт цы у, уый куыд бамбарын кӕнӕн ис?
Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, мӕлӕт цы у, уый ныййарджытӕ сывӕллонӕн куы ӕмбарын кӕной, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг уой, куы сын дзурой «бафынӕй» кӕнӕ «ацыд», зӕгъгӕ. Ахӕм ныхӕстӕ сывӕллонӕн куы нӕ бамбарын кӕнат, уӕд сӕ йӕхӕдӕг раст нӕ бамбардзӕн. Йесо Чырысти дӕр мӕлӕт абарста, адӕймаг куы бафынӕй вӕййы, уыимӕ. Фӕлӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, сывӕллӕттимӕ кӕй нӕ ныхас кодта. Стӕй ма бамбарын кодта, афтӕ цӕмӕн загъта, уый дӕр. Фыццаг уал сын загъта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй». Ӕмӕ кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сывӕллӕттӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр Йесойы «афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ ӕнӕуи бафынӕй». Уӕд сын Чырысти комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард» (Иоанны 11:11–14). Уӕдӕ кӕд стыр адӕймӕгтӕн фӕхъӕуы ахӕм хабӕрттӕ бӕстон ӕмбарын кӕнын, уӕд сывӕллӕттӕн куыннӕ хъӕуы!
«Ныййарджыты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сывӕллӕттӕн мӕлӕты тыххӕй комкоммӕ зӕгъой,– ныффыстой сӕ чиныджы Мэри-Энн ӕмӕ Джеймс Эмзуайлер.– Фӕлӕ афтӕмӕй, гӕнӕн ис, сывӕллоны бафтауой, раздӕр цӕуыл нӕ хъуыды кодта, ахӕм хъуыдытыл, ӕмӕ тӕрсын дӕр райдайа». Зӕгъӕм, чи амард, уый тыххӕй сывӕллонӕн куы зӕгъой, бафынӕй, зӕгъгӕ, уӕд, чи зоны, тӕрса, ӕхсӕвы куы бафынӕй уа ӕмӕ куы нал райхъал уа, уымӕй. Афтӕ йын куы зӕгъой, ацыд, уӕд та хъуыды кӕндзӕн, нал ӕй уарзы кӕнӕ йӕ ныууагъта.
Бирӕ ныййарджытӕ бамбӕрстой, мӕлӕт цы у, уый сывӕллонӕн хуымӕтӕг ныхӕстӕй ӕмӕ комкоммӕ куы дзурой, уӕд сӕ хуыздӕр кӕй бамбардзӕн (1 Коринфӕгтӕм 14:9). Ахуыргӕндтӕ ныййарджытӕн уынаффӕ дӕттынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕной фарстатӕ дӕттынмӕ ӕмӕ цӕуыл тыхсынц, уыдӕттӕ дзурынмӕ. Сывӕллонимӕ арӕх куы ныхас кӕнат, уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, раст кӕм нӕ хъуыды кӕны ӕмӕ йын баххуыс кӕнӕн куыд ис, уый.
Нӕ фарстатӕн раст дзуапп кӕм ссарӕм?
Бинонтӕ зианыл куы фӕхъыг кӕнынц, уыцы рӕстӕг сывӕллоны тынг фӕхъӕуы ӕххуыс. Чи зоны йӕм цыдӕр фарстатӕ ис. Мӕлӕт цы у, уый тыххӕй бӕлвырд кӕцӕй ис базонӕн? Бирӕтӕн удӕнцой ӕмӕ ныфс ӕрхаста Библи. Уым фыст ис, адӕм мӕлын цӕмӕн райдыдтой, мард ма исты фембары ӕви нӕ ӕмӕ, чи амард, уыдон ма цӕрдзысты ӕви нӕ. «Мӕрдтӕ ӕппындӕр кӕй ницы зонынц», уый уӕ сывӕллон куы зона, уӕд ӕмбардзӕн, чи амард, уый кӕй нӕ хъизӕмар кӕны (Екклесиаст 9:5). Уымӕй уӕлдай, Библийы фыст ис, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт куы уа, уӕд адӕм кӕй райгас уыдзысты (Иоанны 5:28, 29).
Ахӕм уӕззау рӕстӕг Библи куы кӕсай, уӕд дӕ сывӕллон бамбардзӕн, уым кӕй ис дзуаппытӕ ӕмӕ ныфс ссарӕн. Стӕй ма уындзӕн, царды ахсджиаг хъуыддӕгты разамынд Хуыцауы Ныхасы кӕй агурыс (Ӕмбисӕндтӕ 22:6; 2 Тимофеймӕ 3:15).
Уӕ фарстатӕн дзуаппытӕ
Зиан куы ’рцӕуы, уӕд адӕймаг нӕ фӕзоны, йӕ сывӕллонӕн куыд баххуыс кӕна, уый. Цы ис саразӕн?a Ӕркӕсӕм цалдӕр фарстамӕ.
• Тынг кӕй маст кӕнын, уый хъуамӕ мӕ сывӕллонӕй ӕмбӕхсон? Адӕймаджы йӕ сывӕллоны зӕрдӕрыстӕй бахизын кӕй фӕнды, уый диссаг нӕу. Фӕлӕ цы ис ӕвзӕрӕй, куыд маст кӕныс, уый дӕ сывӕллон куы уына, уӕд? Бирӕ ныййарджытӕ бамбӕрстой, хуыздӕр кӕй у зӕрдӕйы хъыг ӕргом ӕвдисын, цӕмӕй сывӕллон бамбара, уый худинаг кӕй нӕу. Иуӕй-иутӕ сӕ сывӕллӕттимӕ фӕныхас кӕнынц, ӕргом чи хъыг кодта, ахӕм адӕмы тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдта, йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд. Маст кӕй кодта, уый не ’мбӕхста (Иоанны 11:35).
• Цымӕ мӕ сывӕллон ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа зианы? Кӕд сывӕллон зианы уыдзӕн, уӕд ын рагацау бамбарын кӕнын хъӕуы, цы дзы фендзӕн, уыдӕттӕ. Иуӕй-иу хатт ныййарджыты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сывӕллон зианы уа. Сывӕллон Йегъовӕйы Ӕвдисӕны зианы куы уа, уӕд йӕ бон уыдзӕн байхъусын, Библимӕ гӕсгӕ дзы цы раныхас вӕййы, уымӕ ӕмӕ йын уый дӕр пайда уыдзӕн. Ахӕм рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи «фӕлмӕн уарзтӕй» кӕй уарзынц, уый куы фена, уӕд ын фенцондӕр уыдзӕн (Ромӕгтӕм 12:10, 15; Иоанны 13:34, 35).
• Чи амард, уыцы адӕймаджы тыххӕй сывӕллонимӕ дзурын хъӕуы? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, чи амард, уый кой ӕппындӕр куы нӕ кӕнӕм, уӕд сывӕллон фенхъӕлдзӕн, цыдӕр дзы сусӕг кӕнӕм кӕнӕ йӕ цӕмӕй ферох кӕнӕм, уый нӕ фӕнды. Фыссӕг Джулия Рэтки йӕ чиныджы загъта: «Сывӕллонӕн хъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй ма тӕрса ӕмӕ чи амард, ууыл ӕнӕ зӕрдӕрисгӕйӕ хъуыды кӕна». Чи фӕзиан, уымӕн йӕ хорзы кой ӕмӕ йӕ царды хабӕрттӕ куы дзурай, уӕд сывӕллонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн уыцы маст сфӕразын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ сывӕллӕтты бафидар кӕнынц Библийы фыст ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, зӕххыл дзӕнӕты мӕрдтӕ райгас уыдзысты, нал уыдзӕн нӕдӕр низтӕ, нӕдӕр мӕлӕт (Раргомад 21:4).
• Сывӕллон куы мыса, чи фӕзиан, уыцы адӕймаджы, уӕд ын куыд баххуыс кӕнӕн ис? Зиан куы ’рцӕуы, уӕд сывӕллон афтӕ фӕмаст кӕны, ӕмӕ гӕнӕн ис, рынчын дӕр фӕуа. Чи зоны, мӕсты кӕна, йе та тыхса, йӕ бон фӕивын кӕй ницы у, уый тыххӕй. Ма дис кӕн, адӕймаг кӕй амард, уыцы хъуыддаджы сывӕллон йӕхи куы аххосджын кӕна, куы никуыдӕм дӕ уадза кӕнӕ куы фӕрынчын уай, йе та искуы куы афӕстиат уай, уӕд тынг куы тӕрса. Куыд ын ис баххуыс кӕнӕн? Хъуамӕ йӕ зона, кӕй маст кӕны, уый кӕй уыныс. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ лӕмбынӕг у. Уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕс ӕмӕ дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы цы ис, уый бамбар. Ныфсытӕ йын ӕвӕр, разӕнгард ӕй кӕн фарстатӕ дӕттынмӕ ӕмӕ ӕдзухдӕр цӕттӕ у йемӕ аныхас кӕнынмӕ. «Фыстад цы удӕнцой дӕтты», уый фӕрцы дӕхи ӕмӕ дӕ сывӕллоны ныфс дӕр фидар кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 15:4).
• Ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕм кӕд раздӕхӕм? Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ ма ныууадзут. Уый тынг баххуыс кӕны маст сфӕразынӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ фӕархайынц, цӕмӕй ӕдзухдӕр Библи ахуыр кӕной ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуой. Уый бинонтыл хорзырдӕм фӕзыны ӕмӕ сӕ бафидар кӕны (Дыккаг закъон 6:4–9; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).
Тагъд Йегъовӕ Хуыцау кӕрон скӕндзӕн низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн, сывӕллӕттӕ никуыуал фендзысты, адӕм куыд мӕлынц, уый (Исай 25:8). Фӕлӕ зиан куы ’рцӕуа, уӕд ныййарджытӕ сывӕллӕттӕн ныфсытӕ куы ӕвӕрой ӕмӕ сын куы ӕххуыс кӕной, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн маст сфӕразын.
[Фиппанаг]
a Ацы статьяйы бӕлвырд амындтӕ нӕй. Адӕймаг цы бӕстӕйы цӕры ӕмӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст у, уымӕ гӕсгӕ уавӕртӕ алыхуызӕттӕ вӕййынц.
[Хицӕнгонд текст 25 фарсыл]
Дӕ сывӕллоны разӕнгард кӕн фарстатӕ дӕттынмӕ ӕмӕ йӕ цы тыхсын кӕны, уый дзурынмӕ
[Ныв 26 фарсыл]
Ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ кӕнут, ӕмӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнут