50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
135 ЗАРӔГ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн
«[Бамбарут-иу], цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (РОМ. 12:2).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы ӕмӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын.
1, 2. Сывӕллон Хуыцауы ӕмӕ Библийы тыххӕй фарстатӕ куы дӕтта, уӕд ныййарджытӕ уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?
СЫВӔЛЛОН хъомыл кӕнын ахӕм куыст у, ӕмӕ дзы отпуск нӕ вӕййы. Ӕмӕ уыимӕ бирӕтӕ сразы уыдзысты. Зынаргъ ныййарджытӕ, сымах бирӕ фыдӕбон кӕнут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнат сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (Дык. з. 6:6, 7). Ӕмӕ уын Йегъовӕ уӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Сывӕллон куыд стырдӕр кӕны, афтӕ йӕм, гӕнӕн ис, фӕзына ахсджиаг фарстатӕ, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй кӕнӕ Йегъовӕ цӕмӕн зӕгъы, кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр кӕй сты.
2 Дӕ сывӕллон ахӕм фарстатӕ кӕй дӕтты, уый тыххӕй дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл тынг не ’ууӕнды. Фӕлӕ ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Куыд стырдӕр кӕны, афтӕ хъуамӕ дӕтта фарстатӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕуылдӕрты хъуыды кӕны (1 Кор. 13:11). Афтӕмӕй йӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу дын ахӕм фарстаты фӕрцы фӕзындзӕн хорз фадӕттӕ, цӕмӕй йын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнай.
3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
3 Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй: 1) Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл баууӕндой; 2) Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бауарзой ӕмӕ 3) сахуыр уой, цӕуыл ӕууӕндынц, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, сывӕллӕттӕ фарстатӕ кӕй фӕдӕттынц, уый хорз цӕмӕн у ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы у сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ аразын, цӕмӕй-иу сын фадат фӕзына, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл аныхас кӕнынӕн.
УӔ СЫВӔЛЛОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫЛ ӔМӔ БИБЛИЙЫЛ БАУУӔНДА
4. Сывӕллонмӕ хатт цавӕр фарстатӕ фӕзыны ӕмӕ цӕмӕн?
4 Афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕ уыдзӕн, ӕмӕ иугӕр сымах Хуыцауыл ӕууӕндут, уӕд ыл уӕ сывӕллон дӕр ӕвиппайды баууӕнддзӕн. Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндут, уый уӕхӕдӕг дӕр уӕ мады гуыбынӕй нӕ рахастат. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис уӕ сывӕллонӕй дӕр. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ йӕм, гӕнӕн ис, фӕзына ахӕм фарстатӕ: «Хуыцау кӕй ис, уый кӕцӕй зонӕм? Библийыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн ис?» Ӕмӕ уый хорз у. Библийы дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, «арф хъуыды кӕнут» ӕмӕ «алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут» (Ром. 12:1; 1 Фес. 5:21). Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна.
5. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийыл баууӕндой? (Ромӕгтӕм 12:2).
5 Уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй-иу бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссара. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2.) Уӕ сывӕллон уӕм фарстатӕ куы дӕтта, уӕд-иу ын равдисут, куыд сын ис дзуапп ссарӕн, зӕгъӕм, ахӕм публикациты фӕрцы: «Индекс публикаций Сторожевой башни» ӕмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». «Ӕрмӕг агурӕн»-ы йӕ бон у ссарын темӕ «Библи», дӕлсӕргонд «Хуыцауы комытӕфӕй фыст». Уым ссардзӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библи ӕнӕуи чиныг кӕй нӕу, фӕлӕ «Хуыцауы ныхас» (1 Фес. 2:13). Зӕгъӕм, йӕ бон у фылдӕр ӕрмӕг бацагурын рагон ассириаг горӕт Нине́вийы тыххӕй. Раздӕр иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ ахӕм горӕт ӕппындӕр никуы уыд. Фӕлӕ 1850-ӕм азмӕ ’ввахс археологтӕ ссардтой Ниневийы хӕлддзӕгтӕ. Ӕмӕ уый уыд бӕлвырдгӕнӕн, Библийы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у, уымӕн (Соф. 2:13–15). Ниневийы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй йӕ бон у бакӕсын статьяйы «Зыдтай йӕ?» 2021 азы ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Зӕгъ ын, цӕмӕй, нӕ публикацитӕй цы базыдта, уый абара энциклопедитимӕ ӕмӕ ма ахуыргӕндтӕ ноджыдӕр цы раиртӕстой, уыдӕттимӕ. Уый фӕрцы ноджы тынгдӕр баууӕнддзӕн, Библийы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у, ууыл.
6. Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ сывӕллон йӕхи цӕстӕй фена бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.)
6 Уӕ сывӕллонӕн йе ’ргом раздахут, йӕхи цӕстӕй йӕ бон фенын кӕй у, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕм. Ныййарджытӕн вӕййы алыхуызон фадӕттӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллонимӕ дзӕбӕх аныхас кӕной Библийы кӕнӕ Хуыцауы тыххӕй. Ууыл сӕ бон вӕййы семӕ аныхас кӕнын, куы уой музейы, парчы кӕнӕ выставкӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы. Зӕгъӕм, ацыдыстут музеймӕ кӕнӕ кӕсут искӕцы музейы видеоэкскурсимӕ. Уӕд-иу ын йӕ хъус ӕрдарут, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый чи бӕлвырд кӕны, ахӕм хабӕрттӕм кӕнӕ дзауматӕм (артефакттӕм). Зӕгъӕм, Моави́таг дуры тыххӕй исты зоны? Уыцы дурыл цӕуы 3 000 азы, ӕмӕ йыл фыст ис Хуыцауы ном. Ис Лувры музейы, Парижы (Франци). Йӕ къопи та йын фенӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Уорвичы (АИШ), выставкӕйы «Библи ӕмӕ Хуыцауы ном». Моавитаг дурыл фыст ис, Моавы паддзах Ме́сӕ израилӕгтимӕ кӕй схӕцыд. Ӕмӕ уый фыст ис Библийы дӕр (2 Пад. 3:4, 5). Уӕ сывӕллон-иу ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ йӕхи цӕстӕй куы фена, уӕд йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. (Абар 2 Азфыстыты 9:6.)
Музейты фенӕн цы ис, уыдӕтты фӕрцы уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл тынгдӕр баууӕнда? (кӕс 6 абзац)
7, 8. а) Нӕ бон цы у базонын, ӕрдзы мидӕг цы рӕсугъд узортӕ ӕмӕ формӕтӕ ис, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Дӕ сывӕллонӕн цавӕр фарстатӕ баххуыс кӕндзысты, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл тынгдӕр баууӕндынӕн?
7 Уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй хъуыды кӕна, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Хъӕды кӕнӕ парчы куы уат кӕнӕ цӕхӕрадоны куы кусат, уӕд-иу дӕ сывӕллоны хъус ӕрдар, ӕрдзы мидӕг цы рӕсугъд узортӕ ӕмӕ формӕтӕ ис фенӕн, уыдонмӕ. Уыдонӕй бӕрӕг у, сӕхӕдӕг кӕй нӕ фӕзындысты, фӕлӕ зондджын Сфӕлдисӕджы къухты конд кӕй сты. Зӕгъӕм, Дун-дунейы ӕмӕ ӕрдзы мидӕг бирӕ цӕмӕндӕрты ис спиралы формӕ. Ахуыргӕндтӕ уыцы формӕтӕ бирӕ азты дӕргъы иртасынц. Ахӕм спиралтӕ фенӕн ис, зӕгъӕм, хурмӕзилӕджы дидинӕджы, кӕцыдӕр зайӕгойтӕн сӕ сыфтӕ куыд зайынц, уым, моллюск наути́лусы хъузджы ӕмӕ суанг галактикӕты. Биофизик Нико́ла Фаме́ли куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй, спиралты нымӕц куы банымайай, уӕд дзы рауайдзӕн бӕлвырд нымӕцтӕ. Уыдон хуыйнынц Фибона́ччийы нымӕцтӕa.
8 Скъолайы ма уӕ сывӕллон, гӕнӕн ис, базона, ӕрдзы мидӕг арӕх чи ’мбӕлы, ӕндӕр ахӕм формӕты тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, бӕлӕстӕн сӕ фылдӕр зайынц афтӕ: бӕласӕн йӕ зӕнгӕй рацӕуы къалиутӕ, уыдонӕй рацӕуы къаддӕр къалиутӕ, ӕмӕ уыдонӕй та – ноджы къаддӕр къалиутӕ. Ӕмӕ уыцы формӕ, кӕнӕ фигурӕ, хуыйны фрактал. Цымӕ уыцы рӕсугъд узортӕ ӕмӕ формӕтӕ чи ӕрымысыд? Чи сын сфидар кодта закъӕттӕ? Уӕ сывӕллон-иу ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕна, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фидарӕй бауырндзӕн, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста (Дзут. 3:4). Куы фестырдӕр уа, уӕд та йын хъӕудзӕн бамбарын кӕнын, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын ахсджиаг цӕмӕн у. Уӕ бон ӕм уыдзӕн, зӕгъӕм, ахӕм фарста раттын: «Куыд хъуыды кӕныс, кӕд адӕмы Хуыцау сфӕлдыста, уӕд нын разамынд дӕр хъуамӕ ма раттаид, цӕмӕй амондджын уӕм?» Ӕмӕ йын стӕй уыдзӕн бамбарын кӕнӕн, ахӕм разамынд Библийы кӕй ис.
NASA, ESA, and the Hubble Heritage (STScl/AURA)-ESA/Hubble Collaboration
Ӕрдзы цы рӕсугъд узортӕ ӕмӕ формӕтӕ ис, уыдон чи ӕрымысыд? (кӕс 7, 8 абзацтӕ)
УӔ СЫВӔЛЛОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫ ЗАКЪӔТТӔ ӔМӔ УАГӔВӔРДТӔ БАУАРЗА
9. Сывӕллӕттӕм Библийӕ кӕцыдӕр закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты тыххӕй хатт фарстатӕ цӕмӕн фӕзыны?
9 Уӕ сывӕллон куы фӕрса, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын цӕмӕн хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд-иу ахъуыды кӕнут, ахӕм фарста йӕм цӕмӕн фӕзынд, ууыл. Уыимӕ разы нӕу? Ӕви нӕ фӕзоны, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ растыл цы нымайы, уый иннӕтӕн куыд бамбарын кӕна? Уӕ бон у йемӕ чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» ахуыр кӕнын. Афтӕмӕй йын баххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бауарзаb.
10. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн ӕмбарын кӕнын, Йегъовӕ йӕ Хӕлар уа, уый стыр хӕзна кӕй у?
10 Уӕ сывӕллонӕн ӕмбарын кӕнут, Йегъовӕ йӕ Хӕлар уа, уый стыр хӕзна кӕй у. Библийы ахуыры рӕстӕг-иу бацархайут, цӕмӕй-иу ын йӕ хъуыды базонат. Уый ис аразӕн, чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» цы фарстатӕ ӕмӕ цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ис, уыдоны фӕрцы (Ӕмб. 20:5). Зӕгъӕм, 8-ӕм урочы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у, йе ’мбӕлттыл чи тыхсы, ахӕм хорз ӕмбалы хуызӕн. Нӕ зӕрдыл нын цыдӕртӕ ӕрлӕууын кӕны, цӕмӕй нӕ фыдбылызӕй бахиза, стӕй цӕмӕй амондджын уӕм. 1 Иоанны 5:3 стихыл куы аныхас кӕнат, уӕд ӕй ис бафӕрсӕн: «Иугӕр Йегъовӕ ахӕм хорз Хӕлар у, уӕд цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, цы нын фӕдзӕхсы, уымӕ?» Уый нӕм, чи зоны, хуымӕтӕг фарста кӕсы. Фӕлӕ уый фӕрцы, гӕнӕн ис, бамбара, Хуыцауы закъӕттӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй сты (Ис. 48:17, 18).
11. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн ӕмбарын кӕнын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хорз цӕмӕн у? (Ӕмбисӕндтӕ 2:10, 11).
11 Аныхас-иу кӕнут, Библийы уагӕвӕрдтӕ нын царды куыд ӕххуыс кӕнынц, ууыл. Библи кӕнӕ боны стих иумӕ куы кӕсат, уӕд-иу аныхас кӕнут, Библийы уагӕвӕрдтӕ уын уӕ бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц. Зӕгъӕм, уӕ бон у уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнын, кусын ӕмӕ ахуыр кӕнын куы уарза, стӕй сайгӕ куы нӕ кӕна, уӕд ын уый царды куыд ӕххуыс кӕндзӕн (Дзут. 13:18). Ис ма йын бамбарын кӕнӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайӕм, уый фӕрцы ӕнӕниздӕр ӕмӕ амондджындӕр кӕй стӕм (Ӕмб. 14:29, 30). Библийы уынаффӕтӕ йӕ пайдайӕн кӕй сты, уый куы ӕмбара, уӕд ӕй фӕнддзӕн уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:10, 11.)
12. Стив ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕ лӕппуйӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын хорз кӕй у, уый бамбарынӕн?
12 Стив цӕры Францийы. Уый радзырдта, йӕ бинойнагимӕ сӕ 16-аздзыд лӕппу И́танӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй бамбара, Йегъовӕйы закъӕттӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй сты: «Раттӕм ӕм ахӕм фарстатӕ: „Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕм? Ацы уынаффӕйӕ куыд зыны, кӕй нӕ уарзы, уый? Цы ’рцӕудзӕн, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы нӕ архайай, уӕд?“» Афтӕ кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы Итан Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бауарзта. Стив ма загъта: «Мах фӕнды, цӕмӕй Итан бамбара, Библийы цы зонд ис, уый адӕймаджы зондимӕ абарӕн дӕр кӕй нӕй».
13. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сахуыр уа Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
13 Уӕ сывӕллоны ахуыр кӕнут Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, скъолайы сын бахӕс кодтой цавӕрдӕр чиныг бакӕсын. Чиныджы архайджытӕ та сты мӕстыгӕр, ӕгъатыр адӕймӕгтӕ кӕнӕ та кӕнынц ӕнӕгъдау цард. Фӕлӕ сӕ чиныджы фыссӕг афтӕ ӕвдисы, цыма, цы аразынц, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ уӕд уӕ бон у уӕ сывӕллонӕн зӕгъын, цӕмӕй ахъуыды кӕна, Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы (Ӕмб. 22:24, 25; 1 Кор. 15:33; Фил. 4:8). Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ахуыргӕнӕг кӕнӕ йӕ къласӕгтӕ куы фӕрсой, уыцы чиныджы тыххӕй цы хъуыды кӕны, уӕд сын йӕ бон уыдзӕн, цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй радзурын.
УӔ СЫВӔЛЛОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ЙӔ БОН УА, ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДЫ, УЫЙ ИННӔТӔН ӔМБАРЫН КӔНЫН
14. Ӕрыгон чырыстӕттӕн цавӕр темӕйыл вӕййы зын иннӕтимӕ дзурын ӕмӕ цӕмӕн?
14 Ӕрыгон чырыстӕттӕ хатт сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурынмӕ. Зӕгъӕм, урочы дзырд эволюцийы теорийыл куы цӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, ма уӕндой зӕгъын, цӕуылнӕ йыл ӕууӕндынц. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн, ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ фидарӕй фӕдзурынц, зӕгъгӕ, ӕппӕт дӕр эволюцийы фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ, дам, уый ахуыргӕндтӕ дӕр сбӕлвырд кодтой. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, Библийӕ цы базыдта, ууыл ма дызӕрдыг кӕна?
15. Ӕрыгон чырыстӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ фидарӕй уырна, Библийы цы фыст ис, уый ӕцӕг кӕй у?
15 Уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй йӕ фидарӕй уырна, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Ууыл кӕй ӕууӕнды, уымӕй хъуамӕ ма ӕфсӕрмы кӕна (2 Тим. 1:8). Зӕгъӕм, ахуыргӕндтӕй дӕр бирӕтӕ ӕмбарынц, цард йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд. Уыдон зонынц, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ куыд вазыгджын конд сты. Ӕмӕ ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ, зӕгъгӕ, ис зондджын Сфӕлдисӕг ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста. Уымӕ гӕсгӕ не ’ууӕндынц, ӕгас зӕххыл дӕр скъолаты кӕй амонынц, уыцы эволюцийы теорийыл. Уӕ сывӕллонӕн ма йӕ бон у базонын, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый иннӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕй фӕрцы бауырныдтаc.
16. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сахуыр уа, Сфӕлдисӕгыл цӕмӕн ӕууӕнды, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын? (1 Петры 3:15). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
16 Уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй сахуыр уа, Сфӕлдисӕгыл цӕмӕн ӕууӕнды, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕнын. (Бакӕс 1 Петры 3:15.) Йемӕ аныхас кӕн статьятыл рубрикӕйӕ «Вопросы молодёжи. Сотворение или эволюция?». Ссарӕн сӕ ис сайты jw.org. Йӕхӕдӕг-иу равзарӕд, хуыздӕр ӕм кӕцы хъуыдытӕ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕсынц. Стӕй-иу иумӕ афӕлварут, уыдоны фӕрцы йӕ бон куыд уыдзӕн бамбарын кӕнын, Сфӕлдисӕгыл цӕмӕн ӕууӕнды, уый. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кӕн, йӕ къласӕгтимӕ быцӕу кӕй хъуамӕ ма кӕна. Искӕй фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд та хорз уыдзӕн, йӕ бон ын куы уа йӕ хъуыды хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнын. Зӕгъӕм, йӕ къласаг загъта: «Мӕн уырны, цы уынын, ӕрмӕстдӕр уый. Ӕмӕ Хуыцауы та никуы федтон». Уӕд ын йӕ бон у зӕгъын: «Зӕгъӕм, хъӕды фӕцӕуыс. Адӕм кӕм цӕрынц, уырдыгӕй тынг дард у. Ӕмӕ ауыдтай хӕдзар. Уӕд цы ахъуыды кӕндзынӕ? Афтӕ ахъуыды кӕндзынӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг фӕзынд? Ӕвӕццӕгӕн ӕй чидӕр сарӕзта. Уый зӕгъӕн ис Зӕххӕй дӕр ӕмӕ йыл удӕгасӕй цы ис, уыдӕттӕй. Уыдон дӕр сӕхӕдӕг нӕ фӕзындысты. Чидӕр сӕ скодта».
Дӕ къласӕгтӕн исты куы ӕмбарын кӕнай, уӕд ныхас кӕн хуымӕтӕгӕй (кӕс 16, 17 абзацтӕ)d
17. Сывӕллонӕн йӕ бон куыд у иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын райдайын? Цавӕр цӕвиттон ын ис ӕрхӕссӕн?
17 Уӕ сывӕллонӕн дзурут, цӕмӕй-иу йӕхӕдӕг райдайа иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын (Ром. 10:10). Ӕрхӕсс ын ахӕм цӕвиттон. Адӕймаг музыкалон инструментыл цӕгъдын куы фӕахуыр кӕны, уӕд уал хуымӕтӕг мелодитӕй райдайы. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ сахуыр вӕййы зындӕр мелодитӕ цӕгъдын. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, иннӕтимӕ Библийыл ныхас кӕнын куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕй дӕр. Фыццаг уал ӕрыгон чырыстонӕн йӕ бон у йӕ ныхас бынтон хуымӕтӕгӕй райдайын. Зӕгъӕм, йӕ бон у йӕ къласаджы бафӕрсын: «Зыдтай йӕ, инженертӕ арӕх цыдӕртӕ кӕй саразынц, ӕрдзы цы фенынц, уымӕ гӕсгӕ? Ныртӕккӕ дын иу видеоролик равдисдзынӕн». Ӕмӕ йын равдисӕд искӕцы ролик рубрикӕйӕ «Случайность или замысел?». Уый фӕстӕ та йӕ бон у зӕгъын: «Адӕм кад кӕнынц ахуыргӕндтӕн, ӕрдзы цы ис, уыдӕттӕ кӕй скъопи кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд, ӕрдзы цы уынӕм, уый тыххӕй та кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы?» Ӕмӕ, гӕнӕн ис, йӕ къласаджы бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын.
УӔ СЫВӔЛЛОНӔН ДАРДДӔР ДӔР ӔХХУЫС КӔНУТ ЙӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔНЫНӔН
18. Ныййарджытӕн сӕ бон цы у дарддӕр дӕр аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллоны уырнындзинад фидардӕр кӕна?
18 Мах ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйыл не ’ууӕндынц (2 Пет. 3:3). Уымӕ гӕсгӕ сымах, ныййарджыты, хъӕуы уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бауарза. Дзурут ын, цӕмӕй уый фӕдыл ӕрмӕг иртаса. Йе ’ргом-иу ын раздахут, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдонмӕ, ӕмӕ-иу сыл ахъуыды кӕнӕд. Йемӕ ныхас кӕнут, чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтыл. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, цӕмӕй куват уӕ сывӕллоны тыххӕй, стӕй йемӕ иумӕ дӕр. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут: Йегъовӕ уыны, уӕ сывӕллонӕн куыд ӕххуыс кӕнут йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, ӕмӕ уын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (2 Аз. 15:7).
133 ЗАРӔГ Не ’взонджы бонты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм
a Фылдӕр базонӕн ис видеойӕ «Чудеса творения прославляют Бога. Узоры». Ис сайты jw.org.
b Кӕд уӕ сывӕллон чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» ахуыр фӕци, уӕд уӕ бон у ногӕй иумӕ ӕркӕсын иуӕй-иу уроктӕм 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хайӕ, дзырд Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтыл кӕм цӕуы, уыдонмӕ.
c Кӕс статья «Почему мы верим в Творца» 2006 азы сентябры «Пробудитесь!»-ы ӕмӕ брошюрӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа». Иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хабӕрттӕ ма базонӕн ис, рубрикӕйы «Взгляд на происхождение жизни» цы видеороликтӕ ис, уыдонӕй. Ис сайты jw.org.
d НЫВ. Ӕрыгон Ӕвдисӕн йӕ къласагӕн ӕвдисы видео рубрикӕйӕ «Случайность или замысел?». Йӕ къласаг уарзы дронтимӕ архайын.