Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас
Ахсджиаг хъуыдытӕ Фессалоникӕгтӕм ӕмӕ Тимофеймӕ фыстӕджытӕй
АПОСТОЛ Павел Фессалоникӕйы ӕмбырд куы сарӕзта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕййӕфтой карз ӕфхӕрд. Тимофей (уӕд ыл 20 азӕй фылдӕр цыдаид) Фессалоникӕйӕ хорз хабӕрттимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд Павел сфӕнд кодта фыстӕг ныффыссын, цӕмӕй сӕ раппӕлыдаид ӕмӕ сӕ ныфс бауагътаид. Ацы фыстӕг у Павелы фыстӕджытӕй фыццаг, ӕвӕццӕгӕн ӕй ныффыста н. э. 50 азы кӕрон. Йӕ хӕдфӕстӕ Павел Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг. Ацы хатт та ӕмбырды иуӕй-иутӕн радта уынаффӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цыдӕр хъуыддаджы хъуыд сраст кӕнын, стӕй ма ӕфсымӕрты ныфс бауагъта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид.
Уымӕй рацыд иу-10 азы бӕрц. Павел уыд Македонийы, Тимофей та – Ефесы. Павел Тимофеймӕ фыста, цӕмӕй Ефесы баззадаид ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтаид сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбырды фӕзынд мӕнг ахуыргӕнджытӕ. Н. э. 64 азы Ромыл стыр арт куы сирвӕзт, уӕд чырыстӕтты ӕгъатырӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Уыцы рӕстӕг Павел ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг Тимофеймӕ. Уый уыд йӕ фӕстаг фыстӕг. Ацы цыппар фыстӕджы Павел цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ныффыста ӕмӕ цы уынаффӕтӕ радта, уыдон махӕн стыр пайда сты (Дзут. 4:12).
ЦЫРДДЗАСТ УӔМ
Павел фессалоникӕгтӕй раппӕлыд, уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, стӕй сӕ ныфс фидар кӕй уыд, уый тыххӕй. Загъта сын, йӕ ныфс, йӕ цин, йӕ кад кӕй уыдысты ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта (1 Фес. 1:3; 2:19).
Павел Фессалоникӕйы чырыстӕтты сразӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзи фидар кодтаиккой райгасдзинады ныфсӕй. Стӕй сын загъта: «Давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ... ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр». Уымӕ гӕсгӕ сын бауынаффӕ кодта, цӕмӕй «цырддзаст ӕмӕ къӕрцхъус» уыдаиккой (1 Фес. 4:16–18; 5:2, 6).
Фарстытӕн дзуаппытӕ
4:15–17 – Кӕмӕй уыд загъд, «иумӕ мигътыл хаст ӕрцӕудзыстӕм, цӕмӕй уӕлдӕфы нӕ Хицауыл сӕмбӕлӕм», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый цы нысан кӕны? Ныхас цӕуы, Йесойы ӕрцыды рӕстӕг чи цӕры, уыцы сӕрст чырыстӕттыл. Уыдон Хицау Йесо Чырыстийыл сӕмбӕлдзысты уӕлӕрвты. Фӕлӕ уал уый размӕ хъуамӕ амӕлой ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн райгас уой (Ром. 6:3–5; 1 Кор. 15:35, 44). Абон Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕй чи амӕлы, уыдон уӕлӕрвтӕм «хаст ӕрцӕуынц» – уайтагъд райгас вӕййынц (1 Кор. 15:51, 52).
5:23 – Павел ӕфсымӕрты зӕрдӕ, уд ӕмӕ буары тыххӕй кӕй куывта, уый цы нысан кодта? Павел дзырдта, чырыстон ӕмбырды чидӕриддӕр уыд, уыдоны, уыимӕ Фессалоникӕйы сӕрст чырыстӕтты зӕрдӕ, уд ӕмӕ буары тыххӕй. Павел ӕфсымӕрты тыххӕй ӕнӕуи нӕ куывта, фӕлӕ сӕ «зӕрдӕ» кӕнӕ сӕ зондахасты тыххӕй. Стӕй ма куывта сӕ «уды», ома сӕ царды тыххӕй, ӕмӕ сӕ «буары» – сӕрст чырыстӕтты се ’ппӕты тыххӕй дӕр (1 Кор. 12:12, 13). Уӕдӕ Павелы куывдӕй бӕрӕг уыд, ӕмбырдыл зӕрдиагӕй кӕй тыхст.
Зондзонӕнтӕ махӕн
1:3, 7; 2:13; 4:1–12; 5:15. Адӕймагӕн уынаффӕ куы фӕдӕттӕм, цӕмӕй цыдӕр хъуыддаджы фӕхуыздӕр уа, уӕд-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕлӕм, ӕмӕ нӕм уӕд хуыздӕр байхъусдзӕн.
4:1, 9, 10. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ ӕппынӕдзух дӕр сӕ уырнындзинад фидар кӕной.
5:1–3, 8, 20, 21. Йегъовӕйы бон кӕй ӕрбаввахс кӕны, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «уӕм къӕрцхъус ӕмӕ нӕ уӕлӕ дарӕм уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд». Уымӕй уӕлдай ма, хъуамӕ лӕмбынӕг кӕсӕм, Хуыцауы пехуымпарӕдтӕ фыст кӕм сты, уыцы чиныг – Библи.
«ФИДАР ЛӔУУТ»
Павел йӕ фыццаг фыстӕджы цы ныффыста, уый ӕмбырды чидӕртӕ сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ дзырдтой, «Хицау Йесо Чырыстийы ’рцыд» тагъд кӕй уыдзӕн. Раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый бамбарын кӕнынӕн Павел загъта, уый размӕ цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уый (2 Фес. 2:1–3).
Павел разӕнгард кодта: «Фидар лӕуут ӕмӕ дарддӕр дӕр хӕцут... кӕй [уын] бацамыдтам, уыцы ӕгъдӕуттыл». Стӕй ма фессалоникӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй, «цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ чи кӕны... ахӕм ӕфсымӕртӕм хӕстӕг ма цыдаиккой» (2 Фес. 2:15; 3:6).
Фарстытӕн дзуаппытӕ
2:3, 8 – Чи у, «фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг» ӕмӕ сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн? Уыцы «адӕймаг» амоны чырыстон аргъуанты сауджынтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Йесо Чырысти у «Дзырд», ома дзуры Хуыцауы номӕй. Ӕмӕ йӕ хӕс у, фыдгӕнджыты ныхмӕ Хуыцауы тӕрхӕттӕ хъусын кӕнын ӕмӕ хъус дарын, цӕмӕй ӕххӕстгонд цӕуой (Иоан. 1:1). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йесо «йӕ комытӕфӕй [тыхӕй] амардзӕн», фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаджы.
2:13, 14 – Сӕрст чырыстӕттӕ ирвӕзындзинадӕн райдианы ӕвзӕрст куыд ӕрцыдысты? Сӕрст чырыстӕттӕ ирвӕзындзинадӕн ӕвзӕрст кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй загъд уыд, Йегъовӕ куы фехъусын кодта, сылгоймаджы байзӕддаг Сайтаны сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн, уӕд (Райд. 3:15). Стӕй ма Йегъовӕ загъта, цы миниуджытӕ сӕм хъуамӕ уа, цы куыст кӕндзысты ӕмӕ цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзысты, уый дӕр.
Зондзонӕнтӕ махӕн
1:6–9. Йегъовӕ адӕмӕн ӕмхуызон тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн, алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон кӕндзӕн.
3:8–12. Йегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уый нын ӕфсон нӕу, цӕмӕй нӕхи фӕдарыны тыххӕй ма кусӕм. Кусгӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нӕ магусатӕ рауайдзӕн ӕмӕ иннӕты хъуыддӕгты нӕхи тъысдзыстӕм (1 Пет. 4:15).
«ДӔ БАР ДЫН ЦЫ БАКОДТОЙ, УЫЙ ХЪАХЪХЪӔН»
Павел Тимофейӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй «хъӕбатырӕй тох кодтаид, уырнындзинадыл хӕцыдаид ӕмӕ йӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдаид». Ранымадта, хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон. Стӕй ма Павел Тимофейӕн загъта, «зӕронд устытӕ кӕй фӕдзурынц ӕмӕ, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы аргъӕуттӕм та ма хъус», зӕгъгӕ (1 Тим. 1:18, 19; 3:1–10, 12, 13; 4:7).
Павел Тимофеймӕ ныффыста, «хистӕрӕн карз уайдзӕф ма кӕн», зӕгъгӕ. Стӕй йӕ разӕнгард кодта: «Дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн ӕмӕ дӕхи хиз, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй ӕмӕ, „зонындзинад“ кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та ахӕм чи нӕу, уый мидӕг цы хӕццӕ хъуыдытӕ ис, уыдонӕй» (1 Тим. 5:1; 6:20).
Фарстытӕн дзуаппытӕ
1:18; 4:14 – Цавӕр «пехуымпарӕдтӕ» загътой Тимофейы тыххӕй? Гӕнӕн ис, уыцы пехуымпарӕдтӕ уыдысты, фидӕны Тимофейыл ӕмбырды цы хӕстӕ хъуамӕ уыдаид, уый тыххӕй. Ӕмӕ загъд ӕрцыдысты, Павел йӕ дыккаг балцы рӕстӕг Листрӕйы куы уыд, уӕд (Ап. хъ. 16:1, 2). Уыцы «пехуымпарӕдтӕм» гӕсгӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрыгон Тимофейыл «сӕ къухтӕ... ӕрӕвӕрдтой» ӕмӕ йын ахсджиаг хъуыддаг бахӕс кодтой.
2:15 – «Сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза, уӕд ӕй уый [куыд] хъахъхъӕндзӕн»? Сылгоймаг сывӕллӕттӕм кӕй фӕкӕсы ӕмӕ хӕдзары куыстытӕ кӕй фӕкӕны, уый йӕ «хъахъхъӕны», цӕмӕй ӕгуыст ма уа, иннӕты кой ма кӕна ӕмӕ йӕхи адӕмы хъуыддӕгты ма тъысса (1 Тим. 5:11–15).
3:16 – Куыд ӕмбаргӕ сты ныхӕстӕ, «Хуыцауыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи уыдзӕн, уыцы сусӕгдзинад», зӕгъгӕ? Бирӕ рӕстӕг бӕрӕг нӕ уыд, адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕви нӕ. Уымӕн гӕнӕн кӕй ис, уый Йесо Чырысти равдыста, мӕлӕты онг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй.
6:15, 16 – Ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ Хуыцау ӕви Йесо Чырыстимӕ амонынц? Ацы ныхӕстӕ хауынц, йӕхи чи «раргом кӕндзӕн», уымӕ – Йесо Чырыстимӕ (1 Тим. 6:14). Хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхтимӕ абаргӕйӕ, ӕрмӕстдӕр Чырысти, «иунӕг Бардарӕг», у ӕнӕмӕлгӕ (Дан. 7:14; Ром. 6:9). Уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон фенын нӕу.
Зондзонӕнтӕ махӕн
4:15. Рӕстдзинад раджы базыдтам ӕви ӕрӕджы, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм.
6:2. Ӕфсымӕртӕй искӕмӕ куы кусӕм, уӕд нӕхи пайдайыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, ӕнӕуырнӕгмӕ куыд куыстаиккам, уымӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй кусӕм.
«ХЪУСЫН КӔН ДЗЫРД, УЫЦЫ ХЪУЫДДАГ КӔН ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ»
Цӕмӕй Тимофей фидӕны фӕлварӕнтӕм цӕттӕ уыдаид, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Хуыцау нын цы сыгъдӕг уд радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд». Стӕй ма йын загъта: «Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса» (2 Тим. 1:7; 2:24).
Павел Тимофейы разӕнгард кодта: «Цы базыдтай ӕмӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндыдтӕ, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц». Раст дин чи ныууагъта, уыдон сӕ ахуырӕдтӕ кӕй парахат кодтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ӕрыгон хистӕр нӕлгоймаг Тимофейӕн уынаффӕ кодта: «Хъусын кӕн дзырд, уыцы хъуыддаг кӕн зынгзӕрдӕйӕ... иннӕтӕн уайдзӕф кӕн, сӕ рӕдыд-иу сын зӕгъ, фӕдзӕхс сӕ» (2 Тим. 3:14; 4:2).
Фарстытӕн дзуаппытӕ
1:13 – Цы у «раст ныхӕсты хуызӕг»? «Раст ныхӕстӕ» сты «нӕ Хицау Йесо Чырыстийы» ныхӕстӕ – чырыстон ахуырӕдтӕ (1 Тим. 6:3). Чырысти цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый уыд Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ «раст ныхӕстӕ» амонынц Библийы ахуырӕдтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Уыцы ахуырӕдты фӕрцы базонӕм Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ. Цӕмӕй уыцы «раст ныхӕстӕм» гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм, Библийӕ цы базыдтам, уымӕй.
4:13 – Цавӕр «чингуыты» кой ис ацы стихы? Ӕвӕццӕгӕн, Павел куырдта, Дзуттаг Фыстыты тыхтӕттӕй иуӕй-иутӕ, цӕмӕй сӕ кастаид, цалынмӕ Ромы ахӕстоны бадт, уӕдмӕ. Иуӕй-иутӕ дзы уыдысты папирусыл фыст, иннӕтӕ та – цармӕй конд.
Зондзонӕнтӕ махӕн
1:5; 3:15. Тимофей Йесо Чырыстийыл сӕйраджыдӕр уымӕн баууӕндыд, ӕмӕ йӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Фыстадыл кӕй ахуыр кодтой. Уыцы уырнындзинад йӕ царды алы хъуыддаджы дӕр бӕрӕг уыд. Куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ныййарджытӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, Хуыцауы ӕмӕ сыл сӕ сывӕллӕтты раз цы хӕс ис, уый куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл!
1:16–18. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ фӕлварӕнты куы бахауынц, куы сӕ фефхӕрынц кӕнӕ ахӕстоны куы вӕййынц, уӕд-иу уыдоны тыххӕй кувӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уымӕй сын ӕххуыс кӕнӕм (Ӕмб. 3:27; 1 Фес. 5:25).
2:22. Чырыстӕттӕ, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕ, хъуамӕ бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕной спортыл, музыкӕйыл, ирхӕфсӕнтыл, балцытыл, дзӕгъӕл радзур-бадзуртыл ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтыл, цӕмӕй сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн мацы хъыгдара.
[Ныв 31 фарсыл]
Апостол Павел фӕстагмӕ кӕцы фыстӕг ныффыста?