Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 1/7 20–23 фф.
  • Ионӕ сахуыр адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ионӕ сахуыр адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕммӕ Хуыцауы тӕрхоны хабар бахъардта
  • Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ адӕймаджы ӕгъатырдзинад
  • Йегъовӕ Ионӕйӕн зонд бацамыдта
  • Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йегъовӕ Ионӕимӕ уыд фӕразон
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 1/7 20–23 фф.

Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг

Ионӕ сахуыр адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын

ИОНӔЙӔН уыд бирӕ рӕстӕг ахъуыды кӕнынӕн. Хъуамӕ 800 километры бӕрц фӕцыдаид ӕмӕ йӕ уый тыххӕй бахъуыдаид иу мӕй кӕнӕ фылдӕр. Фыццаг уал ӕй хъуыди равзарын, цы фӕндагыл ацӕудзӕн, уый – цыбыр ӕви тӕссаг фӕндагыл. Ионӕйы хъуыди цӕуын хӕхтӕ ӕмӕ быдыртыл. Хъуыди йӕ Сирийы ӕдзӕрӕг быдыры иувӕрсты ацӕуын, стӕй стыр цӕугӕдӕтты, уыимӕ Ефраты сӕрты ахизын. Хъуамӕ-иу бахсӕвиуат кӕнынӕн бынат ссардтаид Сири, Месопотами ӕмӕ Ассирийы горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕн. Бонтӕ цыдысты, Ионӕ Ниневимӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодта ӕмӕ фыртӕссӕй йӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп тынгдӕр цыди.

Ионӕ иу хъуыддаг хорз зыдта: йӕ бон нӕу фӕстӕмӕ раздӕхын кӕнӕ алидзын. Иухатт афтӕ бакодта. Уӕд Йегъовӕ Ионӕйӕн фыццаг хатт бахӕс кодта, цӕмӕй ассирийӕгты сӕйраг горӕты цӕрджытӕн йӕ тӕрхон фехъусын кодтаид. Фӕлӕ Ионӕ уайтагъд сбадти, иннӕрдӕм чи цыди, ахӕм науыл. Уый фӕстӕ Йегъовӕ стыр дымгӕ рауагъта ӕмӕ Ионӕ бамбӕрста, йӕ хивӕнд мийы тыххӕй иннӕты дӕр кӕй фесафдзӕн. Цӕмӕй матросты фервӕзын кодтаид, уый тыххӕй йӕхи денджызы ныппарын кодта. Уыдон ӕвӕндонӕй сразы сты, ӕмӕ Ионӕйы фервӕзыны ныфс нал уыд. Фӕлӕ Йегъовӕ арвыста стыр кӕсаджы, цӕмӕй Ионӕйы аныхъуыра ӕмӕ йӕ ӕртӕ боны фӕстӕ удӕгасӕй былмӕ раппара. Ӕппӕт уыцы диссӕгты фӕстӕ Ионӕ йӕ зондахаст фӕивта ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын райдыдтаa (Ионӕ, 1 ӕмӕ 2 сӕр).

Йегъовӕ дыккаг хатт Ионӕйӕн куы бахӕс кодта, цӕмӕй Ниневимӕ ацыдаид, уӕд уайтагъд йӕ ных сарӕзта дард бӕстӕм, скӕсӕнырдӕм (Ионӕ 3:1–3). Фӕлӕ, цымӕ, Ионӕ йӕ зондахӕст ӕцӕгдӕр фӕивта? Йегъовӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй денджызы йӕ мӕлӕт ссардтаид, йӕ хивӕнд мийы тыххӕй йӕ нӕ бафхӕрдта ӕмӕ ма йын радта иу фадат, цӕмӕй йын йӕ ныхас сӕххӕст кодтаид. Цымӕ йын ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ йӕ зӕрдӕ нӕ фӕфӕлмӕндӕр кодтой? Ӕнӕххӕст адӕмӕн иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын зын вӕййы. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Ионӕ цытӕ бавзӕрста ӕмӕ уыдӕттӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

Адӕммӕ Хуыцауы тӕрхоны хабар бахъардта

Ионӕ Ниневимӕ Хуыцауы цӕстӕй нӕ касти. Библийы фыст ис: «Ниневи Хуыцауы цӕсты уыди стыр горӕт» (Ионӕ 3:3). Ионӕ йӕ чиныджы ӕртӕ хатты ныффыста, Йегъовӕ Ниневи «стыр горӕт» кӕй хоны (Ионӕ 1:2; 3:2; 4:11). Цымӕ Йегъовӕйы цӕсты Ниневи стыр кӕнӕ зынаргъ горӕт цӕмӕн уыд?

Ниневи уыди, Нимрод Доны хъаймӕты фӕстӕ фыццаг кӕй сарӕзта, уыцы рагон горӕттӕй иу. Йӕ фарсмӕ цы горӕттӕ уыд, уыдонимӕ иумӕ бирӕ бынат ахста – кӕрӕй-кӕронмӕ ӕртӕ боны цыд (Райдиан 10:11; Ионӕ 3:3). Ниневи адӕймаджы дисы ӕфтыдта йе стыр кувӕндӕттӕй, горӕты алыварс цы фидар къултӕ уыди, уыдонӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕй. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ нымадта стыр горӕтыл. Ахсджиаг ын уыдысты адӕм. Уыцы рӕстӕг дзы тынг бирӕ адӕм царди. Кӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уӕддӕр Хуыцау сӕ мӕт кодта. Хуыцауы цӕсты адӕймаджы цард зынаргъ у, стӕй зоны, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ раст цы у, уый аразын.

Ионӕ Ниневимӕ куы ӕрбацыд, уӕд бирӕ адӕмы уындӕй ноджы тынгдӕр старст – царди дзы 120 000 адӕймаджы бӕрцb. Ионӕ ӕнӕхъӕн бон горӕты фӕрацу-бацу кодта, ӕвӕццӕгӕн, хорз бынат агуырдта, цӕмӕй уырдыгӕй Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй фехъусын кодтаид. Цымӕ уыцы адӕмимӕ куыд хъуамӕ ныхас кодтаид? Мыййаг ӕй ассириаг ӕвзаг ахуыр кӕнын хъуыди? Ӕви йӕ Йегъовӕ диссаджы хуызы сдзурын кодта уыцы ӕвзагыл? Уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Чи зоны, Ионӕ дзырдта йӕ мадӕлон, дзуттаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ чидӕр та тӕлмац кодта. Куыдфӕнды ма уыдаид, цы хабар хъусын кодта, уый уыди ӕнцонӕмбарӕн, фӕлӕ карз: «Дыууиссӕдз боны фӕстӕ Ниневи фесӕфдзӕн» (Ионӕ 3:4). Ионӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ныфсджынӕй хъусын кодта Хуыцауы тӕрхоны тыххӕй. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты дӕр абоны хуызӕн никуы хъуыд ахӕм хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад.

Ниневийӕгтӕ Ионӕмӕ байхъуыстой. Ионӕ ӕнхъӕлмӕ касти, адӕм ӕм тызмӕг цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, уымӕ. Фӕлӕ, мӕнӕ диссӕгтӕ – адӕм ын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой! Цы хабар дзырдта, уый уайтагъд ӕнӕхъӕн горӕтыл айхъуыст. Горӕты цӕрджытӕ Хуыцауы тӕрхоны кой йеддӕмӕ ницыуал кодтой. Ионӕйы чиныджы фыст ис: «Ниневийы адӕм Хуыцауыл баууӕндыдысты, ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, ком кӕй дардзысты ӕмӕ стырӕй-чысылӕй сӕ уӕлӕ хъисын кӕй скӕндзысты» (Ионӕ 3:5). Хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ, тыхджынтӕ ӕмӕ ӕдыхтӕ, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ – се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кодтой. Уыцы хабар уайтагъд паддзахмӕ дӕр бахӕццӕ.

Паддзахы дӕр Хуыцауӕй тас бацыд ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта. Йӕ паддзахбадӕнӕй сыстад, йӕ хъӕздыг дарӕс раласта ӕмӕ уый дӕр йӕ уӕлӕ скодта хъисын ӕмӕ ма суанг «фӕнычы дӕр сбадти». Йӕ паддзахады иннӕ номдзыд адӕмимӕ сразы, адӕм цы уынаффӕ рахастой, ууыл ӕмӕ бардзырд радтой, цӕмӕй иууылдӕр ком дарой. Стӕй ма уынаффӕ рахаста, цӕмӕй адӕм сӕхиуыл ӕмӕ сӕ фосыл дӕр хъисын ныккодтаиккойc. Паддзах сӕрныллӕгӕй басаст, йӕ адӕм тыхми ӕмӕ ӕвзӕрдзинады аххосджын кӕй сты. Стӕй ма загъта, ныфс ӕй кӕй ис, удӕгас Хуыцау куы фена, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уӕд сын сӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кӕндзӕн: «Чи зоны, ӕцӕг Хуыцау... йӕ маст баурома, цӕмӕй ма фесӕфӕм» (Ионӕ 3:6–9).

Иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, Ниневийы цӕрджытӕ сӕ зондахаст афтӕ тагъд кӕй фӕивтой, ууыл. Фӕлӕ Библи чи иртасы, уыдоны хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕды заманты адӕм алцӕуылдӕр ӕууӕндыдысты ӕмӕ-иу сӕ хъуыды тагъд фӕивтой. Куыдфӕнды ма уыдаид, Йесо Чырысти дӕр дзырдта, ниневийӕгтӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй (Матфейы 12:41). Чырысти цӕй кой кодта, уый хорз зыдта, уымӕн ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ куы цыдысты, уӕд уыди уӕлӕрвты ӕмӕ алцыдӕр йӕхӕдӕг уыдта (Иоанны 8:57, 58). Цы цӕстӕй ракаст Йегъовӕ, Ниневийы цӕрджытӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уымӕ?

Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ адӕймаджы ӕгъатырдзинад

Ионӕйы чиныджы фыст ис: «Ӕцӕг Хуыцау федта, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ кӕй ныууагътой, уый, ӕмӕ уӕд ӕцӕг Хуыцау фӕфӕсмон кодта, сафынвӕнд сӕ кӕй скодта, ууыл ӕмӕ сӕ нал фесӕфта» (Ионӕ 3:10).

Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ фӕрӕдыд, Ниневийӕн тӕрхон кӕй рахаста, уымӕй? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис» (Дыккаг закъон 32:4). Йегъовӕ ниневийӕгтӕм нал мӕсты кодта, уымӕн ӕмӕ федта, кӕй ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сӕ зондахаст кӕй фӕивтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрын кӕй нал хъӕуы. Хуыцау сын фӕтӕригъӕд кодта.

Дины разамонджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ Хуыцау у тызмӕг, дурзӕрдӕ ӕмӕ карз, фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм Хуыцау нӕу. Хуыцау у уӕззау зондыл хӕст, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ, кӕм хъӕуы уым, йӕ хъуыды дӕр фӕивы. Фыдгӕнджыты сафынвӕнд куы скӕны, уӕд уал сӕм арвиты йӕ адӕмы, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхсой, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ниневийӕгтау ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сӕ цард аивой (Иезекил 33:11). Йегъовӕ йӕ пехуымпар Йеремийӕн загъта: «Искуы кӕцыдӕр адӕмы кӕнӕ паддзахады ныхмӕ куы дзурон, ӕдуидаг уӕ стондзынӕн, ныппырх уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ фесафдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ кӕй кой кодтон, уыцы ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд фӕфӕсмон кӕндзынӕн, сафынмӕ сӕ кӕй хъавыдтӕн, ууыл» (Йереми 18:7, 8).

Уӕдӕ Ионӕ цы тӕрхоны кой кодта, уый мӕнг разынд? Нӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕс уыди, ниневийӕгты бафӕдзӕхсын, ӕмӕ уыдон та ӕрфӕсмон кодтой. Фӕлӕ та се ’взӕр хъуыддӕгтыл куы бафтыдаиккой, уӕд сӕ Хуыцауы тӕрхон ӕнӕмӕнг баййӕфтаид. Фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (Софони 2:13–15).

Ниневи кӕй нӕ фесӕфт, уымӕ Ионӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы фыст ис: «Ионӕйӕн уый тынг хъыг уыди ӕмӕ смӕсты» (Ионӕ 4:1). Хуыцаумӕ куы скуывта, уӕд ын суанг уайдзӕф дӕр кодта! Ионӕ загъта, хӕдзары кӕй хъуамӕ баззадаид, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр кӕй зыдта, Йегъовӕ Ниневи кӕй нӕ фесафдзӕн ӕмӕ Фарсисмӕ дӕр уый тыххӕй кӕй алыгъд. Уый фӕстӕ Хуыцаумӕ скуывта, зӕгъгӕ, царды бӕсты фӕлтау мӕлӕт (Ионӕ 4:2, 3).

Ионӕ афтӕ тынг цӕуыл маст кодта? Цӕуыл хъуыды кодта, уый бӕлвырд нӕ зонӕм, фӕлӕ зонӕм, бирӕ адӕмы раз кӕй дзырдта Ниневийы сӕфты тыххӕй. Адӕм ыл баууӕндыдысты, фӕлӕ Ниневи нӕ фесӕфт. Чи зоны Ионӕ тарсти, куы йыл худой ӕмӕ йӕ мӕнг пехуымпар куы схоной. Куыдфӕды ма уыдаид, уӕддӕр ын ӕхсызгон нӕ уыд, уыцы адӕм кӕй ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сын Йегъовӕ кӕй фӕтӕригъӕд кодта. Ионӕ йӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын райдыдта ӕмӕ сӕрбӕрзонд кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхимӕ ныхъхъуыста. Фӕлӕ уӕддӕр фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау уыдта, йӕ ныфссаст пехуымпарӕн хорз зӕрдӕ кӕй ис. Бафхӕрыны бӕсты йӕ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй бафарста, цӕмӕй ахъуыды кодтаид: «Кӕй смӕсты дӕ, уый раст у?» (Ионӕ 4:4). Цымӕ йын Ионӕ цы дзуапп радта? Библи уый тыххӕй ницы дзуры.

Йегъовӕ Ионӕйӕн зонд бацамыдта

Ныфссастӕй Ионӕ Ниневийӕ ацыд, ӕрмӕст сӕхимӕ нӕ, фӕлӕ скӕсӕнырдӕм хӕхтӕм, цӕмӕй уырдыгӕй горӕтмӕ кастаид. Йӕхицӕн гыццыл халагъуд сарӕзта, сбадт ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдыдта, Ниневийыл цы ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Ӕвӕццӕгӕн ма йӕ ныфс уыд, Ниневи кӕй фесӕфдзӕн. Цымӕ Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ дурзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг сахуыр уыдаид адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын?

Раст уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ сзайын кодта куысыфтӕг. Ионӕ куы райхъал, уӕд федта стыр сыфтӕрджын зайӕгой. Йӕ уӕлӕнгай арӕзт халагъудӕй йын уыцы зайӕгой стырдӕр аууон лӕвӕрдта. «Ионӕ тынг бацин кодта» куысыфтӕгыл. Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, уыцы зайӕгой диссаджы хуызы кӕй фӕзынд, уый ууыл дзурӕг кӕй уыд, ӕмӕ дзы Хуыцау разы у ӕмӕ йын арфӕ кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕ куысыфтӕг ӕрмӕст уый тыххӕй не сзайын кодта, цӕмӕй йын аууон уыдаид ӕмӕ дзӕгъӕлы мауал мӕсты кодтаид. Йегъовӕйы фӕндыд Ионӕйӕн иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кӕнын. Уый фӕстӕ Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй къуыдыркалм куысыфтӕг бахордтаид. Стӕй скӕсӕнӕй радымын кодта тӕвд дымгӕ, ӕмӕ Ионӕйӕн фыртӕвдӕй йӕ зӕрдӕ хъарм кӕнын райдыдта. Ӕмӕ та ногӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ Хуыцауӕй мӕлӕт куырдта (Ионӕ 4:6–8).

Йегъовӕ та Ионӕйы бафарста, куысыфтӕг кӕй бахус, ууыл кӕй мӕсты кӕны, уый раст у? Ӕрфӕсмон кӕныны бӕсты Ионӕ йӕхи рӕстытӕ кодта: «О, раст дӕн, афтӕ тынг мӕсты кӕнын, ӕмӕ мӕлыныл дӕр разы дӕн». Ныр рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ зонд бацамыдтаид (Ионӕ 4:9).

Хуыцау Ионӕйӕн ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, ды тынг хъыг кӕныс, иу ӕхсӕвмӕ чи сзад, кӕй нӕ ныссагътай ӕмӕ кӕуыл нӕ фыдӕбон кодтай, уыцы куысыфтӕгыл. Стӕй йӕ ныхасы кӕрон загъта: «Уӕдӕ ӕз хъуамӕ ма фӕтӕригъӕд кӕнон стыр горӕт Ниневийӕн, сӕдӕ дыууын мин адӕймаджы кӕм ис, йӕ рахиз къух йӕ галиуӕй чи нӕ хицӕн кӕны, стӕй дзы цы дуне фос ис, уыдонӕн?» (Ионӕ 4:10, 11)d.

Ӕмбарыс, Йегъовӕ Ионӕйы цы ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кодта, уый? Ионӕ уыцы куысыфтӕгыл нӕ фыдӕбон кодта, Йегъовӕ та ниневийӕгтӕн се Сфӕлдисӕг уыди ӕмӕ сыл мӕт кодта, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттыл куыд мӕт кодта, афтӕ. 120 000 адӕймагимӕ ӕмӕ бирӕ фосимӕ абаргӕйӕ Ионӕйӕн хуымӕтӕг зайӕгой зынаргъдӕр цӕмӕн уыд? Цымӕ ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт кӕй кодта, уый тыххӕй? Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр куысыфтӕгыл маст кодта, уымӕн ӕмӕ йын пайда уыд. Цымӕ ниневийӕгтӕм уый тыххӕй не смӕсты, йӕ кадӕн кӕй тарст, сӕрбӕрзонд кӕй уыд ӕмӕ йӕхимӕ раст кӕй каст?

Хуыцау ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта Ионӕйӕн. Фӕлӕ йӕ цымӕ Ионӕ бамбӕрста? Йӕ чиныджы кӕрон цы фарста ис, уымӕн дзуапп фыст не ’рцыд. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Ионӕ уыцы фарстайӕн дзуапп нӕ радта. Фӕлӕ йын уӕддӕр дзуапп ис – Ионӕйы чиныг йӕхӕдӕг. Бӕлвырд у, ацы чиныг Ионӕ йӕхӕдӕг кӕй ныффыста. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: Ионӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхт. Бады зӕронд лӕг, ӕнкъардӕй йӕ сӕр батилы ӕмӕ фыссы, йӕ хивӕнд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс зондахасты тыххӕй цы рӕдыдтытӕ сарӕзта, ӕмӕ йӕ адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй. Бӕрӕг у, Ионӕмӕ Йегъовӕйы зондамындтӕ кӕй бахъардтой – адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын сахуыр. Мах та?

[Фиппаинӕгтӕ]

a Кӕс 2009 азы апрель–июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Ахуыр кодта йӕхи рӕдыдтытыл».

b Ӕвӕццӕгӕн уӕды рӕстӕджы Израилы сӕйраг горӕт Самарийы царди 20–30 мин адӕймаджы бӕрц – Ниневийӕн йӕ цыппӕрӕм хайӕ къаддӕр. Ниневи йӕ тыхы куы уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕхъӕн дунейы уымӕй стырдӕр горӕт нӕ уыди.

c Чи зоны ацы ӕгъдау кӕмӕдӕр ӕнахуыр фӕкӕса, фӕлӕ раджы заманты афтӕ кодтой. Грекъаг историк Геродот фыста, рагон персӕгтӕ иу зындгонд ӕфсӕддон хицауы мӕлӕтыл куы хъыг кодтой, уӕд дзы сӕ фос дӕр кӕй уыдысты.

d Хуыцау афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, адӕм сӕ рахиз къух сӕ галиуӕй нӕ хицӕн кӕнынц, уымӕй бамбарын кодта, сывӕллӕтты хуызӕн ӕнӕхин кӕй сты ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй нӕ зонынц.

[Хицӕнгонд текст 23 фарсыл]

Хуыцау куысыфтӕг сзайын кодта, цӕмӕй Ионӕ адӕмӕн тӕригъӕд кӕнын сахуыр уыдаид

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын