Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 1/10 3–4 фф.
  • Динтӕ се ’ппӕт дӕр раст сты?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Динтӕ се ’ппӕт дӕр раст сты?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Динтӕ иууылдӕр Хуыцаумӕ кӕнынц?
  • Цымӕ раст дин ссарӕн ис?
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, ӕрмӕстдӕр сӕ дин кӕй у раст?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Хъӕуы дӕ Хуыцауы базонын
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Хуыцауӕн исты уӕлдай у, куыд ын кувынц, уый?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Хъусут ӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 1/10 3–4 фф.

Динтӕ се ’ппӕт дӕр раст сты?

АБОН дунейы тынг бирӕ алыхуызон динтӕ ис. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ис 19 стыр дины ӕмӕ 10 000 та къаддӕртӕ. Абоны хуызӕн бирӕ динтӕ никуы уыд. Исты уӕлдай у, цавӕр дин равзардзыстӕм, уый?

Иуӕй-иутӕ фӕдзурынц, зӕгъгӕ, динтӕ сты, хохмӕ цы фӕндӕгтӕ кӕнынц, уыдоны хуызӕн, ома уӕлдай нӕу, цавӕр диныл хӕст дӕ, уый. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр уымӕ кувынц, цыфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр.

Динтӕ иууылдӕр Хуыцаумӕ кӕнынц?

Цымӕ дунейы ӕппӕты зындгонддӕр ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти ацы фарстайы фӕдыл цы хъуыды кодта? Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Бахизут нарӕг дуарыл». Цӕмӕн сын загъта афтӕ? «Уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:13, 14).

Чырысти ӕцӕгдӕр афтӕ загъта, ӕмӕ иуӕй-иу динтӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕнынц? Ӕви афтӕ дзырдта, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдон цӕуынц фӕтӕн фӕндагыл, чи йыл ӕууӕнды, уыдон та цӕуынц, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл, ӕмӕ уӕлдай нӕу, цы диныл хӕст сты, уый?

Чырысти куы бамбарын кодта, ӕрмӕстдӕр дыууӕ фӕндаджы кӕй ис, уӕд ма загъта: «Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ» (Матфейы 7:15). Фӕстӕдӕр та загъта: «Мӕнмӕ „Хицау! Хицау!“ чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм бацӕудзӕн, мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый» (Матфейы 7:21). Ам Чырысти дзырдта пехуымпарты тыххӕй ӕмӕ йӕ сӕ «Хицауыл» чи нымадта, уыдоны тыххӕй, ома ӕнӕуырнӕг адӕмы кой нӕ кодта, фӕлӕ Хуыцауыл чи ’ууӕндыд, уыдоны кой. Уӕдӕ Чырысти фӕдзӕхста, динтӕ се ’ппӕт раст кӕй не сты ӕмӕ алкӕуыл ӕууӕндӕн кӕй нӕй.

Цымӕ раст дин ссарӕн ис?

Кӕд динтӕ се ’ппӕт раст не сты, уӕд уыйбӕрц динты ’хсӕн раст дин куыд базонӕн ис? Зӕгъӕм, стыр горӕты фӕдзӕгъӕл дӕ. Иу адӕймаг дын фидарӕй зӕгъы, галиуырдӕм ацу, иннӕ та – рахизырдӕм ацу, зӕгъгӕ. Ӕртыккаг та дын загъы, уӕлдай кӕй нӕу, кӕцы фӕндагыл ацӕудзынӕ, уый. Фӕстагмӕ дыл ӕндӕр адӕймаг амбӕлд, систа картӕ ӕмӕ дын раст фӕндаг бацамыдта. Стӕй дӕм картӕ радта, цӕмӕй дын ӕнцондӕр уа. Афтӕмӕй ныфсджындӕр нӕ уаис?

Цӕмӕй раст дин ссарӕм, уый тыххӕй дӕр хъӕуы «картӕ», ома ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд. Цымӕ ахӕм разамынд ис? Ис, Библийы. «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн»,– фыст ис Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16).

Кӕд дӕм Библи ис, уӕд ӕм дӕ бон у картӕйау ӕркӕсын. Иннӕ статьятӕ кӕсгӕйӕ-иу, цы зоныс, уый Библийы ныхӕстимӕ абар. Дӕ зӕрдыл дар, раст дин мӕнг динӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый тыххӕй Чырысти цы загъта, уый: «Алы хорз бӕласыл дӕр ӕрзайы хорз дыргътӕ, ӕвзӕр бӕласыл та – ӕвзӕр дыргътӕ. Хорз бӕласыл ӕвзӕр дыргътӕ никуы ’рзайдзӕн, ӕвзӕр бӕласыл та – хорз дыргътӕ» (Матфейы 7:17, 18). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библимӕ гӕсгӕ раст дин цы «дыргътӕй», ома хъуыддӕгтӕй, бӕрӕг вӕййы, уыдонӕй ӕртӕмӕ.

[Хицӕнгонд текст 3 фарсыл]

Библи у, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм «картӕйы» хуызӕн. Уый фӕрцы ссарӕн ис раст дин

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын