Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w09 1/10 6–8 фф.
  • Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй иннӕты уарзӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй иннӕты уарзӕм
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасӕн аргъ кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Раст дин ахуыр кӕны хӕрзӕгъдаудзинадыл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцы дин цӕуы?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Раст дин кӕцы у, уый куыд ис базонӕн?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
w09 1/10 6–8 фф.

Раст дин ахуыр кӕны, цӕмӕй иннӕты уарзӕм

«ЧИ НӔ уарзы, уый та Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад»,– фыст ис Библийы (1 Иоанны 4:8). Уӕдӕ раст дин хъуамӕ разӕнгард кӕна иннӕты уарзынмӕ.

Бирӕ динты адӕм ӕххуыс кӕнынц рынчынтӕн, зӕрӕдтӕн ӕмӕ мӕгуыртӕн. Адӕмӕн амонынц, цӕмӕй апостол Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ архайой: «Ацы дунейы дзӕбӕх чи цӕры, уый йе ’фсымӕры мӕгуырдзинад куы уына ӕмӕ йын куы нӕ фӕтӕригъӕд кӕна, уӕд уымӕй куыд ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы уарзы? Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы уарзӕм дзыхыныхасӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоанны 3:17, 18).

Фӕлӕ хӕсты рӕстӕг та куыд вӕййы? Цымӕ Хуыцауы фӕдзӕхст, «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр», зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр сабыр рӕстӕг хъӕуы ӕххӕст кӕнын? (Матфейы 22:39). Хицауад ӕндӕр бӕстӕйы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын нал хъӕуы?

Йесо Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:35). Дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдон куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цы диныл хӕст дӕн, уым адӕмы кӕй уарзынц, уый ӕрмӕст ныхасӕй ӕвдисынц, ӕви хъуыддагӕй дӕр?»

Хӕст.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты дӕр ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матфейы 5:44).

Ӕфсӕддонтӕ Чырыстийы ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд апостол Петр йӕ хъама фелвӕста, цӕмӕй йӕ сӕрыл рахӕцыдаид. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ хъама йӕ къухмӕ чидӕриддӕр райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матфейы 26:52).

Апостол Иоанн та ныффыста: «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты базонӕн ис афтӕ: раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ кӕны, уый Хуыцауӕй нӕу. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕй дӕр. Уымӕн ӕмӕ сымах райдианы фехъуыстат ацы хабар: мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм ӕмӕ, Фыдбылызӕй чи уыд ӕмӕ йе ’фсымӕры фыдмард чи акодта, уыцы Каины хуызӕн ма уӕм» (1 Иоанны 3:10–12).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон адӕмы хӕсты хӕцынмӕ разӕнгард кӕнынц?

Политикӕ.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: Адӕм куы федтой, Чырысти цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый, уӕд ӕй иуӕй-иутӕ хъавыдысты паддзахӕй сӕвӕрынмӕ. Цымӕ сын Йесо сразы? Библи зӕгъы: «Йесо та зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд» (Иоанны 6:15).

Чырыстийы куы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ куы фӕаххосджын кодтой, адӕмы змӕнты, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой, цӕмӕй дзуттӕгты къухтӕм лӕвӕрд ма ӕрцыдаин. Фӕлӕ мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй Хуыцаумӕ куывта: «Ӕз сӕм дӕ ныхас фӕхӕццӕ кодтон, фӕлӕ сӕ дуне йе сӕфт федта, уымӕн ӕмӕ ӕз куыд нӕ дӕн ацы дунейӕ, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты» (Иоанны 17:14).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уым адӕм Чырыстийау политикӕйы хъуыддӕгты нӕ архайынц, кӕд сӕ хицауад уый тыххӕй ӕфхӕры, уӕддӕр?

Хъулон митӕ кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС: Дзуттӕгтӕй чи нӕ уыд, уыдонӕй чидӕртӕ чырыстон дин куы райста, уӕд апостол Петр загъта: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

Иаков фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм ныффыста: «Ме ’фсымӕртӕ, хъулон митӕ куы кӕнат, уӕд афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕууӕндут нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл, нӕ кад, нӕ намыс чи у, ууыл? Зӕгъӕм, уе ’мбырдмӕ бацыд иу чидӕр хъӕздыг арӕзтӕй, сызгъӕрин къухдарӕнты. Бацыд уӕм мӕгуыр адӕймаг дӕр бызгъуырты. Ӕмӕ, хъӕздыг арӕзтӕй чи ’рбацыд, ууыл бацин кодтат ӕмӕ йын загътат: „Мӕнӕ ам, дзӕбӕх бынаты сбад“. Мӕгуырӕн та загътат: „Ды та мӕнӕ ам алӕуу“; кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ӕрбад, мӕ къӕхтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрын, уыцы гыццыл бандоны фарсмӕ“. Уӕд иуты иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрут ӕмӕ, хӕрам тӕрхон чи кӕны, ахӕмтӕ не свӕййут?» (Иаковы 2:1–4).

ФАРСТА: Цы динтӕ зоныс, уыдон адӕмӕн амонынц, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый? Ахуыр сӕ кӕнынц, цӕмӕй сӕ уыдон дӕр мӕгуыртыл, хъӕздгуытыл ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытыл ма дих кӕной?

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Кӕцы дин амоны йӕ адӕмӕн, цӕмӕй иннӕты ма хъулон кӕной?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын