Уӕззау рӕстӕджыты дӕр дӕ циндзинад ма фесаф
«Йӕхи [Йегъовӕйы] уазӕг чи бакодта, уыдон... цин кӕндзысты. Уыдон ӕнустӕм фырцинӕй зардзысты» (ПС. 5:11).
1, 2. а) Абон адӕмӕн стыр маст цы хӕссы? ӕ) Иннӕ адӕмӕй уӕлдай ма ӕцӕг чырыстӕттӕ цы ’взарынц?
АБОН адӕм цы бӕллӕхты бахауынц, уыдонӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр хызт не сты. Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ фесты фыддзинад, хӕстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты амӕттаг. Стыр маст хӕссынц ӕрдзон бӕллӕхтӕ, мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт. Апостол Павел ныффыста: «Мах зонӕм, Хуыцауы сконд дуне ӕгасӕй дӕр тухӕнӕй кӕй мӕлы ӕмӕ кӕй удхар кӕны абоны онг дӕр» (Ром. 8:22). Нӕ зындзинӕдтыл ма нын ӕфтауы, нӕхӕдӕг ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый дӕр. Гӕнӕн ис, мах дӕр рагон Израилы паддзах Давидау дзурӕм: «Мӕ рӕдыдтытӕ мӕ сӕрӕй уӕлдӕр фесты, уӕззау уаргъау мыл уӕз кӕнынц» (Пс. 38:4).
2 Ӕппӕт адӕм дӕр цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдонӕй уӕлдай ма ӕцӕг чырыстӕттӕ хӕссынц сӕ «хъизӕмӕртты хъӕд» дӕр (Лук. 14:27). Йесойау уыдонӕй дӕр се сӕфт уынынц ӕмӕ сӕ фӕдыл зилынц (Матф. 10:22, 23; Иоан. 15:20; 16:2). Уӕдӕ цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм ӕмӕ фидар уӕм ног дунейы арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ (Матф. 7:13, 14; Лук. 13:24).
3. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕст маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм?
3 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕнамонд сты ӕмӕ сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕ нӕ райы? Цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ маст ӕмӕ хъизӕмӕртты йеддӕмӕ ӕндӕр мацы хъуамӕ ӕвзарӕм? Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕвӕрдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ амондджын уӕм. Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ амондджын адӕм кӕй сты. (Бакӕс Исай 65:13, 14.) Псалом 5:11 дзуры: «Йӕхи [Йегъовӕйы] уазӕг чи бакодта, уыдон... цин кӕндзысты. Уыдон ӕнустӕм фырцинӕй зардзысты». О, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр нӕ бон у цин кӕнын, удӕнцой арын ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй цӕрын. Аныхас кӕнӕм, Библи нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма фесафӕм.
Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау»
4. Хуыцау йӕхи куыд фӕхаты, куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕм куы фӕкӕсынц, уӕд?
4 Ӕркӕсӕм Йегъовӕйы цӕвиттонмӕ. Уый у Дунедарӕг ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау. Йегъовӕ ӕппындӕр ницы ӕмӕ никӕй хъуаг у. Фӕлӕ кӕд ӕгӕрон тыхы хицау у, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, стыр маст бавзӕрста, йӕ уӕларвон фырттӕй иу йӕ ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ Сайтан куы сси, уӕд. Фӕстӕдӕр зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Сайтаны зондыл куы ацыдысты, уӕд уый дӕр Хуыцауӕн хъыг куыннӕ уыдаид. Стӕй ма ахъуыды кӕн, Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ куыд фӕрыстаид, Адам ӕмӕ йыл Евӕ – зӕххыл цы сфӕлдыста, уыдонӕн сӕ фидауц – сӕхи куы атигъ кодтой, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕй миллиардтӕ Йегъовӕйы сӕ Хуыцауыл нӕ нымайынц (Ром. 3:23).
5. Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг цы риссын кӕны?
5 Сайтан ӕмӕ адӕм абоны онг дӕр Хуыцауы ныхмӕ цӕуынц. 6 мин азы бӕрц Йегъовӕ уыны, адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн куыд кувынц, фыдмитӕ куыд кӕнынц, кӕрӕдзи куыд марынц ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ куыд кӕнынц, уый (Райд. 6:5, 6, 11, 12). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау хъуыста ӕмӕ хъусы бирӕ мӕнг ӕмӕ фауӕн ныхӕстӕ. Суанг ма-иу ын йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой. Иу ахӕм хабары тыххӕй Библи дзуры: «Цал ӕмӕ цал хатты сыстадысты йӕ ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, цал хатты йын фӕриссын кодтой йӕ зӕрдӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы! Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой Хуыцауы ӕмӕ цал хатты бауагътой маст Израилы сыгъдӕг Хуыцауы» (Пс. 78:40, 41). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ дудгӕ маст бавзары, йӕ адӕм ӕй куы ныууадзынц, уӕд (Йер. 3:1–10). Ӕцӕгдӕр, бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуы ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн тынг зын у. (Бакӕс Исай 63:9, 10.)
6. Уӕззау уавӕрты Хуыцау куыд бакӕны?
6 Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ ныфс никуы асаст ӕмӕ йӕ къухтӕ никуы ауагъта. Зындзинӕдтӕ куы фӕзынд, уӕд Йегъовӕ ӕвӕстиатӕй архайдта, цӕмӕй къаддӕр зиан ӕрхастаиккой. Стӕй ма хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодта, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Ӕмӕ ныр Йегъовӕ ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕппӕты хуыздӕр хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа ӕмӕ уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн арфӕдзинӕдтӕ куы ӕрхӕсса, уымӕ (Пс. 104:31). Кӕд Йегъовӕйыл фаутӕ ӕвӕрынц, уӕддӕр у «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11; Пс. 16:11).
7, 8. Исты ӕвзӕр хабар ныл куы ’рцӕуы, уӕд нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?
7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ куыд аскъуыддзаг кӕны, махӕн афтӕ нӕ бон нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у Йегъовӕйы фӕзмын, зындзинӕдты фидар кӕй лӕудзыстӕм, уымӕй. Исты ӕвзӕр хабары тыххӕй куы маст кӕнӕм, уӕд уым диссагӕй ницы ис, фӕлӕ хъуамӕ нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм. Йегъовӕ нӕ йӕхи хуызӕн кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у арф хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон зондӕй архайын. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы зындзинӕдтыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын ӕмӕ нын фадат куы фӕзыны, уӕд сӕ сӕрты хизын.
8 Зындзинӕдты сӕрты хизын нын ӕнцондӕр уыдзӕн, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый хорз куы ӕмбарӕм. Ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд гӕнӕн ис нӕ ныфс ноджы тынгдӕр асӕтта ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, уымӕй ӕнӕхай фӕуӕм. Нӕ бон цы у, уый куы саразӕм, уӕд хорз уаид, тынг куы нал тыхсиккам ӕмӕ пайдадӕр чи уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы аразиккам. Уый хорз зыны Библийы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕй.
Ӕмбаргӕдзинад у ахсджиаг
9. Аннӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста?
9 Ӕркӕсӕм пехуымпар Самуилы мад Аннӕйы хабармӕ. Цасдӕр рӕстӕг Аннӕйӕн зӕнӕг нӕ уыд, ӕмӕ ууыл тынг маст кодта. Йӕ лӕджы иннӕ ус ын уый ӕдзух йӕ цӕстмӕ дардта. Хатт-иу Аннӕ афтӕ ныфссаст уыд, ӕмӕ-иу йӕ цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу йӕ хъуыры къӕбӕр дӕр нал хызт (1 Сам. 1:2–7). Иу хатт та Йегъовӕйы кувӕндоны куы уыди, уӕд, «йӕ зӕрдӕ мастӕй сыгъди, афтӕмӕй Йегъовӕмӕ кувын райдыдта, ӕмӕ судзгӕ цӕссыг калдта» (1 Сам. 1:10). Аннӕ йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куы радзырдта, уӕд ын хистӕр сауджын Илий загъта: «Фарнимӕ цу ӕмӕ дын Израилы Хуыцау раттӕд, цы дзы куырдтай, уый» (1 Сам. 1:17). Ӕвӕццӕгӕн, Илийы ныхӕсты фӕстӕ Аннӕ бамбӕрста, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый кӕй бакодта. Ӕнӕзӕнӕг кӕй уыди, ууыл йӕ бар нӕ цыд. Уыцы уавӕры Аннӕ равдыста ӕмбаргӕдзинад. Кувӕндонӕй куы рацыд, уӕд «хӕргӕ дӕр бакодта, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:18).
10. Павелӕн йӕ бар кӕуыл нӕ цыд, ахӕм фӕлварӕныл куы сӕмбӕлд, уӕд цы бакодта?
10 Ныр та ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Уый дӕр ӕмбаргӕдзинад равдыста, фӕлварӕны куы бахауд, уӕд. Павелы йӕ низ афтӕ тынг тыхсын кодта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ «мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз» (2 Кор. 12:7). Уыцы низ цавӕрфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Павел архайдта, цӕмӕй дзы фервӕзтаид, ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Павел Йегъовӕйӕн уый тыххӕй цал хатты балӕгъстӕ кодта? Ӕртӕ хатты. Ӕртыккаг хатт ӕм куы скуывта, уӕд ын Хуыцау загъта, йӕ буары сындзӕй йӕ диссаджы хуызы кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Павел дӕр уӕлдай ницыуал загъта, ӕмӕ йӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ сарӕзта. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:8–10.)
11. Цӕмӕй зындзинӕдтӕн быхсӕм, уый тыххӕй ахсджиаг цӕмӕн у Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын?
11 Ацы цӕвиттонтӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувын нӕ хъӕуы (Пс. 86:7). Хуыцауы Ныхас нын дзуры: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый». Йегъовӕ ахӕм лӕгъстӕтӕ ӕмӕ курдиӕттӕн куыд дзуапп кӕны? Библийы дарддӕр кӕсӕм: «Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Чи зоны нын Йегъовӕ нӕ зындзинад ма аиуварс кӕна, фӕлӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратта, нӕ зонд нын кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уымӕй. Хуыцауӕн нӕ зӕрдӕ куы раргом кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, ӕгӕр мӕт кӕнын тӕссаг кӕй у.
Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын циндзинад хӕссӕд
12. Адӕймаг йӕхимӕ куы ныхъхъуса, уӕд ын уый зиан куыд ӕрхӕсдзӕн?
12 Ӕмбисӕндты 24:10 кӕсӕм: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» Иннӕ ӕмбисонд та дзуры: «Зӕрдӕ хъӕлдзӕг куы вӕййы, уӕд цӕсгом дӕр ныррухс вӕййы, зӕрдӕйы маст та ныфс асӕтты» (Ӕмб. 15:13). Чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс асӕтты, Библи куы нал фӕкӕсынц ӕмӕ йыл куы нал фӕхъуыды кӕнынц, уӕд. Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй нал фӕкувынц ӕмӕ, чи зоны, се ’мчырыстӕттӕй сӕхи дард фӕласынц. Адӕймаг йӕхимӕ куы ныхъхъуса, уӕд ын уый зиан ӕрхӕсдзӕн (Ӕмб. 18:1, 14).
13. Цавӕр хъуыддӕгтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ ныфсыл ныфс бафта ӕмӕ нӕ циныл та цин?
13 Хорз фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын сӕйрагдӕр уой, циндзинад ӕмӕ нын ӕхсызгондзинад цы хӕссы, уыдӕттӕ. Давид ныффыста: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос» (Пс. 40:8). Исты уӕззау уавӕры куы бахауӕм, уӕд дӕр хъуамӕ ма ныууадзӕм, Хуыцаумӕ нӕ чи ӕввахс кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ. Адӕймаг истӕуыл куы ӕнкъард кӕна, уӕд хорз уыдзӕн, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй райа, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы кӕна. Йегъовӕ нын дзуры, зӕрдӕрухс ӕмӕ райгонд кӕй уыдзыстӕм, йӕ Ныхас ын алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Пс. 1:1, 2; Иак. 1:25). Сыгъдӕг Фыстады бакӕсӕм ӕмӕ ӕмбырдты фехъусӕм, ныфс нӕ чи бауадзы ӕмӕ нӕ зӕрдӕ кӕмӕй барухс вӕййы, ахӕм «дзӕбӕх ныхӕстӕ» (Ӕмб. 12:25; 16:24).
14. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ нын уый циндзинад куыд хӕссы?
14 Йегъовӕ бирӕ цыдӕртӕ аразы, цӕмӕй зӕрдӕрухс уӕм. Сӕйраджыдӕр амондджын уый тыххӕй стӕм, ӕмӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 13:5). Абон ныл цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр фидарӕй зонӕм, Хуыцау ӕппынфӕстаг кӕй раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн. (Бакӕс Екклесиаст 8:12.) Пехуымпар Аввакум Хуыцауыл йӕ ныфс фидарӕй кӕй дардта, уый тыххӕй ныффыста ахӕм рӕсугъд ныхӕстӕ: «Легъуибӕлас дидинӕг куы нӕ ракала, сӕнӕфсир дыргъ куы нӕ ратта, оливӕбӕласыл куы ницы ӕрзайа, хуымты тыллӕг куы нӕ уа, фысдоны фыстӕ куы нал баззайа ӕмӕ хъомдоны та – стуртӕ, уӕддӕр Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл» (Ав. 3:17, 18).
«Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм!»
15, 16. Фидӕны арфӕдзинӕдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нын Хуыцауы хорздзинӕдтӕй циндзинад цы хӕссы?
15 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй диссаджы фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ зӕрдӕ райа, абон нын цы хорздзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕй. Библи зӕгъы: «Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, цӕмӕй цин кӕна ӕмӕ царды мидӕг хорздзинад араза, стӕй адӕймаг хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Еккл. 3:12, 13). «Хорздзинад аразын»-мӕ хауы иннӕтӕн исты хорзы цӕуын. Йесо загъта, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у. Куыд амондджын вӕййӕм, нӕ цардӕмбал, нӕ сывӕллӕттӕ, нӕ ныййарджытӕ ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕн истӕмӕй куы баххуыс кӕнӕм, уӕд (Ӕмб. 3:27). Стыр циндзинад ма нын ӕрхӕссы, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр барухс вӕййы, не ’мчырыстӕттӕм фӕлмӕн зӕрдӕ кӕй дарӕм, уазӕгуаты сӕ кӕй хонӕм ӕмӕ сын кӕй хатыр кӕнӕм, уый дӕр (Гал. 6:10; Кол. 3:12–14; 1 Пет. 4:8, 9). Тынг ӕхсызгон ма нын вӕййы, хорз хабар удуӕлдайӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый.
16 Екклесиасты чиныгӕй уӕлдӕр цы ныхӕстӕ бакастыстӕм, уыдонӕй зыны, адӕймагӕн цины хос кӕй вӕййынц гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, хӕрд ӕмӕ нуӕзт. Фӕлварӕнты дӕр нӕ бон у цин кӕнын, Йегъовӕ нын цы дӕтты, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у лӕвар кӕсын, цӕрӕгойты лӕппынтӕ куыд хъазынц, уымӕ, диссаджы хурныгуылдтӕ, ӕрдзы рӕсугъд бынӕттӕ ӕмӕ йӕ иннӕ диссӕгтӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕй нӕ зӕрдӕ барухс вӕййы ӕмӕ нӕ бафӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Ахӕм хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарзӕм, уымӕн ӕмӕ уымӕй цӕуынц, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ.
17. Нӕ зындзинӕдтӕй бынтондӕр цӕй фӕрцы фервӕздзыстӕм ӕмӕ нын абон удӕнцой цы хӕссы?
17 Ӕппынфӕстаг, Хуыцауы кӕй уарзӕм, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын кӕй хъусӕм ӕмӕ ахӕсты аргъыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы бынтондӕр фервӕздзыстӕм, не ’нӕххӕстдзинад нын цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕны, уыдонӕй ӕмӕ ӕнустӕм цин кӕндзыстӕм (1 Иоан. 5:3). Абон та уал нын удӕнцой хӕссы, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, мӕты нӕ цы ӕфтауы, уый. Давид фыста: «Мӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн ӕмӕ цин кӕндзынӕн де ’нувыд уарзтыл, уымӕн ӕмӕ мын федтай мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар» (Пс. 31:7). Йегъовӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕ мӕстытӕй фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 34:19).
18. Хуыцауы адӕм цӕмӕн хъуамӕ цин кӕной?
18 Цӕй уӕдӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, фӕзмӕм нӕ амондджын Хуыцауы. Ныфссӕттӕн хъуыдытӕн уый бар ма дӕттӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хъыгдарой. Зындзинӕдты сӕрты хизынӕн нын ӕххуыс кӕнӕд ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ куырыхон зонд. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхиуыл хӕцӕм ӕмӕ нӕ бон цы у, уый аразӕм, ӕмӕ нын уӕд бӕллӕхтӕ къаддӕр зиан хӕсдзысты. Уӕдӕ нӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕд, Хуыцау нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕмӕ ӕнӕуи дӕр цы дӕтты, уымӕй. Хуыцаумӕ ӕввахс куы уӕм, уӕд цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ «амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм!» (Пс. 144:15).
Цы базыдтай?
• Зындзинӕдты рӕстӕг нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?
• Ӕмбаргӕдзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты сӕрты хизынӕн?
• Уӕззау рӕстӕджыты нын Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын циндзинад куыд хӕсдзӕн?
[Нывтӕ 16 фарсыл]
Йегъовӕйӕн тынг зын у, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, уый
[Барлӕвӕрдӕй]
© G.M.B. Akash/Panos Pictures
[Нывтӕ 18 фарсыл]
Йегъовӕ дӕтты, циндзинад нын чи хӕссы, ахӕм хорздзинӕдтӕ