Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 15/1 24–28 фф.
  • Сайтаны хицаудзинадӕй ницы рауад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сайтаны хицаудзинадӕй ницы рауад
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕфты фӕндаг
  • Хуыцау уый бар цӕмӕн радта?
  • Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, фӕлӕ уӕддӕр скадджын
  • Дуне уӕззау уавӕры цӕмӕн ис?
  • Йегъовӕйы хицаудзинад у ӕппӕты хуыздӕр!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Цӕмӕн уадзы Хуыцау фыдӕбӕттӕ?
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 15/1 24–28 фф.

Сайтаны хицаудзинадӕй ницы рауад

«Фыдгӕнӕгӕн... хорз нӕ уыдзӕн» (ЕККЛ. 8:13).

1. Фыдгӕнджытӕ тӕрхоны раз кӕй ӕрлӕудзысты, уый ӕхсызгон хабар цӕмӕн у?

АБОН уа ӕви райсом, фыдгӕнджытӕ уӕддӕр тӕрхоны раз ӕрлӕудзысты ӕмӕ дзуапп ратдзысты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй (Ӕмб. 5:22; Еккл. 8:12, 13). Уый уӕлдай ӕхсызгон у, рӕстдзинад чи уарзы, хӕрам хъуыддӕгтӕй чи тыхсы ӕмӕ фыдгӕнджыты къухӕй ӕфхӕрд чи ’ййафы, уыцы адӕмӕн. Тӕрхоны раз чи ӕрлӕудзӕн, уыцы фыдгӕнджытӕй сӕйрагдӕр у Сайтан Хӕйрӕг, фыддзинад кӕмӕй цӕуы, уый (Иоан. 8:44).

2. Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарста сӕвзӕрд, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн рӕстӕг цӕмӕн хъуыд?

2 Сайтан йӕхиуыл фервӕссыд ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны адӕмы Йегъовӕйы ныхмӕ скодта. Афтӕмӕй нӕ рагфыдӕлтӕ Сайтаны фарс слӕууыдысты, Йегъовӕйы раст хицаудзинад сдзырддаг кодтой ӕмӕ сӕ уый ӕркодта тӕригъӕдмӕ (Ром. 5:12–14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ зыдта, цӕмӕ сӕ ’ркӕндзӕн, кӕй йын нӕ саргъ кодтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый. Уыцы хъуыддаг цӕмӕ ӕркодтаид, уый хъуамӕ зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр базыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ хъуыд рӕстӕг, цӕмӕй дзырддаг фарста аскъуыддзаг уыдаид ӕмӕ сбӕлвырд уыдаид, Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тынг ӕвзӕр хъуыддаг кӕй уыд.

3. Хицӕуттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

3 Адӕм Йегъовӕйы сӕ хицауыл кӕй нал нымадтой, уымӕ гӕсгӕ ӕрымысыдысты алыхуызон хицаудзинад. Апостол Павел Ромы чырыстӕттӕм ныффыста, зӕххон «хицӕутты» коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой. Павелы рӕстӕджы уыцы «хицӕуттӕ» сӕйраджыдӕр уыдысты Ромы император Нерон ӕмӕ йӕ хицауад. Нерон хицау уыд н. э. 54–68 азты. Павел загъта, уыцы хицӕуттӕн «цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд» кӕй сты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 13:1, 2.) Уый куыд ӕмбаргӕ у? Цымӕ Павел афтӕ дзырдта, ӕмӕ адӕмы хицаудзинад Хуыцауы хицаудзинадӕй хуыздӕр у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Павел дзырдта, цалынмӕ Йегъовӕ адӕмӕн хицауиуӕг кӕныны бар дӕтты, уӕдмӕ сын чырыстӕттӕ кӕй хъуамӕ аргъ кӕной ӕмӕ сӕ коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой.

Сӕфты фӕндаг

4. Адӕмы хицаудзинад ӕнтыстджын цӕуылнӕ у?

4 Сайтаны зондахаст кӕуыл ӕндавы, уыцы хицӕуттӕ хорзӕй ницы сарӕзтой. Цӕуылнӕ? Иу уый, ӕмӕ Хуыцауы зондӕй нӕ архайынц. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у стыр зонды хицау. Уымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн у йӕ бон бацамонын, куыд ис ӕнтыстджынӕй разамынд дӕттӕн (Йер. 8:9; Ром. 16:27). Адӕм арӕхдӕр сӕхи рӕдыдтытыл фӕахуыр кӕнынц, Йегъовӕ та алкӕддӕр фӕзоны, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнӕн, уый. Йӕ разамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы хицауад ӕнтыстджын никуы уыдзӕн. Сайтаны фыдвӕндты кой куы нӕ кӕнӕм, уӕддӕр ӕппӕты райдианӕй дӕр бӕрӕг уыд, адӕмы уылты разамынд кӕй дӕтты, уымӕй кӕй ницы рауайдзӕн.

5, 6. Сайтан Йегъовӕйы ныхмӕ цӕмӕн рацыд?

5 Ӕмбаргӕ адӕймаг рагацау куы зона, хъуыддагӕй кӕй ницы рауайдзӕн, уӕд ӕй нӕ райдайдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы хъуыддаг аразыныл куы архайа, уӕд йӕ рӕдыдыл фӕстӕдӕр бар-ӕнӕбары басӕтдзӕн. Цард куыд равдыста, афтӕмӕй ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕджы ныхмӕ цӕуын хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕны. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 21:30.) Фӕлӕ Сайтан йӕхиуыл кӕй фервӕссыд ӕмӕ кӕй ссӕрбӕрзонд, уый тыххӕй Йегъовӕйыл йӕхи атигъ кодта. Афтӕмӕй Хӕйрӕг слӕууыд сӕфты фӕндагыл.

6 Сайтаны сӕрбӕрзонд зондахаст фӕстӕдӕр бафӕзмыдта Вавилоны хицӕуттӕй иу. Уый йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Ӕз ссӕудзынӕн уӕларвмӕ. Мӕ паддзахбадӕн сӕвӕрдзынӕн Хуыцауы стъалытӕй уӕлдӕр ӕмӕ ӕрбаддзынӕн ӕмбырды хохыл, цӕгаты кӕрӕтты. Ссӕудзынӕн мигътӕй дӕр уӕлдӕр ӕмӕ Иунӕг Стыр Хуыцауы хуызӕн суыдзынӕн» (Ис. 14:13–15). Уыцы хицауы ӕнӕзонд хъуыддагӕй ницы рауад ӕмӕ Вавилоны паддзӕхты мыггаг ӕгады сӕфт фӕкодта. Афтӕ Сайтан ӕмӕ йӕ дуне дӕр тагъд рӕстӕджы бынтондӕр фесӕфдзысты.

Хуыцау уый бар цӕмӕн радта?

7, 8. Йегъовӕ фыддзинад рӕстӕгмӕ кӕй бауагъта, уый цы пайда у?

7 Чи зоны исчи дис кӕна, Йегъовӕ адӕмӕн уый бар цӕмӕн радта, цӕмӕй Сайтаны зондыл ацыдаиккой ӕмӕ равзӕрстаиккой, хорзӕй чи ницы сарӕзтаид, ахӕм хицаудзинад. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй сӕ бахъыгдардтаид (Рац. 6:3). Фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Хуыцау, стыр зонды хицау, сфӕнд кодта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы адӕмы рӕстӕгмӕ сӕхи бар ныууадзын, цӕмӕй хъуыддаг аскъуыддзаг кӕна, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ. Ӕппынфӕстаг сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ рӕстаг ӕмӕ уарзӕгой Хицау кӕй у. Ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, уый йӕ иузӕрдион адӕмӕн пайда уыдзӕн.

8 Адӕм цас зындзинӕдтӕй уыдаиккой хызт, Сайтаны зондыл куы нӕ ацыдаиккой ӕмӕ Хуыцауы разамынд куы нӕ аиуварс кодтаиккой, уӕд! Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмӕн разамынд дӕттыны бар кӕй радта, уый ма пайда дӕр уыд. Уый фӕрцы рӕстзӕрдӕ адӕм бамбӕрстой, Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕмӕ йыл ныфс дарын зондыл дзурӕг кӕй у. Ӕнусты дӕргъы адӕм цынӕхуызон хицаудзинад бафӕлвӕрдтой, ахӕм нал баззад, фӕлӕ дзы иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ноджы тынгдӕр бауырныдта, Йегъовӕйы разамынд ӕппӕты хуыздӕр кӕй у. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн ӕгъатырӕй хицауиуӕг кӕныны бар кӕй радта, уый тыххӕй адӕм хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдонимӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Фӕлӕ Хуыцау фыддзинад рӕстӕгмӕ кӕй бауагъта, уый ма йӕ иузӕрдион адӕмӕн пайда дӕр хӕссы.

Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, фӕлӕ уӕддӕр скадджын

9, 10. Сайтаны хицаудзинад Йегъовӕйы куыд скадджын кодта?

9 Йегъовӕ адӕмӕн уый бар кӕй радта, цӕмӕй Сайтаны зондыл ацыдаиккой ӕмӕ сӕхӕдӕг разамынд лӕвӕрдтаиккой, уый Йегъовӕйы хицаудзинад дызӕрдыггаг нӕ кодта. Цард равдыста, Йереми Хуыцауы фӕндӕй кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ раст кӕй сты – адӕмӕн сӕ бон нӕу сӕхицӕн разамынд дӕттын. (Бакӕс Йереми 10:23.) Уымӕй уӕлдай, Сайтан Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыд, уый фӕрцы Хуыцауӕн йӕ бон сси йӕ миниуджытӕ ноджы хуыздӕр равдисын. Куыд?

10 Сайтаны фыдхъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ ноджы ирддӕрӕй зынынц. Афтӕмӕй Хуыцауӕн тынгдӕр аргъ кӕнынц, чи йӕ уарзы, уыдон. Чи зоны кӕмӕдӕр диссаг фӕкӕса, фӕлӕ Сайтаны хицаудзинад скадджын кодта Хуыцауы. Хӕйрӕджы хицаудзинадӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ дзырддаг фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн куыд зондджынӕй архайы, уый. Цӕмӕй уыцы хабар хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй цыбыртӕй ӕркӕсӕм Йегъовӕйы миниуджытӕй иуӕй-иутӕм ӕмӕ фенӕм, Сайтаны ӕгъатыр хицаудзинад Йегъовӕйы куыд сразӕнгард кодта уыцы миниуджытӕ ӕндӕрхуызон равдисынмӕ.

11. Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд равдыста?

11 Уарзондзинад. Фыстад нын дзуры: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Хуыцау адӕмы кӕй сфӕлдыста, сӕйраджыдӕр уымӕй равдыста йӕ уарзондзинад. Йӕ уарзондзинадыл дзурӕг ма у, куыд диссаджы конд стӕм, уый дӕр. Йегъовӕ ма адӕмы ӕрцӕрын кодта рӕсугъд хӕдзары, ӕмӕ сӕ амондджынӕй цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъуыд, уый дзы уыд (Райд. 1:29–31; 2:8, 9; Пс. 139:14–16). Фӕлӕ адӕм тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд Йегъовӕ йӕ уарзондзинад ӕндӕрхуызон равдыста. Куыд? Апостол Иоанн ныффыста Йесойы ныхӕстӕ: «Хуыцау дуне афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоан. 3:16). Хуыцау йӕ уарзондзинад цы диссаджы хуызы равдыста, уымӕй тынгдӕр ын равдисӕн нӕ уыд – йӕ фыццаггуырд Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕдтаид (Иоан. 15:13). Уыцы стыр уарзондзинад ма адӕмӕн фӕзминаг у – сӕ бон у алы бон дӕр удуӕлдай уарзондзинад ӕвдисын Йегъовӕйау ӕмӕ суанг Йесойау дӕр (Иоан. 17:25, 26).

12. Йегъовӕ йӕ тых куыд ӕвдисы?

12 Тых. Ӕрмӕстдӕр «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы» бон у цард раттын (Рарг. 11:17; Пс. 36:9). Адӕймаг куы райгуыры, уӕд ӕй абарӕн вӕййы сыгъдӕг гӕххӕтты сыфимӕ. Йӕ мӕлӕты бонмӕ уыцы сыфыл фыст ӕрцӕуынц, йӕ удыхъӕдыл чи бандӕвта, уыцы уынаффӕтӕ, хъуыддӕгтӕ ӕмӕ царды хабӕрттӕ. Уыдӕттӕ Йегъовӕйы бон у йӕ хъуыдыйы дарын ӕмӕ стӕй адӕймаджы райгас кӕнын, раздӕр цыхуызӕн уыд, растдӕриддӕр ахӕмӕй (Иоан. 5:28, 29). Кӕд Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм мардаиккой, уӕддӕр кӕй мӕлынц, уый фӕрцы йӕ бон у йе стыр тых равдисын ӕмӕ адӕмы райгас кӕнын. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау».

13. Йесо йӕ цард кӕй радта, уымӕй Йегъовӕйы рӕстдзинад куыд рабӕрӕг?

13 Рӕстдзинад. Йегъовӕ сайгӕ нӕ кӕны ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ дӕр нӕ аразы (Дык. з. 32:4; Тит. 1:2). Хуыцау кӕддӕриддӕр фӕархайы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, уый йын зынаргъ куы слӕууы, уӕддӕр (Ром. 8:32). Куыд тынг зын уыдаид Йегъовӕйӕн, йӕ уарзон Фырты йын хъизӕмӕртты хъӕдыл фыдгӕнӕгау куы амардтой, уӕд! Йегъовӕ цӕттӕ уыд уыцы рис бавзарынмӕ дӕр, ӕнӕххӕст адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ рӕстдзинады сӕрты кӕй нӕ хизы, уый тыххӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:18–21.) Ацы дуне хӕрам хъуыддӕгтӕй йедзаг кӕй у, уый фӕрцы Йегъовӕ равдыста, рӕстдзинады уагӕвӕрдтӕ уый хуызӕн кӕй ничи ӕххӕст кӕны.

14, 15. Цавӕр хъуыддӕгтӕй зынынц Йегъовӕйы стыр зонд ӕмӕ фӕразондзинад?

14 Зонд. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ раргом кодта, йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдон куыд аиуварс кӕндзӕн (Райд. 3:15). Йегъовӕ хъуыддӕгтӕм уайтагъд кӕй ӕркаст ӕмӕ йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн бӕстон кӕй ӕмбарын кодта, уымӕй ирдӕй зыны йӕ зонд (Ром. 11:33). Хуыцауы ницы бахъыгдардзӕн хъуыддӕгтӕ, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ аскъуыддзаг кӕнын. Ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр сты ӕнӕгъдау, ӕгоммӕгӕс, ӕнӕмбаргӕ, ӕгъатыр, кӕнынц хъулон ӕмӕ цӕстмӕ митӕ, расайынц хӕстытӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн бирӕ фадӕттӕ уыд, цӕмӕй зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн равдыстаид, ӕцӕг зонд цы у, уый. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ» (Иак. 3:17).

15 Фӕразондзинад ӕмӕ бирӕфӕразондзинад. Йегъовӕйы фӕразондзинад ӕмӕ бирӕфӕразондзинад афтӕ тынг нӕ рабӕрӕг уыдаиккой, адӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын куы нӕ уыдаиккой, уӕд. Мин азты дӕргъы адӕмӕн кӕй быхсы, уымӕй зыны, уыцы диссаджы миниуджытӕ уый хуызӕн кӕй ничи ӕвдисы, ӕмӕ дзы хъуамӕ стыр бузныг уӕм. Апостол Петр куыд загъта, афтӕмӕй мах хъуамӕ «Хуыцауы фӕразондзинад нымайӕм фервӕзыны фадатыл» (2 Пет. 3:9, 15).

16. Йегъовӕ нын кӕй хатыр кӕны, уый цины хос цӕмӕн у?

16 Хатыргӕнаг. Мах не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ арӕх рӕдийӕм (Иак. 3:2; 1 Иоан. 1:8, 9). Куыд бузныг хъуамӕ уӕм Йегъовӕйӕ, зӕрдиагӕй нын кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй! (Ис. 55:7). Ӕркӕсӕм-ма иу хъуыддагмӕ: ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕй кӕй райгуырӕм, уымӕ гӕсгӕ тынг фӕцин кӕнӕм, Хуыцау нын нӕ рӕдыдтытӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд (Пс. 51:5, 9, 17). Йегъовӕ нын кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй йӕ ноджы тынгдӕр уарзӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:13.)

Дуне уӕззау уавӕры цӕмӕн ис?

17, 18. Сайтаны хицаудзинад хорзӕй кӕй ницы ӕрхаста, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

17 Цард куыд равдыста, афтӕмӕй Сайтаны дунейӕн йӕ бон хорзӕй ницы у саразын. 1991 азы иу газеты фыст уыд: «Дуне рынчын у? О, ӕрмӕст... Хуыцауы аххосӕй нӕ, фӕлӕ адӕмы аххосӕй» («The European»). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у! Нӕ рагфыдӕлтӕ Сайтаны зондыл ацыдысты, Йегъовӕйы разамындыл сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд дӕттын райдыдтой. Афтӕмӕй равзӕрстой, хорзӕй чи ницы ӕрхастаид, ахӕм хицаудзинад. Ӕгас дунейы дӕр адӕм маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц, уымӕй бӕрӕг у, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу, куыд ӕмбӕлы, афтӕ разамынд дӕттын.

18 Сайтаны дуне арӕзт у хиуарзондзинадыл. Фӕлӕ хиуарзондзинад никуы фӕуӕлахиз уыдзӕн уарзондзинадыл – ууыл ӕнцайы Йегъовӕйы хицаудзинад. Сайтаны хицаудзинад адӕмӕн нӕдӕр хорз цард ӕрхаста, нӕдӕр амонд ӕмӕ нӕдӕр ӕдасдзинад. Рӕстӕг равдыста, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй! Цымӕ уымӕн абон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Ис, ӕмӕ уый фендзыстӕм иннӕ статьяйы.

Хицаудзинады тыххӕй цы базыдтам...

• Ромӕгтӕм 13:1, 2?

• Ӕмбисӕндты 21:30?

• Йеремийы 10:23?

• Колоссӕгтӕм 3:13?

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Сайтаны хицаудзинад хорзӕй никӕмӕн ницы ӕрхаста

[Барлӕвӕрдӕй]

U.S. Army photo

WHO photo by P. Almasy

[Ныв 26 фарсыл]

Йегъовӕйӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын

[Ныв 27 фарсыл]

Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын