Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w10 1/4 15 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Уый ӕцӕг хабар уыд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
w10 1/4 15 ф.

Зыдтай йӕ?

Библийӕ уӕлдай ма кӕцӕй зонӕм, Чырысти ӕцӕгдӕр кӕй цард, уый?

▪ Чырыстийы кой кодтой, йӕ мӕлӕты фӕстӕ чи цард, ахӕм фысджытӕй иуӕй-иутӕ. Уыдонӕй иу уыди Корнелий Тацит. Ацы ахуыргонд фыста, Ромы императорты рӕстӕг цы хабӕрттӕ цыд, уыдон. Н. э. 64 азы Ром кӕй басыгъд, уый фӕдыл ныффыста, зӕгъгӕ, адӕм дзырдтой, уыцы хъуыддаг император Нероны бардзырдмӕ гӕсгӕ конд ӕрцыд. Тацит куыд дзырдта, афтӕмӕй Нероны фӕндыд уыцы хъуыддаджы чырыстӕтты фӕаххосджын кӕнын. Тацит фыста: «Ацы адӕмы ном равзӕрд Чырыстийӕ. Амарын та йӕ кодта хицау Понтий Пилат император Тиберийы заман» (Тацит Корнелий. Анналы. Малые произведения. Кн. 15. Гл. 44. Л., 1970. Т. 1. С. 298).

Дзуттаг историк Иосиф Флавий дӕр фыста Чырыстийы тыххӕй. Куыд фыста, афтӕмӕй хистӕр сауджын Анани «ӕрӕмбырд кодта Синедрионы тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ сын сӕ размӕ ӕрбакӕнын кодта, Чырысти кӕй хуыдтой, уыцы Йесойы ӕфсымӕр Иаковы ӕмӕ ма ноджы кӕйдӕрты». Уыцы хабӕрттӕ ӕрцыдысты, ромаг хицау Фест н. э. 62 азы куы амард, фӕлӕ йӕ фӕстӕ Альбин хицау куы нӕма сси, уӕд (Иосиф Флавий. «Иудейские древности». Кн. 20. Гл. 9. Пар. 1. Минск, 1994. Т. 2. С. 551).

Йесойы «Чырысти» цӕмӕн хуыдтой?

▪ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, зӕд Гавриил Марийӕмӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта, кӕй йын райгуырдзӕн лӕппу ӕмӕ йыл кӕй хъуамӕ сӕвӕрдтаид ном Йесо (Лукайы 1:31). Уӕды заман уыцы ном арӕх ӕмбӕлыд. Библийӕ уӕлдай ма уыцы ном 12 хатты ӕмбӕлы историк Иосиф Флавий фыстыты. Марийӕйы лӕппу Йесойы «назаретаг» кӕй хуыдтой, уый амыдта, Назареты кӕй царди, уымӕ (Марчы 10:47). Стӕй ма йӕ хуыдтой «Чырысти» кӕнӕ Йесо Чырысти (Матфейы 16:16). Цымӕ йӕ афтӕ та цӕмӕн хуыдтой?

Ныхас «Чырысти» равзӕрд грекъаг дзырдӕй, «Христос», зӕгъгӕ, дзуттагау та – Машиах кӕнӕ Мессийӕ. Дыууӕ ныхасы дӕр нысан кӕнынц «Сӕрст». Йесойы размӕ чи цард, уыцы адӕмӕй дӕр иуӕй-иуты тыххӕй загъд уыд, сӕрст сты, зӕгъгӕ. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты Моисей, Аарон ӕмӕ паддзах Давид. Уый амыдта, Хуыцауӕй сын стыр бартӕ лӕвӕрд кӕй уыд, уымӕ (Левит 4:3; 8:12; 2 Самуилы 22:51; Дзуттӕгтӕм 11:24–26). Йесо, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, уыди Йегъовӕйы сӕйраг минӕвар. Библи дӕр ӕй уый тыххӕй хоны «Чырысти – удӕгас Хуыцауы Фырт» (Матфейы 16:16; Данел 9:25).

[Ныв 15 фарсыл]

Иосиф Флавий

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын