СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧЫРЫСТИ ЦӔМӔН ФӔХЪИЗӔМАР КОДТА ӔМӔ ЦӔМӔН АМАРД?
Уый ӕцӕг хабар уыд?
Нӕ эрӕйы 33 азы, уалдзӕджы, назаретаг Йесойы хъӕдыл байтыгътой. Мӕнг ныхӕстӕ дзы фӕкодтой, адӕмы хицауады ныхмӕ ардауы, зӕгъгӕ, стӕй йӕ фыднад фӕкодтой ӕмӕ йӕ зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххостой. Йесо амард удхайраг мардӕй. Фӕлӕ йӕ Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ 40 боны фӕстӕ Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхт.
Ацы ахсджиаг хабӕрттӕ базыдтам, Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы цыппар Евангелийы ис, уыдонӕй (Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ арӕхдӕр хонынц «Ног Фӕдзӕхст»). Цымӕ ӕцӕг уыдысты? Уый у тынг ахсджиаг фарста ӕмӕ йын дзуапп ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы базонын. Кӕд ӕцӕг нӕ уыдысты, уӕд чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад дзӕгъӕлы у, ӕнустӕм Дзӕнӕты цӕрыны ныфс та у афтид бӕллиц (1 Коринфӕгтӕм 15:14). Фӕлӕ кӕд ӕцӕг уыдысты, уӕд та адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн, ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы ды дӕр схайджын уай. Уӕдӕ Евангелиты фыст хабӕрттӕ ӕцӕг сты ӕви ӕрымысгӕ?
ЦЫ ДЗУРЫНЦ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ
Ӕнахуыр таурӕгътӕй уӕлдай Евангелитӕй бӕрӕг у, чи сӕ фыста, уыдон алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг бӕлвырд-бӕстон кӕй ныффыстой. Зӕгъӕм, ис дзы, абоны онг дӕр чи ис, бирӕ ахӕм бынӕтты нӕмттӕ. Кӕй тыххӕй дзы фыссынц, уыцы адӕм ӕцӕгдӕр цардысты, ӕмӕ уыимӕ разы сты историктӕ дӕр (Лукайы 3:1, 2, 23).
Йесо Чырыстийы кой кодтой 1-аг ӕмӕ 2-аг ӕнусы цӕрӕг фысджытӕa. Йесойы куыд амардтой, уый тыххӕй Евангелиты цы фыст ис, уый дӕр мӕнг нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕды заман ромӕгтӕ фыдгӕнджыты раст афтӕ мардтой. Уымӕй уӕлдай дзы хабӕрттӕ фыст сты тынг ӕргом – суанг ма дзы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иуты рӕдыдтыты тыххӕй дӕр фыст ис (Матфейы 26:56; Лукайы 22:24–26; Иоанны 18:10, 11). Уӕдӕ фидарӕй нӕ бон у зӕгъын, ӕмӕ Евангелиты Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕцӕг кӕй сты, иу хабар дӕр дзы ӕрымысгӕ нӕу.
БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ, ЧЫРЫСТИ КӔЙ РАЙГАС, УЫМӔН
Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕры уырны, Йесо кӕй цард ӕмӕ кӕй амард, уый, уӕддӕр иуӕй-иутӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц, кӕй райгас, ууыл. Уыцы хабар фыццаг нӕ бауырныдта суанг йӕ апостолты дӕр (Лукайы 24:11). Фӕлӕ стӕй уыдон дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр Йесойы сӕхӕдӕг куы федтой, уӕд нал дызӕрдыг кодтой. Иухатт ӕй уыцы иу рӕстӕг федтой 500 адӕймагӕй фылдӕр (1 Коринфӕгтӕм 15:6).
Кӕд ахуыргӕнинӕгтӕн, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ сӕ кӕй амардзысты, уымӕй тӕссаг уыди, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр хъӕбатырӕй дзырдтой, Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй – суанг йӕ марджытӕн дӕр (Хъуыддӕгтӕ 4:1–3, 10, 19, 20; 5:27–32). Цымӕ уыйбӕрц ахуыргӕнинӕгтӕ афтӕ ныфсджын уыдаиккой, йӕ райгасы хабар сӕ фидарӕй куы нӕ уырныдтаид, уӕд? Уӕдӕ Йесо ӕцӕгдӕр кӕй райгас, сӕйраджыдӕр уый фӕрцы бандӕвта ӕмӕ ӕндавы афтӕ тынг чырыстон дин дунейыл.
Йесойы мӕлӕты ӕмӕ йӕ райгасдзинады тыххӕй Евангелиты цы фыст ӕрцыд, уыдон фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты, хабар историйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст кӕй у, уымӕн. Библийы уыцы хабӕрттӕ лӕмбынӕг куы кӕсай, уӕд дӕ бауырндзӕн, ӕцӕгӕй кӕй ӕрцыдысты. Ӕмӕ сыл ноджы тынгдӕр та баууӕнддзынӕ, цӕмӕн ӕрцыдысты, уый куы базонай, уӕд. Уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн иннӕ статья.
a Тацит, райгуырд нӕ эрӕйы 55 азмӕ ’ввахс, фыста, зӕгъгӕ, «Чырысти, [чырыстӕттӕн] сӕ ном кӕмӕй равзӕрд, уый, тынг фӕхъизӕмар кодта паддзах Тиберийы рӕстӕг нӕ хицӕуттӕй иуы къухӕй, Понтий Пилаты къухӕй». Йесойы кой ма кодтой Светоний (1-аг ӕнус), дзуттаг историк Иосиф Флавий (1-аг ӕнус) ӕмӕ Плиний Кӕстӕр, Вифинийы хицау (2-аг ӕнусы райдиан).