Ахӕсты аргъ нӕ ирвӕзын кӕны
«Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис ӕнусон цард, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йыл Хуыцауы маст ныккӕлдзӕн» (ИОАН. 3:36).
1, 2. «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» сӕйраджыдӕр мыхуыры цӕмӕн рацыд?
«АДӔЙМАГ Библи лӕмбынӕг куы ахуыр кӕна, уӕд базондзӕн, Чырыстийы йӕ цард раттын цӕмӕн бахъуыд, уый». Ацы ныхӕстӕ фыст уыдысты 1879 азы октябры «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы. Уыцы статьяйы ма фыст уыди: «Чырысти кӕй амард, уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты ӕмӕ нӕ нӕхи хизын хъӕуы, уыцы хъуыддаг цыдӕриддӕр дызӕрдыггаг кӕны, уыдӕттӕй». (Бакӕс 1 Иоанны 2:1, 2.)
2 «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фыццаг номыр рацыд 1879 азы июлы, ӕмӕ йӕ сӕйраг нысӕнттӕй иу уыд, Библи ахӕсты аргъы тыххӕй цы дзуры, уый бамбарын кӕнын. Уыцы «хӕринаг афоныл» уыд, уымӕн ӕмӕ 19 ӕнусы кӕрон сбирӕ сты, йӕхи чырыстон чи хуыдта ӕмӕ Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссӕрибар уыдзыстӕм, ууыл чи дызӕрдыг кодта, ахӕм адӕм (Матф. 24:45). Уыцы рӕстӕг ма бирӕтӕ ӕууӕндын райдыдтой эволюцийы теорийыл. Эволюцийы куыд амоны, афтӕмӕй, дам, адӕм тӕригъӕдджын не сты. Уыцы теорийыл чи ӕууӕнды, уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕхи ӕгъдауӕй хуыздӕр кӕны ӕмӕ йӕ ахӕсты аргъ дӕр ницӕмӕн хъӕуы. Уӕдӕ ахсджиаг у, апостол Павел Тимофейӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ хъусын: «Дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн ӕмӕ дӕхи хиз, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй ӕмӕ, „зонындзинад“ кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та ахӕм чи нӕу, уый мидӕг цы хӕццӕ хъуыдытӕ ис, уыдонӕй. Иуӕй-иутӕ сӕхицӕй ӕппӕлыдысты, ахӕм зонындзинад нӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты» (1 Тим. 6:20, 21).
3. Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй «уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл» уа. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: Цӕмӕн хъуыд мӕн тыххӕй ахӕсты аргъ бафидын? Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти уый тыххӕй цавӕр рыст бавзӕрстой? Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕхи Хуыцауы мастӕй куыд бахиздзынӕн ӕмӕ мын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?
Хуыцауы мастӕй нӕхи куыд бахизӕм?
4, 5. Хуыцауы маст ацы фыддунейы адӕмыл кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
4 Библийӕ куыд зыны, стӕй цард дӕр куыд равдыста, афтӕмӕй, Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы маст ис адӕмыл. Уый бӕрӕг у, иууылдӕр кӕй мӕлынц, уымӕй (Иоан. 3:36). Сайтанӕн йӕ бон нӕу, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдонӕй нӕ бахъахъхъӕнын. Стӕй зӕххон хицӕуттӕн дӕр сӕ бон нӕу, адӕмы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый сын раттын (1 Иоан. 5:19). Уымӕ гӕсгӕ адӕм хъизӕмар кӕнынц, зӕххыл бирӕ хӕстытӕ кӕй цӕуы, фыдракӕндтӕ ӕмӕ мӕгуырдзинад кӕй сбирӕ сты, уый аххосӕй.
5 Уӕдӕ бӕрӕг у, ацы фыддунейы адӕм Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай кӕй сты. Павел загъта, Хуыцау уӕларвӕй йӕ маст кӕй калы, ӕнӕхуыцау митӕ чи кӕны, уыдоныл (Ром. 1:18–20). Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы закъӕттӕ чи не ’ххӕст кӕны ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон цы байтауынц, уый ӕнӕмӕнгдӕр ӕркӕрддзысты. Абон адӕм Хуыцауы масты тыххӕй базонынц, тӕрхоны хабар кӕй фехъусынц, уый фӕрцы ӕмӕ сыл раст цыма цыдӕр бӕллӕх ӕрцыд, уыйау фӕвӕййынц. Хӕйрӕджы дунейӕн цы тӕрхон хаст ӕрцыд, уый нӕ литературӕйы арӕх вӕййы фыст (Рарг. 16:1).
6, 7. Сӕрст чырыстӕттӕ цавӕр хъуыддагӕн дӕттынц разамынд ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейӕ чи у, уыдонӕн нырма цавӕр фадат ис?
6 Цымӕ уыцы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ рӕстӕг нал ис, цӕмӕй адӕм Сайтаны цагъарадӕй ссӕрибар уой ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх ссарой? Нӕ, уымӕн ӕмӕ сын нырма фадат ис, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бафидауой. Сӕрст чырыстӕттӕ сты «минӕвӕрттӕ Чырыстийы бӕсты» ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттынц ӕмӕ алы адӕмыхаттӕй дӕр адӕмты хонынц: «Бафидаут Хуыцауимӕ» (2 Кор. 5:20, 21).
7 Апостол Павел загъта, Йесо нӕ «ӕрцӕуинаг тӕрхоны азарӕй [кӕй] ирвӕзын кӕны», уый тыххӕй (1 Фес. 1:10). Йегъовӕ йӕ маст куы ныккала, уӕд йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны бындзагъд ныккӕндзӕн (2 Фес. 1:6–9). Цымӕ Хуыцауы мастӕй чи аирвӕздзӕн? Библийы фыст ис: «Фыртыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис ӕнусон цард, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн, фӕлӕ йыл Хуыцауы маст ныккӕлдзӕн» (Иоан. 3:36). Ацы цардӕвӕрды кӕрон куы ’рцӕуа ӕмӕ Хуыцау йӕ маст куы ныккала, уӕд, абон Чырыстийыл ӕмӕ йӕ нывондыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон иууылдӕр фервӕздзысты.
Ахӕсты аргъ куыд ӕххуыс кӕны
8. а) Адам ӕмӕ Евӕмӕ цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст? ӕ) Хуыцау алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый куыд равдыста?
8 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сфӕлдыста ӕххӕст адӕймӕгтӕй. Уыдон Хуыцауы коммӕ кӕронмӕ куы бакастаиккой, уӕд ныр зӕххыл Дзӕнӕты сӕ байзӕддӕгтимӕ цардаиккой ӕмӕ амондджын уыдаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, нӕ рагфыдӕлтӕ зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты. Хуыцау сын ӕнусон мӕлӕты тӕрхон рахаста, ӕмӕ сын Дзӕнӕты цӕрыны бар нал уыд. Цот сын куы рацыд, уӕд уыдон дӕр ӕнӕххӕст систы ӕмӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг базӕронд сты ӕмӕ амардысты. Афтӕмӕй рабӕрӕг, Йегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Йегъовӕ Адамӕн загъта, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы дыргъӕй куы бахӕра, уӕд кӕй амӕлдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад.
9, 10. а) Адамы байзӕддӕгтӕ цӕмӕн мӕлынц? ӕ) Цӕмӕй ӕнусон мӕлӕты азарӕй ссӕрибар уӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?
9 Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд мах гуырд нӕма уыдыстӕм. Фӕлӕ йӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад рахастам ӕмӕ мӕлӕм. Уымӕ гӕсгӕ мӕлӕты тӕрхон махӕн дӕр хаст ӕрцыд. Адӕм куы нӕ зӕронд кодтаиккой ӕмӕ куы нӕ мардаиккой, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕсты аргъ куы нӕ бафыстаид, уӕд йӕ ныхасӕн хицау нӕ разындаид. Павел цы ныхӕстӕ загъта, уыдон махӕй алкӕмӕдӕр хауынц: «Зонӕм: Закъон у Хуыцауӕй, ӕз та дӕн зӕххон, ауӕй мӕ кодтой тӕригъӕдӕн. Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» (Ром. 7:14, 24).
10 Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон уыди афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой ӕмӕ ӕнусон мӕлӕты азарӕй ссӕрибар уыдаиккам. Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй ӕххӕстӕй райгуырдаид ӕмӕ йӕ цард мах тыххӕй радтаид. Адамӕй уӕлдай, Чырысти ӕххӕст адӕймагӕй баззад ӕмӕ «иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта» (1 Пет. 2:22). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй йын ӕххӕст цот рацыдаид. Фӕлӕ уый Хуыцауы знӕгтӕн бар радта, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Уый фӕрцы йӕ бон уыд, цӕмӕй Адамы тӕригъӕдджын байзӕддӕгтӕн сӕ фыд суыдаид ӕмӕ йыл чи баууӕндыдаид, уыдонӕн ӕнустӕм царыны ныфс фӕзындаид. Библийы фыст ис: «Ис иу Хуыцау, стӕй Хуыцау ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр ис иу минӕвар – адӕймаг Йесо Чырысти. Уый йӕхи радта, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна» (1 Тим. 2:5, 6).
11. а) Ахӕсты аргъ куыд ӕххуыс кӕны, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн? ӕ) Ахӕсты аргъ кӕмӕн у пайда?
11 Ахӕсты аргъ куыд ӕххуыс кӕны, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, иу чидӕр кӕмӕндӕр йе ’хцатӕ радта, зӕгъгӕ уал сӕ дӕхимӕ нывӕр. Уыцы адӕймаг ын йе ’хцатӕ бахордта ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Ӕхцайы хицау та цы баци? Хӕсты бын фӕци ӕмӕ смӕгуыр ис. Ӕмӕ йӕ бон ницы уыд, цалынмӕ иу хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хъӕздыг бинонтӕ нӕ фӕзындысты ӕмӕ, цы ’хца фесӕфта, уыдон ын нӕ радтой ӕмӕ йӕ йӕ хӕстӕй нӕ фервӕзын кодтой, уӕдмӕ. Раст афтӕ Йегъовӕ Хуыцау дӕр ӕмӕ йӕ уарзон Фырт Адамы байзӕддӕгты балхӕдтой ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ферох кодтой, Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы. Афтӕмӕй адӕмӕн фӕзынд, фидӕны ӕххӕст кӕй уыдзысты, уый ныфс. Уӕдӕ Аргъауӕг Иоанн дӕр Йесойӕ дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дуне йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн!» (Иоан. 1:29). Йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕмӕн ӕрцӕудзысты, уыдонмӕ ӕрмӕст удӕгӕстӕ нӕ хауынц, фӕлӕ ма, чи амард, уыдон дӕр.
Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти цы бавзӕрстой
12, 13. Авраам Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй цы базыдтам?
12 Нӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ йӕ уарзон Фырт цытӕ бавзӕрстой, уый кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Авраамӕн куыд зын уыдаид Хуыцауы фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын, йӕ фыртимӕ ӕртӕ боны Мориайы зӕхмӕ куы фӕцыди, уӕд. Хуыцау ын загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ акӕн дӕ фырты, дӕ иунӕг ӕмӕ дӕ уарзон хъӕбул Исахъы, ӕмӕ ацу Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕз цы хохмӕ бацамондзынӕн, ууыл ӕй нывондӕн ӕрхӕсс» (Райд. 22:2–4).
13 Ӕппынфӕстаг Авраам ӕрхӕццӕ, Хуыцау ын цы бынатмӕ бацамыдта, уырдӕм. Ахъуыды-ма кӕн, куыд зын ын уыд, Исахъӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ куы сбаста ӕмӕ, йӕхӕдӕг цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл ӕй куы ӕрӕвӕрдта, уӕд. Йӕ зӕрдӕ куыд скъуыдтӕ кодтаид, йӕ фырты цы кардӕй хъуамӕ амардтаид, уый уӕлӕмӕ куы систа, уӕд. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Исахъ нывондхӕссӕныл куыд хуыссыд ӕмӕ куыд ӕнхъӕлмӕ каст, судзгӕ рыст йе уӕнгты куыд ахъардзӕн, уымӕ. Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕд Авраамы нӕ бауагъта Исахъы амарын. Авраам ӕмӕ Исахъ уыцы уавӕры цы сарӕзтой, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Йегъовӕ цытӕ бавзӕрста, Хӕйрӕджы зондыл чи цыд, уыдоны йӕ Фырты амарын куы бауагъта, уӕд. Исахъ йӕ фыдӕн уӕлдай кӕй ницы загъта, уымӕй хорз зыны, Чырысти мах тыххӕй фӕхъизӕмар кӕнынмӕ ӕмӕ амӕлынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый (Дзут. 11:17–19).
14. Иаковыл цы хабар ӕрцыд, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕ цы рыст бавзӕрста, уый бамбарынӕн?
14 Йегъовӕ ахӕсты аргъ фидгӕйӕ цы рыст бавзӕрста, уый ма бамбарӕн ис Иаковы хабарӕй дӕр. Иаков йӕ фырттӕй ӕппӕты тынгдӕр Иосифы уарзта, йе ’фсымӕртӕ та йӕм хӕлӕг кодтой ӕмӕ дзы се сӕфт уыдтой. Фӕлӕ йӕ Иаков йе ’фсымӕрты бӕрӕг кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд ӕнӕзивӕгӕй сразы ис. Уыдон Хевронӕй 100 километры цӕгатырдӕм Иаковы фос хызтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Иаковӕн йӕ фырттӕ куы ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ йын Иосифы тугӕйдзаг уӕлӕдарӕс куы бахастой, уӕд куыд фӕуыдаид, уый. Иаков ныккуыдта: «Ай мӕ фырты уӕлӕдарӕс у! Иосифы хъӕддаг сырд бахордта! Акъабӕзтӕ йӕ кодта!» Иаков тынг маст кодта ӕмӕ йӕ фыртыл бирӕ рӕстӕг фӕкуыдта (Райд. 37:33, 34). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕххӕст адӕм цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы цӕстӕй фӕкӕсынц, Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ фӕкӕсы. Фӕлӕ Иаковы хабарыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн иугыццыл бамбарын, Хуыцау куыд маст кодта, йӕ Фырты йын куы ӕфхӕрдтой ӕмӕ йӕ ӕгъатыр мардӕй куы амардтой, уӕд.
Ахӕсты аргъ цы пайда у
15, 16. а) Йегъовӕ Чырыстийы нывонд кӕй айста, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? ӕ) Ахӕсты аргъ дын цы пайда хӕссы?
15 Йегъовӕ йӕ иузӕрдион Фырты райгас кодта уӕларвон цардмӕ (1 Пет. 3:18). Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм 40 боны дӕргъы фӕзынд, сӕ уырнындзинад-иу сын бафидар кодта ӕмӕ сӕ цӕттӕ кодта, разӕй сӕм цы стыр куыст ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ – хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Уый фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ссыд ӕмӕ Хуыцауы раз йӕ туджы аргъимӕ ӕрлӕууыд, цӕмӕй йын йӕ нывондыл чи ӕууӕнда, уыдонӕн, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕн, стыр пайда ӕрхӕсса. Йегъовӕ Чырыстийы нывонд кӕй айста, уый бӕрӕг уыд, кӕй йын бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодтаид, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон Иерусалимы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд (Ап. хъ. 2:33).
16 Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕвӕстиатӕй райдыдтой иннӕты фӕдзӕхсын, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы мастӕй бахызтаиккой. Уый тыххӕй хъуамӕ Йесо Чырыстийы номӕй донаргъуыд райстаиккой, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:38–40.) Уӕдӕй нырмӕ милуангай адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй Хуыцаумӕ баввахс вӕййынц, Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндынц, уый фӕрцы (Иоан. 6:44). Ныр та аныхас кӕнӕм ахӕм фарстатыл: Цымӕ нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс нӕ хорз хъуыддӕгты фӕрцы ис? Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы диссаджы ныфсӕй ӕнӕхай фӕуӕм?
17. Хуыцауы хӕлар кӕй дӕ, уыцы диссаджы арфӕдзинадмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсай?
17 Адӕм уый аккаг не сты, цӕмӕй Чырысти йӕ цард уыдоны тыххӕй радтаид. Фӕлӕ милуангай адӕм Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдысты, уый фӕрцы Хуыцауы хӕлӕрттӕ систы ӕмӕ сын фӕзынд зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Фӕлӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй систӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы арфӕдзинадӕй ӕнӕхай никуы фӕуыдзыстӕм. Цӕмӕй фидӕны нӕхи Хуыцауы мастӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ стыр аргъ кӕнӕм, «Йесо Чырысти нӕ кӕй балхӕдта», уымӕн (Ром. 3:24; бакӕс Филиппӕгтӕм 2:12).
Ахӕсты аргъыл ӕууӕндӕм
18. Чырыстийы нывондыл ӕууӕндынмӕ цы хауы?
18 Ацы статьяйы сӕйраг стихӕй бӕрӕг у, Хицау Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ ма йӕ коммӕ дӕр кӕй хъуамӕ кӕсӕм (Иоан. 3:36). Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ. Уымӕ хауы хӕрзӕгъдау цард кӕнын (Марчы 7:21–23). Хӕтгӕ, ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ ӕмӕ алы чъизи хъуыддӕгтӕ чи кӕны, зӕгъӕм, ӕдзух порнографимӕ чи кӕсы, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр «Хуыцауы маст ныккӕлдзӕн» (Еф. 5:3–6).
19. Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
19 Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы хъуыддӕгты ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уымӕй дӕр (2 Пет. 3:11). Уӕдӕ хорз уаид, фаг рӕстӕг куы хицӕн кӕниккам, цӕмӕй Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй, стӕй ӕдзух кувӕм, Библи иртасӕм, ӕмбырдтӕм цӕуӕм, бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ «ма рох кӕнӕм хорздзинад аразын дӕр ӕмӕ нӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты» (Дзут. 13:15, 16).
20. Ахӕсты аргъыл чи ӕууӕнды, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
20 Йегъовӕ йӕ маст ацы фыддунейыл куы ныккала, уӕд куыд амондджын уыдзыстӕм, Ахӕсты аргъыл кӕй баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йын стыр аргъ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уым куы цӕрӕм, уӕд дзы ӕнӕкӕрон бузныг уыдзыстӕм, мах тыххӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста ӕмӕ нӕ йӕ мастӕй кӕй бахызта, уый тыххӕй. (Бакӕс Иоанны 3:16; Раргомад 7:9, 10, 13, 14.)
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Цӕмӕн нӕ хъӕуы ахӕсты аргъ?
• Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти ахӕсты аргъ фидгӕйӕ цы бавзӕрстой?
• Ахӕсты аргъ цы пайда у?
• Ахӕсты аргъыл кӕй ӕууӕндӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
[Ныв 13 фарсыл]
Адӕмӕн нырма фадат ис, цӕмӕй Йегъовӕимӕ бафидауой
[Нывтӕ 15 фарсыл]
Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы бавзӕрстой, уый