Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 15/3 24–28 фф.
  • Уӕхи цӕттӕ дарут!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕхи цӕттӕ дарут!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нойау дӕхи цӕттӕ дар
  • Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕхи цӕттӕ дардтой
  • Моисей уыди къӕрцхъус
  • Ма бафынӕй ут!
  • Уый цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Уый «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Ной Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕмӕй цыд? Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 15/3 24–28 фф.

Уӕхи цӕттӕ дарут!

«Уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (МАТФ. 24:44).

1, 2. а) Библийы цавӕр хабӕртты тыххӕй цӕуы дзырд ӕмӕ сӕ куыд ис абарӕн, тигр йӕхи йӕ амӕттагыл куыд ныццӕвы, уыимӕ? ӕ) Тагъд цы хабар ӕрцӕудзӕн, уый дын цӕуыл дзурӕг у?

БИРӔ азты дӕргъы иу зындгонд дрессировщик адӕмы дисы ӕфтыдта, бенгайлаг тигрты ӕрмахуыр кӕй скодта, уымӕй. Уый загъта: «Сырд дыл куы баууӕнда, уӕд дӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма дунейы ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар дӕу фӕци». Фӕлӕ 2003 азы 3 октябры хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Ӕнӕнхъӕлӕджы йыл йӕхи ныццавта йӕ тигртӕй иу, урс тигр, уыди 172 кг. Уыцы дрессировщик уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ йыл тигр йӕхи ныццӕвдзӕн, ӕмӕ уымӕ цӕттӕ нӕ уыди.

2 Библийы фыст ӕрцыд иу «сырды» тыххӕй. Уый рацӕудзӕн ӕмӕ алырдӕмты лӕбурдзӕн. (Бакӕс Раргомад 17:15–18.) Чи у уыцы сырд? Кӕмӕ лӕбуры? Уыцы сырд амоны Иугонд Нациты Организацимӕ ӕмӕ дунейы хицауӕдтӕм. Сырд йӕхи ныццӕвдзӕн Стыр Вавилоныл – мӕнг динтыл се ’ппӕтыл дӕр. Уыцы хабарӕй бирӕтӕ фӕуыргъуыйау уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сырд ӕмӕ Стыр Вавилон хӕлӕрттӕ сты. Сӕ дыууӕ дӕр сты Сайтаны дунейӕ. Цымӕ йыл сырд йӕхи кӕд ныццӕвдзӕн? Мах нӕдӕр бон зонӕм, нӕдӕр сахат (Матф. 24:36). Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ йӕм цы сахат не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд кӕй ӕрцӕудзӕн. Уыцы цаутӕм бирӕ рӕстӕг нал баззад (Матф. 24:44; 1 Кор. 7:29). Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ цӕттӕ уӕм, уымӕн ӕмӕ, уыцы хабар куы райдайа ӕмӕ Чырысти Хуыцауы тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕнынмӕ куы рацӕуа, уӕд нӕ фервӕзын кӕна (Лук. 21:28). Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ. Уыдон цӕттӕ уыдысты, Хуыцау фыдзӕрдӕ адӕмы куы куынӕг кодта ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куы фервӕзын кодта, уӕд. Уыцы лӕггадгӕнджытӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау йӕ ныхасӕн хицау кӕй разынд, уый. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм уыцы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иуты хабӕрттӕм ӕмӕ йӕ фенӕм, нӕ бон сӕ куыд у фӕзмын.

Нойау дӕхи цӕттӕ дар

3. Нойы цы хъыгдардта Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын?

3 Ной цард тынг уӕззау рӕстӕджы, зӕхх йедзаг уыди фыддзинадӕй. Фӕлӕ Ной йӕхи бацӕттӕ кодта, Хуыцау йӕ фӕндон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ адӕймаджы буӕрттӕ куы райстой ӕмӕ рӕсугъд сылгоймӕгтимӕ куы бацардысты, уӕд Ной цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдон-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн! Уыдонӕн рацыд ӕнахуыр цот – «уӕйыг адӕм». Афтӕ тыхджын уыдысты, ӕмӕ адӕмыл тугуарӕн кодтой (Райд. 6:4). Уыцы уӕйгуытӕ кӕмӕн цы фыдбылыз ракодтаиккой, ууыл уыдысты. Ӕппынфӕстаг зӕхх фыддзинадӕй байдзаг, адӕм сзыгъуыммӕзонд сты ӕмӕ ӕгъдаухӕлд фесты. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ снысан кодта рӕстӕг, уыцы ӕнӕхуыцау дуне кӕд фесафдзӕн, уымӕн. (Бакӕс Райдиан 6:3, 5, 11, 12.)a

4, 5. Нойы бонтӕ ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмхуызон цӕмӕй сты?

4 Йесо загъта, Нойы рӕстӕджы цы уавӕртӕ уыди, нӕ рӕстӕджы дӕр ахӕм уавӕртӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 24:37). Зӕгъӕм, мах дӕр уынӕм фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕмыл кӕй ӕндавынц, уый цӕмӕ ӕркодта (Рарг. 12:7–9, 12). Дӕлимонтӕ Нойы бонты райстой адӕймаджы буӕрттӕ, фӕлӕ сын абон уый гӕнӕн нал ис, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй ӕрыгӕттыл дӕр ӕмӕ ацӕргӕтыл дӕр ӕндавой. Ацы фыдӕхзӕрдӕ зӕдтӕ сӕ мондӕгтӕ фӕисынц, зӕххыл сӕ ахӕсты чи бахауд, уыдоны ӕвзӕр митӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтыл куы бафтауынц, уымӕй. Адӕм та уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц (Еф. 6:11, 12).

5 Хуыцауы Ныхасы фыст ис, Хӕйрӕг кӕй у «лӕгмар» ӕмӕ йӕм «мӕлӕт хӕссыны хъомыс» кӕй ис (Иоан. 8:44; Дзут. 2:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын Хуыцау бар радта, цӕмӕй йӕ кӕй фӕнды, уыдоны мара. Фӕлӕ уӕддӕр ацы фыдӕхзӕрдӕ зӕд адӕмы сайы ӕмӕ сӕ хӕлд митыл ӕфтауы. Уый адӕмы зондыл ӕндавы, цӕмӕй иннӕтӕй се сӕфт уыной ӕмӕ сӕ марой. Ӕцӕгдӕр, абон адӕм сты тынг ӕгъатыр. Куыд дӕм кӕсы, кӕд Йегъовӕ Нойы бонты фыддзинад фесӕфта, уӕд ын абон ницы бакӕндзӕн? Кӕрон ын не скӕндзӕн?

6, 7. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ дзы кӕй тарстысты, уый куыд равдыстой?

6 Фӕстӕдӕр Хуыцау Нойӕн загъта, кӕй йӕ фӕнды зӕххыл доны хъаймӕт рауадзын ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр фесафын (Райд. 6:13, 17). Йегъовӕ Нойӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй стыр асыччы хуызӕн нау сарӕзтаид. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ бавнӕлдтой нау аразынмӕ. Цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй коммӕгӕс уыдаиккой ӕмӕ цӕттӕ уыдаиккой, Хуыцау йӕ тӕрхон ӕххӕст кӕнын куы райдыдта, уӕд?

7 Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ Хуыцауыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ дзы кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ сарӕзтой, цы сын загъта, уый (Райд. 6:22; Дзут. 11:7). Ной, бинонты хистӕр, Йегъовӕимӕ уыди ӕнгом ӕмӕ йӕ алыварсцӕрӕг адӕмы хъуыддӕгтыл нӕ бафтыд (Райд. 6:9). Уый хорз зыдта, йӕ хӕс кӕй уыди, цӕмӕй йӕ бинонты хъахъхъӕдтаид адӕмы ӕгъатыр митӕй ӕмӕ зондахастӕй. Ӕнӕмӕнгдӕр ма сӕ хъуыди сӕхимӕ кӕсын, цӕмӕй ӕрвылбоны хъуыддӕгтыл ма суыдаиккой. Хуыцау сын радта куыст, ӕмӕ ӕгас бинонтӕн дӕр царды сӕйраг хъуыддаг хъуамӕ уый суыдаид. (Бакӕс Райдиан 6:14, 18.)

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕхи цӕттӕ дардтой

8. Нойы бинонтӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый куыд равдыстой?

8 Библи фылдӕр кӕны Нойы кой. Фӕлӕ йӕ ус, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чындзытӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Пехуымпар Йезекил дӕр уый зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта, зӕгъгӕ, Ной йӕ рӕстӕджы куы цардаид, уӕд йӕ фырттӕн, рӕстгӕнӕг кӕй уыди, уый нӕ баххуыс кодтаид, цӕмӕй фервӕзтаиккой. Уыдон уыцы кары уыдысты, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзӕрстаиккой коммӕ кӕсой ӕви нӕ. Йӕ фырттӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтӕ кӕй уарзынц, уый (Йез. 14:19, 20). Нойы бинонтӕ Хуыцауы амындтӕм хъуыстой, ӕууӕндыдысты йыл ӕмӕ никӕй бауагътой, цӕмӕй сын Хуыцау цы куыст бабар кодта, уый сӕххӕст кӕнын сӕ бахъыгдардтаиккой.

9. Абон Нойы хуызӕн уырнындзинад кӕмӕн ис?

9 Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы организацийы ис бирӕ бинонтӕ. Бинонты хистӕртӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц Нойы фӕзмыныныл. Уый ӕцӕгдӕр тынг ӕхсызгон хабар у! Бинонты хистӕртӕ хорз ӕмбарынц, сӕ хӕс кӕй у, цӕмӕй сӕ бинонтӕ хӕринаг ӕмӕ дарӕс цух ма уой, кӕм цӕрой, уый сын уа ӕмӕ сӕ цот ахуыр дӕр кӕной. Фӕлӕ уый фаг нӕу, хъуамӕ ма сын тыхсой сӕ уырнындзинадыл дӕр. Афтӕмӕй уыдон дӕр сӕхи цӕттӕ дарынц, Йегъовӕ рӕхджы цы араздзӕн, уымӕ.

10, 11. а) Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы куы уыдысты, уӕд цымӕ сӕхи куыд хатыдысты? ӕ) Цавӕр фарстайыл нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын?

10 Ной, йӕ ус, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чындзытӕ нау арӕзтой иу-50 азы бӕрц. Цӕй уӕззау куыст бакодтаиккой: нау писийӕ байсӕрстой, дуне хӕринаг бахастой, фос ӕмӕ цӕрӕгойты мидӕмӕ батардтой. Уый тыххӕй сӕ цал сӕдӕ хатты бахъуыдаид мидӕмӕ ӕмӕ ӕддӕмӕ рацӕуын. Ӕппынфӕстаг сӕ куыстытӕ иууылдӕр фесты. Уӕдмӕ уыцы ахсджиаг бон дӕр ӕрхӕццӕ. Ӕмӕ уӕд наумӕ бахызтысты, фӕлӕ ӕддӕмӕ нал рахызтысты. Уый уыд н. э. размӕ 2370 азы дыккаг мӕйы 17 бон. Йегъовӕ науы дуар бахгӕдта, ӕмӕ къӕвда уарын байдыдта. Фӕлӕ уаргӕ ӕрмӕст иу ран нӕ кодта, стӕй уыцы уарын ӕнӕуи тӕрккъӕвда нӕ уыд. Арвы дуар фегом ӕмӕ къӕвда фемӕхст. Афтӕ тынг уарыди, ӕмӕ дон науы сӕр гыбар-гыбургӕнгӕ хоста (Райд. 7:11, 16). Ӕддейӕ чи уыди, уыцы адӕм иууылдӕр амардысты, мидӕгӕй чи уыди, уыдон та удӕгасӕй баззадысты. Цымӕ Нойы бинонтӕ цы хатыдаиккой? Хуыцауӕн бузныг дзурынӕй нал ӕфсӕстаиккой. Ӕмӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъуыды кодтаиккой: «Куыд хорз у, ӕцӕг Хуыцауимӕ кӕй цыдыстӕм ӕмӕ цӕттӕ кӕй разындыстӕм!» (Райд. 6:9). Дӕ цӕстытыл ауайын кӕныс, Армагеддоны сӕрты куыд ахызтӕ ӕмӕ ды дӕр Хуыцауӕн бузныг куыд дзурыс?

11 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ацы фыддуне фесафдзӕн, ӕмӕ йӕ ничи бауромдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Хуыцау ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр суанг гыццыл хъуыддаджы онг сӕ афоныл кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын?» Кӕд о, уӕд ӕдзух дӕ хъуыдыйы дар, «Йегъовӕйы бон» фӕдисонау кӕй ӕрхӕццӕ кӕны ӕмӕ афтӕмӕй цӕттӕ уыдзынӕ (2 Пет. 3:12).

Моисей уыди къӕрцхъус

12. Моисейӕн къӕппӕг цы суыдаид?

12 Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр цӕвиттонмӕ. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ Моисейӕн Египеты цы цард уыд, уымӕй хуыздӕр цардӕн скӕнӕн нӕ уыди. Фараоны чызг дзы йӕхицӕн фырт кӕй загъта, уымӕ гӕсгӕ йын иууылдӕр кад кодтой, хордта ӕвзаргӕ хӕринӕгтӕ, дардта ӕппӕты хуыздӕр дарӕс, цӕргӕ дӕр кодта ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ ӕппӕты хъӕздыгдӕр ран. Стӕй ма райста ӕппӕты хуыздӕр ахуырад. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 7:20–22.) Ӕвӕццӕгӕн ын стыр бынтӕ дӕр схай кодтаиккой.

13. Моисейӕн Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕйраг цӕмӕн уыдысты?

13 Моисейы йӕ ныййарджытӕ гыццылӕй цӕуыл сахуыр кодтой, уый фӕрцы, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, египетӕгтӕ гуымирытӕн кӕй куывтой, уый ӕнӕзонд ми кӕй уыди (Рац. 32:8). Египеты ахуырадон системӕ ӕмӕ паддзахы хӕдзары хъӕздыгдзинӕдтӕ Моисейы раст динӕй нӕ фӕиппӕрд кодтой. Уый, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ хъуыды кодта, Хуыцау йӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ йӕхи бацӕттӕ кӕнын. Фӕстӕдӕр Моисей Израилы фырттӕн загъта: «Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау Йегъовӕ мӕ рарвыста сымахмӕ». (Бакӕс Рацыд 3:15–17.)

14. Моисейы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад фӕлвӕрд куыд цыдысты?

14 Египеты мард хуыцӕуттӕй уӕлдай Моисейӕн ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ уыди удӕгас. Уый афтӕ царди, цыма, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй», уыцы Хуыцауы уынгӕ кодта, афтӕ. Моисейы уырныдта, Хуыцауы адӕм кӕй фервӕздзысты, фӕлӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зыдта (Дзут. 11:24, 25, 27). Дзуттӕгты сӕрибардзинадмӕ тынг кӕй бӕллыд, уый рабӕрӕг, израиладжы сӕрыл куы рахӕцыд, уӕд (Рац. 2:11, 12). Фӕлӕ уӕд Йегъовӕйы нысангонд рӕстӕг нӕма ӕрцыд. Ӕмӕ Моисейы бахъуыд ӕцӕгӕлон бӕстӕмӕ алидзын. Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕнцон ын кӕй нӕ уыди египетаг галуаны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрын. Фӕлӕ Моисей уыди къӕрцхъус ӕмӕ йын Йегъовӕ цы амындтӕ лӕвӕрдта, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уыди. Моисей Мадиамы 40 азы куы фӕцард, уӕд ӕй уый фӕстӕ Хуыцау арвыста йе ’фсымӕрты ссӕрибар кӕнынмӕ. Моисей Хуыцауы ныхасмӕ байхъуыста, ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхт. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй Моисей Хуыцауы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид ӕмӕ йын Хуыцау куыд загъта, афтӕ йӕ бакодтаид (Рац. 3:2, 7, 8, 10). «Зӕххыл та Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд», ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад, цӕмӕй фараоны раз ӕрлӕууыдаид (Ным. 12:3). Ӕмӕ йӕ размӕ ӕрмӕст иу хатт нӕ бацыд, фӕлӕ бирӕ хӕттыты. Ӕмӕ-иу нӕ зыдта, Хуыцау Египетыл бӕллӕхтӕ куы уагъта, уӕд ма йӕ цал хатты хъӕудзӕн фараонмӕ бацӕуын, уый.

15. Моисей кӕд мӕстытӕ ӕвзӕрста, уӕддӕр йӕ уӕларвон Фыды скадджын кӕнынӕн фадӕттӕ цӕмӕн агуырдта?

15 Цалынмӕ израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры уыдысты, уӕдмӕ 40 азы дӕргъы Моисей бирӕ маст бавзӕрста. Фӕлӕ уый уӕддӕр агуырдта фадӕттӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы скадджын кодтаид ӕмӕ израилӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кодтаиккой (Дык. з. 31:1–8). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый йӕхи номӕй Йегъовӕйы ном ӕмӕ йӕ хицаудзинад фылдӕр уарзта (Рац. 32:10–13; Ным. 14:11–16). Кӕд мӕстытӕ ӕвзарӕм, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы хицаудзинады фарс лӕууӕм. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау хъуыддӕгтӕ куыд аразы, уый ӕппӕты зондджындӕр, ӕппӕты растдӕр ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр кӕй у (Ис. 55:8–11; Йер. 10:23). Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс?

Ма бафынӕй ут!

16, 17. Лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Марчы 13:35–37 цы фыст ис, ууыл?

16 «Кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Мар. 13:33). Йесо ацы фӕдзӕхст радта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы дзырдта, ацы дунейы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый цавӕр хабӕрттӕй уыдзӕн бӕрӕг, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм Йесойы диссаджы пехуымпарады фӕстаг ныхӕстӕм. Марк фыста: «Сымах дӕр ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонут, кӕд ӕрцӕудзӕн хӕдзары хицау: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви боныцъӕхтыл,– цӕмӕй, ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрӕййафа. Сымахӕн цы дзурын, уый та хауы алкӕмӕ дӕр: ма бафынӕй ут!» (Мар. 13:35–37).

17 Йесойы ныхӕстӕ сты хъуыдыйаг. Уый ской кодта цыппар хъахъхъӕныны афоны тыххӕй. Ӕппӕты зындӕр-иу уыди фӕстаг хъахъхъӕнӕн афон, уымӕн ӕмӕ-иу адӕймаджы фынӕй йӕ быны скодта. Фӕстаг афон уыд ӕхсӕвы ӕртӕ сахатӕй хурыскастмӕ. Хӕстон хъуыддаджы фӕлтӕрдджын чи у, уыдон знагмӕ бабарсынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг нымайынц цыппӕрӕм хъахъхъӕнӕн афон, уымӕн ӕмӕ уыцы афон сӕ тӕккӕ фынӕйыл вӕййынц. Абон дуне дӕр «тарффынӕй кӕны». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ тых нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Мыййаг дызӕрдыг кӕнӕм, кӕрон дӕр ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинад дӕр ӕввахс кӕй сты, ӕмӕ нӕ фынӕй кӕнын кӕй нӕ хъӕуы?

18. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм цавӕр стыр кад ӕрхауд?

18 Райдианы цы дрессировщикы кой кодтам, уый тигры дзӕмбытӕй аирвӕзт. Фӕлӕ Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд мӕнг дин дӕр ӕмӕ ацы фыддуне дӕр нӕ фервӕздзысты (Рарг. 18:4–8). Уӕдӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ацӕргӕтӕ дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр, хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайой, цӕмӕй Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уой, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ куыд цӕттӕ уыдысты афтӕ. Мах цӕрӕм, Хуыцауы кӕм ӕгад кӕнынц, ахӕм дунейы. Ӕмӕ мӕнг дины ахуыргӕнджытӕ, агностиктӕ ӕмӕ атеисттӕ Сфӕлдисӕджы фауынц. Фӕлӕ мах хъуамӕ уыдоны зондыл ма цӕуӕм. Цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдоныл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй «хуыцӕутты Хуыцау» Йегъовӕйы, «адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцауы», фарс лӕууӕм ӕмӕ йын йӕ кад бӕрзонд сисӕм (Дык. з. 10:17).

[Фиппаинаг]

a Райдианы 6:3 цы «сӕдӕ дыууын азы» кой ис, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис брошюрӕйы bw505, 30 фарс.

Бахъуыды кодтай?

• Ной йӕ бинонты уырнындзинадыл цӕмӕн хъуамӕ тыхстаид?

• Нӕ рӕстӕг ӕмӕ Нойы рӕстӕг ӕмхуызон цӕмӕй сты?

• Кӕд Моисей мӕстытӕ ӕвзӕрста, уӕддӕр ын Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕйраг цӕмӕн уыдысты?

• Библийы пехуымпарӕдтӕй дын кӕцытӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ма бафынӕй уай?

[Ныв 25 фарсыл]

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн Йегъовӕйы хъуыддаг уыд тынг ахсджиаг

[Ныв 26 фарсыл]

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдты фӕрцы Моисей уыд къӕрцхъус

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын