Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/6 9–11 фф.
  • Дӕ фадӕттӕ куыд амонынц, афтӕ цӕр

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ фадӕттӕ куыд амонынц, афтӕ цӕр
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библийы уагӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ
  • Иннӕтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
  • Дӕ бон у дӕ фадӕттӕм гӕсгӕ цӕрын
  • Ӕхца ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты Библи ӕххуыс кӕны?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Ӕхцайӕ раст пайда кӕнын куыд хъӕуы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Уе ’хцатӕ цӕуыл хардз кӕнут?
    Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Нӕ хӕстӕй куыд фервӕзӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/6 9–11 фф.

Дӕ фадӕттӕ куыд амонынц, афтӕ цӕр

ДӔ УАТ цӕйас у, дӕ къӕхтӕ дӕр афтӕ аиваз. Ацы ӕмбисонд афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ цӕра йӕ фадӕттӕм гӕсгӕ, ома йӕм цы ӕфты, уымӕй фылдӕр ма хардз кӕна.

Фӕлӕ дзурын иу хъуыддаг у, кӕнын та – ӕндӕр. Адӕм ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архаиккой, уӕд сӕхи бирӕ бӕллӕхтӕй бахизиккой. Уӕдӕ цы ис саразӕн? Кӕм ис ссарӕн хорз уынаффӕтӕ? Ацы хъуыддаджы фӕдыл бирӕ хорз хъуыдытӕ ис Библийы. Цӕй ӕмӕ сӕм ӕркӕсӕм.

Библийы уагӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕ

Ӕхцайӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Библийы бирӕ хорз уынаффӕтӕ ис. Ацы статьяйы дзы ӕркӕсдзыстӕм цалдӕрмӕ. Чи зоны дзы иуӕй-иутӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цас ’хца бакусыс, уымӕй фылдӕр ма хардз кӕнай.

Цас бахардз кӕндзынӕ, уый-иу пълан кӕн. Цӕмӕй дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы зонын, ӕфтгӕ нӕм цас ӕрбакӕны ӕмӕ хардз цас бакӕнӕм, уый. Библийы фыст ис: «Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда, тагъд чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Иуӕй-иутӕн ӕххуыс кӕны, къонверттӕй кӕй пайда кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, иуыл дзы ныффыссынц «Хӕринагӕн», иннӕйыл «Хӕдзарӕн», ӕртыккагыл та – «Дзаумӕттӕн». Сымах дӕр афтӕ кӕнут ӕви ӕндӕр исты ӕрхъуыды кодтат, сӕйрагдӕр уый у, цӕмӕй зонат, уе ’хца кӕй бахардз кӕндзыстут, ӕнӕмӕнг уӕ цы хъӕуы, ӕрмӕстдӕр ууыл.

Иннӕтӕм ма хӕлӕг кӕн. Бирӕты фӕнды, цӕмӕй хъӕздыг адӕмӕй фӕсте мацӕмӕй уой. Сӕ сыхӕгтӕм цы ис, уыдӕттӕ уыдонмӕ дӕр куы уаиккой, уымӕ тынг бӕллынц. Фӕлӕ уый къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу. Чи зоны, кӕмӕ хӕлӕг кӕнынц, уыдон уыцы дзауматӕ ӕфстау ӕхцайӕ балхӕдтой. Уӕдӕ иннӕтау ӕнӕзонд ми цӕмӕн хъуамӕ бакӕнӕм ӕмӕ нӕхи хӕсты бын цӕмӕн хъуамӕ фӕкӕнӕм? Библи фӕдзӕхсы: «Хӕлӕггӕнаг адӕймаг бафты мулкыл, фӕлӕ йӕ нӕ зоны, кӕй смӕгуыр уыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 28:22).

Хуымӕтӕг цард кӕн. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй «сӕ цӕст хуымӕтӕг уыдаид» (Матфейы 6:22, фиппаинаг). Нӕ къух куы нӕ амона, афтӕмӕй зынаргъ хӕринӕгтӕ куы ’лхӕнӕм, уӕд райсом нӕ бон балхӕнын нал уыдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый дӕр. Азийы бӕстӕтӕн сӕ къахыл слӕууынӕн чи ӕххуыс кӕны, иу ахӕм банчы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыцы бӕстӕты мӕгуыр адӕммӕ бон ӕфты 1 доллӕр ӕмӕ 35 центы. Фӕлӕ Филиппинты уымӕй ноджы мӕгуырдӕр цӕрынц адӕмӕн се ’ртыккаг хай, Индийы та – се ’мбис. Иугӕр адӕймагмӕ афтӕ гыццыл ӕфты, уӕд хъуамӕ ӕлхӕна, цӕрынӕн ӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уый. Хуыздӕр уавӕрты чи цӕры, уыдон дӕр афтӕ куы кӕной, уӕд сӕхи бирӕ бӕллӕхтӕй бахиздзысты.

Цы дӕм ис, уый фагыл нымай. Цы дӕм ис, уый фагыл нымайын ӕмӕ хуымӕтӕг цард кӕнын кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты. Библийы, 1 Тимофеймӕ 6:8 стихы фыст ис: «Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм». Йӕхи амондджын чи хоны, уыдон се ’ппӕт хъӕздыг не сты. Фӕлӕ уыцы адӕм райгонд сты, цы сӕм ис, уымӕй. Ӕмӕ ныхас ӕрмӕст мулкыл нӕ цӕуы, фӕлӕ сӕ бинонтимӕ адджынӕй кӕй цӕрынц ӕмӕ сын хорз ӕмбӕлттӕ кӕй ис, ууыл дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 15:17).

Ӕнӕхъуаджы хӕстӕй дӕхи хиз. Куыд раст сты Библийы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «хъӕздыг у мӕгуыртӕн хицау, ӕмӕ ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар»! (Ӕмбисӕндтӕ 22:7). Адӕймаджы, чи зоны, хатт бахъӕуа хӕс дӕр райсын. Фӕлӕ йӕ цыдӕр балхӕнын тынг кӕй фӕфӕнды, ӕрмӕст уый тыххӕй куы райса хӕс, уӕд йӕхиуыл сӕвӕрдзӕн стыр уаргъ (2 Паддзӕхты 4:1; Матфейы 18:25).

Ӕхцайыл фӕстауӕрц кӕн. Чи зоны исчи зӕгъа, абон ма чи фӕстауӕрц кӕны, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕхцайыл фӕстӕмӕ хӕцын зондджын ми у, уымӕн ӕмӕ уӕд адӕймаг йӕхи бирӕ бӕллӕхтӕй бахиздзӕн. Уыцы миниуӕджы фӕрцы бирӕтӕ бахызтой сӕхи ӕнӕхъуаджы хӕстӕй ӕмӕ уый цы фыдбылызтӕ расайы, уыдонӕй. Зӕгъӕм, иугӕр ӕфстау нӕ исынц, уӕд сӕ стыр проценттӕ фидын дӕр нӕ бахъӕудзӕн. Библи мӕлдзыджы хоны «зондджын», уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн «хуымгӕрдӕнты афон фембырд кӕны хойраг», цӕмӕй йын уый фӕстӕ, цы хӕра, уый уа (Ӕмбисӕндтӕ 6:6–8; 30:24, 25).

Иннӕтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Библийӕ цы уагӕвӕрдтыл аныхас кодтам, уыдон иууылдӕр хорз сты. Фӕлӕ, цымӕ, адӕймагӕн ӕцӕгдӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цы ӕхца йӕм ӕфты, уымӕй фылдӕр ма хардз кӕна? Мӕнӕ цы дзурынц, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи архайы ӕмӕ уый руаджы йӕхи ӕнӕхъуаджы мӕстытӕй чи хизы, уыдон.

Диосдадойӕн ис цыппар сывӕллоны. Куыд зӕгъы афтӕмӕй, ӕрӕджы цы экономикон кризис уыди, уый тыххӕй йын фӕзындӕр йӕ бинонты дарын. Фӕлӕ Диосдадо сахуыр йӕ хӕрдзтӕ пълан кӕнын. Афтӕ зӕгъы: «Ӕз лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, цы ’хца бакусын, уыдон цӕуыл хардз кӕндзынӕн, ууыл». Данило дӕр афтӕ хъуыды кӕны. Данилойӕн ӕмӕ йӕ усӕн уыди сӕхи бизнес, фӕлӕ сын нӕ фӕрӕстмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ къӕбӕры фаг кусынц, се ’хца кӕй пълан кӕнынц, уый руаджы. Данило дзуры: «Мах ӕй фӕзонӕм, алы мӕй дӕр цас ӕхца бакусӕм, ӕмӕ цас бахардз кӕнӕм, уый. Уымӕ гӕсгӕ, лӕмбынӕг фӕныхас кӕнӕм, ӕндӕр истӕуыл ма кӕд ӕхца бахардз кӕндзыстӕм, уӕд цас».

Иуӕй-иутӕ рахӕссынц уынаффӕ, ӕхца цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл бынтондӕр кӕй нӕ хардз кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕнцондӕр вӕййы, сӕ хӕрдзтӕ пълан кӕнын. Мирнӕ, ӕртӕ сывӕллоны чи хъомыл кӕны, ахӕм идӕдз сылгоймаг дзуры: «Чырыстон ӕмбырдтӕм транспортыл нӕ фӕцӕуӕм, фӕлӕ къахӕй». Мирнӕ йӕ сывӕллӕттӕн фӕамоны, адӕймаг хуымӕтӕг цард куы кӕна, уӕд ын уый цы пайда хӕссы, уый. Мирнӕ дзуры: «Мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уон. Уый тыххӕй архайын, цӕмӕй, 1 Тимофеймӕ 6:8–10 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрон, ома мӕм цы ис, уый фагыл нымайон».

Джеральд дӕр, дыууӕ сывӕллоны фыд, ахӕм зондыл хӕст у. «Бинонтимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд аныхас кӕнӕм, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн сты, ахӕм адӕмы царды хабӕрттыл. Уый нӕ сывӕллӕттыл хорзырдӕм зыны – ахсджиаг цы нӕу, уыдӕттӕ нын нӕ фелхӕнын кӕнынц»,– дзуры Джеральд.

Джанет цӕры Филлипинты, бинонтӕ йын нӕй. Йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн фӕдзуры Хуыцауы тыххӕй. Ӕрӕджы ӕнӕ куыстӕй баззад, ӕмӕ архайы, цӕмӕй хуымӕтӕг цард кӕна. Джанет дзуры: «Ӕз лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнын, цӕмӕй дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕнон. Зынаргъ дуканитӕм цӕуыны бӕсты ӕз фӕагурын асламдӕртӕ. Кӕд дзаума мӕ бон асламдӕрӕй балхӕнын у, уӕд ӕй зынаргъӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕлхӕнон. Стӕй дзаума балхӕныны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнын». Джанет ӕмбары, ӕхцайыл ауӕрдын куыд хорз у, уый. Афтӕ зӕгъы: «Кӕд мӕм уӕлдай ӕхца фӕзыны, уӕддӕр сӕ бафснайын, цӕмӕй бахъуаджы сахат ма фӕтыхсон».

Дӕ бон у дӕ фадӕттӕм гӕсгӕ цӕрын

Бирӕтӕ йӕ зонынц, Библийы кӕд сӕйраджыдӕр, Хуыцауимӕ ӕнгом куыд уӕм, уый тыххӕй фыст ис, уӕддӕр дзы ис хорз уынаффӕтӕ царды ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 2:6; Матфейы 6:25–34). Ацы статьяйы Библийӕ цы уагӕвӕрдтыл аныхас кодтам, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм ӕмӕ, ацы уынаффӕтӕй чи спайда кодта, уыцы адӕмӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд мах дӕр, цы нӕм ис, уымӕй фылдӕр нӕ хардз кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд милуангай адӕм цы бӕллӕхты бахауынц, уыдонӕй хызт уыдзыстӕм.

[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]

«Мах лӕмбынӕг фӕныхас кӕнӕм, ӕндӕр истӕуыл ма кӕд ӕхца бахардз кӕндзыстӕм, уӕд цас»

[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]

«Ӕмбырдтӕм транспортыл нӕ фӕцӕуӕм, фӕлӕ къахӕй»

[Хицӕнгонд текст 11 фарсыл]

«Дзаума балхӕныны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнын»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын