Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/10 3 ф.
  • Мыййаг дӕ ничи асайдта?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мыййаг дӕ ничи асайдта?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фыццаг мӕнг ныхас ӕркодта ӕвзӕр хабӕрттӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Петр ӕмӕ Анани кӕй асайдтой, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Рӕстдзинад ма ахсджиаг у?
    Ӕндӕр темӕтӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/10 3 ф.

Мыййаг дӕ ничи асайдта?

КӔУЫЛ ӕууӕндӕм, уыцы адӕймаг нӕ куы асайы, уӕд нын уымӕй зындӕр ницы вӕййы. Чи зоны нӕхимӕ ӕгад ӕркӕсӕм, смӕсты вӕййӕм кӕнӕ та нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ныл гадзрахатӕй рацыдысты. Мӕнг ныхас ӕмӕ мӕнгард митӕ ӕмбӕлтты кӕрӕдзимӕ сфыдӕх кӕнынц ӕмӕ бинонты цард фехалынц. Уымӕй уӕлдай мӕнгард адӕм иннӕтӕй дуне ӕхца асайынц.

Куы йӕ базонис, ныронг дын Хуыцауы тыххӕй цы дзырдтой, уыдӕттӕ мӕнг кӕй сты, уӕд дӕм уый куыд фӕкӕсид? Кӕд Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг дӕ, уӕд дын уый, ӕвӕццӕгӕн, тынг зын уаид ӕмӕ сразы уаис, раздӕр аргъуанмӕ чи цыд, уыдонӕй иуӕй-иуты ныхӕстимӕ.

● «Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма мыл мӕ дин сайдӕй рацыд» (ДИАНН).

● «Тынг смӕсты дӕн. Цыма мыл гадзрахатӕй рацыдысты, афтӕ фӕдӕн. Мӕ ныфс асаст ӕмӕ мӕ бӕллицтӕ митын мӕсгуытау атадысты» (ЛЬЮИС).

Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъдзынӕ: ау, Хуыцауы тыххӕй мын мӕнг ныхӕстӕ куыд фӕкодтаиккой? Дины тыххӕй цы зоныс, уый, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстай, кӕуыл ӕууӕндыс ӕмӕ дын сӕ зӕрдӕ хорз йеддӕмӕ ӕвзӕр кӕмӕн нӕ зӕгъы, уыдонӕй, зӕгъӕм, дӕ ныййарджытӕй, сауджынӕй кӕнӕ де ’мбалӕй. Уымӕй уӕлдай дын цы дзырдтой, уыдӕттӕ дӕ, чи зоны, уырнынц дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ, цымӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуыл феууӕндынц, уый алы хатт раст вӕййы? Америкӕйы раздӕры президент Франклин Рузвельт уый тыххӕй загъта: «Мӕнг ныхас раст ныхас нӕ фестдзӕн, цал хатты йӕ ма зӕгъай, уӕддӕр».

Цымӕ дӕу ничи асайдта? Уый куыд ис базонӕн? Иухатт Чырысти Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоанны 17:17). Хуыцауы Ныхас Библийы фӕрцы базонӕн ис, ӕцӕг цы у ӕмӕ мӕнг цы у, уый.

Хуыцауы тыххӕй арӕхдӕр фехъусӕн вӕййы фондз мӕнг ныхасы. Фӕлӕ Библимӕ куы ӕркӕсай, уӕд базондзынӕ, уыдон ӕцӕгдӕр мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты ӕмӕ фендзынӕ, рӕстдзинад адӕймаджы цард куыд аивы.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын