Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 47 статья
  • Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕсайынц
  • Ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый пайда цӕмӕн у
  • Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт у
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт у
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый цы пайда у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Бриллианттӕй зынаргъдӕр миниуӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 47 статья
Иу лӕппу иннӕмӕ экзамены сусӕгӕй шпаргалкӕ дӕтты, ӕмӕ афтӕмӕй сайы

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ӕнӕзӕрдӕхудт цӕмӕн хъуамӕ уай?

  • Иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕсайынц

  • Ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый пайда цӕмӕн у

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕсайынц

Абон адӕм сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, ӕнӕзӕрдӕхудт куы уай, уӕд дын уый зиан йеддӕмӕ ницы ӕрхӕсдзӕн. Бирӕтӕ, чи зоны, зӕгъой:

  • «Мӕ ныййарджыты куы нӕ асайон, уӕд мӕ бафхӕрдзысты».

  • «Экзамены куы нӕ сфыссон, уӕд ӕвзӕр бӕрӕггӕнӕн райсдзынӕн».

  • «Ацы дзаума куы нӕ адавон, уӕд мӕ йӕ балхӕнынӕн ӕхца ӕмбырд кӕнын бахъӕудзӕн».

Кӕнӕ та, чи зоны, исчи зӕгъа: «Ахӕмӕй дзы цы ис? Иууылдӕр афтӕ нӕ кӕнынц?»

Ацы фарстайӕн йӕ дзуапп у: нӕ кӕнынц. Тынг бирӕ адӕм – уыимӕ ӕрыгӕттӕй дӕр бирӕтӕ – нӕ дызӕрдыг кӕнынц, адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт куы уа, уӕд ын уый пайда кӕй хӕсдзӕн. Ӕмӕ афтӕ дзӕгъӕлы нӕ хъуыды кӕнынц. «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн»,– фыст ис Библийы (Галатӕгтӕм 6:7). Ӕндӕр ныхӕстӕй, нӕ алы хъуыддаг дӕр кӕнӕ хорз цӕмӕдӕр ӕркӕны, кӕнӕ та ӕвзӕр цӕмӕдӕр.

Ӕркӕсӕм-ма, иуӕй-иутӕ кӕй сайдтой, уый аххосӕй цы «ӕркарстой», уымӕ.

«Иу лӕппуимӕ дзырдтон, ӕмӕ мӕ мады асайдтон. Мӕ мад зыдта, сайгӕ йӕ кӕй кӕнын. Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт куы асайдтон, уӕд тынг смӕсты. Дыууӕ къуырийы мын скъолайӕ дарддӕр цӕуыны бар никуыдӕм уыд, иу мӕй та мын бар нӕ уыд телефонӕй пайда кӕнынӕн ӕмӕ телевизормӕ кӕсынӕн. Уый фӕстӕ мӕ ныййарджыты никуыуал асайдтон!» (Анитӕ).

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Цӕмӕй та Анитӕйыл йӕ мад ногӕй ӕууӕндын райдыдтаид, уый тыххӕй цасдӕр рӕстӕг цӕмӕн бахъуыдаид?

Библийы фыст ис. «Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 4:25).

«Мӕ ныййарджыты-иу сайдтон ӕмӕ ӕнхъӕлдтон, никуы йӕ базондзысты, цалынмӕ мын иу бон, цы хабар сын ракодтон, уый ногӕй нӕ радзурын кодтой, уӕдмӕ. Уый размӕ сын цы радзырдтон, уый мӕ бон ӕрхъуыды кӕнын нал уыд, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ мысгӕ ӕркодтон. Ӕппӕты райдианы сӕ куы нӕ асайдтаин, уӕд ахӕм уавӕры нӕ бахаудаин» (Энтони).

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Энтонийӕн цы баххуыс кодтаид, цӕмӕй ахӕм уавӕры ма бахаудаид?

Библийы фыст ис. «Мӕнг ӕвзаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстӕй чи архайы, уыдон та адджын сты йӕ зӕрдӕйӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 12:22).

«Иу ӕмбал мын ис, ӕмӕ исты куы фӕдзуры, уӕд ӕй ныддиссаг кӕны, къӕхтӕ ӕмӕ йыл къухтӕ бафтауы ӕмӕ хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕны. Бирӕ йӕ уарзын ӕмӕ цы фӕдзуры, ууыл ӕгӕр тынг нӕ фӕхъуыды кӕнын. Фӕлӕ йыл, раст зӕгъгӕйӕ, зынтӕй феууӕндын» (Ивонн).

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Ивонны ӕмбал хабӕрттыл къӕхтӕ ӕмӕ къухтӕ кӕй бафтауы ӕмӕ «гыццыл» кӕй фӕсайы, уый йын йӕ кад дӕлдӕр нӕ кӕны?

Библийы фыст ис. «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).

Хӕдзар, чи афаз, ахӕм бындуримӕ

Хӕдзар, чи афаз, ахӕм бындуримӕ куы уа, уӕд ын ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныккӕлынӕй тӕссаг у. Раст афтӕ, сайгӕ куы кӕнай, уӕд тӕссаг уыдзӕн, дӕ хорз ном куы фӕхудинаг уа, уымӕй

Ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый пайда цӕмӕн у

Ныр та ӕркӕсӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт куы уай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уымӕ.

«Мӕ разӕй цы сылгоймаг цыд, уымӕн йе ’хцатӕ ӕрхаудысты. Фӕдзырдтон ӕм ӕмӕ йын сӕ радтон. Тынг мӕ фӕбузныг ӕмӕ мын загъта: „Стыр бузныг дын. Бирӕтӕ нӕ бакодтаиккой афтӕ“. Иннӕтӕ дын дӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы бафиппайынц, уӕд уый тынг ӕхсызгон вӕййы!» (Вивиан).

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Вивиан афтӕ кӕй бакодта, уый сылгоймагмӕ диссаг цӕмӕн фӕкаст? Ӕмӕ Вивианӕн та уый цы пайда ӕрхаста?

Библийы фыст ис. «Амондджын сты... алкӕддӕр рӕстӕй чи архайы, уыдон» (Псалом 106:3).

«Ӕнӕхъӕн бинонтӕй кӕнӕм иу куыст – агъуыстытӕ ’фснайӕм. Хатт пъолыл лыстӕг ӕхца ссарӕм. Мах ӕй сисӕм, ӕмӕ, цы стъолмӕ хӕстӕгдӕр уыд, ууыл ӕй сӕвӕрӕм. Кусджытӕй ма нӕм иу уый тыххӕй мӕсты дӕр кодта. „Дӕлӕмӕ дӕр, уӕлӕмӕ дӕр дӕс центы“,– зӕгъгӕ-иу бахъуыр-хъуыр кодта. Ӕмӕ кӕд афтӕ дзырдта, уӕддӕр ныл тынг ӕууӕндыд» (Джулия).

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Джулияйӕн ахӕм ном кӕй ис, уый йын куыд фӕпайда уыдзӕн, ӕндӕр куыстмӕ йӕ рекомендаци куы хъӕуа, уӕд?

Библийы фыст ис. «Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы... ахӕм кусӕгӕй» (2 Тимофеймӕ 2:15).

«Чек мӕм ӕрбацыд 80 сахаты куыстӕн, афтӕмӕй та ӕрмӕст 64 сахаты бакуыстон. Уыцы ӕхцатӕ мӕхицӕн куы баззадаиккой, уӕд хорз уыдаид, фӕлӕ мӕнӕн мӕ бон афтӕ бакӕнын нӕ уыд. Бухгалтерӕн уыцы рӕдыды тыххӕй загътон, ӕмӕ мӕ тынг фӕбузныг ис. Цы компанийы кусын, уый мӕгуыр нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уыцы ӕхца мӕхицӕн нӕ ныууагътаин, уымӕн ӕмӕ уӕд афтӕ рауадаид, ӕмӕ сӕ адавтон» (Бетани).

Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Цымӕ компанийӕ адавын искӕмӕй адавынимӕ абаргӕйӕ къаддӕр сайд у?

Библийы фыст ис. «Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32).

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Тоби

ТОБИ

Скъоладзаутӕ экзаменты сфыссыныл цас тыхтӕ бахардз кӕнынц, уый диссаг у. Уыцы тыхтӕн се ’мбис ахуыр кӕныныл куы хардз кӕниккой, уӕд-иу сӕ ӕнӕуи дӕр раттиккой!

Остин

ОСТИН

Ахъуыды кӕнын: «Хабар ӕцӕгдӕр куыд уыд, уый куы зӕгъон, уӕд мыл ӕппӕты фыддӕр цы ’рцӕудзӕн?» Стӕй та ахъуыды кӕнын, куы асайон, уӕд мыл цы ’рцӕудзӕн, ууыл. Уыдӕттыл кӕй фӕхъуыды кӕнын, уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма сайон.

Хайди

ХАЙДИ

Бирӕтӕ асайынц, раст цы у, уый куы зӕгъой, уӕд сын уый зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн, уымӕй тӕрсгӕйӕ. Фӕлӕ фӕлтау, ӕцӕг цы у, уый зӕгъ, ӕмӕ дӕ бафхӕрой, цӕйнӕфӕлтау дӕ дӕ цӕсгом хӕра.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын