Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 42 статья
  • Ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Тест
  • Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у
  • Дӕ бон цы у аразын
  • Иннӕтимӕ куыд ныхас кӕныс, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Иннӕты хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый мӕ куы тыхсын кӕна, уӕд цы хъуамӕ саразон?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Дӕ дзыхыныхасӕй иннӕтӕн фӕзминаг дӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 42 статья
Лӕппу фехъуыста, чызджытӕ ӕвзӕр дзыхӕй куыд дзурынц, уый.

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕцӕгдӕр ӕвзӕр у?

«Ӕвзӕр ныхӕстӕ афтӕ арӕх хъусын, ӕмӕ мӕм нымады дӕр нал сты» (Кристофер, 17 азы).

«Къаддӕр ма куы уыдтӕн, уӕд ӕвзӕр дзыхӕй тынг дзырдтон. Ӕвзӕр ныхӕстӕ дзурын тагъд сахуыр дӕн, фӕлӕ мын уыцы ахуыр ныууадзын тынг зын уыд» (Ребеккӕ, 19 азы).

  • Тест

  • Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у

  • Дӕ бон цы у аразын

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Тест

  • Иннӕтӕ ӕвзӕр дзыхӕй куы фӕдзурынц, уӕд дӕм уый куыд фӕкӕсы?

    • Ницӕмӕ йӕ фӕдарын. Ӕвзӕр мӕм нӕ кӕсы.

    • Хорз мӕм нӕ кӕсы, фӕлӕ сын цы бакӕнон?

    • Тынг ӕвзӕр мӕм кӕсы. Никуы йыл сахуыр уыдзынӕн.

  • Ӕвзӕр дзыхӕй цас арӕх фӕдзурыс?

    • Никуы

    • Иуӕй-иу хатт

    • Арӕх

  • Дӕумӕ гӕсгӕ, ацы фарстайыл аныхас кӕнын ахсджиаг у?

    • Ахсджиаг нӕу

    • Ахсджиаг у

Ацы фарста ахсджиаг цӕмӕн у

Куыд дӕм кӕсы, бирӕтӕ ӕвзӕр дзыхӕй кӕй дзурынц, ууыл аныхас кӕнын ахсджиаг у? Чи зоны, зӕгъдзынӕ: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ. Дунейы уымӕй ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ ис. Стӕй ӕвзӕр дзыхӕй алчидӕр дзуры». Фӕлӕ цымӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Уырны дӕ ӕви нӕ, уӕддӕр бирӕтӕ ӕвзӕр дзыхӕй нӕ дзурынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ зонынц, иннӕтӕ хъуыды дӕр кӕуыл нӕ кӕнынц, цалдӕр ахӕм хъуыддаджы. Зӕгъӕм:

  • Хъуыддаг ӕрмӕст ныхӕсты мидӕг нӕй. Дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, цавӕр адӕймаг дӕ, уый. Ӕвзӕр дзыхӕй куы дзурай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты кӕй ницӕмӕ дарыс. Фӕлӕ ӕцӕгӕйдӕр ахӕм дӕ?

    Библийы фыст ис: «Дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ ссӕуы, ӕмӕ адӕймаджы чъизи дӕр уый кӕны» (Матфейы 15:18).

    Ӕвзӕр дзыхӕй чи дзуры, уыцы лӕппуйӕ иннӕ ӕрыгӕттӕ иуварс азылдысты, заводӕй цы фӕздӕг кӕлы, уымӕй куыд азилай дӕхи, афтӕ.

    Ӕвзӕр дзыхӕй дзурын чъизи хъуыддаг у. Дӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр цӕмӕн хъуамӕ чъизи кӕнай?

  • Ӕвзӕр дзыхӕй куы дзурай, уӕд дӕ иннӕтӕ ’взӕр адӕймагыл нымайдзысты. Иу чиныджы фыст ис: «Цы ӕмӕ куыд дзурӕм, уымӕй кӕнгӕ у, не ’мбӕлттӕ чи уыдзысты; нӕ бинонтӕ ӕмӕ нын не ’мкусджытӕ аргъ кӕндзысты ӕви нӕ; иннӕтимӕ нын цавӕр ахастытӕ уыдзӕн; нӕ ныхасы уӕз уыдзӕн ӕви нӕ; хорз куыст ссардзыстӕм кӕнӕ нын куысты хуыздӕр бынат ратдзысты ӕви нӕ, стӕй нӕм адӕм цы цӕстӕй кӕсдзысты». Стӕй ма дзы фыст ис: «Ахъуыды кӕн, ӕвзӕр дзыхӕй куы нал дзурай, уӕд дӕм иннӕтӕ хуыздӕр цӕстӕй нӕ кӕсдзысты?» (Cuss Control).

    Библийы фыст ис: «Ныууадзут... ӕфхӕрӕн ныхас» (Ефесӕгтӕм 4:31).

  • Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ куы ’лгъитай, уӕд иннӕты зӕрдӕмӕ цӕудзынӕ, уӕд рӕдийыс. Доктор Алекс Пакер йӕ чиныджы «Уый цавӕр дзыхӕй дзурыс!» ныффыста: «Ӕдзух ӕвзӕр дзыхӕй чи дзуры, ахӕм адӕммӕ хъусынӕй адӕймаг сфӕлмӕцы». Стӕй ма ныффыста: «Ӕмбаргӕ, цыргъзонд, зондджын кӕнӕ хӕларзӕрдӕ кӕй сты, уый равдисынӕн фаг ныхӕстӕ нӕ зонынц. Ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕ куы дзурай ӕмӕ, цы дзурыс, уый зын бамбарӕн куы уа, уӕд дӕ зонд дӕр ныкъкъуымых уыдзӕн» (How Rude!).

    Библийы фыст ис: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд» (Ефесӕгтӕм 4:29).

Дӕ бон цы у аразын

  • Дӕ разы нысан сӕвӕр. Хорз уаид, куы бацархаис, цӕмӕй иу мӕй кӕнӕ къаддӕр ӕвзӕр дзыхӕй ӕппындӕр ма дзурай. Цы дын бантыса, уый-иу къӕлиндары кӕнӕ ӕндӕр искуы фӕнысан кӕн. Фӕлӕ цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, уый тыххӕй ма дӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕр цыдӕртӕ саразын дӕр бахъӕудзӕн. Зӕгъӕм:

  • Дӕхи хиз, ӕвзӕр дзыхӕй кӕм дзурынц, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Библийы фыст ис: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ацы ран дзырд «ӕмбӕлттӕ» ӕрмӕст адӕммӕ нӕ хауы, фӕлӕ ирхӕфсӕнтӕм дӕр, зӕгъӕм, цы кинотӕм кӕсыс, цы видеохъӕзтытӕй хъазыс ӕмӕ цы музыкӕмӕ хъусыс, уыдонмӕ. Иу 17-аздзыд лӕппу, Кеннет, загъта: «Исты зарӕджы музыкӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуы, уӕд йемӕ зарын райдайы. Ӕмӕ дзы ӕвзӕр ныхӕстӕ кӕй ис, ууыл хъуыды дӕр нӕ фӕкӕны».

  • Фӕлтӕрдджын кӕй дӕ, уый бӕрӕг уӕд. Иуӕй-иутӕ ӕвзӕр дзыхӕй фӕдзурынц, цӕмӕй равдисой, сывӕллӕттӕ кӕй нал сты. Фӕлӕ афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уымӕй тынг рӕдийынц. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй фӕлтӕрд адӕймаг у, «йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта», уый (Дзуттӕгтӕм 5:14). Ахӕм адӕймаг йе ’гъдау ӕмӕ йе ’фсармы сӕрты нӕ ахиздзӕн, цӕмӕй иннӕты раз йӕхи равдиса.

Ӕвзӕр дзыхӕй чи дзуры, уый ӕрмӕст йӕхи зонд нӕ чъизи кӕны, фӕлӕ йӕм чи хъусы, уыдоны зонд дӕр. Дунейы ӕнӕгъдаудзинад ӕнӕуи дӕр фаг ис! Иу чиныджы фыст ис: «Ды уӕддӕр ма дзур ӕвзӕр дзыхӕй! Уӕд, ӕвзӕр дзыхӕй чи дзуры, уыдон иу адӕймаг къаддӕр уыдзысты. Афтӕмӕй дӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, ӕмӕ дӕм иннӕтӕ дӕр хуыздӕр цӕстӕй кӕсдзысты» (Cuss Control).

ДЕ ’МГӔРТТӔ ЦЫ ДЗУРЫНЦ

Джаред.

«Ӕвзӕр ныхӕстӕй дӕхицӕн хорз ном не скӕндзынӕ. Ӕвзӕр ныхӕстӕ фӕкӕны, йӕ хъуыдытӕ бамбарын кӕнынӕн ныхӕстӕ кӕмӕн нӕ фӕфаг кӕны, уый» (Джаред).

Дженнифер.

«Адӕм сӕхӕдӕг ӕвзарынц, цы ӕмӕ куыд дзурдзысты, уый. Кӕд уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр-иу исты зӕгъыны размӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм. Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй адӕймаг ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзура» (Дженнифер).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын