Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ijwyp 62 статья
  • Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
  • Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цӕмӕн ӕй хъӕуы ахуыр кӕнын?
  • Цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны?
  • Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
  • Сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Ӕрлидзджыты сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • «Ӕгас зӕххыл дӕр уыди иу ӕвзаг»
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
Фылдӕр фенын
Фӕсивӕды фарстатӕ
ijwyp 62 статья
Адӕймаг ног ныхӕстӕ ахуыр кӕны

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ рабӕрӕг уыдзӕн, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг дӕ ӕви нӕ. Фӕлӕ цымӕ ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын йӕ фыдӕбоны аргъ у? Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, о, зӕгъгӕ, зӕгъиккой. Ацы статьяйӕ базондзынӕ, уыцы ӕрыгӕттӕ ӕндӕр ӕвзаг цӕмӕн ахуыр кӕнынц, уый.

  • Цӕмӕн ӕй хъӕуы ахуыр кӕнын?

  • Цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны?

  • Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

  • Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Цӕмӕн ӕй хъӕуы ахуыр кӕнын?

Бирӕтӕ ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ скъолайы программӕйы ис. Иннӕты та сӕхи бафӕндыд. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ:

  • Ӕрыгон австралиаг чызг Аннӕ сфӕнд кодта латвиаг ӕвзаг сахуыр кӕнын – уый йӕ мады мадӕлон ӕвзаг у. «Нӕ бинонтӕ сфӕнд кодтой Латвимӕ ацӕуын, ӕмӕ мӕ фӕндыд, мӕ хӕстӕджытимӕ ныхас кӕнын»,– зӕгъы Аннӕ.

  • Джинӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты, сахуыр кодта америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг ӕмӕ сфӕнд кодта Белизмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Джинӕ дзуры: «Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕн сӕ бон нӕу, кӕимӕ сӕ фӕнды, уыдонимӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ сын куы бамбарын кӕнын, къухӕйамонгӕ ӕвзаг уый тыххӕй кӕй сахуыр кодтон, цӕмӕй сӕ Библиимӕ базонгӕ кӕнон, уӕд сын тынг ӕхсызгон вӕййы!»

Зыдтай йӕ? Библийы загъд уыд, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн «алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Раргомад 14:6). Цӕмӕй ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕна, уый тыххӕй ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ райдыдтой ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын. Уый фӕрцы сӕ бон вӕййы фылдӕр хъусын кӕнын сӕхи бӕстӕйы кӕнӕ та ӕндӕр бӕстӕйы.

Цавӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны?

Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕнцон нӕу. Иу ӕрыгон чызг Корринӕ зӕгъы: «Ӕз афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ ног ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ ӕрмӕст ныхӕстӕ ахуыр кӕнын хъӕуы. Фӕлӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ма хъӕуы ног культурӕ базонын, стӕй уыцы ӕвзагыл хъуыды кӕнын дӕр. Ног ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг».

Стӕй ма хъуамӕ уай сӕрныллӕг. Иу ӕрыгон лӕппу Джеймс ахуыр кодта испайнаг ӕвзаг ӕмӕ загъта: «Хъуамӕ дӕхиуыл ахудын зонай, уымӕн ӕмӕ арӕх рӕдидзынӕ. Ӕнӕ уымӕй ӕвзаг нӕ сахуыр кӕндзынӕ».

Хатдзӕг. Цыдӕр дын кӕй нӕ рауайы, уый тыххӕй-иу дӕ ныфс куы нӕ асӕтта, уӕд ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕндзынӕ.

Уынаффӕ. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ иннӕтӕ дӕуӕй тагъддӕр ахуыр кӕнынц ӕвзаг, уӕд-иу дӕ къухтӕ ма ’руадз. Библийы фыст ис: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (Галатӕгтӕм 6:4).

Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

Ӕндӕр ӕвзаг зонын бирӕ пайда хӕссы. Зӕгъӕм, иу ӕрыгон чызг Оливи зӕгъы: «Ӕндӕр ӕвзаг куы ахуыр кӕнай, уӕд дын фылдӕр зонгӕтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ фӕзындзӕн».

Ӕндӕр ӕрыгон чызг Мэрийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаг ног ӕвзаг куы фӕахуыр кӕны, уӕд йӕхицӕн тынгдӕр фӕаргъ кӕны. Мэри загъта: «Стыр курдиӕттӕ мӕм нӕй, фӕлӕ ныр иу ног ныхас куы сахуыр кӕнын, уӕддӕр фӕцин кӕнын ӕмӕ мӕхицӕй райгонд вӕййын».

Уӕлдӕр цы Джинӕйы кой кодтам, уый загъта, зӕгъгӕ, адӕмимӕ Библи къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕй ахуыр кӕнын, уый тыххӕй мын мӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕссы. Джинӕ загъта: «Адӕмимӕ сӕхи ӕвзагыл ныхас кӕнын куы райдайын, уӕд сӕ цӕсгӕмттӕ цинӕй ныррухс вӕййынц. Ӕмӕ уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис!»

Хатдзӕг. Ӕндӕр ӕвзаг куы ахуыр кӕнай, уӕд дын фылдӕр ӕмбӕлттӕ фӕзындзӕн, дӕхицӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, ӕмӕ дын дӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн. Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын ахсджиаг у, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ, мыггӕгтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ» рӕстдзинад фехъусой (Раргомад 7:9).

Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц

Моникӕ

«Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ афтӕ куы хъуыды кӕнай, нӕ йӕ сахуыр кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд цыма дӕ машинӕйы цалх суагъта, афтӕмӕй йыл цӕуыс, уый хуызӕн уыдзӕн дӕ хабар. Ӕмӕ йӕ куы нӕ аивай, уӕд дард нӕ ацӕудзынӕ. Хъуамӕ хорз цӕуылдӕр хъуыды кӕнай, зын дын куы уа, уӕд дӕр» (Моникӕ).

Итӕн

«Ӕвзаг ахуыр кӕнын абарӕн ис хӕзнатӕ агурынимӕ. Гӕнӕн ис, сахатгай кусай ӕмӕ мацы ссарай, фӕлӕ цас фылдӕр архайай, уыйас дӕ нысанмӕ ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. Дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй куы архайай, уӕд хӕзнатӕ ссардзынӕ» (Итӕн).

Джессикӕ

«Зынтӕй цы ӕвзаг сахуыр кодтай, уыцы ӕвзагыл адӕмимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд ма уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уа! Уӕд ӕй бамбардзынӕ, ӕвзаг ахуыр кӕныныл цы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз кодтай, уый йӕ фыдӕбоны аргъ кӕй уыди» (Джессикӕ).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын