Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 11/09 3–5 фф.
  • Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый ӕндӕр ӕвзагыл куы дзура
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн хъусын кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
km 11/09 3–5 фф.

Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм

1. Уацамынды цавӕр адӕмыл фембӕлӕм ӕмӕ сын цавӕр фадат ис?

1 Йесо Чырысти загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл, «цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой». Ацы ныхӕстӕ куыд ахсджиаг сты, уый хорз ӕмбарынц, хорз хабар чи хъусын кӕны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдон (Матф. 24:14; 28:19, 20). Мах фембӕлӕм, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмыл. Уыцы адӕмӕн ис фадат Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусынӕн ӕмӕ раст фӕндагыл слӕууынӕн, цалынмӕ Йегъовӕйы тӕссаг бон не ’рцыд, уӕдмӕ (Мал. 3:18). Уӕдӕ нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн?

2. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?

2 Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕммӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс. Мах хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй адӕм бӕлвырдӕй базоной ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурой, уӕддӕр. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, адӕммӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕй кӕсӕм (Пс. 83:18; Ап. хъ. 10:34, 35). Мах сӕйраджыдӕр архайӕм, цӕмӕй хъусын кӕнӕм, не ’мбырд цы ’взагыл дзуры, уыцы ’взагыл дзурӕг адӕмӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдоны ӕмӕ агурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй алы адӕмыхӕттытӕ дӕр фехъусой хорз хабар. Уымӕ гӕсгӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн куы нӕ хъусын кӕнӕм, уӕд уый йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ уыдзӕн. Уӕдӕ сын куыд баххуыс кӕнӕм?

3. Цавӕр брошюрӕ нӕм ис ӕмӕ дзы нӕ бон куыд у пайда кӕнын?

3 Брошюрӕ «Благая весть для людей из всех народов». Ацы брошюрӕ арӕзт у, цӕмӕй нӕ бон ныхас кӕнын уа, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмимӕ. Ӕдзухдӕр демӕ уӕд, базон, куыд арӕзт у ӕмӕ дзы куыд пайда кӕндзынӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Цӕмӕй, кӕм цӕрыс, уым цы ’взӕгтыл дзурынц, уыдоныл хъусын кӕнай, уый тыххӕй брошюрӕйы фӕнысан кӕн, чи дӕ бахъӕудзӕн, уыцы фӕрстӕ. Кӕд уе ’мбырды уыцы ӕвзӕгтыл литературӕ ис, уӕд-иу дзы райс, цӕмӕй дзы искӕмӕн дӕ бон уа раттын.

4. Брошюрӕйӕ «Благая весть» куыд ис пайда кӕнӕн?

4 Искӕимӕ ныхас кӕнын куы райдайай ӕмӕ бӕлвырд куы нӕ зонай, цы ’взагыл дзуры, уӕд ын равдис брошюрӕйы цъар. Мидӕггаг фарсыл цы картӕ ис, уым ын бацамон, дӕхӕдӕг цы бӕстӕйы цӕрыс, уый ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй равдиса, уый кӕцӕй у, уыцы бӕстӕ ӕмӕ дын бамбарын кӕна, цы ’взагыл дзуры, уый. Куы йӕ базонай, цы ’взагыл дзуры, уый, уӕд рафӕлдах, сӕргӕндтӕ кӕм сты, уыцы фарс ӕмӕ ссар, дӕу чи хъӕуы, уыцы ’взаг. Уыцы фарсыл ӕй байгом кӕн ӕмӕ адӕймаджы ’ргом раздах уӕлейӕ ставд фыстмӕ, стӕй йын бамбарын кӕн, цӕмӕй ӕнӕхъӕн фарс бакӕса. Куы йӕ бакӕса, уӕд ын ратт йе ’взагыл трактат кӕнӕ йын бацамон ӕртыккаг абзацы фӕстаг хъуыдыйадмӕ. Уыцы хъуыдыйады фыст ис, дӕ бон ын кӕй у ӕрбахӕссын йӕ мадӕлон ӕвзагыл чиныг кӕнӕ брошюрӕ. Равдис ын ныхӕстӕ, «мӕ ном», зӕгъгӕ, ӕмӕ йын дӕ ном зӕгъ. Стӕй йын бацамон, «дӕ ном», зӕгъгӕ, кӕм ис, уыцы фыстмӕ, цӕмӕй дын йӕ ном зӕгъа. Стӕй бацархай, цӕмӕй та йӕм ногӕй бацӕуай.

5. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уыд ын куыд баххуыс кӕнӕн ис?

5 Дарддӕр цы саразӕн ис? Хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕймагимӕ ногӕй фембӕлӕм, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзура, уӕддӕр. Кӕд бӕрӕг у, адӕймаджы Хуыцауы ӕмӕ йӕ Ныхасы тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд хъуамӕ байдзаг кӕнӕм бланк «Пожалуйста, посети этого человека» (S-43-U) ӕмӕ йӕ уайтагъд раттӕм ӕмбырды секретармӕ, цӕмӕй йӕ уый арвита филиалмӕ. Филиал бланк арвитдзӕн, уыцы ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм къордмӕ. Уым куыддӕр бланк райсой, афтӕ хъусынгӕнджытӕ бацархайдзысты, цӕмӕй уыцы адӕймагимӕ фембӕлой. Секретарӕн йӕ бон у, уыцы бланкы къопи уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгӕн раттын, цӕмӕй уый дӕр фӕхабар кӕна, уыцы адӕймаджы ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм къордӕн. Ацы бланкӕй хъӕуы пайда кӕнын, адӕймаджы ӕцӕгдӕр фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд.

6. Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймагыл куы фембӕлӕм, уӕд ныл цы хӕс ис?

6 Цалынмӕ адӕймагмӕ, йе ’взагыл чи дзуры, ахӕм хъусынгӕнӕг бацӕуа, уӕдмӕ, гӕнӕн ис, цасдӕр рӕстӕг рацӕуа. Уӕдмӕ уал, бланк S-43 чи байдзаг кодта, уыцы хъусынгӕнӕгӕн йӕ хӕс у уыцы адӕймаджы бӕрӕг кӕнын. Чи зоны йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн дӕр ис. Фӕлӕ хъусынгӕнӕг кӕцӕй исдзӕн уыцы ’взагыл литературӕ, цалынмӕ, адӕймагмӕ, йӕхи ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм хъусынгӕнӕг нӕ бацӕуа, уӕдмӕ?

7. Цавӕрдӕр ӕвзагыл литературӕ кӕм ис ссарӕн?

7 Литературӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл. Ӕмбырдты хъуамӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл литературӕ бирӕ ма уа. Фӕлӕ, кӕд нӕ участокты цавӕрдӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕм рӕстдзинадмӕ хъусынц, уӕд уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕгӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, цӕмӕй се ’мбырды уыцы ӕвзагыл иу гыццыл литературӕ уа. Кӕд уӕм уыцы ӕвзагыл литературӕ нӕй, уӕд ӕй ис рафыссӕн. Бахъӕудзӕн цасдӕр рӕстӕг банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ уыцы литературӕ ’рцӕуа, уӕдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ уал цавӕрдӕр литературӕ ссарӕн ис Интернеты нӕ организацийы сайтыл www.watchtower.org ӕмӕ йӕ рауадзӕн ис гӕххӕттыл. Уыцы сайтыл ис литературӕ сӕдӕгай ӕвзӕгтыл ӕмӕ сӕ хъусынгӕнӕг кӕнӕ уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг уым ӕнцонтӕй ссардзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕр стыр ӕххуыс уыдзӕн, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕймагӕн.

8. Ӕмбырдӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕймагӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕна?

8 Ӕмбырдӕн йӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын? Иуӕй-иу рӕтты, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕм бирӕ цӕры, фӕлӕ се ’взагыл ӕмбырд ӕввахс нӕй. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд адӕймаджы рӕстдзинад базонын фӕнды, уӕд ӕй хъӕуы уе ’мбырдмӕ фӕхонын. Зӕрдиагӕй йын ӕгасцуай куы зӕгъӕм ӕмӕ йыл куы баузӕлӕм, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда ӕмбырдтӕм ӕдзух цӕуын. Райдианы нын, ӕвӕццӕгӕн, зын уыдзӕн кӕрӕдзи ӕмбарын, ӕвзаг кӕй нӕ зонӕм кӕнӕ алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ уый цӕлхдур нӕу, ӕппӕт дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕрӕдзийыл чи бӕтты, уыцы чырыстон уарзондзинадӕн (Соф. 3:9; Иоан. 13:35). Мыййаг, дӕ мадӕлон ӕвзагӕй фӕстӕмӕ, цавӕрдӕр ӕвзагыл дзурыс? Кӕд дзурыс ӕмӕ дӕ фӕнды уыцы ӕвзагыл хъусын кӕнын, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, уый тыххӕй зӕгъ де ’мбырды секретарӕн, цӕмӕй уый фӕхабар кӕна филиалмӕ. Уый фӕрцы филиалӕн ӕнцондӕр уыдзӕн ссарын, уыцы ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм хъусынгӕнӕджы, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕной рӕстдзинад базонынӕн.

9. Ӕндӕр ӕвзаджы курсытӕ кӕд ис скӕнӕн ӕмӕ уый тыххӕй цы хъӕуы?

9 Ӕндӕр ӕвзаджы курсытӕ. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн куы хъусын кӕнай, уӕд-иу сӕ хон уе ’мбырдмӕ, кӕд сӕм ӕмбырд тынг дард нӕу, уӕд. Фӕлӕ сын ӕмбырдтӕм цӕуыны фадат куы нӕ уа, уӕд, чи зоны, хъусынгӕнджытӕй кӕйдӕр уыцы ’взаг сахуыр кӕнын бафӕнда, цӕмӕй сын афтӕмӕй баххуыс кӕна. Кӕд се ’взагыл ӕмбырд ӕввахс нӕй, фӕлӕ уыцы ран бирӕ ис уыцы ’взагыл дзурӕг бынӕттон кӕнӕ ӕрцӕуӕггаг адӕм, уӕд, чи зоны, филиал уынаффӕ рахӕсса, уыцы ’взаджы курсытӕ скӕныны тыххӕй. Филиал хӕстӕгдӕр ӕмбырдтӕн фӕхабар кӕндзӕн, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕн зӕгъой, кӕй хъӕуы уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын ӕмӕ филиал кӕй пълан кӕны, уыцы ’взаджы курсытӕ скӕнын. Курсыты сахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ нысан хъуамӕ уа, уыцы къордмӕ кӕнӕ ӕмбырдмӕ рахизын.

10. Ӕндӕр ӕвзагыл къорд саразӕн кӕд ис?

10 Ӕндӕр ӕвзагыл къорд саразӕн кӕд ис? Цӕмӕй ӕндӕр ӕвзагыл къорд фӕзына, уый тыххӕй хъӕуы цыппар хъуыддаджы. 1) Бӕрӕг у, уыцы ’взагыл дзурӕг адӕмӕй бирӕтӕ кӕй базондзысты рӕстдзинад. 2) Ӕмбырды ис, уыцы ’взаг чи зоны кӕнӕ йӕ чи ахуыр кӕны, цалдӕр ахӕм хъусынгӕнӕджы. 3) Ӕмбырды ис, хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, ӕппынкъаддӕр, къуыри иу хатт уыцы ’взагыл иу фембӕлд уадзын чи сарӕхса ӕмӕ уыцы къордӕн разамынд чи дӕтта, ахӕм. 4) Хистӕр нӕлгоймӕгты совет разы у уыцы къордӕн ӕххуыс кӕныныл. Кӕд ацы цыппар хъуыддаджы сты, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты совет уыцы къорды тыххӕй ныффысдзӕн филиалмӕ, сӕ хъус кӕй дарынц ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг къордмӕ. (Кӕс чиныг «Организованы» 106, 107 фф.) Къордӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы хистӕр нӕлгоймаг хуындзӕн «къорды цӕстдарӕг», кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр та – «къорды лӕггадгӕнӕг».

11. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнын стыр кад цӕмӕн у?

11 Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕнӕхъӕн дунейы цы хъусын кӕныны хъуыддаг цӕуы, уый. Раст афтӕ кодта нӕ Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти дӕр. Цӕй уӕдӕ зынгзӕрдӕйӕ архайӕм ацы хъуыддаджы ӕмӕ уӕд уындзыстӕм, Йегъовӕ адӕмты куыд «змӕлын кӕны» ӕмӕ ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ куыд ӕмбырд кӕны, уый (Агг. 2:7). Куыд ӕхсызгон нын у ацы хъуыддаджы иумӕ ӕмгуыст кӕнын. Ма рох кӕнӕм, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, мах ын йе ’взаг куы нӕ зонӕм, уӕд дӕр. Уӕдӕ нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕнӕд! (1 Кор. 3:6–9).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын