Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • od 9 сӕр, 87–104 фф.
  • Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ
  • АГУРӔМ АККАГ АДӔЙМӔГТЫ
  • АДӔММӔ-ИУ НОГӔЙ БАЦӔУӔМ
  • АДӔМИМӔ БИБЛИ АХУЫР КӔНӔМ
  • БИБЛИ ЧИ АХУЫР КӔНЫ, УЫДОНЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИИМӔ ЗОНГӔ КӔНӔМ
  • ПАЙДА КӔНӔМ БИБЛИ ӔМБАРЫНГӔНӔН ЛИТЕРАТУРӔЙӔ
  • ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ НЫН КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД
  • ТЕРРИТОРИ ӔМӔ УЧАСТОКТӔ
  • ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔНДӔР ӔВЗӔГТЫЛ ДЗУРӔГ АДӔМӔН
  • ИУМӔ КЪОРДӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН
  • Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
  • Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уый ӕндӕр ӕвзагыл куы дзура
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Ӕмгуыст кӕнӕм, цӕмӕй, бирӕ ’взӕгтыл кӕм дзурынц, уыцы территорийы хъусын кӕнӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2018
  • Хъусын кӕныны размӕ агурӕм, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕмы
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
od 9 сӕр, 87–104 фф.

9 СӔР

Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ

ЙЕСО йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фӕзминаг у, куыд зӕрдиагӕй хъусын кодта, уымӕй. Уый йӕхӕдӕг цыди адӕммӕ, семӕ ныхас кодта ӕмӕ сӕ ахуыр кодта сӕ хӕдзӕртты, стӕй ӕхсӕнадон бынӕтты дӕр (Матф. 9:35; 13:36; Лук. 8:1). Кӕимӕдӕрты-иу ныхас кодта хицӕнтӕй, йӕ ахуыргӕнинӕгты-иу ахуыр кодта хибарӕй, стӕй-иу ныхас кодта цалдӕр мин адӕймагимӕ дӕр (Мар. 4:10–13; 6:35–44; Иоан. 3:2–21). Йесо-иу алы уавӕрӕй дӕр спайда кодта, цӕмӕй искӕй бафидар кодтаид ӕмӕ йын ныфсы ныхӕстӕ загътаид (Лук. 4:16–19). Суанг-иу тынг фӕллад куы уыд, уӕд дӕр-иу хъусын кӕныны фадат нӕ ауагъта (Мар. 6:30–34; Иоан. 4:4–34). Йесо куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй Библийы куы фӕкӕсӕм, уӕд мах дӕр афтӕ лӕггад кӕнын нӕ бафӕнды? Куыннӕ! Йӕ апостолтау мах дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (Матф. 4:19, 20; Лук. 5:27, 28; Иоан. 1:43–45).

2 Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо Чырысти иу-2 000 азы размӕ цы куыст райдыдта, уый аразынӕн абон чырыстӕттӕн цавӕр фадӕттӕ ис, уымӕ.

ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ

3 Мах ӕмбарӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын тынг ахсджиаг кӕй у. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ афтӕ арӕх фӕхъусын кӕнӕм, ӕмӕ нӕ адӕм уымӕй зонынц. Цыбыр рӕстӕгмӕ хорз хабар милуангай адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн ацы мадзалӕй кӕй пайда кӕнӕм, уый у зондыл дзурӕг. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, цы стыр тыллӕг ӕрхаста, уымӕй (Матф. 11:19; 24:14). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕ бон у хъуыддагӕй равдисын, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый (Матф. 22:34–40).

4 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не ’рымысыдысты. Апостол Павел дӕр дзырдта, адӕмы сӕ хӕдзӕртты кӕй ахуыр кодта, уый тыххӕй. Йӕ лӕггады тыххӕй Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы дзырдта, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Азимӕ цы бон ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ... Ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – пайда уын цы уыди, уый уын дзырдтон ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон... хӕдзарӕй-хӕдзармӕ». Павел «дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр бӕстон ӕмбарын кодта, кӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕной, Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ раздӕхой ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл кӕй хъуамӕ баууӕндой» (Хъуыд. 20:18, 20, 21). Ромы императортӕ адӕмы мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдтой, ӕмӕ бирӕтӕ уыцы хуыцӕуттӕй тынг тарстысты. Адӕмы ӕвӕстиатӕй хъуыди, «дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауы» агурын. Павел сын загъта, зӕгъгӕ, уый «ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной» (Хъуыд. 17:22–31).

5 Абон та адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын ноджы ахсджиагдӕр у. Ацы фыддунейы кӕрон кӕны хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр. Ӕмӕ уый зонгӕйӕ уыцы хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайӕм. Рӕстӕг равдыста, рӕстдзинад чи агуры, уыцы адӕмы ссарынӕн хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕй хуыздӕр мадзал кӕй нӕй. Афтӕ уыди Йесойы ӕмӕ апостолты рӕстӕджы, ӕмӕ афтӕ у абон дӕр (Мар. 13:10).

6 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ды дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайыс? Кӕд о, уӕд ӕй фидарӕй зон, Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕ кӕй райы (Йез. 9:11; Хъуыд. 20:35). Чи зоны дын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕнцон нӕу. Чи зоны, де ’нӕниздзинад сӕ хӕрзтӕй нӕу кӕнӕ уӕ территорийы адӕм хорз хабармӕ ӕвзӕр хъусынц, йе та хицауад хъусын кӕныны хъуыддагӕн цӕлхдуртӕ ӕвӕры. Науӕд та ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ ӕмӕ дын тынг зын вӕййы ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ сныхас кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ кӕмдӕр тыхсгӕ дӕр фӕкӕныс. Фӕлӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз (Рац. 4:10–12). Бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕ ӕмбарынц, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр ахӕм уавӕрты сты.

7 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Ацы ныхӕстӕ нын ӕххуыс кӕнынц дарддӕр дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн. Махӕн дӕр апостол Павелау нӕ бон вӕййы зӕгъын: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Ӕмбырд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн цы фембӕлдтӕ спълан кӕны, уыдон, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ма цух кӕн. Иннӕтимӕ лӕггад кӕнгӕйӕ-иу бафидар уыдзынӕ ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ. Цыфӕнды хъуыддаг дӕ ма хъыгдара, уӕддӕр-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынӕн (1 Иоан. 5:14).

8 Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ-иу дын фадат уыдзӕн, цӕмӕй адӕмӕн «дӕ ныфсы тыххӕй» радзурай (1 Пет. 3:15). Ӕмӕ цас фылдӕр хъусын кӕнай, уыйас ирддӕрӕй уындзынӕ, йӕ ныфс Хуыцауы Паддзахадыл чи дары, уыдон куыд тынг хицӕн кӕнынц, ныфс кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмӕй (Ис. 65:13, 14). Уый дын хӕсдзӕн стыр циндзинад, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕндзынӕ Йесойы фӕдзӕхст, «уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ», зӕгъгӕ. Стӕй дӕм, чи зоны, ахӕм кад дӕр ӕрхауа, ӕмӕ искӕмӕн баххуыс кӕнай Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ ӕнусон царды фӕндагыл слӕууынӕн (Матф. 5:16; Иоан. 17:3; 1 Тим. 4:16).

9 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн фембӕлдтӕ скӕнынц сабат-хуыцаубоны ӕмӕ кусгӕ бонты дӕр. Бонӕй адӕмы хӕдзары баййафын зын кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты иуӕй-иу ӕмбырдтӕ фӕхъусын кӕнынц изӕрыгӕтты. Бирӕтӕ нӕм хуыздӕр фӕхъусынц, райсомӕй нӕ, фӕлӕ сӕм фӕссихор кӕнӕ изӕрырдӕм куы бацӕуӕм, уӕд.

АГУРӔМ АККАГ АДӔЙМӔГТЫ

10 Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, аккаг чи у, уыдоны агуырдтаиккой (Матф. 10:11). Йӕ зӕрдӕ рӕстдзинадмӕ здӕхт кӕмӕн уыди, уыдоны Йесо ӕрмӕст хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕ агуырдта. Хорз хабар фехъусын кӕнынӕн пайда кодта алы фадатӕй дӕр (Лук. 8:1; Иоан. 4:7–15). Апостолтӕ дӕр адӕмӕн хъусын кодтой алы рӕтты (Хъуыд. 17:17; 28:16, 23, 30, 31).

11 Абон махӕн дӕр нӕ нысан у хорз хабар, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, алы адӕймагӕн дӕр фехъусын кӕнын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы пайда кӕнӕм, Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ цы мадзӕлттӕй пайда кодтой, уыдонӕй. Стӕй нӕ хъус дарӕм, рӕстӕг куыд ивы ӕмӕ нӕ территорийы адӕмӕн сӕ уавӕртӕ куыд ивынц, уымӕ (1 Кор. 7:31). Зӕгъӕм, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн бирӕ ӕнтысы куыстуӕтты хъусын кӕнгӕйӕ. Бирӕ бӕстӕты ма тынг хорз мадзал у уынгты хъусын кӕнын, стӕй паркты, машинӕты лӕууӕндӕтты ӕмӕ, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым. Иуӕй-иу ӕмбырдтӕ се ’мбырды территорийы сӕвӕрынц стендтӕ кӕнӕ стъӕлттӕ литературӕимӕ. Уымӕй уӕлдай ма кӕмдӕрты филиалы комитет спълан кӕны, цӕмӕй алы ӕмбырдтӕй хъусынгӕнджытӕ хъусын кӕной, стыр горӕтты тынг бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Уый фӕрцы хорз хабар сӕ бон фӕхӕццӕ кӕнын вӕййы, хӕдзары кӕй нӕ баййафынц, уыцы адӕммӕ.

12 Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты, Библийы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд сын нӕ бон у, цы темӕйыл ныхас кӕнӕм, уый фӕдыл публикаци раттын. Цӕмӕй йын нӕ бон дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнын уа, уый тыххӕй йын нӕ бон у нӕ телефоны номыр раттын, иннӕ хатт фембӕлыныл баныхас кӕнын, сайт jw.org ын равдисын кӕнӕ та, хӕстӕгдӕр ӕмбырдтӕ кӕм вӕййы, уыцы бынаты адрис ын раттын. Чи зоны, дӕуӕн дӕр ӕхсӕнадон бынӕтты хъусын кӕнын дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон суа ноджы фылдӕр лӕггад кӕнын.

13 Фӕлӕ абон чырыстӕттӕн сӕ хӕс ӕрмӕст хъусын кӕнын нӕу. Цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айса ӕмӕ ӕнусон царды фӕндагыл слӕууа, уый тыххӕй бирӕ бафыдӕбон кӕнын хъӕуы. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ хъуамӕ бирӕ хӕттыты бацӕуай ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнай, цӕмӕй уыдон дӕр фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой.

АДӔММӔ-ИУ НОГӔЙ БАЦӔУӔМ

14 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Фӕлӕ ма сын ноджыдӕр загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20). Адӕммӕ-иу ногӕй куы бацӕуай, уӕд дын уый стыр циндзинад хӕсдзӕн. Кӕд адӕймаг фыццаг хатт хорз хабармӕ байхъуыста, уӕд ма йӕ, чи зоны, иннӕ хатт дӕр бафӕнда демӕ аныхас кӕнын. Ахӕм адӕймагӕн Библийӕ ноджы фылдӕр куы радзурай, уӕд, чи зоны, Хуыцауыл тынгдӕр баууӕнда ӕмӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый бамбара (Матф. 5:3). Дӕхи-иу дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн ӕмӕ-иу йемӕ баныхас кӕн, цы рӕстӕг ӕй ӕвдӕлы, уыцы рӕстӕг ӕм кӕй ӕрбацӕудзынӕ. Чи зоны дын уӕд бантыса йемӕ Библи ахуыр кӕнын дӕр райдайын. Дӕ нысан алкӕддӕр хъуамӕ уый уа. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ ӕрмӕст байтауын фаг нӕу – хъӕуы ма сыл дон кӕнын дӕр (1 Кор. 3:6).

15 Иуӕй-иутӕн ӕнцон нӕ вӕййы адӕммӕ ногӕй бацӕуын. Чи зоны дын хорз уайы адӕймагимӕ фыццаг хатт цыбыртӕй аныхас кӕнын ӕмӕ афтӕ хъусын кӕнын дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Фӕлӕ адӕймагмӕ ногӕй бацӕуай ӕмӕ дарддӕр Библийӕ истӕуыл йемӕ аныхас кӕнай, уый та дӕм, чи зоны, тынг зын кӕсы. Дӕхи дзӕбӕх куы цӕттӕ кӕнай, уӕд фӕныфсджындӕр уыдзынӕ. Къуырийы астӕу нын цы фембӕлд вӕййы, уым цы уынаффӕтӕ вӕййы, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу архай. Стӕй ма дӕ, чи зоны, бафӕнда фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕгимӕ баныхас кӕнын, цӕмӕй демӕ уацамынды ацӕуа.

АДӔМИМӔ БИБЛИ АХУЫР КӔНӔМ

16 Хорз хабар хъусынгӕнӕг Филипп ныхас кодта, дзуттаг дин чи райста, ахӕм адӕймагимӕ. Уый касти Хуыцауы Ныхас, ӕмӕ йӕ Филипп бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» Уый йын дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?» Ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныджы 8-ӕм сӕры дарддӕр фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг Фыстад кӕм каст, уыцы бынатӕй йын Филипп дзурын райдыдта ӕмӕ йын «Йесойы тыххӕй хорз хабар ӕмбарын кодта» (Хъуыд. 8:26–36). Филипп йемӕ цас рӕстӕг арвыста, уый мах нӕ зонӕм. Фӕлӕ бӕлвырд у, хорз хабар ын уый фаг кӕй бамбарын кодта, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕндыдаид ӕмӕ йӕ донаргъуыд райсын бафӕндыдаид. Уыйадыл уыцы адӕймаг сси Чырыстийы ахуыргӕнинаг.

17 Абон бирӕтӕ, Библийы цы фыст ис, уый бӕлвырд нӕ зонынц. Ӕмӕ сӕм цӕмӕй уырнындзинад фӕзына ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уой, уый тыххӕй сӕм цӕуын фӕхъӕуы къуыригӕйтты, мӕйгӕйтты, йе та суанг афӕдз кӕнӕ фылдӕр, ӕмӕ семӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасын. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕн афтӕ фӕразонӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй кӕй ӕххуыс кӕныс, уый дын стыр арфӕдзинад уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35).

18 Дӕу дӕр куыннӕ фӕнды искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын, уый тыххӕй нӕм цы публикацитӕ ис, уыдонӕй иуы фӕрцы. Къуырийы астӕу нын цы фембӕлд вӕййы, уым нын цы амындтӕ раттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай ӕмӕ де ’мбырды фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытимӕ уацамынды куы цӕуай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон суыдзӕн Библи иннӕтимӕ арӕхстджынӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой.

19 Кӕд дын искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕмӕ дарддӕр ахуыр кӕнын зын у, уӕд ӕххуыс ракур ӕмбырды цӕстдарджытӕй искӕмӕй кӕнӕ, уыцы хъуыддагмӕ хорз чи арӕхсы, ахӕм хъусынгӕнӕгӕй. «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы вӕййы хорз уынаффӕтӕ, стӕй сӕ куыд ис спайда кӕнӕн, уый фембӕлдты ӕвдисгӕ дӕр ракӕнынц, ӕмӕ дын уыдон дӕр стыр ӕххуыс уыдзысты. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕр, скув ӕм ӕмӕ йын зӕгъ, искӕимӕ дӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды (1 Иоан. 3:22). Кӕд дӕ хиуӕттӕй искӕимӕ ахуыр кӕныс, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ ма дӕ бон у дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй ӕндӕр искӕимӕ дӕр райдайай Библи ахуыр кӕнын. Адӕмимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дын дӕ лӕггад ноджы фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн.

БИБЛИ ЧИ АХУЫР КӔНЫ, УЫДОНЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИИМӔ ЗОНГӔ КӔНӔМ

20 Адӕймагӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ Йесо Чырыстийы фӕдыл цӕуынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд уый дӕр ӕмбырдмӕ ӕрбаиу вӕййы. Цӕмӕй, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуой ӕмӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ суой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы, Йегъовӕ зӕххыл кӕцы организацийы уылты архайы, уый базонын ӕмӕ йемӕ ӕмгуыст кӕнын. Уӕдӕ сын уыцы хъуыддаджы ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕххуыс кӕнын. Уый тыххӕй уагъд ӕрцыд видеотӕ ӕмӕ брошюрӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?». Стӕй ма хорз хъуыдытӕ ис ацы чиныджы 4-ӕм сӕры дӕр.

21 Адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдайай, уӕд ын фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ ӕмбарын кӕн, Йегъовӕ йӕ организацийӕ кӕй пайда кӕны, цӕмӕй зӕххыл хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа. Йӕ хъус ын ӕрдар, Библи цы публикациты фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уыдон куыд стыр ӕххуыс сты, уымӕ. Бамбарын ма йын кӕн, ӕгас дунейы дӕр уыцы публикацитӕ куыд уадзынц ӕмӕ сӕ куыд парахат кӕнынц, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ. Стӕй йӕ Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм дӕр фӕхон. Фембӕлдтӕ куыд фӕцӕуынц, уый йын бамбарын кӕн ӕмӕ йӕ уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ базонгӕ кӕн. Уымӕй уӕлдай йӕ конгрессты иннӕ Ӕвдисӕнтимӕ дӕр базонгӕ кӕн. Афтӕмӕй йӕхи цӕстӕй фендзӕн, Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уый. Ӕцӕг чырыстӕтты растдӕр ахӕм уарзондзинадӕй ис базонӕн (Иоан. 13:35). Ног адӕймаг Йегъовӕйы организацийӕн цас тынгдӕр аргъ кӕна, уыйас Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзӕн.

ПАЙДА КӔНӔМ БИБЛИ ӔМБАРЫНГӔНӔН ЛИТЕРАТУРӔЙӔ

22 Рагон чырыстӕттӕ Хуыцауы Ныхас парахат кӕныны хъуыддаджы сӕхиуыл нӕ ауӕрстой. Сыгъдӕг Фыстытӕ-иу къухӕй рафыстой сӕхицӕн ӕмӕ ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн. Стӕй ма иннӕты дӕр разӕнгард кодтой Хуыцауы Ныхас кӕсынмӕ. Уыцы къухфыстытӕ бирӕ нӕ уыдысты, ӕмӕ сын тынг аргъ кодтой (Кол. 4:16; 2 Тим. 2:15; 3:14–17; 4:13; 1 Пет. 1:1). Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кӕнынц ног мадзӕлттӕй. Ӕмӕ уый фӕрцы мыхуыр кӕнынц сӕдӕгай милуан Библитӕ ӕмӕ, Библи кӕй фӕрцы ахуыр кӕнӕм, ахӕм публикацитӕ. Зӕгъӕм, буклеттӕ, брошюрӕтӕ, чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ уадзынц цалдӕр сӕдӕ ӕвзагыл.

23 Иннӕтӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕныс, уӕд-иу пайда кӕн, Библи ахуыр кӕнынӕн Йегъовӕйы организаци цы публикацитӕ мыхуыр кӕны, уыдонӕй. Адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд публикацитӕ куы фӕкӕсы ӕмӕ сӕ куы фӕиртасы, уӕд ын уый стыр пайда кӕй ӕрхӕссы, уый дӕхицӕй зоныс. Ӕмӕ дӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ иннӕтӕн дӕр дӕттай (Дзут. 13:15, 16).

24 Хабӕрттӕ сӕйраджыдӕр Интернетӕй чи базоны, уыцы адӕмы нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Уымӕ гӕсгӕ хорз хабар парахат кӕнынӕн хорз мадзал у сайт jw.org дӕр. Дунейы алы къуымты дӕр компьютерты фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕсын ӕмӕ сын сӕ аудиозаписьтӕм хъусын сӕдӕгай ӕвзӕгтыл. Немӕ аныхас кӕнынмӕ йӕ ныфс чи нӕ хӕссы кӕнӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлын зын кӕм у, ахӕм рӕтты цӕрӕг адӕмӕн сӕ бон у хӕдзары сайтмӕ jw.org бацӕуын ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй базонын.

25 Уымӕ гӕсгӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй адӕмӕн сайтмӕ jw.org се ’ргом здахӕм. Кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уымӕ исты фарста куы уа, уӕд ын нӕ бон у телефон кӕнӕ планшеты фӕрцы йӕ фарстайӕн дзуапп равдисын. Кӕд адӕймаг ӕндӕр ӕвзагыл дзуры, уыимӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл дӕр, уӕд ын нӕ бон у нӕ сайтмӕ йе ’ргом раздахын, цӕмӕй уым йӕхи ӕвзагыл Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ссара. Бирӕтӕ ма адӕмимӕ Библийыл ныхас кӕнын райдайынц, нӕ сайты цы видеороликтӕ ис, уыдоны фӕрцы дӕр.

ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ НЫН КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД

26 Йесо, йӕ ныхӕстӕ йын йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕн загъта: «Сымах стут ацы дунейӕн рухс. [...] Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матф. 5:14–16). Чырысти йӕхицӕй афтӕ загъта: «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс». Ӕмӕ уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр Йесойы фӕзмыдтой ӕмӕ Йегъовӕйы миниуджытӕ сӕ царды кӕсӕнтау ӕвдыстой. Йесо «царддӕттӕг рухс» хаста, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ уымӕй цӕвиттон ныууагъта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн (Иоан. 8:12).

27 Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у апостол Павел дӕр (1 Кор. 4:16; 11:1). Афинты куы уыди, уӕд алы бон дӕр ныхас кодта, базары фӕзы кӕуыл ӕмбӕлд, уыцы адӕмимӕ (Хъуыд. 17:17). Ӕмӕ йӕ Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр бафӕзмыдтой. Павел сӕм афтӕ дӕр уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, сымах цӕрут «ацы хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ фӕлтӕры ’хсӕн» ӕмӕ се ’хсӕн «ӕрттивут рухсгӕнӕнтау» (Фил. 2:15). Абон махӕн дӕр хорз хабар иннӕтӕн радзурыны фадат куы фӕзыны, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй нӕ ныхӕсты фӕрцы дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгты фӕрцы дӕр рӕстдзинады рухс ӕрттива. Рӕстӕй кӕй цӕрӕм ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймӕгтӕ кӕй стӕм, ӕрмӕст уый фӕрцы дӕр ӕй адӕм бамбарынц, ацы дунейӕ тынг кӕй хицӕн кӕнӕм. Фӕлӕ сын рӕстдзинады тыххӕй куы радзурӕм, уӕд та йӕ базондзысты, иннӕтӕй афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кӕнӕм, уый.

28 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнынц куысты, скъолайы кӕнӕ транспорты, стӕй, сӕ хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ кӕуыл фембӕлынц, уыдонӕн дӕр. Искуыдӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд нын арӕх фадат фӕзыны, фӕндагыл кӕимӕ цӕуӕм, уыдонимӕ аныхас кӕнынӕн. Алчидӕр нӕ хъуамӕ архайа, цӕмӕй адӕймагимӕ ӕнӕуи истӕуыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд дӕр-иу ын, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, йе ’ргом Библимӕ раздахӕм. Цӕй уӕдӕ нын фадат куы фӕзына, уӕд-иу алкӕддӕр цӕттӕ уӕм иннӕтимӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй аныхас кӕнынмӕ.

29 Уымӕ нӕ цы разӕнгард кӕндзӕн? Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, афтӕмӕй не Сфӕлдисӕджы кӕй кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ном кӕй бӕрзонд кӕнӕм. Стӕй уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ Йесо Чырыстийыл баууӕндынӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕной ӕмӕ сын ӕнустӕм цӕрыны ныфс уа. Адӕмӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ нӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрдӕм, уый у Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йын тынг ӕхсызгон у (Дзут. 12:28; Рарг. 7:9, 10).

ТЕРРИТОРИ ӔМӔ УЧАСТОКТӔ

30 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ Паддзахады хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕнӕхъӕн дунейы дӕр – горӕтты дӕр ӕмӕ хъӕуты дӕр. Уый тыххӕй филиал, дард рӕтты чи хъусын кӕны, уыцы ӕмбырдтӕн ӕмӕ хицӕн хъусынгӕнджытӕн сӕ бар бакӕны бӕлвырд территори (1 Кор. 14:40). Афтӕмӕй мах архайӕм, Хуыцау фыццаг ӕнусы цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ (2 Кор. 10:13; Гал. 2:9). Ацы фӕстаг бонты Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ стыр къахдзӕфтӕй цӕуы, ӕмӕ ӕмбырдӕн бирӕ бантысы, йӕ территорийы хъусын кӕныны хъуыддаг дзӕбӕх куы спълан кӕны, уӕд.

31 Ацы хъуыддаджы разамынд дӕтты уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕг. Участоктӕ дӕттын бахӕс кӕнӕн вӕййы кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн. Участоктӕ вӕййынц дыууӕ хуызы: къорд кӕй райсы, ахӕм участоктӕ ӕмӕ, хицӕн хъусынгӕнджытӕ кӕй райсынц, ахӕмтӕ. Ӕмбырды территори стыр куы нӕ уа, уӕд къорды участоктӕ уыдзысты къорды цӕстдарӕгмӕ, цӕмӕй дзы къорды хъусынгӕнджытӕн сӕ бон уа иумӕ хъусын кӕнын. Кӕд ӕмбырды участоктӕ фаг ис, уӕд та хъусынгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у йӕхи участок райсын.

32 Хъусынгӕнӕгӕн йӕхи участок уа, уый хорз цӕмӕн у? Уацамындон фембӕлдтӕ цы бон нӕ вӕййы, уыцы бонты кӕнӕ, къордӕй хъусын кӕнынӕн уавӕр куы нӕ фӕамоны, уӕд ын, кӕм хъусын кӕна, уый уыдзӕн. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ участок райсынц сӕ куыстмӕ хӕстӕг, ӕмӕ дзы сихоры улӕфты рӕстӕг кӕнӕ фӕскуыст фӕхъусын кӕнынц. Иуӕй-иу бинонтӕ та участок райсынц сӕ хӕдзармӕ хӕстӕг ӕмӕ дзы фӕхъусын кӕнынц изӕрыгӕтты. Хъусынгӕнӕджы йӕ участокмӕ бирӕ цӕуын куы нӕ хъӕуа, уӕд-иу йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай фӕндагыл нӕ ацӕудзӕн, фӕлӕ хъусын кӕныныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хицӕн хъусынгӕнджытӕ кӕй райстой, уыцы участокты къордӕн дӕр йӕ бон у хъусын кӕнын. Кӕд дӕ участок райсын фӕнды, уӕд уый тыххӕй зӕгъ, участоктӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрӕн.

33 Участок фӕнды къорды цӕстдарӕг райсӕд, фӕнды – хъусынгӕнӕг, хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, участокы алы хӕдзары дӕр искӕимӕ аныхас кӕной. Участокы хъусын кӕнгӕйӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, адӕймаджы тыххӕй информаци парахат кӕныны фӕдыл цы закъон ис, уый. Къорды цӕстдарӕг дӕр ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй участокыл цыппар мӕймӕ бакусой. Кӕд адӕймаг йӕ участокыл кӕронмӕ бакуыста, уӕд уый тыххӕй зӕгъын хъӕуы, участоктӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрӕн. Уавӕртӕм гӕсгӕ къорды цӕстдарӕгӕн кӕнӕ хъусынгӕнӕгӕн йӕ бон у участок кӕнӕ йӕхимӕ ныууадзын, цӕмӕй йыл ногӕй бакуса, кӕнӕ та йӕ участоктӕн дзуапдӕттӕг ӕфсымӕрмӕ раттын.

34 Ӕмбырды се ’ппӕт дӕр кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст куы кӕной, уӕд ӕмбырды территори бӕстон куыстгонд цӕудзӕн. Стӕй уый фӕрцы уыцы иу рӕстӕг иу участокы дыууӕ кӕнӕ фылдӕр хъусынгӕнӕджы нӕ зилдзысты, ӕмӕ адӕмы нӕ мӕсты кӕндзыстӕм. Уӕдӕ афтӕмӕй равдисдзыстӕм, не ’фсымӕртӕн дӕр ӕмӕ, нӕ территорийы цы адӕм цӕры, уыдонӕн дӕр кӕй аргъ кӕнӕм.

ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔНДӔР ӔВЗӔГТЫЛ ДЗУРӔГ АДӔМӔН

35 Хъуамӕ алы адӕймаг дӕр фехъуса Йегъовӕ Хуыцауы, йӕ Фырты ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй (Рарг. 14:6, 7). Мах фӕнды алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой, сӕ удыхъӕд Чырыстийы удыхъӕдмӕ гӕсгӕ аивой ӕмӕ фервӕзой (Ром. 10:12, 13; Кол. 3:10, 11). Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм кӕм цӕры, ахӕм территорийы хъусын кӕнгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм? Куыд ис уыцы зындзинӕдты сӕрты ахизӕн, цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм фехъусой, хуыздӕр цы ӕвзаг ӕмбарынц, уыцы ӕвзагыл? (Ром. 10:14).

36 Алы ӕмбырдӕн дӕр территори рахицӕн кӕнынц, фембӕлдтӕ цы ӕвзагыл уадзы, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ, бирӕ ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм кӕм цӕры, ахӕм территорийы уыцы иу районы фӕхъусын кӕнынц алы ӕмбырдты хъусынгӕнджытӕ. Ахӕм уавӕры хуыздӕр вӕййы, алы ӕмбырды хъусынгӕнджытӕ дӕр сӕ хъарутӕ куы саразынц, цӕмӕй, се ’взагыл чи дзуры, ахӕм адӕмӕн хъусын кӕной. Афтӕ фӕархайынц, алы аз дӕр хуынды гӕххӕттытӕ куы фӕуарынц, уӕд дӕр. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕ ӕхсӕнадон бынӕтты ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ куы хъусын кӕной, уӕд сӕ бон у кӕимӕфӕнды дӕр сныхас кӕнын ӕмӕ литературӕ дӕр кӕцыфӕнды ӕвзагыл дӕр раттын.

37 Хатгай вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг ӕмбырдтӕ нӕ феххӕссынц, дард рӕтты сын цы участоктӕ ис, уыдоныл. Уымӕ гӕсгӕ, бирӕ ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм кӕм цӕры, ахӕм рӕтты ӕмбырдты уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарджытӕ хъуамӕ иумӕ баныхас кӕной, сӕ территорийы куыд хъусын кӕндзысты, уый фӕдыл. Уӕд хорз хабар фехъусыны фадат алкӕмӕн дӕр уыдзӕн. Стӕй афтӕ нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ, кӕрӕдзиимӕ кӕй нӕ баныхас кодтой, уый тыххӕй чидӕртӕ дзӕгъӕлы бафыдӕбон кодтой (Ӕмб. 15:22).

38 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕм, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймаг куы ракӕса, уӕд куыд кӕнгӕ у? Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕм, йӕхи ӕвзагыл чи дзуры, уыцы хъусынгӕнджытӕ бацӕудзысты. Хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ, сӕ территорийы арӕх цы ӕвзагыл дзурӕг адӕмыл сӕмбӕлынц, уыцы ӕвзагыл сахуыр кӕнынц цалдӕр ныхасы адӕймагимӕ ныхас райдайынӕн. Адӕймагӕн сайты jw.org равдисӕн ис, йӕ бон куыд у нӕ литературӕ йӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын кӕнӕ йӕ рафыссын. Йе та йын нӕ бон у зӕгъын, йе ’взагыл ын литературӕ кӕй ӕрбахӕсдзыстӕм.

39 Адӕймаджы зӕрдиагӕй куы фӕнда фылдӕр базонын, уӕд хъуамӕ ссарӕм, йе ’взаг ын чи ӕмбара, ахӕм хъусынгӕнӕджы, цӕмӕй йын уый ӕххуыс кӕна. Стӕй йын нӕ бон зӕгъын у, йе ’взагыл хӕстӕгдӕр ӕмбырд кӕм цӕуы, уый тыххӕй дӕр. Кӕд ӕй, йе ’взагыл чи дзуры, ахӕм адӕймагимӕ аныхас кӕнын фӕнды, уӕд ын ис равдисӕн, сайты jw.org йӕ бон йӕ адрис ӕмӕ йӕ телефоны номыр бахӕссын куыд у, уый. Ӕмӕ уӕд филиал бацархайдзӕн, цӕмӕй йын хӕстӕгдӕр ран ссара, дарддӕр ын чи ӕххуыс кӕна, ахӕм хъусынгӕнӕджы, къорд кӕнӕ ӕмбырд.

40 Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕймаг нын цалынмӕ нӕ зӕгъа, йе ’взагыл чи дзуры, ахӕм хъусынгӕнӕг ӕй кӕй бабӕрӕг кодта, уӕдмӕ йӕм хъуамӕ нӕхӕдӕг цӕуӕм. Хатт афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ филиал хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕхабар кӕны, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм хъусынгӕнӕг не ссардтам. Ӕмӕ йын уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр, нӕ бон куыд у, афтӕ ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонынӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, йемӕ Библи ахуыр кӕндзыстӕм, йе ’взагыл чи ис, ахӕм публикацийы фӕрцы. Нывтӕм-иу ын йӕ хъус куы ’рдарӕм ӕмӕ-иу ын, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдон куы бакӕсын кӕнӕм, уӕд Библийы сӕйраг хабӕрттӕ уӕддӕр бамбардзӕн. Кӕд йӕ бинонтӕй исчи йӕхи ӕвзаг дӕр ӕмӕ бынӕттон ӕвзаг дӕр хорз зоны, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй уын тӕлмац кӕна.

41 Цӕмӕй адӕймаджы Хуыцауы организациимӕ базонгӕ кӕнӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ немӕ ӕмбырдмӕ фӕхонӕм, кӕд дзы алцы ма бамбара, уӕддӕр. Кӕд йе ’взагыл Библи ис, уӕд нӕ бон у, ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнӕм, фембӕлды рӕстӕг цы стихтӕ кӕсой, уыдон ссарынӕн. Стӕй-иу уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ дӕр аныхӕстӕ кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ афтид уый дӕр фидар кӕндзӕн ӕмӕ дарддӕр къахдзӕфтӕ араздзӕн.

42 Къордгӕндтӕ. Къордгонды вӕййы, ӕндӕр ӕвзагыл чи хъусын кӕны, ахӕм хъусынгӕнджытӕ, фӕлӕ дзы, гӕнӕн ис, ма уа, уыцы ӕвзагыл алы къуыри дӕр фембӕлдтӕ чи уадза, ахӕм хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Ӕмбырды къордгонд скӕнынӕн филиал, гӕнӕн ис, бар ратта:

  1. 1) Кӕд ӕмбырды территорийы ӕндӕр ӕвзагыл бирӕ адӕм дзуры, уӕд.

  2. 2) Кӕд цалдӕр хъусынгӕнӕджы уыцы ӕвзаг зонынц кӕнӕ йӕ сахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ сты, уӕд.

  3. 3) Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгты совет, уыцы ӕвзагыл чи хъусын кӕндзӕн, уыдонӕн разамынд дӕттынмӕ цӕттӕ у, уӕд.

Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгты советы фӕнды се ’мбырды къордгонд скӕнын, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕудзӕн районон цӕстдарӕгимӕ аныхас кӕнын. Районон цӕстдарӕг, гӕнӕн ис, зона, уыцы ӕвзагыл ма ӕндӕр ӕмбырдты дӕр кӕй фӕнды хъусын кӕнын, ӕмӕ, чи зоны, йӕ бон уа баххуыс кӕнын, хуыздӕр кӕцы ӕмбырды уыдзӕн къордгонд скӕнын, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн. Ӕмӕ уый фӕдыл уынаффӕ хаст куы ’рцӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ филиалмӕ писмо арвитдзысты, цӕмӕй сын бар раттой се ’мбырды къордгонд скӕнынӕн.

43 Къордтӕ. Филиал ӕмбырды къорд скӕнынӕн, гӕнӕн ис, бар ратта:

  1. 1) Кӕд уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕй бирӕты фӕнды фылдӕр базонын ӕмӕ бӕрӕг у, рӕстдзинады фӕндагыл чи слӕууа, ахӕмтӕ дзы кӕй ис, уӕд.

  2. 2) Кӕд уыцы ӕвзагыл цалдӕр хъусынгӕнӕджы уӕддӕр дзуры кӕнӕ та йӕ ахуыр кӕны, уӕд.

  3. 3) Кӕд, разамынд сын чи дӕтта ӕмӕ уыцы ӕвзагыл къуыри ӕппынкъаддӕр иу фембӕлд кӕнӕ та фембӕлдӕн йӕ иу хай чи уадза (зӕгъӕм, ӕргом раныхас чи радзура, йе та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр чи уадза), ахӕм хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ис, уӕд.

Кӕд ацы ӕртӕ хъуыддагӕй зӕрдӕ ницӕмӕ ӕхсайы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты совет филиалмӕ уыцы къорды тыххӕй писмойы бӕстон ныффысдзӕн ӕмӕ бар ракурдзӕн, цӕмӕй нымад ӕрцӕуа, се ’мбырдмӕ чи хауы, ахӕм къордыл. Уыцы къордӕн разамынд чи дӕтта, уыцы хистӕр нӕлгоймаг нымад уыдзӕн «къорды цӕстдарӕгыл», кӕд ӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дара йӕ хъус, уӕд та – «къорды лӕггадгӕнӕгыл».

44 Ӕмбырды къорд куы скӕной, уӕд уыцы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты совет аскъуыддзаг кӕндзӕн, фембӕлдты иннӕ хӕйттӕ дӕр хъӕуы уадзын ӕви нӕ, стӕй сӕ мӕй цал хатты хъӕуы уадзын, уый дӕр. Уыцы къордӕн ма спълан кӕнӕн ис уацамындон фембӕлдтӕ дӕр. Къорды хъусынгӕнджытӕн се ’ппӕт дӕр разамынд дӕтты, сӕ къорд цы ӕмбырдмӕ хауы, уыцы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты совет. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ къордӕн хъуамӕ разамынд дӕттой ӕмбаргӕйӕ, афӕрсой-иу сӕ, цӕмӕй тыхсынц, уыдӕттӕй ӕмӕ сын зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕной. Районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы бӕрӕг кӕна, уӕд уыцы къордимӕ дӕр лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ уый фӕстӕ филиалмӕ цыбыртӕй афысдзӕн, къорд куыд рӕзы ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уый тыххӕй. Чи зоны, йӕ рӕстӕджы уыцы къорд хицӕн ӕмбырд дӕр суа. Хъусынгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр организацийы амындтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзысты (1 Кор. 1:10; 3:5, 6).

ИУМӔ КЪОРДӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН

45 Йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хӕс у хорз хабар хъусын кӕнын. Кӕд хъусын кӕнынӕн бирӕ алыхуызон фадӕттӕ ис, уӕддӕр нӕ фылдӕрӕн уӕлдай ӕхсызгон вӕййы, уацамынды иннӕтимӕ куы вӕййӕм, уӕд (Лук. 10:1). Уый тыххӕй ӕмбырдтӕ сабат-хуыцаубонты, стӕй кусгӕ бонты дӕр скӕнынц уацамындон фембӕлдтӕ. Иумӕ къордӕй хъусын кӕнынӕн ма хорз фадат вӕййы бӕрӕгбӕтты рӕстӕг дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ кусгӕ нӕ фӕкӕнынц. Ӕмбырды комитет спълан кӕны, уацамындон фембӕлдтӕ бонӕй дӕр ӕмӕ изӕрыгӕтты дӕр кӕм ӕмӕ цал сахатыл уыдзысты, уый.

46 Къорд уацамынды куы ацӕуы, уӕд хъусынгӕнджытӕ иумӕ фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар вӕййынц» (Ром. 1:12). Хъусынгӕнӕг нырма ӕрӕджы чи сси, уыдон фӕлтӕрд ӕмӕ арӕхстджын хъусынгӕнджытимӕ ацӕуынц ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц. Хъусын кӕнын бынтон ӕдас кӕм нӕу, ахӕм рӕтты хуыздӕр вӕййы, дыууӕ кӕнӕ фылдӕр хъусынгӕнӕджы иу ран куы фӕхъусын кӕнынц. Кӕд афтӕ спълан кодтай, ӕмӕ участокы иунӕгӕй хъусын кӕндзынӕ, уӕддӕр къорд иумӕ куы фембӕла, уӕд се ’ппӕт дӕр бафидар уыдзысты. Ды кӕм хъусын кӕныс, уым ма ӕндӕр чидӕртӕ дӕр кӕй хъусын кӕны, уый куы зонай, уӕд ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр ныфсджындӕр уыдзынӕ. Пионертӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ, ӕмбырд цы уацамындон фембӕлдтӕ скодта, уыдонӕй алкӕцымӕ дӕр хъуамӕ цӕуой, уӕлдайдӕр, кӕд уацамындон фембӕлдтӕ алы бон дӕр вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ, чи зоны, алы къуыри дӕр цалдӕр уацамындон фембӕлдмӕ сӕ бон уӕддӕр уа цӕуын.

47 Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр архайӕм, Йесо ӕмӕ нын йӕ апостолтӕ цы цӕвиттон ныууагътой, уымӕ гӕсгӕ! Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕхиуыл куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ фыдӕбонӕн ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн! (Лук. 9:57–62).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын