НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕмгуыст кӕнӕм, цӕмӕй, бирӕ ’взӕгтыл кӕм дзурынц, уыцы территорийы хъусын кӕнӕм
Адӕймагӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар йӕ мадӕлон ӕвзагыл куы радзурӕм, уӕд ӕм хуыздӕр байхъусы. Ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй «дунейы алы бӕстӕтӕй чи ’рцыд, уыцы уырнӕг дзуттӕгтӕ» хорз хабар сӕ «мадӕлон ӕвзагыл» фехъуыстаиккой, кӕд грекъаг кӕнӕ дзуттаг ӕвзаг зыдтой, уӕддӕр (Хъд 2:5, 8). Абон алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг ӕмбырдтӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъусын кӕной уыцы иу районы. Ахӕм ӕмбырдтӕн сӕ бон куыд у ӕмгуыст кӕнын, цӕмӕй уыцы иу территорийы арӕх ма хъусын кӕной ӕмӕ адӕмы ма тыхсын кӕной?
Баныхас-иу кӕнут (Ӕм 15:22). Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарджытӕ хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕной, цӕмӕй, ӕмбырдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ хъусын кӕной. Ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи хъусын кӕны, уыцы ӕмбырдты территори стыр куы нӕ уа, уӕд сӕ, чи зоны, ма фӕнда, цӕмӕй, сӕ территоримӕ чи хауы, уыцы хӕдзӕртты уе ’мбырд хъусын кӕна. Фӕлӕ кӕд сӕ участоктӕ кӕрӕдзийӕ дард сты ӕмӕ сыл не ’ххӕссынц, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй-иу уе ’мбырд алы хӕдзармӕ дӕр бахойа ӕмӕ-иу сын стӕй фехъусын кӕна, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны тыххӕй (od 93 ф., 37 абз.). Кӕнӕ та сӕ бон у уе ’мбырдӕн зӕгъын, цӕмӕй сын, се ’взагыл дзурӕг адӕймӕгты ссарынӕн баххуыс кӕнат ӕмӕ сын сӕ адристӕ раттат (km 7/12 5, рамкӕ). Рох уӕ ма уӕд, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ уыцы иу хӕдзары цӕрджытӕ цалдӕр ӕвзагыл дзурой. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр зӕрдыл дарын хъӕуы, адӕймаджы тыххӕй информаци парахат кӕныны фӕдыл цы закъон ис, уый.
Ӕмгуыст кӕнут (Еф 4:16). Уацамындӕн дзуапдӕттӕг цӕстдарӕджы разамындмӕ лӕмбынӕг хъус. Мыййаг ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕныс? Йе ’взагыл чи дзуры, уыцы ӕмбырды кӕнӕ къорды искӕмӕн куы зӕгъай, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕна, уӕд, чи зоны йӕ уырнындзинад тагъддӕр бафидар уа.
Уӕхи-иу бацӕттӕ кӕнут (Ӕм 15:28; 16:1). Уӕ территорийы ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕймагыл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй йын хорз хабар фехъусын кӕнай. Уӕ территорийы адӕм цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уый базон ӕмӕ-иу дӕ смартфонмӕ кӕнӕ планшетмӕ рагацау уыцы ’взӕгтыл Библи ӕмӕ видеороликтӕ рафысс. Стӕй ма дӕ бон у, приложенийы JW Language фӕрцы сахуыр кӕнын, ӕндӕр ӕвзӕгтыл салам раттӕн куыд ис, уый.