Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн хъусын кӕнӕм
Уый ахсджиаг цӕмӕн у. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй «алы адӕмтӕ» дӕр рӕстдзинад базоной (Хъуыд. 10:34, 35). Уымӕ гӕсгӕ Чырысти загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр», цӕмӕй йӕ «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). Пехуымпар Захари та загъта, хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты «алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕ» (Зах. 8:23). Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыдон кӕй уыдзысты «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Рарг. 7:9, 13, 14). Уӕдӕ-иу, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд-иу хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй йын хорз хабар радзурӕм.
Бафӕлвар мӕйы дӕргъы:
Уацамынды, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймагыл куы сӕмбӕлат, уӕд ын куыд хъусын кӕндзыстут, уый-иу уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг афӕлварут.