Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w11 1/11 8–9 фф.
  • Бибийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын цы пайда у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бибийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын цы пайда у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд»
  • Хуыцау загъта, паддзӕхтӕ дзы кӕй рацӕудзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • «Рӕсугъд сылгоймаг дӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Цымӕ ацы фарстайӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Лӕппу сын райгуырд!
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
w11 1/11 8–9 фф.

Бибийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын цы пайда у?

НӔЛГОЙМАГ ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй Хуыцау цы закъон радта, уый, мыййаг, абоны цардмӕ ницы бар дары ӕмӕ ӕгӕр карз у? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Адӕймаг уыцы закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд:

▪ йӕхи бахиздзӕн хӕцгӕ низтӕй

▪ сылгоймаг, йӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм адӕймагӕй нӕ басывӕрджын уыдзӕн

▪ бинонты цард куы фехӕлы, уӕд уый цы зындзинӕдтӕм ӕркӕны, уыдонӕй хызт уыдзӕн

▪ Хуыцау ӕмӕ адӕмы раз йӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг

▪ йӕ чъизи монцтӕ бафсадыны тыххӕй дзы ничи спайда кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ кад йӕ цӕсты не ’рхаудзӕн

Не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйыa фӕнды, цӕмӕй нын цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдон нын цины хос уой. Хуыцау у, «пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны», уый (Исай 48:17). Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ Хуыцауы цӕстӕй чи кӕсы, уый арфӕгонд вӕййы ахӕм хъуыддӕгтӕй:

▪ Хуыцау дзы вӕййы райгонд

▪ йӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн

▪ йӕ бинонтӕ вӕййынц ӕнгомдӕр

▪ адӕмы ’хсӕн ын вӕййы хорз ном

▪ йӕхицӕн аргъ фӕкӕны

Фӕлӕ, чи зоны, абон Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Цымӕ дӕ бон ницы у саразын, цӕмӕй дӕ цард фӕивай? Хуыцау дын дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзӕн?

Ахъуыды-ма кӕн: фыццаг ӕнусы чырыстӕтты ’хсӕн уыди, раздӕр хӕтгӕ чи кодта, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цыд ӕмӕ гомосексуалист чи уыд, ахӕмтӕ. Фӕлӕ сӕ цард аивтой ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын сты (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Абон дӕр ӕнӕхъӕн дунейы мингай адӕм уыдонау сӕ цард аивтой. Уыцы адӕм се ’нӕгъдау митӕ ныууагътой, Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтой ӕмӕ уый фӕрцы ныр сты амондджын. Уыдонӕй иу у, фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы Сарӕ.

«Ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд»

Сарӕ бӕллыд сӕрибардзинадмӕ ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ цард хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстаид. Фӕлӕ фыдӕнхъӕл фӕци. Сарӕ загъта: «Мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудт. Худинаг мӕм ӕркаст ӕмӕ фӕтарстӕн: мыййаг куы басывӕрджын уон кӕнӕ мыл исты низ куы бахӕца. Хуыцау кӕй ис, ууыл никуы фӕдызӕрдыг дӕн ӕмӕ зыдтон, мӕ митӕй йын йӕ зӕрдӕ кӕй риссын кӕнын. Мӕхимӕ зӕххӕй сисыны аккаг дӕр нал кастӕн ӕмӕ мӕхи хордтон».

Ӕппынфӕстаг Сарӕ йӕхимӕ уыйбӕрц хъарутӕ ссардта, цӕмӕй йӕ цард аивтаид. Сарӕ ӕххуыс бацагуырдта йӕ ныййарджытӕй – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй, стӕй ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй. «Стыр ныфс мӕ бауагъта, мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ мӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хорз цӕстӕй кӕй ракастысты, уый. Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма ме ’ккойӕ уӕззау уаргъ ахауд»,– загъта Сарӕ.

Сарӕйӕн ныр ис дыууӕ сывӕллоны. Сарӕ дзуры: «Цы цард кодтон, уый мӕ сывӕллӕттӕй нӕ басусӕг кодтон. Хъуамӕ зоной, Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ницӕмӕ дардтон, уый мӕ цӕмӕ ӕркодта, уый. Фӕнды мӕ, цӕмӕй, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл Хуыцау цы закъон ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрой ӕмӕ амондджын уой. Ӕз ӕй зонын, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн исты зиан ӕрхӕссӕм, ӕмӕ нын ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл закъӕттӕ дӕр уый тыххӕй кӕй радта».

Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕхиуыл бавзарын, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын стыр пайда кӕй у, уый. Библи нын зӕрдӕ ’вӕры: «Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ сты раст – зӕрдӕ цинӕй дзаг кӕнынц. Йегъовӕйы фӕдзӕхст у ирд – цӕстытӕн дӕтты рухс... Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый ссары стыр хорзӕх» (Псалом 19:8, 11)b.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

b Библийы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн, йе та ныффысс, 4 фарсыл цы адристӕ ис, уыдонӕй искӕцыйыл кӕнӕ та кӕс сайт www.watchtower.org.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

Библийы закъӕттӕ чи ницӕмӕ фӕдары, уыдон арӕх иннӕты зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

Адӕймаг Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд йӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг ӕмӕ бинонтӕ уыдзысты ӕнгомдӕр

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын