Авраам – фидар уырнындзинады хицау
Авраам-иу, ӕвӕццӕгӕн, стъалытӕм арӕх касти. Ӕмӕ-иу ӕрхъуыды кодта, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, йӕ цот, кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕ, уыцы стъалытау бирӕ кӕй уыдзысты (Райдиан 15:5). Арвмӕ кӕсгӕйӕ ма-иу бамбӕрста, Хуыцау йӕ ныхас кӕй нӕ сайы. Цымӕ цӕст кӕуыл не ’ххӕсы, уыцы Дун-дуне чи сфӕлдыста, уымӕн йӕ бон нӕу Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн зӕнӕг раттын? Авраам ууыл фидарӕй ӕууӕндыд.
ЦЫ У УЫРНЫНДЗИНАД? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «уырнындзинад» у, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты, уый. Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уый йӕ хъуыдытӕ саразы, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ. Ӕмӕ сыл афтӕ тынг феууӕнды, раст цыма сӕххӕст сты, уыйау.
АВРААМЫ УЫРНЫНДЗИНАД ЦӔМӔЙ УЫД БӔРӔГ? Авраамӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдоныл фидарӕй ӕууӕндыд. Уырнындзинады фӕрцы Авраам йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта Хуыцауы ныхӕстыл, ӕндӕр бӕстӕмӕ йӕ кӕй ӕркӕндзӕн, ууыл. Уырнындзинады фӕрцы Авраам Ханааны иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыд ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, уыцы бӕстӕйы йӕ байзӕддӕгтӕ кӕй цӕрдзысты. Уырнындзинады фӕрцы Авраам Йегъовӕ Хуыцаумӕ байхъуыста ӕмӕ цӕттӕ уыд Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, куы хъӕуа, уӕд ын Хуыцау йӕ фырты кӕй райгас кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:8, 9, 17–19).
Авраам хъуыды кодта раздӕры хабӕрттыл нӕ, фӕлӕ фидӕны хабӕрттыл. Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн Уры ӕнцондӕр цӕрӕн уыд, фӕлӕ уӕддӕр, «цы бӕстӕйӕ рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл» нӕ уыдысты (Дзуттӕгтӕм 11:15, Ног Фӕдзӕхст, 2004). Сӕ хъуыдытӕ уыдысты, Хуыцау сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты дӕр цы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл (Дзуттӕгтӕм 11:16).
Цымӕ Авраам нӕ фӕфыдӕнхъӕл? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Авраамӕн йӕ байзӕддӕгтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ рауад ӕнӕхъӕн адӕмыхатт Израил. Цасдӕр рӕстӕг рацыд, ӕмӕ израилӕгтӕ ӕрцардысты Ханааны зӕххыл, Йегъовӕ Авраамӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Йесо Навин 11:23).
ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ? Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайдзӕн. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонӕй кӕцыдӕртӕн ӕрцӕуӕн нӕй, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, «Хуыцауӕн алцыдӕр [кӕй] у йӕ бон» (Матфейы 19:26).
Авраамы царды хабӕрттӕ ма нын дзурӕг сты, кӕй хъуамӕ кӕсӕм фӕстӕмӕ нӕ, фӕлӕ нӕм разӕй цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Ууыл ахуыр кӕны Джейсон. Джейсонӕн уӕззау низы фыдӕй йӕ уӕнгтӕ ӕппындӕр не змӕлынц. «Ӕргом куы зӕгъон, уӕд хатт фӕхъуыды кӕнын мӕ раздӕры цардыл,– дзуры Джейсон.– Цы хъуыддӕгтӕ ӕрымысын, уыдонӕй иу у, мӕ бинойнаг Амандӕйы-иу мӕ хъӕбысы куыд акодтон, уый».
Фӕлӕ Джейсоны фидарӕй уырны, Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Зӕгъӕм, тагъд зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, Хуыцауыл иузӕрдион адӕм ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ рынчын ӕппындӕр кӕй нал кӕндзыстыa (Псалом 37:10, 11, 29; Исай 35:5, 6; Раргомад 21:3, 4). «Мӕхицӕн фӕдзурын, хуыздӕр цард нырма разӕй кӕй ис,– зӕгъы Джейсон.– Тагъд рӕстӕджы ферох кӕндзыстӕм, цы у маст кӕнын, катай кӕнын, ӕнкъард кӕнын ӕмӕ хи хӕрын. Уыдӕттӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн». Джейсонӕн дӕр Авраамау ис фидар уырнындзинад!
[Фиппаинаг]
a Зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3, 7 ӕмӕ 8 сӕрты. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.