Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/5 18–21 фф.
  • Библи ивы адӕймаджы цард

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи ивы адӕймаджы цард
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Библи ивы адӕймаджы цард
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/5 18–21 фф.

Библи ивы адӕймаджы цард

ШОТЛАНДИЙЫ чи райгуырд, иу ахӕм нӕлгоймаг хорз куыстӕй хуыздӕр цы ссардта? Раздӕр наркоман чи уыд ӕмӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы нӕлгоймагӕн Бразилийӕ цы баххуыс кодта йӕ цард фӕивынӕн? Иу нӕлгоймаг Словенийӕ йӕ нозт куыд ныууагъта? Бакӕс ацы статья ӕмӕ базон, уыцы адӕм сӕхӕдӕг сӕхи тыххӕй цы радзырдтой, уый.

«Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ къухы алцыдӕр бафтыд» (ДЖОН РИКЕТС).

РАЙГУЫРД: 1958 АЗ

БӔСТӔ: ШОТЛАНДИ

РАЗДӔР: УЫД ХОРЗ КУЫСТЫЛ ХӔСТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ме ’рыгон бонтӕ хъӕлдзӕгӕй ӕмӕ амондджынӕй ӕрвыстон. Мӕ фыд уыд бритайнаг ӕфсады офицер, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы иу бӕстӕйы цардыстӕм, куы иннӕйы. Шотландийӕ уӕлдай ма цардыстӕм Английы, Германийы, Кенийы, Малайзийы, Ирландийы ӕмӕ Кипры. Аст азы мыл куы сӕххӕст, уӕд Шотландийы интернатмӕ бацыдтӕн ӕмӕ цалынмӕ ахуыр фӕдӕн, уӕдмӕ цалдӕр интернаты аивтон. Уый фӕстӕ бацыдтӕн Кембриджы университетмӕ ӕмӕ йӕ каст фӕдӕн.

20-аздзыдӕй райдыдтой нефты куыст кӕнын, ӕмӕ уыцы куыст кодтон аст азы. Фыццаг уыцы куыст кодтон Хуссар Америкӕйы, стӕй Африкӕйы ӕмӕ ӕппынфӕстаг ныгуылӕн Австралийы. Уым куы ӕрцардтӕн, уӕд мӕхӕдӕг фирмӕ байгом кодтон, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр ауӕй кодтон.

Мӕ фирмӕ кӕй ауӕй кодтон, уый руаджы хорз ӕхцатӕ бакуыстон, ӕмӕ мӕ кусыны мӕт нал уыд. Уӕд мыл цыди 40 азы. Мӕ удыдзӕбӕхӕн цӕрын райдыдтон – Австралийыл мотоциклыл ӕрзылдтӕн дыууӕ хатты, стӕй ӕрзылдтӕн ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр. Афтӕ мӕм каст, цыма мӕ къухы алцыдӕр бафтыд.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Ӕз алкӕддӕр мӕ цардӕй райгонд уыдтӕн, ӕмӕ ма кусгӕ куы кодтон, уӕд дӕр мӕ фӕндыд Хуыцауӕн равдисын, бузныг дзы кӕй дӕн, уый. Уымӕ гӕсгӕ райдыдтон, раздӕр кӕдӕм цыдтӕн, уыцы англиканон аргъуанмӕ цӕуын. Фӕлӕ уыцы аргъуаны Библийӕ ницы амыдтой. Уый фӕстӕ та бацыдтӕн мормонтӕм, фӕлӕ уыдон дӕр Библийыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй уыцы дин дӕр ныууагътон.

Иу бон мӕм хӕдзармӕ ӕрбацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Цыдӕриддӕр мын дзырдтой, уый Библийӕ кӕй уыд, уый уайтагъддӕр бамбӕрстон. Уыдон мын бакастысты 1 Тимофеймӕ 2:3, 4 стихтӕ. Уым фыст ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын бамбарын кодтой, рӕстдзинад цы у, уый ӕнӕуи базонын фаг кӕй нӕу, фӕлӕ йӕ бӕлвырдӕй кӕй хъӕуы базонын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтон, уый фӕрцы рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базыдтон. Зӕгъӕм, базыдтон, бирӕтӕ сусӕгдзинад кӕй хонынц, уыцы Троицӕ уӕвгӕ дӕр кӕй нӕй, стӕй Хуыцау ӕмӕ Чырысти иу кӕй не сты (Иоанны 14:28; 1 Коринфӕгтӕм 11:3). Уый куы базыдтон, уӕд мын тынг ӕхсызгон уыд. Фӕлӕ кӕддӕр уыйбӕрц рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕй фесӕфтон, уый мын зын уыд – ӕз архайдтон, бамбарӕн цы нӕй, уый бамбарыныл!

Гыццыл фӕстӕдӕр райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, иууылдӕр зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ’гъдауджын кӕй уыдысты, уый. Афтӕ мӕм каст, цымӕ иууылдӕр зӕдтӕ сты. Се ’хсӕн ӕнӕхин уарзондзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрстон, раст дин кӕй ссардтон (Иоанны 13:35).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Донаргъуыды фӕстӕ базонгӕ дӕн иу замманай сылгоймагимӕ, йӕ ном Дианӕ. Дианӕ схъомыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн. Мӕ зӕрдӕмӕ цыд, бирӕ хорз миниуджытӕ йӕм кӕй уыди, уый, ӕмӕ фӕстӕдӕр нӕ цард баиу кодтам. Дианӕимӕ кӕрӕдзи тынг хорз ӕмбарӕм – ахӕм цардӕмбал у Йегъовӕйы лӕвар.

Дианӕимӕ нӕ тынг фӕндыд ацӕуын, Хуыцауы тыххӕй хорз хабар хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 2010 азы ацыдыстӕм Белизмӕ, Централон Америкӕмӕ. Ам хорз хабар дзурӕм, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ Библи хуыздӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмӕн.

Хуыцау чи у ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый кӕй базыдтон, уый мын хӕссы стыр удӕнцойдзинад. Мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн фӕдзурын Библийы тыххӕй, ӕмӕ уый руаджы мӕ бон у фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын. Библи адӕймаджы цард куыд ивы, уый уынын мын тынг ӕхсызгон вӕййы, уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕхи цард дӕр афтӕ фӕивта. Мӕ царды бӕллиц сӕххӕст – ӕз базыдтон, мӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауӕй бузныг кӕй дӕн, уый.

«Уыдон уыдысты тынг зӕрдӕхӕлар» (МАУРИСИО АРАУЖУ).

РАЙГУЫРД: 1967 АЗ

БӔСТӔ: БРАЗИЛИ

РАЗДӔР: КОДТА ӔНӔГЪДАУ ЦАРД

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз схъомыл дӕн иу гыццыл горӕт Аварейы, штат Сан-Паулуйы. Уымы цӕрджытӕн сӕ фылдӕр сты хуымӕтӕг фӕллойгӕнӕг адӕм.

Мӕ фыд амард, мӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕн, уӕд. Гыццылӕй-иу, мӕ мад-иу хӕдзары куы нӕ уыд, уӕд-иу ын йӕ дзаумӕттӕ скодтон. Мӕхи-иу сылгоймаджы хуызӕн дартон, ӕмӕ-иу мӕ адӕм гомосексуалист фенхъӕлдтой. Фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр лӕппутимӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтимӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕнын райдыдтон.

Ссӕдз азы бӕрц мыл куы цыд, уӕд мӕхӕдӕг райдыдтон агурын, ӕмуат кӕимӕ ӕрцыдаин, ахӕм нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты. Уый тыххӕй-иу арӕх цыдтӕн бартӕм, ӕхсӕвыгон клубтӕм ӕмӕ суанг аргъуантӕм дӕр. Карнавалтӕ-иу нӕм куы уыди, уӕд-иу мӕ уӕлӕ скодтон сылгоймаджы дзаумӕттӕ ӕмӕ-иу самбӕ кафыдтӕн. Адӕм-иу мыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой.

Ме ’мбӕлттӕ уыдысты гомосексуалисттӕ, хӕлд сылгоймӕгтӕ ӕмӕ наркомантӕ. Уыдон дымдтой кокаин ӕмӕ-иу мӕнӕн дӕр дымын кодтой, ӕмӕ йыл ӕз дӕр сабыргай фӕцахуыр дӕн. Хатт-иу ӕнӕхъӕн ӕхсӕв дӕр фӕдымдтам. Иуӕй-иу хатт та-иу иунӕгӕй фӕдымдтон ӕнӕхъӕн бон дӕр. Ахӕм мӕллӕг сдӕн, ӕмӕ адӕм дзырдтой, ай СПИД-ӕй рынчын у, зӕгъгӕ.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Уыцы рӕстӕг фембӕлдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл. Уыдон уыдысты тынг зӕрдӕхӕлар. Библийӕ мын цы стихтӕ бакастысты, уыдонӕй иу уыд Ромӕгтӕм 10:13 стих. Уым фыст ис: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн». Уыцы стихӕй бамбӕрстон, Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувын ӕнӕмӕнг кӕй у. Бирӕ хӕттыты-иу уыд афтӕ, ӕмӕ-иу ӕхсӕв бонмӕ куы фӕдымдтон, уӕд-иу рудзынг байгом кодтон, уӕларвмӕ-иу скастӕн ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕ цӕссыгкалгӕйӕ ӕххуыс куырдтон.

Наркотиктӕ мӕ цы уавӕрмӕ ӕркодтой, уый уынгӕйӕ мӕ мӕгуыр мадӕн йӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта. Тӕригъӕд мӕм каст, ӕмӕ сфӕнд кодтон, уыцы хъуыддаг ныууадзын. Уыцы уынаффӕ куы рахастон, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Уыдон мын загътой, зӕгъгӕ, Библи куы ахуыр кӕнон, уӕд мын ӕнцондӕр уыдзӕн наркотиктӕ ныууадзын. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр уыцы ӕвзӕр ахуырӕй фервӕзтӕн!

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, мӕ цард аивын мӕ кӕй хъӕуы. Ӕппӕты зындӕр мын уыд, цӕмӕй нӕлгоймӕгтимӕ ӕнӕгъдау митӕ мауал кодтаин, уымӕн ӕмӕ, мӕхи кӕдӕй хъуыды кӕнын, уӕдӕй нырмӕ ахӕм митӕ кодтон. Ацы хъуыддаджы мын тынг баххуыс кодта, мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй мӕхи кӕй хызтон, стӕй клубтӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм рӕттӕм дӕр кӕй нал цыдтӕн, уый.

Кӕд мын мӕ цард аивын зын уыд, уӕддӕр мын стыр удӕнцой лӕвӕрдта, кӕй ӕмбӕрстон, Йегъовӕ мыл кӕй тыхсы ӕмӕ кӕй уыны, ме ’взӕр фӕндты ныхмӕ ӕппӕт хъарутӕй кӕй тох кӕнын, уый (1 Иоанны 3:19, 20). 2002 азы ме ’нӕгъдау митӕ ныууагътон, ӕмӕ уыцы аз донаргъуыд райстон ӕмӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ цард куыд фӕивтон, уымӕ кӕсгӕйӕ мӕ мад дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕмӕ йын кӕд инсульт уыдис, уӕддӕр архайы, цӕмӕй, Библийы цы фыст ис, уый базона ӕмӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза.

Фӕстаг аст азы дӕргъы мӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмимӕ Библи фӕахуыр кӕнын. Раст куы зӕгъон, уӕд ныр дӕр ма иуӕй-иу хатт ме ’взӕр фӕндтимӕ фӕтох кӕнын. Фӕлӕ мӕ стыр тыхтӕ уадзы, кӕй йӕ зонын, уыцы фӕндты фӕдыл куы нӕ ацӕуон, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзынӕн, уый.

Мӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнын, уый руаджы мӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтон. Мӕ ныр мӕ бон у зӕгъын, амондджын адӕймаг кӕй дӕн.

«Ӕз уыдтӕн „ӕнӕбын боцкъа“» (ЛУКА ШЮТС).

РАЙГУЫРД: 1975 АЗ

БӔСТӔ: СЛОВЕНИ

РАЗДӔР: КОДТА ФЫДНОЗТ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД. Ӕз райгуырдтӕн Словенийы сӕйраг горӕт Люблянӕйы. Цыппар азы мыл куы сӕххӕст, уӕд нӕ бинонты цард цӕхгӕр фӕивта – мӕ фыд йӕхи амардта, ӕмӕ мӕ мад уӕззау фыдӕбон кодта, цӕмӕй мӕ хистӕр ӕфсымӕры ӕмӕ мӕн фӕдардтаид.

Фынддӕс азы мыл куы сӕххӕст, уӕд ацыдтӕн цӕрынмӕ мӕ мады мадмӕ. Уым мӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цыди, уымӕн ӕмӕ мӕм ме ’мбӕлттӕ хӕстӕг цардысты, стӕй мӕ цы фӕндыд, уый арӕзтон. 16 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд балымӕн дӕн, аназын чи уарзта, ахӕм лӕппутимӕ, ӕмӕ-иу алы сабат ӕмӕ хуыцаубон дӕр банызтам. Ӕз рауагътон даргъ дзыккутӕ, мӕ дзаумайы кондӕй бӕрӕг уыд, адӕмы хъуыды мӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд, стӕй тамако дӕр райдыдтон дымын.

Алыхуызон наркотиктӕ фӕлвӕрдтон, фӕлӕ-иу уӕддӕр мӕхи нозтцух никуы ныууагътон, уымӕн ӕмӕ мӕм уымӕй хуыздӕр ницы каст. Сӕн-иу иу нуӕзтӕн мӕ бон уыд баназын цалдӕр агуывзӕйы кӕнӕ та ӕнӕхъӕн авг дӕр. Сӕн, бӕгӕны ӕмӕ-иу водкӕ схӕццӕ кодтон, цыппӕргай литры дӕр-иу банызтон, фӕлӕ-иу мыл уӕддӕр нӕ фӕбӕрӕг. Нозтджын кӕй уыдтӕн, уый-иу иннӕтӕ ӕрмӕстдӕр мӕ тӕфӕй базыдтой.

Ме ’мбӕлттимӕ-иу дискотекӕйы куы уыдыстӕм ӕмӕ-иу куы банызтам, уӕд-иу мӕн йеддӕмӕ йӕ къахыл ничиуал лӕууыд, кӕд-иу ӕз уыдонӕй дыууӕ хатты фылдӕр банызтон, уӕддӕр. Иухатт ӕнӕнхъӕлӕджы айхъуыстон, ме ’мбӕлттӕй иу афтӕ кӕй загъта, ай ӕнӕбын боцкъа у, зӕгъгӕ. Махмӕ афтӕ хонынц, фыднозт чи кӕны, уыдоны. Уыцы ныхӕстӕ мын тынг хъыг уыдысты.

Уый фӕстӕ мӕ цардыл арф хъуыды кӕнын райдыдтон. Мӕхимӕ тынг ӕгад ӕркастӕн ӕмӕ ’мбарын райдыдтон, мӕ цард бынтон дзӕгъӕлы кӕй у.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Уыцы рӕстӕг бафиппайдтон, ме ’мкъласӕгтӕй иу кӕй фӕивта – афтӕ мӕм фӕкаст, цыма фӕфӕлмӕндӕр ис. Цы йыл ӕрцыд, уый цӕмӕй базыдтаин, уый тыххӕй йӕ иу бон кафемӕ фӕхуыдтон. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Стӕй мын радзырдта, Библийӕ цы базыдта, уыдӕттӕ. Уымӕй размӕ ахӕмӕй никуы ницы фехъуыстон, уымӕн ӕмӕ нӕ хӕдзары дины кой никуы уыди. Мӕн дӕр бафӕндыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын, стӕй ӕмбырдтӕм цӕуын.

Библи кӕй ахуыр кодтон, уый руаджы базыдтон, мӕ цард мын чи фӕивта, бирӕ ахӕм диссаджы хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, базыдтон, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Стӕй ма базыдтон, тагъд Хуыцау фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн ӕмӕ рӕстгӕнджытӕн ӕнусон цард кӕй ратдзӕн, уый (Псалом 37:29). Мӕн дӕр бафӕндыд мӕ цард афтӕ аразын, цӕмӕй уыцы рӕстгӕнджыты ’хсӕн уон.

Цы-иу базыдтон, уый-иу ме ’мбӕлттӕн куы дзырдтон, уӕд-иу мыл сӕ фылдӕр худтысты. Уый фӕрцы бамбӕрстон, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕй нӕ уыдысты. Уымӕй уӕлдай ма бамбӕрстон, фыднозт кӕй кодтон, уый дӕр ӕнгом баст кӕй уыд, мӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвыстон, уыимӕ. Ме ’мбӕлттӕ-иу къуырийы кӕронмӕ ’нхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй та-иу банызтаиккой.

Мӕ раздӕры ’мбӕлттӕм ӕмгӕрон нал цыдтӕн. Мӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ссардтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон уыд, мӕ рӕстӕг семӕ кӕй ӕрвыстон, уый, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынц ӕмӕ сӕ фӕнды йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Сабыргай мӕ нозтӕй фервӕзтӕн.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Цӕмӕй амондджын уон, уый тыххӕй мӕ абон нозт нал хъӕуы, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн. Мӕ цард куы нӕ фӕивтаин, уӕд афонмӕ кӕм уыдаин, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ ныр та мӕ цардӕй райгонд дӕн.

Ныр авд азы дӕргъы лӕггад кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы Словенийы. Йегъовӕйы куы базыдтон ӕмӕ йын лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард дзӕгъӕлы нал у.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын