Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/9 8–11 фф.
  • Хуыцау сылгоймӕгтӕн аргъ кӕны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау сылгоймӕгтӕн аргъ кӕны
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чырысти сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст?
  • Библийы уагӕвӕрдтӕ стыр ӕххуыс сты сылгоймаджы амондӕн
  • Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг – алкӕмӕн дӕр сӕ ис кадджын хӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Хуыцауы хъуыддаджы сылгоймӕгтӕн цавӕр хӕстӕ ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/9 8–11 фф.

Хуыцау сылгоймӕгтӕн аргъ кӕны

ЧЫРЫСТИМӔ кӕсгӕйӕ бамбарӕн уыд, йӕ уӕларвон Фыд цавӕр Хуыцау у, уый. Чырысти загъта: «Мӕхи фӕндӕй ницы аразын, фӕлӕ мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ... дзурын... Ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый» (Иоанны 8:28, 29; Колоссӕгтӕм 1:15). Чырысти сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, Хуыцау сӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

Фыццаг ӕнусы сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кастысты, уый тынг хицӕн кодта, Чырысти сӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Цымӕ Чырыстийы ахуырӕдтӕ сылгоймӕгты сӕрибардзинадӕн абон цы пайда сты?

Чырысти сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст?

Ӕнӕгъдау цӕстӕй сӕм нӕ каст. Дзуттаг дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, нӕлгоймагӕн сылгоймагимӕ ныхас кӕнын зиан йеддӕмӕ ницы у, уымӕн ӕмӕ йӕм сцыбӕл вӕййы. Уый тӕссӕй сылгоймӕгтӕн нӕлгоймӕгтимӕ адӕмы раз ныхас кӕныны бар нӕ уыд, стӕй сын бар нӕ уыд, цӕмӕй ӕддӕмӕ ӕнӕмбӕрзт цӕсгомимӕ цыдаиккой. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Чырысти афтӕ кӕй нӕ загъта, цӕмӕй нӕлгоймӕгтӕ семӕ ныхас кӕнынӕй сӕхи хызтаиккой, фӕлӕ сын аргъ кодтаиккой ӕмӕ сӕ монцтыл хӕцыдаиккой (Матфейы 5:28).

Чырысти ма загъта: «Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ йӕ фыццаг усы тӕригъӕды цӕуы» (Марчы 10:11, 12). Уыцы ныхӕстӕй равдыста, нӕлгоймӕгтӕн сӕ устытӕй «алцӕй тыххӕй дӕр» хицӕн кӕныны бар чи лӕвӕрдта, уыцы дзуттаг дины ахуырад раст кӕй нӕ уыд (Матфейы 19:3, 9). Дзуттӕгтӕ сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ нӕлгоймаг йӕ усы тӕригъӕды бацӕуа, ома йыл гадзрахатӕй рацӕуа, уый гӕнӕн нӕй. Сӕ разамонджытӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, лӕг йӕ усыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн, ӕрмӕстдӕр усӕн у йӕ бон йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацӕуын. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Чырысти ӕгъдауы тыххӕй цы загъта, уый ӕрмӕст устытӕм нӕ хауд, фӕлӕ лӕгтӕм дӕр. Уымӕй Чырысти сылгоймаджы кад сбӕрзонд кодта ӕмӕ бамбарын кодта, аргъ кӕнын ын кӕй хъӕуы».

Уый сылгоймӕгтӕн абон дӕр у пайда. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды сылгоймӕгтӕ сӕрибарӕй фӕныхас кӕнынц нӕлгоймӕгтимӕ. Зонынц ӕй, ӕнӕгъдау кӕстытӕ сӕм кӕй нӕ кӕндзысты кӕнӕ сӕхи семӕ афтӕ кӕй нӕ дардзысты, цӕмӕй сын сӕ кад дӕлӕмӕ кӕной, уымӕн ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ хъусынц Библийы фӕдзӕхстмӕ: «Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл» (1 Тимофеймӕ 5:2).

Ахуыр сӕ кодта. Кӕд дзуттаг дины разамонджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн ахуыр кӕнын не ’мбӕлд, уӕддӕр сӕ Чырысти ахуыр кодта ӕмӕ-иу сӕ сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурынмӕ разӕнгард кодта. Марийӕйы ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй дзы Чырысти кӕй раппӕлыд, уымӕй равдыста, сылгоймагӕн йӕ хӕс ӕрмӕст хӕдзары куыстытӕ кӕнын кӕй нӕу (Лукайы 10:38–42). Марийӕйы хо Марфӕ дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр Чырыстийӕ. Уый бӕрӕг у, Лазӕр куы амард, уӕд Марфӕ Чырыстийы фарстайӕн цы дзуапп радта, уымӕй (Иоанны 11:21–27).

Сылгоймӕгты цы тыхсын кодта, уымӕ Чырысти куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Уыцы заман дзуттаг сылгоймӕгтӕн сӕ фылдӕр амондджын хуыдтой, йӕ фырт, зӕгъӕм, пехуымпар кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаджы. Иухатт иу сылгоймаг Чырыстийӕн загъта, «амондджын у, дӕу йӕ гуыбыны чи хаста ӕмӕ дын дзидзи чи дардта, уыцы мад», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Йесо бамбарын кодта, амонд уымӕй кӕнгӕ кӕй нӕу (Лукайы 11:27, 28). Уый зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ ӕцӕг амонд, сылгоймагыл цы хӕстӕ ис, ӕрмӕст уыдон ӕххӕст кӕнынимӕ баст кӕй нӕу. Адӕймаг ӕцӕг амондджын уӕд уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы коммӕ куы кӕса (Иоанны 8:32).

Уый сылгоймӕгтӕн абон дӕр у пайда. Чырыстон ӕмбырдты сылгоймӕгтӕн сӕ бон у сӕрибарӕй дзуаппытӕ дӕттын. Ӕмбырды иннӕты ахуыр кӕныны хӕс кӕуыл ис, уыцы ӕфсымӕртӕ тынг аргъ кӕнынц фӕлтӕрдджын сылгоймӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон иннӕты ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй ахуыр кӕнынц, «хорз цы у, ууыл» (Титмӕ 2:3). Уымӕй уӕлдай ма сылгоймӕгтӕ хъусын кӕнынц хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Псалом 68:11; кӕс рамкӕ «Апостол Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сылгоймагӕн дзурыны бар нӕй?», 9 фарс).

Тыхсти сыл. Раджы заманты адӕмы цӕсты лӕппу чызгӕй кадджындӕр уыд. Уый бӕрӕг у, Талмуды цы фыст ис, уымӕй дӕр: «Амондджын у, лӕппутӕ кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг, додой йӕ къона, чызджытӕ кӕмӕн ис, уымӕн». Иуӕй-иу ныййарджытӕ чызг уӕззау уаргъыл нымадтой, уымӕн ӕмӕ йын хъуыди мойаг ссарын, чындзы дзаумӕттӕ ӕрӕмбырд кӕнын, стӕй-иу сӕм сӕ зӕронды бонты дӕр сӕ чызг нӕ каст.

Фӕлӕ Чырысти равдыста, лӕппуйӕн цы аргъ ис, чызгӕн дӕр уыцы аргъ кӕй ис – райгас кодта, Наины чи цард, уыцы идӕдз усы лӕппуйы дӕр ӕмӕ Иаиры гыццыл чызджы дӕр (Марчы 5:35, 41, 42; Лукайы 7:11–15). «Хъарусӕттӕг дӕлимон ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаджы» куы сдзӕбӕх кодта, уӕд ӕй схуыдта «Авраамы чызг», ома спайда кодта, дзуттаг фысджытӕ кӕмӕй нӕ пайда кодтой ахӕм дзырдбастӕй (Лукайы 13:10–16). Уыцы фӕлмӕн ныхӕстӕ дзурӕг уыдысты, Чырысти сылгоймагӕн кӕй аргъ кодта, ууыл, ӕмӕ ӕвдыстой, нӕлгоймагӕй йӕ дӕлдӕр кӕй не ’вӕрдта ӕмӕ йӕ кӕй нымадта, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм адӕймагыл (Лукайы 19:9; Галатӕгтӕм 3:7).

Уый сылгоймӕгтӕн абон дӕр у пайда. Иу азиаг ӕмбисонд зӕгъы, зӕгъгӕ, чызг хъомыл кӕнын сыхӕгты цӕхӕрадоныл дон кӕнынӕй уӕлдай нӕу. Фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Уыдон сӕ лӕппутыл дӕр ӕмӕ сӕ чызджытыл дӕр иухуызон тыхсынц. Уыдон архайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ се ’ппӕт дӕр ӕнӕниз уой ӕмӕ сӕм ахуырдзинад уа.

Йесо Марийӕ Магдаленӕйӕн стыр кад скодта, йӕ райгасдзинады тыххӕй йын апостолтӕн фӕхабар кӕнын кӕй бахӕс кодта, уымӕй

Ӕууӕндыд сыл. Дзуттӕгты тӕрхондоны сылгоймаг-ӕвдисӕны ныхӕстӕн ӕмӕ цагъары ныхӕстӕн иу уӕз уыд. Фыццаг ӕнусы историк Иосиф Флавий фыста: «Сылгоймаг ӕвдисӕн куы уа, уӕд ын йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг рогзонд у».

Уыдонӕй уӕлдай, Чырысти йӕ райгасдзинады хабар фехъусын кӕнын сылгоймӕгтӕн бахӕс кодта (Матфейы 28:1, 8–10). Кӕд сылгоймӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Чырысти куыд амард ӕмӕ йӕ зӕппадзы куыд бавӕрдтой, уый, уӕддӕр сын апостолтӕ сӕ ныхӕстыл нӕ баууӕндыдысты (Матфейы 27:55, 56, 61; Лукайы 24:10, 11). Фӕлӕ Чырысти куы райгас, уӕд фыццаг сылгоймӕгтӕм кӕй фӕзынд, уымӕй равдыста, уый аккаг кӕй сты, цӕмӕй хорз хабар иннӕтӕн хъусын кӕной (Хъуыддӕгтӕ 1:8, 14).

Уый сылгоймӕгтӕн абон дӕр у пайда. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕртӕ сылгоймӕгты нымайынц ӕмӕ сын сӕ ныхасӕн аргъ кӕнынц. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ алкӕддӕр сӕ устытӕм лӕмбынӕг байхъусынц, ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, кӕй сын кад кӕнынц (1 Петры 3:7; Райдиан 21:12).

Библийы уагӕвӕрдтӕ стыр ӕххуыс сты сылгоймаджы амондӕн

Библийы уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгтӕн аргъ кӕнынц ӕмӕ сын кад кӕнынц

Хуыцауы ӕппӕты райдианы фӕндыд, цӕмӕй нӕлгоймаг сылгоймаджы нымадтаид ӕмӕ йын аргъ кодтаид. Ӕмӕ абон Чырыстийы чи фӕзмы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ раст афтӕ кӕнынц (Райдиан 1:27, 28). Уыдон сӕхи сылгоймӕгтӕй уӕлдӕр не ’вӕрынц. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ сӕ цард аразынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ архайынц, цӕмӕй сӕ цардӕмбӕлттӕ амондджын уой (Ефесӕгтӕм 5:28, 29).

Еленӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд ын йӕ лӕг тынг ӕвзӕр уыд, фӕлӕ йын быхста. Йӕ лӕг схъомыл ис, чызг аскъӕфын ӕмӕ иннӕтӕм къух исын хуымӕтӕг хъуыддагыл нымад кӕмӕ уыд, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Еленӕ загъта: «Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу цы базыдтон, уый-иу мӕ хъарутӕ бауагъта. Бамбӕрстон ӕй, чидӕр мӕ кӕй уарзы ӕмӕ мын кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон: „Тӕхуды, мӕ сӕрыхицау дӕр Библи ахуыр кӕнын куы райдаид! Уӕд мӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсид“». Еленӕйӕн йӕ бӕллиц сӕххӕст – йӕ лӕг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, донаргъуыд райста, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. «Мӕ сӕрыхицау йӕхиуыл хӕцын афтӕ сахуыр, ӕмӕ ма иннӕтӕн дӕр фӕзминаг у,– зӕгъы Еленӕ.– Кӕрӕдзийӕн барын райдыдтам». Уый сӕ бинонты цардыл куыд фӕзынд? Еленӕ зӕгъы: «Библийы уагӕвӕрдтӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй бамбӕрстаин, мӕ цардӕмбал мӕ кӕй уарзы, ӕмӕ абон „а“ ӕмӕ „о“-йӕ цӕрӕм» (Колоссӕгтӕм 3:13, 18, 19).

Еленӕйы цард куыд аивта, афтӕ бирӕ сылгоймӕгты цард аивта. Чырыстон сылгоймӕгтӕй милуантӕ амондджын сты, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ лӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй сӕ бинонты цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн сын тынг ӕнцон у, уымӕн ӕмӕ сӕм иууылдӕр хорз цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ сын сӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнынц (Иоанны 13:34, 35).

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ – нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр – ӕмбарынц, «ницӕйаг царды хай» кӕй баисты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕу, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхи фервӕзын кӕной тӕригъӕдӕй ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй. Фӕлӕ сӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕнынц, уый фӕрцы сӕ фидар ныфс ис, «мӕлӕты цагъарадӕй» кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ сын кӕй уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад». Уӕдӕ цы диссаджы фидӕн цӕттӕ кӕны Хуыцау нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр! (Ромӕгтӕм 8:20, 21).

Апостол Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сылгоймагӕн дзурыны бар нӕй?

«Сылгоймӕгтӕ ӕмбырды мацы дзурӕнт»,– ныффыста апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 14:34). Цымӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Мыййаг сӕ нӕлгоймӕгтӕй ӕнӕмбаргӕдӕр хуыдта? Нӕ. Павел иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ раппӕлыд сылгоймӕгтӕй, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстысты, уый тыххӕй (2 Тимофеймӕ 1:5; Титмӕ 2:3–5). Коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым ӕрмӕст сылгоймӕгты нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй мацы дзырдтаиккой. Ӕндӕр ӕвзагыл дзурыны ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕныны курдиат кӕмӕ уыд, уыдон дӕр хъуамӕ «мацы дзырдтаиккой», ӕмбырды-иу иннӕтӕй исчи куы дзырдта, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 14:26–30, 33)a. Ӕвӕццӕгӕн-иу сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ, рӕстдзинад кӕй бызыдтой, ууыл тынг цин кодтой ӕмӕ-иу ныхасы чи рацыд, уымӕ-иу йӕ раныхасы рӕстӕг дӕр фарстатӕ дӕттын райдыдтой. Афтӕ та уымӕн кодтой, ӕмӕ грекъӕгтӕм ахӕм ӕгъдау уыд. Ӕмӕ цӕмӕй ӕмбырды алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид, уый тыххӕй Павел загъта, цӕмӕй-иу сылгоймӕгтӕ «хӕдзары сӕ лӕгты бафарстаиккой» (1 Коринфӕгтӕм 14:35).

a Чырыстон ӕмбырды сылгоймагӕн цы бынат ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы сылгоймӕгтӕн дӕр адӕмы ахуыр кӕныны бар ис?», 23 фарс.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын