Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы сылгоймӕгтӕн дӕр адӕмы ахуыр кӕныны бар ис?
О, ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй милуангай сылгоймӕгтӕ адӕмы ахуыр кӕнынц. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕй тынг бирӕтӕ сты сылгоймӕгтӕ. 68-ӕм псаломы 11-ӕм стихы фыст ис: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас. Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад».
Фӕлӕ кӕд ӕдӕр динтыл хӕст сылгоймӕгтӕ дӕр адӕмы ахуыр кӕнынц, уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ сылгоймӕгтӕ уыдонӕй тынг хицӕн кӕнынц. Цӕмӕй?
Кӕй фӕахуыр кӕнынц, уымӕй. Сылгоймаг-сауджынтӕ, сӕйраджыдӕр чырыстон аргъуанты, адӕмы фӕахуыр кӕнынц сӕхи ӕмбырды. Стӕй, кӕй фӕахуыр кӕнынц, уыдонӕн та сӕ фылдӕр вӕййынц, аргъуанмӕ сӕм чи цӕуы, уыдон. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн та сӕ сылгоймӕгтӕ кӕй фӕахуыр кӕнынц, уыцы адӕм ӕмбырдӕй нӕ вӕййынц, фӕлӕ сыл сӕмбӕлынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр рӕтты.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ма сӕ сылгоймӕгтӕ иннӕ динты сылгоймӕгтӕй хицӕн кӕнынц, ӕмбырды сын цы бынат ис, уымӕй дӕр. Чырыстон аргъуанты ӕмӕ ӕндӕр динты сылгоймаг-сауджынтӕ сӕхимӕ разамынд исынц ӕмӕ сӕ аргъуанты иннӕтӕн сӕ дины ахуырӕдтӕ амонынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм сылгоймӕгтӕ ӕмбырды иннӕты нӕ фӕахуыр кӕнынц, донаргъуыд нӕлгоймӕгтӕ дзы куы вӕййы, уӕд. Ӕрмӕстдӕр нысангонд нӕлгоймӕгтӕ фӕахуыр кӕнынц ӕмбырды иннӕты (1 Тимофеймӕ 3:2; Иаковы 3:1).
Библимӕ гӕсгӕ ӕмбырдӕн разамынд дӕттыны бар ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕн ис. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел ӕндӕр цӕстдарӕгмӕ, Титмӕ, цы ныффыста, уымӕ: «Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй... алы горӕты дӕр сӕвӕрай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, алы хистӕр нӕлгоймаг дӕр «хъуамӕ уа, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, ахӕм нӕлгоймаг, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа» (Титмӕ 1:5, 6). Ахӕм амындтӕ ма Павел йӕ фыстӕджы радта Тимофейӕн дӕр: «Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы. Цӕстдарӕгмӕ хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа... иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса» (1 Тимофеймӕ 3:1, 2).
Ӕмбырдӕн разамынд ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ дӕттой? Павел загъта: «Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ искӕй ахуыр кӕна кӕнӕ йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы» (1 Тимофеймӕ 2:12, 13). Уӕдӕ Хуыцау фыццаг Адамы кӕй сфӕлдыста, уымӕй бӕрӕг у, ахуыр кӕнын ӕмӕ разамынд дӕттын нӕлгоймаджы хӕс кӕй у.
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фӕзмынц сӕ Разамонӕджы, Йесо Чырыстийы. Ахуыргӕнинаг Лука, Чырысти куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй ныффыста: «Йесо араст ӕмӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта». Фӕстӕдӕр Йесо уыцы куыст кӕнынмӕ арвыста йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр: «Уыдон дӕр хъӕутыл зилын байдыдтой, ӕмӕ алы ран дӕр хъусын кодтой хорз хабар» (Лукайы 8:1; 9:2–6).
Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ – нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр – зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, Чырысти цы загъта, уый: «Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).