Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/10 30–31 фф.
  • Кадмондаг макуы су!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кадмондаг макуы су!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфт
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Моисей сразы Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Сӕ фыдвӕндтӕ сӕхиуыл ӕрцыдысты!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Дӕ уырнындзинады тыххӕй ныфсджынӕй дзур!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/10 30–31 фф.

Кӕстӕртӕн

Кадмондаг макуы су!

Уынаффӕ. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цы хабӕртты тыххӕй кӕсыс, уыдон цыма дӕ алыварс цӕуынц: архайджытӕ цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс ӕмӕ, цы ’нкъарынц, уый ӕмбарыс.

Сӕйраг архайджытӕ: Давид, Авессалом, Иоав

Цӕуыл цӕуы ныхас: Авессалом архайы, цӕмӕй йӕ фыды паддзахы бынатӕй раппара ӕмӕ йӕхӕдӕг паддзах суа.

АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС 2 САМУИЛЫ 14:25–33; 15:1–17; 18:9–17, 30–33.

Куыд хъуыды кӕныс, Авессалом уындӕй цыхуызӕн уыд? (Ногӕй бакӕс 2 Самуилы 14:25, 26.)

Куыд дӕм кӕсы, паддзахмӕ-иу йӕ хъуыддаг равзарынмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ балхӕныны тыххӕй Авессалом йӕхи семӕ куыд дардта ӕмӕ семӕ цавӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кодта? (Ногӕй бакӕс 2 Самуилы 15:2–6.)

Авессалом цавӕр адӕймаг уыд, уый 2 Самуилы 14:28–30 стихтӕй куыд зыны?

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Цӕмӕй Авессалом паддзах суыдаид, уый тыххӕй цы сарӕзта? (Дзуапп базондзынӕ, 2 Самуилы 13:28, 29 стихтӕ куы бакӕсай, уӕд. Амнон уыд Давиды хистӕр фырт ӕмӕ йӕ фыды фӕстӕ уый хъуамӕ суыдаид паддзах.)

Кӕд Авессалом кадмондаг уыд ӕмӕ йӕхи сбӕрзонд кӕнынмӕ хъавыд, уӕддӕр ын йӕ мард куыд баныгӕдтой, уымӕй куыд зыны, иннӕтӕ йӕм цы цӕстӕй кастысты, уый? (Ногӕй бакӕс 2 Самуилы 18:17.)

Куыд хъуыды кӕныс, Авессалом ахӕм кадмондаг цӕмӕн сси? (Абар, 3 Иоанны 9, 10 стихты Диотрефы тыххӕй цы фыст ис, уый.)

Авессаломы митӕ Давидыл куыд фӕзындысты? (Дзуапп базондзынӕ, 3-аг псалом куы бакӕсай, уӕд. Уыцы псалом Давид ныффыста, йӕ фырт Авессалом йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд.)

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

...кадмӕ бӕллын тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй.

...адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕй иннӕтӕн, суанг йӕ ныййарджытӕн дӕр, йӕ бон цы маст ӕрхӕссын у, уый тыххӕй.

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Адӕймаг кадмондаг куыд свӕййы?

Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма суай?

АЦЫ ХАБӔРТТӔЙ ДӔ ЗӔРДӔМӔ ТЫНГДӔР ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

Хӕслӕвӕрд. Ацы хабарӕн ӕндӕр кӕрон ӕрхъуыды кӕн. Авессалом кадмонаг адӕймаг нӕ, фӕлӕ сӕрныллӕг куы уыдаид, уӕд хабар куыд рауадаид? (Ӕмбисӕндтӕ 18:12).

www.jw.org/os

Кӕс Библи Интернеты

Ацы статья скъопи кӕн кӕнӕ йӕ гӕххӕттыл рауадз

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын