Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w12 1/12 3 ф.
  • Бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Ног азы бӕрӕгбӕттӕ. Цӕмӕн сӕ кӕнынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
w12 1/12 3 ф.

Бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ

«Куы нӕ дӕ фӕнда, уӕддӕр иннӕтӕм кӕсгӕйӕ ды дӕр бар-ӕнӕбары стыхсдзынӕ. Бӕрӕгбонмӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ фӕхъӕуы саразын, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн рӕстӕг нал баззайы. Адӕймаг хъуамӕ цин кӕна, фӕлӕ хатт уыдӕттӕй афтӕ бафӕллайы, ӕмӕ йӕ ницыуал фӕхъӕуы» (ОКЛАХОМӔЙЫ [АИШ] РАЗДӔРЫ ГУБЕРНАТОР, БРЭД ГЕНРИ, 2008 АЗЫ 23 ДЕКАБРЬ).

ЧЫРЫСТИЙЫ райгуырӕн боны номыл кӕй фӕкӕнынц, уыцы бӕрӕгбон (Рождество) цас хӕстӕгдӕр вӕййы, уыйас арӕхдӕр ахӕм зарджытӕ фӕзарынц, стӕй ахӕм кинотӕ ӕмӕ программӕтӕ февдисынц, цӕмӕй адӕм цин кӕной ӕмӕ бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой. Ды та куыд хъуыды кӕныс, бӕрӕгбонмӕ адӕймаг сӕйраджыдӕр цӕмӕн фенхъӕлмӕ кӕсы? Уыцы рӕстӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр цы вӕййы:

  • Чырыстийы мысын?

  • Иннӕтӕн лӕвӕрттӕ кӕнын?

  • Ӕххуыс кӕнын мӕгуыртӕн?

  • Бинонтимӕ рӕстӕг ӕрвитын?

  • Фарнмӕ тырнын?

Уӕлдӕр кӕй ныхӕстӕ фыст сты, уыцы губернатор куыд загъта, афтӕмӕй, ацы бӕрӕгбон чи бӕрӕг кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн ацы хъуыддӕгтӕй иу дӕр сӕ къухы нӕ бафты. Уыцы рӕстӕг арӕх адӕймаг стыхсы ӕмӕ дуне ӕхца бахардз кӕны. Рождествойы адӕм хъуамӕ цин кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад аразой. Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн ис?

Библи не ’ппӕты дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй Чырыстийы нӕ зӕрдыл дарӕм, рӕдау уӕм, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕг нӕ бинонтимӕ ӕрвитӕм. Стӕй нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй фарнмӕ тырнӕм. Ацы статьяты, иуӕй-иутӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц, ууыл нӕ дзурдзыстӕмa, фӕлӕ ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр фарстамӕ.

  • Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ Рождество цӕмӕн хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

  • Кӕд Рождествойы рӕстӕг адӕм хъуамӕ цин кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад аразой, уӕд сын уый зын цӕмӕн вӕййы?

  • Милуангай адӕмӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кодтой, Рождествойӕ хуыздӕр цы ис, уый ссарынӕн?

a Иуӕй-иутӕ Рождество кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уымӕн Библийӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн, уый базонӕн ис статьяйӕ «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц. Иуӕй-иутӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?», .

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын