Чырыстийы мысын
«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (ЛУКАЙЫ 22:19).
Иуӕй-иутӕ Рождество цӕмӕн бӕрӕг кӕнынц?
Иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Рождество баст у Чырыстиимӕ, уыцы бон ын фӕбӕрӕг кӕнынц йӕ райгуырӕн бон.
Уый зын бамбарӕн цӕмӕн у?
Рождествоимӕ баст зарджытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕн сӕ фылдӕр Чырыстимӕ ӕппындӕр ницы бар дарынц. Чи йӕ фӕбӕрӕг кӕны, уыдонӕй милуантӕ Чырыстийыл не ’ууӕндынц. Иуӕй-иуты та уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, уӕвгӕ, Йесо искуы уыд, уый. Уӕйгӕнджытӕн та Рождество Чырыстийы мысӕн бон нӕу, фӕлӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ кӕй фӕрцы ауӕй кӕнынц, ахӕм бӕрӕгбон.
Библийӕ нын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?
«Адӕймаджы Фырт... ӕрцыд, цӕмӕй... йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Марчы 10:45). Статьяйы райдианы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон Чырысти загъта йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв. Уыцы изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, йӕ мӕлӕт ӕрымысыны тыххӕй сӕ цы хъуыд аразын, уый. Аразын та сӕ бирӕ цыдӕртӕ нӕ хъуыд. Цымӕ Йесо йӕ райгуырӕн бон нӕ, фӕлӕ йӕ мӕлӕты бон бӕрӕг кӕнын цӕмӕн бафӕдзӕхста? Уымӕн ӕмӕ, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн ис ӕнустӕм цӕрыны фадат. Библийы фыст ис: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 6:23). Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕдылдзӕуджытӕ алы аз дӕр йӕ мӕлӕты бон куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд сӕ зӕрдыл ӕнахъом ноггуырд сывӕллон не ’рлӕууы, фӕлӕ «дунейы ирвӕзынгӕнӕг» (Иоанны 4:42).
«Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат» (1 Петры 2:21). Чырысти уыд ӕххӕст ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг. Ӕмӕ йын цӕмӕй кад кӕнӕм ӕмӕ йӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хуыздӕр базонӕм, зӕххыл цӕргӕйӕ цы арӕзта, уый. Стӕй ма-иу хъуыды кӕнӕм, куыд фӕразон уыд, адӕмӕн куыд тӕригъӕд кодта ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл дзургӕйӕ куыд хъӕбатыр уыд, ууыл ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй, уый куыд цард, мах дӕр афтӕ цӕрӕм.
«Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Раргомад 11:15). Чырыстийыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, ныр цы кусы, ууыл. Йесо ныр у уӕларвон Паддзахады Паддзах. Хуыцауы Ныхасы Чырыстийы тыххӕй рагацау фыст ӕрцыд: «Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон, зӕххыл цы сабыр адӕм ис, уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй» (Исай 11:4). Уӕдӕ бӕрӕг у, ацы хъуыддӕгтӕ ноггуырд сывӕллон кӕй нӕ сараздзӕн, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр хъомысджын Паддзах.