Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...
Иуӕй-иутӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
Ӕнӕхъӕн дунейы 2 миллиард адӕймаджы бӕрц Рождество, ома Чырыстийы райгуырӕн бон, фӕбӕрӕг кӕнынц 25 декабры, 200 милуан адӕймаджы бӕрц та – 7 январы. Фӕлӕ ма ис милуантӕ, уыцы бӕрӕгбон чи нӕ бӕрӕг кӕны. Цӕуылнӕ йӕ бӕрӕг кӕнынц?
Уымӕн ӕмӕ чырыстон диныл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр диныл хӕст сты. Чи дзы у, зӕгъӕм, иудаист, чи – индуист, чи та – синтоист. Иннӕтӕ та, зӕгъӕм, атеисттӕ, агностиктӕ ӕмӕ, ӕндӕр философитыл хӕст чи у, уыдон, Йесойы райгуырды хабар нымайынц таурӕгъыл.
Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ Чырыстийыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ Рождество нӕ бӕрӕг кӕнынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ис, ӕппынкъаддӕр, цыппар аххосаджы.
Фыццаг: нӕ сӕ уырны, Йесо декабры кӕнӕ январы кӕй райгуырд, уый. Кӕцы мӕй ӕмӕ кӕцы бон райгуырд, уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Фыст дзы ис ӕрмӕстдӕр афтӕ: «Уым быдыры цардысты фыййӕуттӕ ӕмӕ ӕхсӕвыгон хъахъхъӕдтой сӕ дзугтӕ. Ӕмӕ ӕваст сӕ разы февзӕрд Йегъовӕйы зӕд, ӕмӕ... сын зӕд загъта: „Абон Давиды горӕты райгуырд уӕ Ирвӕзынгӕнӕг, Хицау Чырысти!“» (Лукайы 2:8–11).
Библийы фыст хабӕрттӕм гӕсгӕ, Чырысти райгуырд октябры райдианмӕ ’ввахс, фыййӕуттӕ сӕ дзугтимӕ ӕхсӕвыгӕтты нырма быдыры куы уыдысты, уӕд. Вифлеемы бӕстӕйы декабрь ӕмӕ январь ӕппӕты уазалдӕр мӕйтӕ вӕййынц. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕг фыййӕуттӕ сӕ фос ӕддейӕ нӕ дардтой.
Дыккаг: Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй йын бӕрӕг кодтаиккой йӕ райгуырӕн бон нӕ, фӕлӕ йӕ мӕлӕты бон, ӕмӕ-иу уыцы бӕрӕгбоны та хуымӕтӕг хӕринаг йеддӕмӕ хъуамӕ мацы уыдаид (Лукайы 22:19, 20). Уымӕй уӕлдай, Йесойы райгуырды тыххӕй ницы ис фыст нӕдӕр Марчы Евангелийы, нӕдӕр Иоанны Евангелийы.
Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй йын бӕрӕг кодтаиккой йӕ райгуырӕн бон нӕ, фӕлӕ йӕ мӕлӕты бон
Ӕртыккаг: фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Йесойы райгуырӕн бон кӕй бӕрӕг кодтой, уымӕн ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Фӕлӕ бӕлвырд у, йӕ мӕлӕты бон ын кӕй бӕрӕг кодтой, уый (1 Коринфӕгтӕм 11:23–26). Чырыстон аргъуантӕ Рождество 25 декабры бӕрӕг кӕнын райдыдтой, Чырыстийы райгуырдӕй 300 азы бӕрц куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд. Диссаг у, 17-ӕм ӕнусы астӕу Английы парламент ахӕм уынаффӕ кӕй рахаста, цӕмӕй сӕ бӕстӕйы Рождество мауал бӕрӕг кодтаиккой. Ахӕм уынаффӕ ма рахаста Массачусетсы Сӕйраг тӕрхондон Америкӕйы Иугонд Штатты. Цӕмӕн? Иу чиныджы фыст ис: «Чырысти 25 декабры кӕй райгуырд, уый кой нӕдӕр Библийы ис, нӕдӕр историон документты». Уыцы чиныджы ма фыст ис, Английы иу диныл хӕст адӕм, пуритане, зӕгъгӕ, нымадтой, Рождество чырыстон динмӕ кӕй ницы бар дары, чырыстон динӕй йӕм ӕрмӕст цыдӕртӕ кӕй бафтыдтой, ӕндӕр» (The Battle for Christmas).
Цыппӕрӕм: ацы бӕрӕгбон равзӕрд мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй. Рождествойы ӕгъдӕуттӕ равзӕрдысты, раджы заманты ромӕгтӕ тыллӕджы хуыцау Сатурн ӕмӕ хуры хуыцау Сол Инвиктусы (Митрӕйы), номыл кӕй кодтой, уыцы бӕрӕгбӕтты ӕгъдӕуттӕй. Ахуыргӕндтӕ Кристиан Рэч ӕмӕ Клаудия Мюллер-Эбелинг рауагътой чиныг, Рождество мӕнг дины ӕгъдӕуттӕй кӕй равзӕрд, уый фӕдыл. Уым фыст ис: «Чырыстон дин, йӕ размӕ цы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ уырнындзинӕдтӕ уыд, уыдон куыд райста, афтӕ райста, хур-иу куы сног, уый номыл-иу цы бӕрӕгбон кодтой, уый дӕр, ӕмӕ йӕ схуыдта Чырыстийы райгуырӕн бон» (Pagan Christmas).
Уӕдӕ ацы статьяйӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныр ӕмбарыс, ӕцӕг чырыстӕттӕ Рождество цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц, уый?