Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты «не ’мкусджытӕ, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой»
«[Мах] стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм» (2 КОР. 1:24).
1. Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕтты тыххӕй цӕмӕн фӕцин кодта?
УЫЙ уыд нӕ эрӕйы 55 азы. Апостол Павел уыд наулӕууӕн горӕт Троадӕйы, фӕлӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты Коринфы. Цалдӕр мӕйы размӕ фехъуыста, Коринфы ӕмбырды ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзиимӕ кӕй быцӕу кодтой, ӕмӕ йын уый тынг хъыг уыд. Фыдау сыл кӕй тыхсти, уымӕ гӕсгӕ сӕм ныффыста фыстӕг, цӕмӕй сӕ раст зондыл сарӕзтаид (1 Кор. 1:11; 4:15). Арвыста сӕм йе ’мкусӕг Титы ӕмӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ Троадӕмӕ хабӕрттимӕ ӕрбаздӕхтаид. Павел Троадӕйы Титмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, тынг ӕй фӕндыд базонын, Коринфы ӕмбырды хабӕрттӕ куыд цыдысты, уый. Фӕлӕ дзӕгъӕлы фенхъӕлмӕ каст – Тит не ’рцыд. Уӕд Павел ацыд Македонимӕ. Ӕмӕ ма йӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд, уым Титыл куы фембӕлд, уӕд. Тит ын радзырдта, Коринфы ӕфсымӕртӕ Павелы фыстӕгмӕ хорз цӕстӕй кӕй ракастысты ӕмӕ йӕ фенынмӕ тынг кӕй бӕллынц. Ахӕм хорз хабӕрттӕй Павелы «циныл ноджыдӕр бафтыд» (2 Кор. 2:12, 13; 7:5–9).
2. а) Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕм уырнындзинад ӕмӕ циндзинады тыххӕй цы ныффыста? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
2 Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Павел Коринфы ӕмбырдмӕ ныффыста дыккаг фыстӕг. Ныффыста сӕм: «Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ нӕхи уӕ уырнындзинадӕн хицау кӕнӕм, фӕлӕ стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ уырнындзинады фӕрцы лӕуут фидар» (2 Кор. 1:24). Павелы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕй абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у?
НӔ УЫРНЫНДЗИНАД ӔМӔ НӔ ЦИНДЗИНАД
3. а) Павел афтӕ куы загъта, «уӕ уырнындзинады фӕрцы лӕуут фидар», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы куыд фӕзмынц?
3 Павел ракодта, алы чырыстонмӕ дӕр чи хъуамӕ уа, дыууӕ ахӕм ахсджиаг миниуӕджы кой. Фыццаг уал загъта уырнындзинады тыххӕй: «Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ нӕхи уӕ уырнындзинадӕн хицау кӕнӕм... уымӕн ӕмӕ сымах уӕ уырнындзинады фӕрцы лӕуут фидар». Павел зыдта, Коринфы ӕфсымӕртӕ фидар кӕй лӕууыдысты, Хуыцауыл сӕхӕдӕг кӕй ӕууӕндыдысты, уый фӕрцы, Павелы кӕнӕ ӕндӕр искӕй фӕрцы нӕ, фӕлӕ. Уымӕ гӕсгӕ Павел йӕхи йе фсымӕрты уырнындзинадӕн хицау нӕ кодта, ӕмӕ йӕ уый нӕдӕр фӕндыд. Нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцауы кӕй уарзтой ӕмӕ сӕ кӕй фӕндыд, раст цы у, уый аразын (2 Кор. 2:3). Нӕ рӕстӕджы дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелау нӕ дызӕрдыг кӕнынц, се ’мчырыстӕттӕм уырнындзинад кӕй ис ӕмӕ Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, ууыл (2 Фес. 3:4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алы лыстӕг хъуыддӕгты фӕдыл закъӕттӕ не ’вӕрынц. Сӕ уынаффӕтӕ вӕййынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ организацийӕн цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ. Павелау хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕхи се ’фсымӕрты уырнындзинадӕн хицау нӕ кӕнынц (1 Пет. 5:2, 3).
4. а) Павелы ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, мах «стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм»? ӕ) Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелау цы аразынц?
4 Павел ма загъта, зӕгъгӕ, мах «стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм». Ам Павел кӕны йӕхи кой ӕмӕ ма йемӕ иумӕ чи лӕггад кодта, уыцы чырыстӕтты кой дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ, коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым уыцы чырыстӕттӕй дыууӕйы кой скодта. Павел ныффыста, зӕгъгӕ уын «мах, ома ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей» фехъусын кодтам Йесо Чырыстийы тыххӕй (2 Кор. 1:19). Стӕй ма Павелы фыстӕджыты дзырд «ӕмкусджытӕ» кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлы, уым амоны, йемӕ иумӕ зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кодта, уыдонмӕ, зӕгъӕм, Аполлос, Акилӕ, Прискӕ, Тимофей, Тит ӕмӕ ӕндӕртӕм (Ром. 16:3, 21; 1 Кор. 3:6–9; 2 Кор. 8:23). Уӕдӕ Павел афтӕ куы загъта, мах «стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм», зӕгъгӕ, уӕд ӕй коринфӕгтӕн уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ дӕр ууыл кӕй архайдтой, цӕмӕй уыцы ӕмбырды алчидӕр Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаид. Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты уый фӕнды. Фӕнды сӕ ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кӕнын се ’фсымӕртӕн, цӕмӕй «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной цингӕнгӕйӕ» (Пс. 100:2; Фил. 1:25).
5. Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цавӕр фарста радтой? Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
5 Ӕрӕджы, алы ӕмӕ алы бӕстӕты чи цӕры, ахӕм зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм радтой ахӕм фарста: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уын сӕ ныхӕстӕй кӕнӕ сӕ хъуыддӕгтӕй уӕ циныл цин куыд бафтыдтой?» Ӕмӕ дарддӕр ӕркӕсдзыстӕм, ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп радтой, уымӕ. Сӕ ныхӕстӕ сын куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, зӕгъгӕ, ӕз та цы зӕгъин. Стӕй ма-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм фылдӕр циндзинад уаa.
«САЛӔМТТӔ НӔ УАРЗОН ХО ПЕРСИДӔЙӔН»
6, 7. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Йесойы, Павелы ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджыты фӕзмын? ӕ) Ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн сӕ нӕмттӕ кӕй зонӕм, уымӕй сын сӕ циндзинадыл куыд ӕфтауӕм?
6 Не ’фсымӕртӕй ӕмӕ нӕ хотӕй бирӕтӕ загътой, зӕгъгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй рох кӕй не стӕм, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ циныл цин бафты. Уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бафӕзмын, зӕгъӕм, Давиды, Елиуйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы. (Бакӕс 2 Самуилы 9:6; Иов 33:1; Лукайы 19:5.) Ацы ӕртӕ лӕггадгӕнӕджы, иннӕтӕ сын уӕлдай кӕй нӕ уыдысты, уый-иу равдыстой, сӕ номӕй-иу сӕм кӕй дзырдтой, уымӕй. Апостол Павел дӕр ӕмбӕрста, куыд ахсджиаг уыд йе ’мчырыстӕтты нӕмттӕ бахъуыды кӕнын ӕмӕ сӕм сӕ номӕй дзурын. Павел йӕ фыстӕджытӕй иуы кӕрон салӕмттӕ ӕрвыста 25 ӕфсымӕр ӕмӕ хойӕ фылдӕрӕн, номгай сӕ ранымадта, афтӕмӕй. Се ’хсӕн уыди хо Персидӕ дӕр. Павел ныффыста: «Салӕмттӕ нӕ уарзон хо Персидӕйӕн» (Ром. 16:3–15).
7 Иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн тынг зын вӕййы нӕмттӕ бахъуыды кӕнын. Фӕлӕ уыцы хъуыддагыл зӕрдиагӕй куы фӕархайынц, уӕд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн цыма афтӕ фӕзӕгъынц, тынг зынаргъ мын дӕ, зӕгъгӕ (Рац. 33:17). Ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн уӕлдай ӕхсызгон вӕййы, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры кӕнӕ ӕндӕр фембӕлды рӕстӕг дзуапп куы фӕдӕттынц, уӕд сӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ номӕй кӕй фӕдзурынц, уый. (Абар Иоанны 10:3.)
«УЫЙ НӔ ХИЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ БИРӔ САРӔЗТА»
8. Павел Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы фӕзмыдта?
8 Павел йе ’мчырыстӕттыл кӕй тыхст ӕмӕ дзы рох кӕй нӕ уыдысты, уый ма бӕрӕг уыд, зӕрдиагӕй-иу сӕ кӕй раппӕлыд, уымӕй дӕр. Уый фӕрцы дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ циныл цин бафты. Павел коринфӕгтӕм куы ныффыста, уӕд сӕ зӕрдиагӕй раппӕлыд: «Ӕз сымахӕй сӕрыстыр дӕн» (2 Кор. 7:4). Уыцы ныхӕстӕ Коринфы цӕрӕг ӕфсымӕрты зӕрдӕтӕ куыннӕ батавтаиккой. Ахӕм ныфсы ныхӕстӕ-иу Павел иннӕ ӕмбырдтӕм дӕр ныффыста (Ром. 1:8; Фил. 1:3–5; 1 Фес. 1:8). Зӕгъӕм, Ромы ӕмбырдмӕ куы фыста ӕмӕ Персидӕйы кой куы ракодта, уӕд загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Уый нӕ Хицауы хъуыддаджы бирӕ сарӕзта» (Ром. 16:12). Уыцы иузӕрдион хойӕн ахӕм ныхӕстӕ куыд тынг ӕхсызгон уыдаиккой! Павел иннӕтӕй кӕй ӕппӕлыд, уымӕй фӕзмыдта Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы. (Бакӕс Марчы 1:9–11; Иоанны 1:47; Рарг. 2:2, 13, 19.)
9. Кӕрӕдзийӕ куы ’ппӕлӕм, уӕд уый ӕмбырды циндзинадыл куыд фӕзындзӕн?
9 Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дзурой, кӕй сын аргъ кӕнынц, уый тыххӕй (Ӕмб. 3:27; 15:23). Хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хотӕй куы раппӕлы, уӕд сын цыма афтӕ фӕзӕгъы: «Цы дын бантыст, уый уынын. Рох мӕ нӕ дӕ». Ӕмӕ се ’мчырыстӕтты дӕр куыннӕ фӕфӕнды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ фехъусын. 50 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо загъта: «Куысты мӕ искуы иухатт йеддӕмӕ нӕ раппӕлынц. Алчидӕр дзы ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт кӕны ӕмӕ архайы, иннӕтӕй хуыздӕр куыд уа, ууыл. Ӕмӕ ӕмбырдӕн исты хъуыддаджы куы балӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы раппӕлынц, уӕд мыл базыртӕ базайы ӕмӕ мӕм ног хъарутӕ фӕзыны! Уый фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбарын, мӕ уӕларвон Фыд мӕ кӕй уарзы». Дыууӕ сывӕллоны иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕрӕй ӕрӕджы хистӕр нӕлгоймаг зӕрдиагӕй раппӕлыд, цы аразы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы ӕфсымӕр загъта: «Уыцы хистӕр нӕлгоймаджы ныхӕстӕ мӕ тынг бафидар кодтой!» Уӕдӕ бӕрӕг у, хистӕр нӕлгоймаг йе ’мчырыстӕттӕй зӕрдиагӕй куы ’ппӕла, уӕд сын ӕцӕгдӕр сӕ циныл цин ӕфтаудзӕн. Афтӕмӕй сӕм фылдӕр тыхтӕ уыдзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр царды фӕндагыл цӕуой ӕмӕ ма бафӕллайой (Ис. 40:31).
«ХИЗУТ ХУЫЦАУЫ ДЗУГ»
10, 11. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон Неемийы бафӕзмын куыд у? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн бахай кӕной, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй?
10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртыл кӕй тыхсынц, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Сӕ циныл ма сын цин ноджыдӕр куыд бафтаудзысты? Бафидар кӕнын кӕй хъӕуы, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй куы ’ххуыс кӕной. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:28.) Уыцы ахсджиаг хъуыддагӕй фӕзмдзысты, Хуыцауӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы цӕстдарджыты. Зӕгъӕм, Нееми куы бафиппайдта, йе ’фсымӕртӕй, ома дзуттӕгтӕй, кӕмӕндӕрты сӕ уырнындзинад кӕй ӕрлӕмӕгъ, уӕд сӕ афтӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ сӕ бафидар кодта (Неем. 4:14). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты фӕнды афтӕ архайын. Се ’фсымӕртӕн ӕмӕ сӕ хотӕн сӕ ныфс куы асӕтты, уӕд сӕм ӕнцад нӕ фӕкӕсынц, фӕлӕ сӕ бафидар кӕнынц. Цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауой, уый тыххӕй сӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хӕдзармӕ бацӕуынц. Куы сӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд сӕ фӕфӕнды, «цӕмӕй сын бахай кӕной, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй» (Ром. 1:11). Ӕмӕ сын уый цӕй фӕрцы бантысдзӕн?
11 Ӕмбырдӕй искӕй бабӕрӕг кӕныны размӕ уал хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ уыцы адӕймагыл ахъуыды кӕна. Цавӕр зындзинӕдтӕ йын ис? Цавӕр ныхӕстӕ йӕ бафидар кӕндзысты? Йӕ уавӕры йын Библийӕ кӕцы стих кӕнӕ цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн? Йӕхи рагацау куы бацӕттӕ кӕна, уӕд йӕ ныхас ӕнӕуи цӕуылдӕрты нӕ уыдзӕн, фӕлӕ, адӕймагӕн пайда цы фӕуыдзӕн, ууыл. Хистӕр нӕлгоймаг хо кӕнӕ ӕфсымӕры куы бабӕрӕг кӕны, уӕд ын фадат ратты, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзура, ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг байхъусы (Иак. 1:19). Иу хо зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймаг мӕм зӕрдиагӕй куы байхъусы, уӕд мын афтӕ фенцон вӕййы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй!» (Лук. 8:18).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’мчырыстӕтты бабӕрӕг кӕныны размӕ сӕхи куы бацӕттӕ кӕной, уӕд сын «бахай кӕндзысты, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй»
12. Ӕмбырды фидар кӕнын кӕй фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?
12 Кӕй фӕхъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс? Павел хистӕр нӕлгоймӕгты бафӕдзӕхста, цӕмӕй «лӕмбынӕг кӕсой... ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр». Уӕдӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырд дӕр, ома ӕмбырды алкӕй дӕр, хъӕуы фидар кӕнын. Ӕмӕ уыдонмӕ хауынц, Хуыцауӕн азӕй-азмӕ ӕнувыдӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ пионертӕ дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой, уый сӕ цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕтты дӕр хатт бирӕ нал фӕхъӕуы, ӕмӕ сӕ къухтӕ ӕруадзой, ацы фыддунейы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны тыххӕй. Хуыцауы фидар лӕггадгӕнджыты дӕр хатт ӕххуыс кӕй фӕхъӕуы, уый бӕрӕг у, иуафон паддзах Давидыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй.
«АВЕССӔ ДАВИДЫ ФАРСМӔ ӔРБАЛӔУУЫД»
13. а) Йесви Давиды амарынмӕ кӕд бахъавыд? ӕ) Авессӕ Давидӕн цӕй фӕрцы баххуыс кодта?
13 Йегъовӕ ӕрыгон Давиды паддзахӕй куы равзӕрста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Давид схӕцыд Голиафимӕ – уый уыд рефаимты байзӕддӕгтӕй, уӕйгуыты мыггагӕй. Хъӕбатыр Давид уыцы богалы амардта (1 Сам. 17:4, 48–51; 1 Аз. 20:5, 8). Уыцы хабарӕй бирӕ азты фӕстӕ та израилӕгтӕ ногӕй филистимӕгтимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ та Давиды бахъуыди уӕйыгимӕ хӕцын. Йӕ ном уыд Йесви, уый дӕр уыд рефаимты байзӕддӕгтӕй (2 Сам. 21:16, фип.). Фӕлӕ ацы хатт уыцы уӕйыг, гыццыл ма, ӕмӕ Давиды амардтаид. Афтӕ куыд рауад? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Давид раздӕрау уыд хъӕбатыр, фӕлӕ йӕм ацы хатт тыхтӕ нал уыд. Библийы фыст ис: «Давид тынг бафӕллад». Йесви куыддӕр уый бафиппайдта, афтӕ «бахъавыд Давиды амарынмӕ». Фӕлӕ йӕм йӕ хӕцӕнгарз куыд фӕдардта, афтӕ «Саруйӕйы фырт Авессӕ Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыд ӕмӕ уыцы филистимаджы амардта» (2 Сам. 21:15–17). Давид мӕлӕтӕй аирвӕзт! Уӕдӕ Давид Авессӕйӕ куыннӕ фӕбузныг уыдаид, йӕ цӕст ӕм кӕй дардта ӕмӕ тӕссаг уавӕры уайтагъд йӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыд, уый тыххӕй! Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
14. а) Стыр зындзинӕдтыл цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз вӕййӕм? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй та-иу сӕм хъарутӕ фӕзына ӕмӕ-иу сӕ циныл цин бафта? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
14 Йегъовӕйы адӕм ӕппӕт зӕххыл дӕр сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, кӕд сын Сайтан ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон сӕ разы цӕлхдуртӕ ӕвӕрынц, уӕддӕр. Махӕй иуӕй-иутӕ сӕмбӕлынц уӕйыгау стыр зындзинӕдтыл, фӕлӕ нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый фӕрцы уыцы «Голиафтыл» фӕуӕлахиз вӕййӕм. Фӕлӕ ацы дунейы зындзинӕдтимӕ ӕдзух кӕй тох кӕнӕм, уый тыххӕй хатт бафӕллайӕм ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруадзӕм. Ӕмӕ нын ахӕм уавӕры та тӕссаг у, ӕндӕр хатт ӕнцонтӕй цы зындзинӕдтыл фӕуӕлахиз уыдаиккам, уыдон нӕ сӕ быны куы скӕной. Ахӕм рӕстӕг-иу нын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы баххуыс кӕной, уӕд та-иу нӕ циныл цин бафтдзӕн ӕмӕ та-иу нӕм хъарутӕ фӕзындзӕн. Ӕмӕ уый бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц. 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо зӕгъы: «Иуафон ме ’нӕниздзинад фӕцудыдта ӕмӕ мын хъусын кӕнын фӕзын, фӕллайын райдыдтон. Хистӕр нӕлгоймаг ӕй бафиппайдта, фӕлладхуыз кӕй уыдтӕн, ӕмӕ мӕм бацыд, цӕмӕй мемӕ аныхас кодтаид. Библийӕ иу скъуыддзагмӕ ӕркастыстӕм, ӕмӕ уый фӕрцы тынг бафидар дӕн. Йӕ уынаффӕтӕм ын байхъуыстон, ӕмӕ мын уый стыр пайда фӕци». Уыцы хо ма загъта: «Куыд ӕхсызгон мын уыд, цы уавӕры уыдтӕн, уый кӕй бафиппайдта ӕмӕ мын кӕй баххуыс кодта!» Ӕцӕгдӕр, чи ныл тыхсы, ахӕм уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын кӕй ис, уый нын у стыр ныфсы хос. Уыдон дӕр Авессӕйау алкӕддӕр цӕттӕ сты нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынмӕ.
«ЗОНУТ, СЫМАХ УӔЛДАЙ УАРЗТ КӔЙ КӔНЫН»
15, 16. а) Павелы йе ’мчырыстӕттӕ тынг цӕмӕн уарзтой? ӕ) Нӕ хистӕр нӕлгоймӕгты цӕмӕн уарзӕм?
15 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц. Сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты мӕтӕй хатт фынӕй дӕр нӕ фӕкӕнынц. Ӕмӕ ӕрдӕгӕхсӕв дӕр сыстынц, цӕмӕй уыдоны тыххӕй скувой кӕнӕ сын баххуыс кӕной (2 Кор. 11:27, 28). Фӕлӕ уӕддӕр Павелау сӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц. Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Ӕз сымах тыххӕй, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн» (2 Кор. 12:15). Ӕцӕгдӕр, Павел йе ’фсымӕрты афтӕ уарзта, ӕмӕ сын йӕхи «не ’вгъау кодта», ома йе ’ппӕт хъарутӕй архайдта, цӕмӕй сӕ фидар кодтаид. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:4; Фил. 2:17; 1 Фес. 2:8.) Уӕдӕ ӕфсымӕртӕ Павелы афтӕ тынг куыннӕ хъуамӕ уарзтаиккой! (Хъуыд. 20:31–38).
16 Мах дӕр нӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уарзӕм ӕмӕ, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын бузныг фӕдзурӕм, ахӕм ӕххуыс нын кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы ӕфсымӕртӕ махӕй алкӕуыл дӕр тыхсынц, ӕмӕ нын афтӕмӕй нӕ циныл цин ӕфтауынц. Кӕй нӕ бабӕрӕг кӕнынц, уый фӕрцы нӕ тынг бафидар кӕнынц. Стӕй, ацы дунейы зындзинӕдтимӕ тох кӕнгӕйӕ куы ӕрлӕмӕгъ вӕййӕм, уӕд нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг стӕм. Ӕцӕгдӕр, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ махӕн сты, нӕ циныл нын цин чи ӕфтауы, уыцы ӕмкусджытӕ.
a Уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ма ноджыдӕр бафарстой: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕппӕты тынгдӕр цавӕр миниуӕджы тыххӕй аргъ кӕнут?» Ӕмӕ сӕ фылдӕр загътой, зӕгъгӕ, хӕларзӕрдӕ кӕй сты ӕмӕ семӕ сӕрибарӕй аныхас кӕнӕн кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Уый ахсджиаг цӕмӕн у, ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ номыртӕй иуы.