Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
«Сӕрныллӕг чи у, уый... скадджын уыдзӕн» (ӔМБ. 29:23).
1, 2. а) Библийы дзырд «кад»-ӕй цы дзуттаг дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон цӕмӕ амонынц? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?
ДЗЫРД «кад» куы фехъусыс, уӕд цӕуыл ахъуыды кӕныс? Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕ куыд диссаг сты ӕмӕ йӕ куыд кадджын кӕнынц, ууыл? (Пс. 19:1). Ӕви, бирӕ ӕхца кӕмӕ ис, зондджын чи у ӕмӕ царды бирӕ кӕмӕн бантыст, уыдонӕн адӕмы ’хсӕн цы кад вӕййы, ууыл? Библийы дзырд «кад»-ӕй цы дзуттаг дзырдтӕ ӕрцыдысты тӕлмац, уыдон амонынц, уӕз цӕмӕн ис, ахӕм цӕмӕдӕр. Рагзаманты-иу ӕхца кодтой сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй, ӕмӕ-иу ӕхца цас уӕззаудӕр уыди, уыййас йӕ аргъ дӕр уыд фылдӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, дзуттаг ӕвзагыл уӕзмӕ цы дзырдтӕ амыдтой, уыдонӕй райдыдтой пайда кӕнын, зынаргъ цы у кӕнӕ стыр кад цӕмӕн ис, уыдӕттыл дзургӕйӕ.
2 Адӕмы цӕсты стыр кад вӕййы, бирӕ бартӕ кӕмӕн ис кӕнӕ номдзыд чи у, ахӕмтӕн. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау та цавӕр адӕймӕгтӕн аргъ кӕны? Библийы уымӕн ис бӕлвырд дзуапп. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 22:4 фыст ис: «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый ссардзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард». Ахуыргӕнинаг Иаков дӕр ныффыста: «Уӕхи Йегъовӕйы раз ӕрныллӕг кӕнут, ӕмӕ уӕ уый сбӕрзонд кӕндзӕн» (Иак. 4:10). Йегъовӕ адӕмы цавӕр кадӕй хайджын кӕны? Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ нӕхи уыцы кадӕй ӕнӕхай фӕкӕнӕм? Ӕмӕ нӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы кадӕй схайджын уой?
3–5. Йегъовӕ нӕ цавӕр кадӕй хайджын кӕны?
3 Псаломзарӕггӕнӕг фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йын йӕ рахиз къухыл кӕй хӕцдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй скадджын кӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 73:23, 24.) Цымӕ Йегъовӕ йӕ сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ коммӕгӕс лӕггадгӕнджыты куыд кадджын кӕны? Схайджын сӕ кӕны бирӕ алыхуызон арфӕдзинӕдтӕй. Зӕгъӕм, йӕ фӕндон сын ӕргом кӕны (1 Кор. 2:7). Стӕй ма сӕ скӕны ахӕм кады аккаг дӕр, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суой (Иак. 4:8).
4 Йегъовӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ бӕрны бакодта стыр хӕзна – хорз хабар хъусын кӕнын (2 Кор. 4:1, 7). Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы фӕрцы дӕр скадджын вӕййынц. Куыд? Хъусын кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнынц ӕмӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз кад кӕндзынӕн, мӕнӕн чи кад кӕны, уыдонӕн» (1 Сам. 2:30). Ахӕм адӕймӕгтӕн Йегъовӕйы раз ис хорз ном ӕмӕ сын ӕмбырды иннӕтӕ дӕр аргъ кӕнынц (Ӕмб. 11:16; 22:1).
5 Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары ӕмӕ йӕ фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ фидӕны та цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Библи сын зӕгъы: «[Йегъовӕ] дӕ сбӕрзонд кӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзынӕ. Ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куы сӕфой, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ» (Пс. 37:34). Уыдон схайджын уыдзысты, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм кадӕй – ӕнусон цардӕй (Пс. 37:29).
«МӔН НӔ ХЪӔУЫ, АДӔМ МӔ КАДДЖЫН КӔНОЙ, УЫЙ»
6, 7. Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл бирӕтӕ цӕуылнӕ баууӕндыдысты?
6 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкӕнӕм? О, гӕнӕн ис. Зӕгъӕм, Хуыцауы раз хорз ном кӕмӕн нӕй, уыдоны хъуыды нын сӕйрагдӕр куы суа, уӕд. Ӕркӕсӕм, Йесо Чырыстийы заман чи цард, уыцы разамонджытӕй иуӕй-иуты тыххӕй апостол Иоанн цы ныффыста, уымӕ: «Йесойыл адӕмы разамонджытӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ фарисейтӕй кӕй тарстысты, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй ӕргом нӕ дзырдтой, цӕмӕй сӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ма ратардтаиккой, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕй дӕр фылдӕр уарзтой, адӕм сын кад кодтаиккой, уый» (Иоан. 12:42, 43). Уыцы разамонджытӕн бирӕ хуыздӕр уыдаид, фарисейтӕ цы хъуыды кодтой, ууыл ӕгӕр куы нӕ мӕт кодтаиккой.
7 Йесо ӕргом загъта, бирӕтӕ йыл цӕуылнӕ ӕууӕндыдысты. (Бакӕс Иоанны 5:39–44.) Израилӕгтӕ Мессийӕйы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕнусты дӕргъы. Ӕмӕ Йесо хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд сӕ чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, Данелы пехуымпарады фӕрцы бамбӕрстой, Мессийӕ кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы рӕстӕг кӕй ралӕууыд. Уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ Аргъауӕг Иоаннӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Мыййаг, кӕд уый у Чырысти» (Лук. 3:15). Ӕмӕ ныр, афтӕ бирӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти, уыди се ’хсӕн. Фӕлӕ йыл уӕддӕр закъонамонджытӕ нӕ баууӕндыдысты. Цӕуылнӕ? Йесо уый бамбарын кодта, уыцы адӕмӕн афтӕ куы загъта: «Ӕниу мыл ӕууӕндгӕ дӕр куыд хъуамӕ кӕнат, кӕд ӕмӕ сымах уарзут, уӕ иу иннӕйы кадджын кӕна, уый, иунӕг Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕ та нӕ тырнут?»
8, 9. Куыд рауайы афтӕ, ӕмӕ адӕймагӕн, Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй сӕйрагдӕр свӕййы, адӕмы ’хсӕн ын кад уа, уый? Спайда кӕн цӕвиттонӕй рухсы тыххӕй.
8 Куыд рауайы афтӕ, ӕмӕ адӕймагӕн, Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй сӕйрагдӕр свӕййы, адӕмы ’хсӕн ын кад уа, уый? Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй кад абарӕм рухсимӕ. Нӕ диссаджы Дун-дуне рухсӕй тӕмӕнтӕ калы. Искуы ирд ӕхсӕв стъалытӕй йедзаг арвмӕ кастӕ? Стъалыты «кад» ӕмӕ рӕсугъддзинад дӕ дисы куыннӕ ӕфтыдтаид (1 Кор. 15:40, 41). Фӕлӕ, зӕгъӕм, бирӕ цырӕгътӕ кӕм судзы, ахӕм горӕты уынджы цӕугӕйӕ арвмӕ скастӕ, уӕд та? Горӕты рухсытӕй уыцы бирӕ стъалытӕй стӕмтӕ йеддӕмӕ нӕ фендзынӕ. Цӕуылнӕ? Фӕндӕгты, стадионты ӕмӕ хӕдзӕртты рухс стъалыты рухсӕй ирддӕр кӕнӕ рӕсугъддӕр кӕй у, уый тыххӕй? Нӕ. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ нӕм горӕты рухсытӕ хӕстӕгдӕр сты. Уӕдӕ цӕмӕй ӕхсӕвы арвыл Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгты рӕсугъддзинад фенӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ адӕймаджы къухӕй конд рухс ма хъыгдара.
9 Раст афтӕ хатт, адӕмы цӕсты кад агургӕйӕ, адӕймаг нал фӕуыны, Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уый, ӕмӕ йын нал фӕаргъ кӕны. Бирӕтӕ хорз хабар уый тыххӕй нӕ айсынц, ӕмӕ фӕтӕрсынц, сӕ зонгӕтӕ кӕнӕ сӕ бинонтӕ цы зӕгъдзысты, уымӕй. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн дӕр, адӕм ын кад кӕной, уый сӕйрагдӕр суа? Зӕгъӕм, ӕрыгон чырыстонӕн бахӕс кодтой ахӕм ран хъусын кӕнын, ӕмӕ дзы бирӕтӕ сты йӕ зонгӕтӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый та нӕ зонынц. Ӕмӕ цымӕ уӕд йӕ зонгӕтыл фембӕлыны тӕссӕй не сразы уыдзӕн уым хъусын кӕнын? Кӕнӕ та, зӕгъӕм, ӕмбырдӕй исчи Хуыцауы хъуыддаджы цавӕрдӕр нысӕнттӕм тырны, ӕмӕ дзы чидӕртӕ уый тыххӕй хынджылӕг кӕнынц. Уыдон сӕ лӕггадмӕ Хуыцауы цӕстӕй нӕ кӕсынц, ӕмӕ сын цымӕ уӕд уый бар ратдзӕн, цӕмӕй йӕ къуылымпы кӕной? Науӕд та, зӕгъӕм, чырыстон уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Цымӕ йӕ тӕригъӕд басусӕг кӕндзӕн, зӕгъгӕ мын ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдонӕй ӕнӕхай куы фӕуон йе та мӕ бинонты ӕмӕ ме ’мбӕлтты зӕрдӕ куы фӕриссын кӕнон? Кӕд ын сӕйрагдӕр у, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕудзӕн ӕмӕ сӕ ӕххуыс ракурдзӕн. (Бакӕс Иаковы 5:14–16.)
10. а) Иннӕтӕ дӕ цы хъуыды кӕнынц, ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд хабар куыд рауайдзӕн? ӕ) Сӕрныллӕг куы уай, уӕд дӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
10 Ӕвӕццӕгӕн нӕ алчидӕр йӕхиуыл кусы, цӕмӕй хуыздӕр чырыстон уа. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, де ’мчырыстӕттӕй чидӕр уынаффӕ радта. Сӕрбӕрзонд куы нӕ разынай, искӕй цӕсты дӕ кад кӕй ӕрхаудзӕн, ууыл ӕгӕр куы нӕ мӕт кӕнай ӕмӕ дӕхи куы нӕ рӕстытӕ кӕнай, уӕд уыцы уынаффӕмӕ байхъусдзынӕ ӕмӕ дын пайда фӕуыдзӕн. Йе та, зӕгъӕм, де ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ цавӕрдӕр хъуыддаг иумӕ аразут, ӕмӕ цавӕрдӕр хорз хъуыды кӕй загътай кӕнӕ бирӕ кӕй бафыдӕбон кодтай, уый фӕрцы хъуыддаг хорз рауад. Мыййаг, ууыл мӕт кӕндзынӕ, уый тыххӕй дӕуӕй раппӕлдзысты ӕви ӕндӕр искӕмӕй? Ахӕм уавӕрты-иу дӕ зӕрдыл дар: «Сӕрныллӕг чи у, уый... скадджын уыдзӕн» (Ӕмб. 29:23).
11. Куы нӕ раппӕлынц, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
11 Цӕстдарджытӕ ӕмӕ, «цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны», уыдон хъуамӕ сӕхицӕн адӕмы цӕсты кад ма агурой (1 Тим. 3:1; 1 Фес. 2:6). Зӕгъӕм, ӕфсымӕр исты хъуыддаг хорз куы саразы ӕмӕ дзы уый тыххӕй зӕрдиагӕй куы раппӕлынц, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕса? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, паддзах Саулау йӕхицӕн кады цырт нӕ сӕвӕрдзӕн (1 Сам. 15:12). Фӕлӕ цымӕ йӕ зӕрдыл дардзӕн, уыцы хъуыддаг ын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхы фӕрцы кӕй бантыст? Ӕмбардзӕн ӕй, дарддӕр дӕр ӕнтыстджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йын Йегъовӕ куы арфӕ кӕна ӕмӕ йын куы ӕххуыс кӕна? (1 Пет. 4:11). Куы нӕ раппӕлынц, уӕд цы ахъуыды кӕнӕм, уымӕй рабӕрӕг вӕййы, нӕхицӕн кад кӕй цӕсты агурӕм, уый (Ӕмб. 27:21).
УЫДОНЫ «ФӔНДЫД, СӔ ФЫДЫ ЗӔРДӔ ЦЫ ДЗЫРДТА, УЫЙ АРАЗЫН»
12. Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Йесойы ныхӕстӕм цӕуылнӕ хъуыстой?
12 Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй ма адӕймаг йӕхи ӕнӕхай фӕкӕны йе ’взӕр фӕндты тыххӕй дӕр. Нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ куы уа, уӕд афтӕ дӕр рауайдзӕн, ӕмӕ рӕстдзинады ныхӕстӕм бынтондӕр нал хъусдзыстӕм. (Бакӕс Иоанны 8:43–47.) Йесо дзуттӕгтӕй кӕмӕндӕрты загъта, йӕ ныхӕстӕм ын уый тыххӕй кӕй нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ фӕндыд, сӕ фыды, ома Хӕйрӕджы, зӕрдӕ цы дзырдта, уый аразын.
13, 14. а) Цалдӕр адӕймаджы ныхасмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд нӕ сӕры магъз куыд фӕкусы? ӕ) Кӕмӕ хъусдзыстӕм, уый цӕмӕй кӕнгӕ у?
13 Хатт адӕймаг, цы фехъусы, уый зонгӕ-зонын ницӕмӕ ӕрдары, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕфӕнды уымӕ хъусын (2 Пет. 3:5). Йегъовӕ нын нӕ сӕры магъз афтӕ скодта, ӕмӕ нӕ цавӕрдӕр уынӕртӕ куы фӕхъыгдарынц, уӕд сӕ нӕ фӕхъусӕм. Ома куыд? Иугыццыл-ма дӕ хъус ӕрдар, ныртӕккӕ дӕ алыварс цы алыхуызон уынӕртӕ хъуысы, уыдонмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, уыцы иу рӕстӕг дӕ бон цас уынӕртӕ у фехъусын. Ӕрдӕбон дӕр ма сӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ хъуыстай. Нӕ сӕры магъз афтӕ конд у, ӕмӕ кӕд уыцы иу рӕстӕг бирӕ алыхуызон уынӕртӕ хъусӕм, уӕддӕр нӕ бон у нӕ хъус иу цӕмӕдӕр ӕрдарын. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддаг бирӕ зындӕр вӕййы, уыцы иу рӕстӕг цалдӕр адӕймаджы ныхасмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй нӕ бон у, иу адӕймаг цы дзуры, ӕрмӕстдӕр уый фехъусын кӕнӕ бамбарын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы куы дзурой, уӕд дӕ хъӕудзӕн равзарын, сӕ дыууӕйӕ кӕмӕ хъусдзынӕ. Ӕмӕ сӕ кӕмӕ хъусдзынӕ, уый кӕнгӕ у, кӕмӕ дӕ фӕнды хъусын, уымӕй. Дзуттӕгтӕ Йесомӕ уый тыххӕй нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ фӕндыд, сӕ фыды, ома Хӕйрӕджы, фӕндон ӕххӕст кӕнын.
14 Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕм зонд дӕр сиды ӕмӕ ӕнӕзонддзинад дӕр (Ӕмб. 9:1–5, 13–17). Кӕмӕ дзы байхъусдзынӕ? Уый, кӕй фӕндон ӕххӕст кӕнын дӕ фӕнды, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. Чырыстийы дзугӕй чи у, уыдон хъусынц йӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕуынц (Иоан. 10:16, 27). Уыцы адӕм сты «рӕстдзинады фарс» (Иоан. 18:37). Уыдон «ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕс нӕ зонынц» (Иоан. 10:5). Ахӕм сӕрныллӕг адӕймӕгты Хуыцау скадджын кӕндзӕн (Ӕмб. 3:13, 16; 8:1, 18).
«УЫДОН СЫМАХӔН КАД ХӔССЫНЦ»
15. Павелы зындзинӕдтӕ иннӕтӕн кад куыд хастой?
15 Йегъовӕйы фӕндон дарддӕр куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр фидар куы лӕууӕм, уӕд иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй, Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уыцы кадӕй схайджын уой. Павел Ефесы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Курӕг [уӕ] дӕн: сымах сӕрвӕлтау цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын, уыдоны тыххӕй уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн кад хӕссынц» (Еф. 3:13). Павелы зындзинӕдтӕ ефесӕгтӕн кад куыд хастой? Павел зын уавӕрты дӕр йе ’фсымӕртӕн кӕй лӕггад кодта, уымӕй равдыста, чырыстонӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй зынаргъдӕр кӕй мацы хъуамӕ уа. Уыцы зындзинӕдты тыххӕй йӕ лӕггад куы ныууагътаид, уӕд йе ’фсымӕртӕ афтӕ ахъуыды кодтаиккой, ӕмӕ сын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад уыд, сӕ бӕрны цы лӕггад уыди ӕмӕ сӕ цы ныфс уыд, уыдон афтӕ ахсджиаг не сты. Фӕлӕ Павел зын уавӕрты фидар фӕлӕууыд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый стыр кад кӕй у ӕмӕ уый тыххӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр кӕй ис сфӕразӕн.
16. Павел Листрӕйы цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрста?
16 Ахъуыды-ма кӕн, Павел зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодта ӕмӕ фидар кӕй лӕууыд, уый ӕфсымӕртыл куыд тынг фӕзындаид. Хъуыддӕгты 14:19, 20 фыст ис: «Уыцы рӕстӕг Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ сын адӕмы сӕ ныхмӕ скодтой. Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ горӕтӕй [Листрӕйӕ] ӕддӕмӕ раластой, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ амард. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ разы куы амбырд сты, уӕд сыстад ӕмӕ горӕтмӕ бацыд. Ӕмӕ дыккаг бон Варнавӕимӕ Дервимӕ араст». Уый диссаг куыннӕ у – иу бон ӕй ахӕм над фӕкодтой, ӕмӕ фӕцӕймард, иннӕ бон та 100 километры фистӕгӕй фӕцыд!
17, 18. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Тимофей зыдта, Павел Листрӕйы цытӕ бавзӕрста, уый тыххӕй? ӕ) Павел фидар кӕй фӕлӕууыд, уый Тимофейыл куыд фӕзынд?
17 Цымӕ, Павелмӕ ӕххуысмӕ чи фӕзынд, уыцы «ахуыргӕнинӕгты» ’хсӕн Тимофей дӕр уыди? Хъуыддӕгты чиныджы уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы ис фыст, фӕлӕ, чи зоны, ӕмӕ уыди. Ӕркӕсӕм, Павел Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы цы ныффыста, уымӕ: «Ды та алцӕмӕй дӕр мӕн бафӕзмыдтай: ӕз иннӕты куыд ахуыр кӕнын, куыд цӕрын... цы ’фхӕрд ӕмӕ цы хъизӕмӕрттӕ баййӕфтон, зӕгъӕм, Антиохийы, Иконийы ӕмӕ мыл Листрӕйы цытӕ ’рцыд, уыдӕттӕ». Уӕдӕ Тимофей зыдтаид, Павелы Листрӕйы дуртӕй кӕй фӕхостой, стӕй йӕ Антиохийӕ кӕй ратардтой ӕмӕ йӕ Иконийы та дуртӕй фӕхойынмӕ кӕй хъавыдысты, уый тыххӕй дӕр (2 Тим. 3:10, 11; Хъуыд. 13:50; 14:5, 19).
18 Тимофей зыдта, Павел уыцы зындзинӕдты фидар кӕй фӕлӕууыд. Ӕмӕ Павелы цӕвиттонӕй Тимофей бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Павел та Листрӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд федта, Тимофей фӕзминаг чырыстон кӕй сси. Ӕмӕ дзы «Листрӕ ӕмӕ Иконийы ӕфсымӕртӕ» дӕр тынг ӕппӕлыдысты (Хъуыд. 16:1, 2). Цасдӕры фӕстӕ Тимофей цӕттӕ уыд, цӕмӕй йӕхимӕ ноджы стырдӕр хӕстӕ райстаид (Фил. 2:19, 20; 1 Тим. 1:3).
19. Фидар кӕй лӕууӕм, уый иннӕтыл куыд фӕзыны?
19 Мах дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ фидар куы лӕууӕм, уӕд иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн, уыдзыстӕм фӕзминаг ӕмӕ сын баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн хорз лӕггадгӕнджытӕ суой. Ӕрыгӕттӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц, уацамынды адӕмимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уымӕй, стӕй ма, зын уавӕртӕн куыд быхсӕм, уымӕй дӕр. Павел «алцӕмӕн дӕр быхста» ӕмӕ уый фӕрцы иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй «фервӕзтаиккой ӕмӕ ӕнусон кадӕй схайджын уыдаиккой» (2 Тим. 2:10).
Ацӕргӕ чырыстӕтты фидардзинадӕй ӕрыгӕттӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц
20. «Иунӕг Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕ» цӕмӕн хъуамӕ тырнӕм?
20 Уӕдӕ, «иунӕг Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕ... тырнын» ӕнӕмӕнг у (Иоан. 5:44; 7:18). Ахӕм «кадмӕ... чи тырны, уыдонӕн» Йегъовӕ дӕтты ӕнусон цард. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:6, 7.) Уымӕй уӕлдай ма, «ӕдзухдӕр хорз хъуыддӕгтӕ» куы аразӕм ӕмӕ афтӕмӕй фидардзинад куы ӕвдисӕм, уӕд махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕтӕ дӕр фидар лӕудзысты, ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Уӕдӕ мацӕмӕн ратт уый бар, цӕмӕй дӕ ӕнӕхай фӕкӕна, Хуыцау цы кадӕй хайджын кӕны, уымӕй.