Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/4 11 ф.
  • «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Йесойы ныхӕстӕ дӕ куывдтытыл ӕндавынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/4 11 ф.

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Курут, ӕмӕ уын ратдзысты»

«Хицау, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын» (Лукайы 11:1). Ацы ныхӕстӕ Йесойӕн загъта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу. Йесо ӕрхаста дыууӕ цӕвиттоны. Уыдонӕй мах базондзыстӕм, куыд хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса. Кӕд искуы хъуыды кодтай, Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ хъусы ӕви нӕ, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн базонын, Чырысти цы загъта, уый. (Бакӕс Лукайы 11:5–13.)

Фыццаг цӕвиттон нын не ’ргом здахы, чи кувы, уымӕ (Лукайы 11:5–8). Иу кӕмӕдӕр ӕмбисӕхсӕв уазӕг ӕрбацыд, фӕлӕ фысыммӕ, йӕ разы йын цы ӕрӕвӕрдтаид, уый нӕ уыд. Кӕд ӕнафон уыд, уӕддӕр фысым йе ’рдхордмӕ ацыд, цӕмӕй дзы дзул ӕфстау ракуырдтаид. Йе ’рдхорды фыццаг сыстын нӕ фӕндыд, уымӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕ иууылдӕр йемӕ фынӕй кодтой. Фӕлӕ йӕм чи ’рбацыд, уый йӕ нӕ ныууагъта, цалынмӕ дзы цы куырдта, уый йын нӕ радта, уӕдмӕa.

Фӕлӕ цымӕ кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй ацы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чырысти загъта, ӕппынӕдзух кӕй хъуамӕ кувӕм – курӕм, агурӕм ӕмӕ хойӕм (Лукайы 11:9, 10). Цӕмӕн? Мыййаг Хуыцауы нӕ куывдтытӕм хъусын нӕ фӕфӕнды? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Чырысти уый зӕгъинаг уыд, ӕмӕ йе ’рдхорды курдиат сӕххӕст кӕнынмӕ чи зивӕг кодта, Йегъовӕ уыцы адӕймаджы хуызӕн кӕй нӕу. Хуыцау хъусы, фидарӕй йыл чи ӕууӕнды, уыдоны куывдтытӕ, кӕд йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сты, уӕд. Ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕппынӕдзух куы кувӕм. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Хуыцауӕй цы курӕм, уый нӕ ӕцӕгдӕр кӕй хъӕуы ӕмӕ фидарӕй кӕй зонӕм, ӕнӕмӕнг нӕ кӕй фехъусдзӕн – кӕд дзы цы курӕм, уый йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ у, уӕд (Марчы 11:24; 1 Иоанны 5:14).

Дыккаг цӕвиттон та нын не ’ргом здахы, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцаумӕ» – Йегъовӕмӕ (Псалом 65:2). Чырысти бафарста: «Уе ’хсӕн ахӕм фыд ис, ӕмӕ дзы йӕ фырт кӕсаг куы ракура, уӕд ын кӕсаджы бӕсты калм ратта? Кӕнӕ дзы айк куы ракура, уӕд ын скорпион ратта?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд фыд йӕ цоты уарзы, уӕд сын зиан цы ракӕна, ахӕмӕй ницы ратдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо бамбарын кодта, уыцы цӕвиттон цӕуыл дзурӕг у, уый: кӕд ӕнӕххӕст ныййарджытӕ сӕ «цотӕн хорзы цӕуын зонынц», уӕд нӕ «уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых» – ӕппӕты хуыздӕр лӕвар – йӕ зӕххон сывӕллӕттӕн, куы йӕм кувой, уӕд! (Лукайы 11:11–13; Матфейы 7:11)b.

Хуыцау хъусы, фидарӕй йыл чи ӕууӕнды, уыдоны куывдтытӕ, кӕд йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сты, уӕд

Ацы цӕвиттонӕй, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауы» тыххӕй нӕ бон цы у базонын? Чырысти нын ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ цы фӕхъӕуы, уый нын зӕрдиагӕй кӕй ратты. Уымӕ гӕсгӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у, цӕмӕй йын сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕрибарӕй дзурой. Стӕй нын йӕ зӕрдӕ, хуыздӕр цы у, уый кӕй зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ нын цы дӕтта, ууыл-иу хъуамӕ сразы уӕм, кӕд мах ӕндӕр цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, уӕддӕрc.

Апрелы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Лукайы 7–21

a Чырысти цы цӕвиттон ӕрхаста, уый дзуттӕгтӕ хорз бамбӕрстой. Дзуттӕгтӕм искӕй суазӕг кӕнын тынг кадджын уыд. Бинонтӕ-иу дзул сфыхтой бонваг, фӕлӕ-иу сын куы фӕци, уӕд-иу искӕмӕй ӕфстау райстой. Стӕй-иу кӕд бинонтӕ мӕгуыр уыдысты, уӕд-иу ӕнӕхъӕн бинонтӕй фынӕй кодтой пъолыл иу агъуысты.

b Чырысти-иу исты ахсджиаг хъуыды куы ӕмбарын кодта, уӕд-иу арӕх спайда кодта дзырдӕй «куыннӕ», гыццыл хъуыддаг-иу стыримӕ абарста, афтӕмӕй. Иу ахуыргонд уый афтӕ бамбарын кодта: «Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, кӕд фыццаг хъуыддаг раст у, уӕд дыккаг дӕр куыннӕ хъуамӕ уа раст».

c Куыд хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ хъуса? Кӕд дӕ уый тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 17 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын