Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 1/4 10 ф.
  • Зыдтай йӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зыдтай йӕ?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Наум, Аввакум ӕмӕ Софонийы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Наум
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2014
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 1/4 10 ф.

ЗЫДТАЙ ЙӔ?

Рагон горӕт Ниневи, «туг чи калы, уыцы горӕт», зӕгъгӕ, цӕмӕн хуыдтой?

Ныв къулыл: хӕстонтӕ уацайрӕгты сӕртӕ хӕссынц ӕмӕ сӕ иу цӕндмӕ ӕппарынц

Ниневи уыд Ассирийы сӕйраг горӕт – хъомысджын горӕт стыр галуантимӕ ӕмӕ кувӕндӕттимӕ, уӕрӕх уынгтимӕ ӕмӕ фидар къултимӕ. Дзуттаг пехуымпар Наум Ниневи схуыдта, «туг чи калы, уыцы горӕт» (Наум 3:1).

Наум Ниневи афтӕ дзӕгъӕлы кӕй не схуыдта, уый бӕрӕг у, паддзах Сеннахиримы галуаны къултыл цы нывтӕ ис, уыдонӕй. Иуыл дзы ис ахӕм ныв: йӕ къухтӕ баст кӕмӕн сты, ахӕм ахст адӕймагӕн иу лӕгмар йе ’взаг тоны, иннӕтӕ та йыл хӕцынц. Ӕлыгӕй конд къӕйтыл цы фыст ис, уыдонӕй бӕрӕг у, ассириӕгтӕ сӕхицӕй кӕй ӕппӕлыдысты, уацайрӕгтӕн-иу сӕ фындзтыл кӕнӕ сӕ былтыл цӕгтӕ кӕй бакодтой, стӕй-иу уыцы цӕгты бӕндӕн кӕй аластой, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй сӕ фӕдыл кӕй акодтой. Сӕ хистӕртӕн та-иу сын сӕ хъуыртыл фӕрдгуытау ӕрцауыгътой сӕ паддзӕхты сӕртӕ.

Ассириӕгтӕ-иу цы ӕвирхъау митӕ кодтой, уый тыххӕй Ассирийы истори иртасӕг Арчибальд Генри Сейс ныффыста: «Кӕм-иу ацыдысты, уым-иу сӕ фӕстӕ ныууагътой адӕмы сӕртӕй амад мӕсгуытӕ; лӕппуты ӕмӕ-иу чызджыты удӕгасӕй басыгътой кӕнӕ та-иу сын ноджы фыддӕр митӕ бакодтой, нӕлгоймӕгты-иу цыргъ хъӕдтыл ныссагътой, удӕгасӕй-иу сын сӕ царм бастыгътой, сӕ цӕстытӕ-иу сын скъахтой кӕнӕ-иу сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ, сӕ хъустӕ ӕмӕ сӕ фындзтӕ ралыг кодтой».

Израилӕгтӕ-иу хӕдзӕртты сӕртӕн сӕ кӕрӕтты ныллӕг къул цӕмӕн самадтой?

Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Ног хӕдзар куы саразай, уӕд-иу дӕ хӕдзары сӕрӕн йӕ кӕрӕтты ныллӕг къул самай, цӕмӕй хӕдзары сӕрӕй мачи рахауа ӕмӕ дӕ хӕдзар тугныккалды ма фӕаххосджын уа» (Дыккаг закъон 22:8). Уый ӕнӕмӕнг цӕмӕн уыди? Израилӕгтӕ-иу сӕ хӕдзары сӕр бирӕ рӕстӕг ӕрвыстой ӕмӕ дзы къул куы нӕ уыдаид, уӕд дзы рахауынӕй тӕссаг уыд.

Израилы фылдӕр уыди тъӕпӕнсӕр хӕдзӕрттӕ. Уым-иу бинонтӕ хурмӕ сӕхи тавтой, сыгъдӕг уӕлдӕфӕй-иу улӕфыдысты ӕмӕ-иу дзы алыхуызон куыстытӕ кодтой. Сӕрдыгон ӕхсӕв та уымӕй хуыздӕр адӕймаг кӕм бафынӕй уыдаид! (1 Самуилы 9:26). Зӕхкусджытӕ-иу цалынмӕ хор не ’рыссадтой, уӕдмӕ-иу ӕй хӕдзары сӕр бахус кодтой, хус ма дзы кодтой гӕн, легъуитӕ ӕмӕ сӕнӕфсир (Йесо Навин 2:6).

Уымӕй уӕлдай ма-иу хӕдзары сӕрмӕ бакувынмӕ ссыдысты ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон дӕр (Нееми 8:16–18; Йереми 19:13). Иухатт сихорафон апостол Петр дӕр схызт хӕдзары сӕрмӕ, цӕмӕй Хуыцаумӕ скуывтаид (Хъуыддӕгтӕ 10:9–16). Хӕдзары сӕрмӕ ма-иу сӕнӕфсир кӕнӕ пальмӕйы къалиутӕ куы аууон кодтой, уӕд-иу адӕймаджы уырдыгӕй йӕ къах бынтондӕр нал хаста.

Иу чиныджы фыст ис, израилӕгтӕ-иу сӕ хӕдзӕртты сӕртӕм кӕй схызтысты хӕсгӕ асиныл, кӕнӕ-иу «кӕрты мидӕгӕй хӕдзары ӕддаг къулыл» цы асинтӕ амад уыд, уыдоныл (The Land and the Book). Уымӕ гӕсгӕ хӕдзары сӕрӕй бынмӕ ӕрхизӕн уыд ӕддӕты, мидӕмӕ-иу цӕуын нӕ хъуыд, афтӕмӕй. Уӕдӕ, йе сӕфт кӕмӕн ӕрхӕццӕ, уыцы горӕтӕй ӕвӕстиатӕй лидзын кӕй хъуыд, уый тыххӕй Чырысти израилӕгты куы фӕдзӕхста, уӕд уымӕн загъта афтӕ: «Хӕдзары сӕр чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал бацӕуӕд» (Матфейы 24:17).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын