Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Наум
1. Наумы чиныгӕй цы ис базонӕн?
1 Рагон Ниневийы хӕлддзӕгтӕй бӕрӕг у, пехуымпар Наум цы ныхӕстӕ загъта, уыдон кӕй сӕххӕст сты. Уый загъта, Йегъовӕ йе знӕгтӕй йӕ маст кӕй исы ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыфӕнды карз ӕмӕ ӕгъатыр знаг дӕр кӕй нӕ фӕлӕудзӕн (Наум 1:2, 6). Наумы пехуымпарадмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд нын уый нӕ лӕггадӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.
2. Нӕ бон куыд у хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ адӕмы зӕрдӕты ныфс уадзын?
2 Адӕмӕн удӕнцой хӕсс ӕмӕ сын ныфсы хос у. Наумы чиныг кӕсгӕйӕ адӕймагмӕ, чи зоны, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, Хуыцау сӕрбӕрзонд Ниневийыл – рагон Ассирийы сӕйраг горӕтыл – цы бӕллӕх ӕруадзинаг уыд, ӕрмӕстдӕр ууыл (Наум 1:1; 3:7). Фӕлӕ Наум цы хабар хъусын кодта, уый Йегъовӕйы адӕмӕн уыди хорз хабар. Наумӕн йӕ ном нысан кӕны «Ныфсӕвӕрӕг». Уыцы пехуымпар дзуттӕгты ныфс бауагъта, се знӕгтӕ тагъд рӕстӕджы кӕй фесӕфдзысты! Стӕй ма сӕ ахӕм ныхӕстӕй дӕр бафидар кодта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у «фидар мӕсыг» зын сахат (Наум 1:7). Мах дӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕм хорз хабар ӕмӕ сын дзурӕм, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕной (Наум 1:15).
3. Наумау нӕ бон куыд у цӕвиттонтӕ хӕссын?
3 Цӕвиттонтӕ хӕсс. Йегъовӕ Наумӕн ныффыссын кодта, ассириӕгтӕ египетаг горӕт Но-Аммон сӕфты хай куыд бакодтой, раст афтӕ Ниневийӕн йӕхицӕн дӕр йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Наум 3:8–10). Ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕ бон у, Йегъовӕйы ныхӕстӕ лыстӕг хабӕртты онг кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый цы пехуымпарӕдтӕй бӕрӕг у, уыдонӕй искӕцыйы кой скӕнын. Зӕгъӕм, н. э. размӕ 632 азы Вавилон ӕмӕ Мидийы ӕфсӕдтӕ горӕт Ниневийы ныхмӕ куы рацыдысты, уыцы рӕстӕг Тигры цӕугӕдон тӕрккъӕвдаты тыххӕй раивылд ӕмӕ Ниневийы фидар къултӕ иу ран батыдта. Ӕмӕ уӕд знӕгтӕ горӕт бацахстой, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Наум 1:8; 2:6).
4. Нӕ ныхас бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн цӕй фӕрцы уыдзӕн?
4 Дӕ ныхас уӕд бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Наумы чиныджы хабӕрттӕ ахӕм ныхӕстӕй фыст ӕрцыдысты, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ӕнцонтӕй ауайынц. Стӕй Наумӕн йӕ ныхас уыд бӕлвырд (Наум 1:14; 3:1). Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уа (1 Кор. 14:9). Адӕймагмӕ фыццаг хатт куы ’рбацӕуай, уӕд-иу ын бӕлвырд зӕгъ, цӕй тыххӕй йӕм ӕрбацыдтӕ, уый. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн та ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхас Библийыл ӕууӕндой, стӕй, цы базонынц, уый сӕм куыд хауы, уый ӕмбарой (Ром. 10:14).
5. Наумы пехуымпарад нӕ стыр ныфс цӕмӕн уадзы?
5 Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны, ууыл Наум фидарӕй ӕууӕндыд, ӕмӕ уый йӕ чиныгӕй ирдӕй зыны. Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ стыр ныфс уадзы, Йегъовӕ цы загъта, уый: «Бӕллӕх дыккаг хатт нал ӕрцӕудзӕн» (Наум 1:9).