БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕндзӕн?
Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын зын нӕу
Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр сты тӕригъӕдджын. Тӕригъӕд аразынмӕ ӕмхиц кӕй стӕм, уый нӕ туджы рахастам фыццаг адӕймаг Адамӕй. Уымӕ гӕсгӕ исты ӕвзӕр ми куы бакӕнӕм, уӕд ыл, чи зоны, уый фӕстӕ фӕфӕсмон кӕнӕм. Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти, амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц. Уый у Хуыцауы стыр лӕвар. (Бакӕс Ромӕгтӕм 3:23, 24.)
Иуӕй-иуты фӕфӕнды базонын, цы стыр тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон сын Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн ӕви нӕ. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоанны 1:7). Цыфӕнды стыр тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕддӕр нын ӕй Йегъовӕ ӕхсызгонӕй ныххатыр кӕндзӕн, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Исайы 1:18.)
Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Хуыцау хатыр кӕна?
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уӕд хъуамӕ базонӕм, цавӕр Хуыцау у, уый – йӕ закъӕттӕ, цы уынаффӕтӕ нын дӕтты ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иоанны 17:3). Йегъовӕ хатыр кӕны, йӕ рӕдыдтытыл чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ йӕ цард аивыныл чи архайы, уыдонӕн. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:19.)
Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын зын нӕу. Йегъовӕ ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый. Йегъовӕ у хатыргӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ. Ӕхсызгон дын нӕу, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы? Йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕнды? (Бакӕс Псалом 103:13, 14.)