7 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
15 ЗАРӔГ Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!
Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый дӕ цардыл куыд фӕзынд?
«Ды ӕцӕгдӕр дӕ хатыргӕнаг» (ПС. 130:4).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йегъовӕ ӕцӕгдӕр хатыргӕнаг кӕй у ӕмӕ уый хуызӕн кӕй ничи хатыр кӕны. Ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕмӕ абарстмӕ. Уый фӕрцы ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм, Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уымӕн.
1. Исчи нын куы фӕзӕгъы, хатыр дын кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд арӕх зын бамбарӕн цӕмӕн вӕййы, ӕцӕгдӕр нын ныххатыр кодта ӕви нӕ?
ИСЧИ нын куы фӕзӕгъы, хатыр дын кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд нын цы ӕхсызгон вӕййы, уӕлдайдӕр та йӕ кӕд истӕмӕй фӕхъыг кодтам, уӕд. Фӕлӕ цымӕ йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг вӕййынц? Чи зоны йӕ уымӕй зӕгъын фӕфӕнды, зӕгъгӕ, цы уыд, уый ферох кӕнӕм, уӕддӕр ӕмбӕлттӕ стӕм. Кӕнӕ та афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ, цы ’рцыд, ууыл дарддӕр ныхас кӕнын нал фӕнды. Фӕлӕ йӕхинымӕр та хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, раздӕрау ӕмбӕлттӕ нал уыдзыстӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй арӕх зын вӕййы бамбарын, адӕймаг дын ӕцӕгдӕр ныххатыр кодта ӕви нӕ.
2. Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
2 Йегъовӕ махӕн, ӕнӕххӕст адӕмӕн, куыд ныххатыр кӕны, уый тынг хицӕн кӕны, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд ныххатыр кӕнынц, уымӕй. Уый куыд ныххатыр кӕны, афтӕ никӕмӕн у йӕ бон хатыр кӕнын. Иу псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Ды ӕцӕгдӕр дӕ хатыргӕнаг, цӕмӕй дӕ тӕрсой» (Пс. 130:4)a. Йегъовӕ ӕвдисы, хатыр кӕнын ӕцӕгдӕр куыд хъӕуы, уый. Библийы фысджытӕ иуӕй-иу рӕтты цы дзуттаг дзырдӕй спайда кодтой, уый ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ фӕамоны – уый куыд ныххатыр кӕны, уымӕ. Уыцы дзырд никуы фӕамоны, иу адӕймаг иннӕмӕн куыд ныххатыр кӕны, уымӕ.
3. Йегъовӕ куыд ныххатыр кӕны, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, мах куыд ныххатыр кӕнӕм, уымӕй? (Исай 55:6, 7).
3 Йегъовӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд ын ӕй цыма сӕрфгӕ ныккӕны ӕмӕ дзы фӕд дӕр нал баззайы, афтӕ вӕййы. Ӕмӕ та уый гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ баввахс уӕм ӕмӕ та дарддӕр дӕр уа не ’ввахс Хӕлар. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын ногӕй ӕмӕ ногӕй зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кӕны, уый тыххӕй. (Бакӕс Исайы 55:6, 7.)
4. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, нӕ тӕригъӕдтӕ нын ӕцӕгӕй кӕй ныххатыр кӕны, уый бамбарынӕн?
4 Куыд загътам, афтӕмӕй, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый хицӕн кӕны, мах куыд хатыр кӕнӕм, уымӕй. Фӕлӕ уӕд ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон куыд вӕййы бамбарын, ӕцӕгӕй нын кӕй ныххатыр кодта? Адӕмӕн куыд хатыр кӕны, уый бамбарын кодта рӕсугъд абарстытӕ ӕмӕ цӕвиттонты фӕрцы. Ӕмӕ дзы ацы статьяйы цалдӕрыл аныхас кӕндзыстӕм. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйӕ адард вӕййӕм. Фӕлӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нӕ нӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕны. Стӕй та нын бар ратты, цӕмӕй ногӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм. Ӕмӕ уыцы абарстыты фӕрцы Йегъовӕ алыхуызӕтты ӕвдисы, куыд нын ныххатыр кӕны, уый. Бӕстондӕр сӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыды ноджы тынгдӕр бауарздзыстӕм ӕмӕ дзы ноджы тынгдӕр уыдзыстӕм бузныг.
ЙЕГЪОВӔ НЫН НӔ ТӔРИГЪӔДТӔ АХӔССЫ
5. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд цы ’рцӕуы?
5 Библийы тӕригъӕдтӕ арӕх барст фӕцӕуынц уӕззау уаргъимӕ. Паддзах Давид, цы тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй афтӕ загъта: «Мӕ рӕдыдтытӕ мӕ сӕрӕй уӕлдӕр фесты, уӕззау уаргъау мыл уӕз кӕнынц» (Пс. 38:4). Фӕлӕ нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ Йегъовӕ ныххатыр кӕны (Пс. 25:18; 32:5). Ацы стихты «ныххатыр кӕнын»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырдӕн йӕ хъуыды сӕйраджыдӕр у «райсын» кӕнӕ «ахӕссын». Ӕвӕццӕгӕн, нӕ цӕстытыл ауад ахӕм ныв, цыма Йегъовӕ у тыхджын адӕймаг, ӕмӕ нын не уӕхсчытӕй нӕ тӕригъӕдты уаргъ райста ӕмӕ йӕ ахаста.
«Ныххатыр кодтай» (Пс. 32:5)
6. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цас дард ахӕссы?
6 Ӕндӕр абарст та ӕвдисы, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цас дард ахӕссы, уый. Псаломы 103:12 стихы фыст ис: «Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ». Хурыскӕсӕнӕй ӕппӕты дарддӕр у хурныгуылӕн. Ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ никуы фембӕлынц. Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ афтӕ дард ахӕссы, ӕмӕ дарддӕр гӕнӕн нӕй. Куыд хорз ӕвдисы ацы абарст, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны, уый.
«Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ» (Пс. 103:12)
7. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цы фӕкӕны, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? (Михей 7:18, 19).
7 Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ахӕссы, уӕд сӕ цымӕ уый фӕстӕ йӕхимӕ фӕдары? Нӕ. Паддзах Езеки Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай» (Ис. 38:9, 17). Ам фенӕн ис ахӕм ныв: Йегъовӕ райста, чи ’рфӕсмон кодта, уымӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ кӕдӕмдӕр фехста, куыд нал сӕ уына, афтӕ. Ацы ныхӕстӕ ма ис афтӕ дӕр ратӕлмац кӕнӕн: «Ды афтӕ бакодтай, цыма уыцы тӕригъӕдтӕ нӕдӕр сарӕзтон». Ахӕм хъуыды ма ис Михейы 7:18, 19 стихты дӕр. (Бакӕс сӕ.) Уым та фыст ис, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ денджызы арфмӕ кӕй фехсы. Раджы заманты, денджызы арфмӕ исты куы фехстаис, уӕд ӕй уырдыгӕй сисӕн нал уыдаид.
«Мӕ тӕригъӕдтӕ мын иууылдӕр ды дӕ сӕрты фӕстӕмӕ фехстай» (Ис. 38:17)
«Нӕ тӕригъӕдтӕ нын иууылдӕр денджызы арфмӕ фехсдзынӕ» (Мих. 7:19)
8. Статьяйы фыццаг хайӕ цы базыдтам?
8 Ацы абарстыты фӕрцы базыдтам, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ сӕ уаргъӕй кӕй фервӕзын кӕны. Давид дӕр дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта. Амондджын у уыцы адӕймаг, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп кӕмӕй не ’рдома» (Ром. 4:7, 8). О, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр хатыргӕнаг у!
ЙЕГЪОВӔ НЫН НӔ ТӔРИГЪӔДТӔ НЫССӔРФЫ
9. Йегъовӕ ма ноджыдӕр цавӕр абарстыты фӕрцы ӕмбарын кӕны, нӕ тӕригъӕдтӕ нын бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны?
9 Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон вӕййы, чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсгӕ хуызы ныссӕрфын, фӕд дӕр сӕ куыд нал баззайа. Ахӕсгӕ хуызы нӕ Йегъовӕ ныхсы, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг вӕййӕм (Пс. 51:7; Ис. 4:4; Йер. 33:8). Уый тыххӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг та афтӕ загъта: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты. Сӕнтсырх хъуымацы хуызӕн куы уой – къуымбилау уын сурс уыдзысты» (Ис. 1:18). Дзаума сырх истӕмӕй куы сахуырса, уӕд ӕй ссӕуын кӕнын тынг зын у. Фӕлӕ ацы абарсты фӕрцы Йегъовӕ бамбарын кодта, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй нӕ ныхса, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уӕм. Ӕмӕ-иу сӕ фӕд дӕр нал баззайдзӕн.
«Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Ис. 1:18)
10. Библи ма ноджыдӕр куыд ӕвдисы, Йегъовӕ нын зӕрдиагӕй кӕй ныххатыр кӕны, уый?
10 Айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй тӕригъӕдтӕ барст цӕуынц «хӕстимӕ» дӕр (Матф. 6:12, фип.; Лук. 11:4). Куы райгуырдыстӕм, уӕд дӕр Йегъовӕйӕ стыр хӕс дардтам. Ӕмӕ, тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд та уыцы хӕсыл бафты. Фӕлӕ нын нӕ тӕригъӕд куы ныххатыр кӕны, уӕд уый афтӕ вӕййы, цыма нын нӕ хӕс ныххатыр кӕны ӕмӕ дзы ницыуал фӕдарӕм. Кӕй нын ныххатыр кӕны, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй нӕ дзуапп нал ӕрдомы. Адӕймагӕн йӕ хӕс куы ныххатыр кӕнынц, уӕд ын куыд фенцон вӕййы ӕмӕ куыд фӕцин кӕны. Ӕмӕ махӕн дӕр афтӕ фенцон вӕййы ӕмӕ афтӕ фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд.
«Ныххатыр нын кӕн нӕ хӕстӕ» (Матф. 6:12, фип.)
11. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй сыхалы кӕнӕ сӕ кӕй ныссӕрфы, уый куыд ӕмбаргӕ у? (Хъуыддӕгтӕ 3:19).
11 Йегъовӕ нын нӕ хӕстӕ, ома нӕ тӕригъӕдтӕ, ӕрмӕст хатыр нӕ ныккӕны, фӕлӕ ма нын сӕ «сыхалы». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:19.) Ацы стихы «ссыгъдӕг уат»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд комкоммӕ нысан кӕны «ныссӕрфын; сыхалын». Зӕгъӕм, чидӕр кӕмӕндӕр йӕ хӕс ныххатыр кодта. Ӕмӕ дзы цас дардта, уый фыст кӕм ис, уыцы гӕххӕтт райста ӕмӕ фыстытӕ ахахх кодта. Фӕлӕ, чи зоны, уӕддӕр уыцы хаххы бынӕй зынынц. Цыдӕр куы ныссӕрфай кӕнӕ йӕ куы сыхалай, уӕд уый та ӕндӕрхуызон вӕййы. Раджы заманты-иу чернилӕ кодтой мил, писи ӕмӕ донӕй. Ӕмӕ-иу ахӕм чернилӕйӕ фыст цы уыд, уый-иу ныссӕрфӕн уыд уымӕл губкӕйӕ. Адӕймаг-иу цы хӕс дардта, уый дӕр-иу афтӕ уыд ныссӕрфӕн кӕнӕ сыхалӕн. Фыстытӕн-иу сӕ фӕдтӕ дӕр нал зындысты – афтӕ-иу уыд, цыма никуы никӕмӕй ницы дардта. Йегъовӕ дӕр нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд афтӕ вӕййы, цыма сӕ ныссӕрфта, сыхӕлдта сӕ. Уый нын куыд ӕхсызгон у! (Пс. 51:9).
«Цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат» (Хъуыд. 3:19)
12. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ бӕзджын мигътӕй цы хуызы бамбӕрзы?
12 Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны, уый хорз ӕвдисы ноджыдӕр иу цӕстуынгӕ цӕвиттон. Йегъовӕ загъта: «Дӕ фыдракӕндтӕ дын ныххатыр кӕндзынӕн [комк. «ныссӕрфдзынӕн», фип.], нал зындзысты, цыма мигъӕй ӕмбӕрзт сты, уыйау, дӕ тӕригъӕдтӕ дын бамбӕрздзынӕн бӕзджын мигътӕй» (Ис. 44:22). Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд сӕ ахӕсгӕ хуызы бамбӕрзы бӕзджын мигътӕй, цӕмӕй сӕ нӕхӕдӕг дӕр мауал уынӕм ӕмӕ сӕ уый дӕр мауал уына.
«Дӕ фыдракӕндтӕ дын ныссӕрфдзынӕн, нал зындзысты, цыма мигъӕй ӕмбӕрзт сты, уыйау» (Ис. 44:22, фип.)
13. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд цы фенкъарӕм?
13 Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд-иу уый фӕстӕ уыдоны тыххӕй нӕхи хъуамӕ мауал хӕрӕм. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цӕрӕнбонты дӕр не ссыгъдӕг уыдзыстӕм. Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы нын Йегъовӕ нӕ «хӕстӕ» бынтондӕр ныххатыр кӕны. Цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтам, уыдонӕй фӕд дӕр нал баззайы. Гъе афтӕ нын ныххатыр кӕны Йегъовӕ, нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд!
ЙЕГЪОВӔ ТА НӔ НОГӔЙ ФӔНЫМАЙЫ ЙӔ ХӔЛӔРТТЫЛ
Нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый фӕрцы ис уый гӕнӕн, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (кӕс 14 абзац)
14. Йегъовӕ нын ӕцӕгдӕр кӕй ныххатыр кӕны, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
14 Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ та нӕ ногӕй фӕнымайы йӕ хӕлӕрттыл. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нӕхи нал фӕхӕрӕм. Мах нӕ фӕтӕрсӕм, Йегъовӕ нӕм йӕ зӕрдӕйы маст кӕй хӕссы ӕмӕ кӕй хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, фӕлӕуу, фӕлӕуу, ӕз дын фенын кӕндзынӕн. Йегъовӕ ахӕм нӕу. Кӕд дын загъта, хатыр дын кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд дын ӕцӕгдӕр ныххатыр кодта. Уый дӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна? Пехуымпар Йеремийӕн афтӕ загъта: «Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Уый фӕстӕ апостол Павел дӕр уыцы ныхӕстӕ загъта Дзуттӕгтӕм 8:12 стихы. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?
«Сӕ тӕригъӕдтӕ [сын] нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34)
15. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй нал ӕрхъуыды кӕны, уый куыд ӕмбаргӕ у?
15 Библийы ныхас «ӕрхъуыды кӕнын» алы хатт уымӕ нӕ фӕамоны, ӕмӕ кӕмӕндӕр йӕ зӕрдыл цыдӕр ӕрлӕууыд кӕнӕ цӕуылдӕр хъуыды кӕны. Уый ма фӕамоны, цыдӕр кӕй аразы, уымӕ дӕр. Йесойӕн йӕ фарсмӕ хъӕдыл цы фыдгӕнӕг уыд ауыгъд, уый йын загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн» (Лук. 23:42, 43). Афтӕ зӕгъынмӕ йын нӕ хъавыд, ӕмӕ йыл цӕмӕй Йесо уыцы рӕстӕг ӕнӕуи ахъуыды кодтаид. Йесо йын дзуапп радта, кӕй йӕ райгас кӕндзӕн, ома цыдӕр кӕй сараздзӕн. Уӕдӕ нын Йегъовӕ афтӕ куы фӕзӕгъы, уӕ тӕригъӕдтӕ уын нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ нын сӕ ныххатыр кодта ӕмӕ нӕ уыцы тӕригъӕдты тыххӕй никуыуал бафхӕрдзӕн.
16. Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд цӕмӕй ссӕрибар вӕййӕм?
16 Тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ Библи хоны «тӕригъӕды цагъартӕ». Фӕлӕ нын Йегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд та «тӕригъӕдӕй... ссӕрибар» вӕййӕм (Ром. 6:17, 18; Рарг. 1:5). Цагъары куы ссӕрибар кӕнынц, уӕд куыд фӕцин кӕны. Ӕмӕ мах дӕр куы фӕзонӕм, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, уӕд сулӕфӕм ӕмӕ тынг фӕцин кӕнӕм.
«Тӕригъӕдӕй... ссӕрибар стут» (Ром. 6:18)
17. Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд цы хуызы сдзӕбӕх вӕййӕм? (Исай 53:5).
17 Бакӕс Исайы 53:5. Фӕстагмӕ ма аныхас кӕнӕм ноджыдӕр иу абарстыл. Библи ма нӕ бары мӕлӕтдзаг рынчынтимӕ дӕр. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы ахӕсгӕ хуызы сдзӕбӕх кӕны (1 Пет. 2:24). Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйӕ адард вӕййӕм. Фӕлӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй та ногӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Уӕззау низӕй рынчын адӕймаг куы сдзӕбӕх вӕййы, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд. Афтӕмӕй та ахӕсгӕ хуызы сдзӕбӕх вӕййӕм ӕмӕ та фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй схайджын вӕййӕм.
«Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм» (Ис. 53:5)
ЙЕГЪОВӔ НЫН КУЫ НЫХХАТЫР КӔНЫ, УӔД УЫЙ НӔ ЦАРДЫЛ КУЫД ФӔЗЫНЫ?
18. Библийы цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ абарстытӕ ис, уыдоны фӕрцы цы базыдтам, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй? (Кӕс рамкӕ дӕр «Йегъовӕ нын куыд ныххатыр кӕны?».)
18 Цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ абарстытыл аныхас кодтам, уыдоны фӕрцы цы базыдтам, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй? Нӕ тӕригъӕдтӕ нын бынтондӕр ныххатыр кӕны, цыма сӕ никуы сарӕзтам, афтӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы тӕригъӕдты тыххӕй никуыуал бафхӕрдзӕн. Уый фӕрцы ис уый гӕнӕн, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд уа не ’ввахс Хӕлар. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕй нын ныххатыр кӕны, уый йӕ лӕвар кӕй у. Уыцы лӕвар нын нӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй нӕ дӕтты, фӕлӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, стӕй нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй (Ром. 3:24).
19. а) Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ уӕм бузныг? (Ромӕгтӕм 4:8). б) Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
19 Бакӕс Ромӕгтӕм 4:8. Йегъовӕйӕ махӕй алчидӕр тынг бузныг хъуамӕ уа, «ӕцӕгдӕр... хатыргӕнаг» кӕй у, уый тыххӕй (Пс. 130:4). Фӕлӕ нын цӕмӕй хатыр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг аразӕм. Йесо загъта: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матф. 6:14, 15). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ мах дӕр Йегъовӕйы хуызӕн иннӕтӕн хатыр кӕнӕм. Ӕмӕ иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн.
46 ЗАРӔГ Стыр бузныг дын, Йегъовӕ