Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 февраль 2–7 фф.
  • Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уымӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уымӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • НЫСАН: ХУЫЦАУИМӔ БАФИДАУЫН
  • ӔРХЪУЫДЫ КОДТА МАДЗАЛ, ЦӔМӔЙ ЙЕМӔ БАФИДАУӔМ
  • ЙЕСО БАФЫСТА АХӔСТЫ АРГЪ
  • ЙЕГЪОВӔ НӔ ССӔРИБАР КӔНЫ ӔМӔ НӔ РӔСТГӔНДЖЫТЫЛ БАНЫМАЙЫ
  • Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕйы уарзондзинады фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый дӕ цардыл куыд фӕзынд?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Йегъовӕ цы сарӕзта тӕригъӕдджын адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 февраль 2–7 фф.

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уымӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм?

«Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты» (ИОАН. 3:16).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Уый фӕрцы дзы ноджы тынгдӕр бузныг уыдзыстӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй хатыр кӕны, уый тыххӕй.

1, 2. Адӕмы уавӕр, 1-аг абзацы кӕй кой ис, уыцы лӕппуйы уавӕры хуызӕн цӕмӕй у?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, хъӕздыг бинонты ’хсӕн чи схъомыл, ахӕм ӕрыгон лӕппуйы. Иу бон ыл ӕрцыд стыр бӕллӕх. Йӕ ныййарджытӕ аварийы фӕмард сты. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы хабар фехъусгӕйӕ куыд фӕуыдаид. Фӕлӕ уымӕй йӕхимӕ нӕма ӕрцыд, афтӕ базыдта, йӕ ныййарджытӕ, цы ӕхцатӕ сӕм уыд, уыдонӕй кӕй ницыуал ныууагътой ӕмӕ стыр хӕстӕ кӕй скодтой. Хъӕздыгдзинады бӕсты йын бынӕн ныууагътой хӕстӕ. Ӕмӕ, хӕстӕ кӕмӕй райстой, уыдон се ’хца домынц. Фӕлӕ ахӕм стыр хӕстӕ сты, ӕмӕ сӕ цӕрӕнбонты дӕр йӕ бон нӕ бауыдзӕн бафидын.

2 Махӕн дӕр нӕ уавӕр цӕмӕйдӕр у ацы лӕппуйы уавӕры хуызӕн. Нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ цардысты диссаджы рӕсугъд дзӕнӕты (Райд. 1:27; 2:7–9). Сӕ бон уыд ӕнустӕм амондджынӕй цӕрын. Фӕлӕ стӕй ӕрцыд ӕвирхъау хабар – Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд сарӕзтой! Ӕмӕ уый тыххӕй ӕнӕхай фесты дзӕнӕтӕй ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй. Ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн та бынӕн цы ныууагътой? Библийы фыст ис: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12). Адам нын бынӕн ныууагъта тӕригъӕд, уый та нӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ. Уыцы тӕригъӕд абарӕн ис стыр хӕсимӕ, ӕмӕ йӕ нӕ иуӕн дӕр йӕ бон никуы бауыдзӕн бафидын (Пс. 49:8).

3. Нӕ тӕригъӕдтӕ «хӕстимӕ» цӕмӕн ис абарӕн?

3 Йесо тӕригъӕдтӕ абарста «хӕстимӕ» (Матф. 6:12, фип.; Лук. 11:4). Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕйӕ хӕсджын свӕййӕм. Ӕмӕ йӕ бон вӕййы уыцы хӕс ӕрдомын. Нӕ «хӕстӕ» фыст куы не ’рцыдаиккой, уӕд сӕ ссӕрибар уыдаиккам, куы амардаиккам, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ром. 6:7, 23).

4. а) Адӕмӕн сӕхи бон у, Адам ӕмӕ Евӕ цы фесӕфтой, уый фӕстӕмӕ раздахын? (Псалом 49:7–9). б) Библимӕ гӕсгӕ дзырд «тӕригъӕд» цӕмӕ амоны? (Кӕс рамкӕ «Тӕригъӕд».)

4 Адӕмӕн сӕхи бон нӕу, Адам ӕмӕ Евӕ цы фесӕфтой, уый фӕстӕмӕ раздахын. (Бакӕс Псалом 49:7–9.) Ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй нын нӕ уыдаид ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕнӕ райгасдзинады ныфс. Уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кастаид, цӕрӕгойтӕм цы кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕрмӕстдӕр ахӕм кӕрон (Еккл. 3:19; 2 Пет. 2:12).

Тӕригъӕд

Библийы дзырд «тӕригъӕд» цӕмӕ фӕамоны?

  • Фыццаг: Адам Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй сарӕзта, уыцы тӕригъӕдмӕ (Райд. 3:17–19; Ром. 5:14, 17).

  • Дыккаг: нӕ зӕрдӕ ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт кӕй у, уымӕ. Уый махӕй алчидӕр йӕ туджы Адамӕй рахаста (Пс. 51:5).

  • Ӕртыккаг: ӕнӕххӕстдзинад нӕ туджы кӕй рахастам, уый аххосӕй зонгӕ-зонын кӕнӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ кӕй саразӕм, уыцы рӕдыдтытӕм (Иоан. 8:34; Иак. 1:14, 15).

5. Нӕ уарзӕгой Фыд нын куыд баххуыс кодта, Адам нын цы хӕс ныууагъта, уый бафидынӕн? (Кӕс нывмӕ.)

5 Ногӕй та-ма ахъуыды кӕнӕм, статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы лӕппуйыл. Иу хъӕздыг лӕг ын загъта, йӕ хӕстӕ йын иууылдӕр кӕй бафиддзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕппу дзы уыцы рӕдау лӕвары тыххӕй тынг бузныг уыдзӕн. Раст афтӕ нын нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ скодта стыр лӕвар ӕмӕ уый фӕрцы фыст ӕрцыд, Адам нын цы хӕс ныууагъта, уый, ома тӕригъӕд. Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Уыцы лӕвары фӕрцы ма уый гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм ӕмӕ нӕ Хӕлар суа.

Цалдӕр нывы: 1. Йесо ӕхсӕвы кӕимӕдӕр ныхас кӕны. 2. Ромаг ӕфсӕддонтӕ Йесойы мард хъӕдӕй ӕристой.

Йесо хъусын кодта хорз хабар, Йегъовӕ адӕмӕн ахӕсты аргъы фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уый тыххӕй (Иоан. 3:16). Уый фӕстӕ йӕ цард радта, цӕмӕй уыцы ахӕсты аргъ бафыстаид (кӕс 5 абзац)


6. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

6 Йегъовӕйы лӕвары фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕй куыд ссӕрибар вӕййӕм? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр хъуыдымӕ. Ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕ ноджы тынгдӕр уыдзыстӕм бузныг, цы сарӕзта, уый тыххӕй.

НЫСАН: ХУЫЦАУИМӔ БАФИДАУЫН

7. а) Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхай ноджыдӕр цӕмӕй фесты? б) Мах, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы саразын? (Ромӕгтӕм 5:10, 11).

7 Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд ӕнӕхай фесты ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай систы сӕ Фыды, Йегъовӕйы, знӕгтӕ. Райдианы Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты Хуыцауы бинонтӕй (Лук. 3:38). Фӕлӕ йӕ коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый тыххӕй сӕ йӕ бинонты ’хсӕнӕй фӕтардта. Уӕд сын нырма сывӕллӕттӕ нӕ уыд (Райд. 3:23, 24; 4:1). Мах стӕм сӕ байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы Йегъовӕимӕ бафидауын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:10, 11.) Иу чиныджы фыст ис, «бафидауын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый кӕй нысан кӕны «знагӕй хӕлар скӕнын». Фӕлӕ диссаг уый у, ӕмӕ Йегъовӕ скодта фыццаг къахдзӕф, цӕмӕй уымӕн гӕнӕн уыдаид. Цымӕ уый куыд сарӕзта?

ӔРХЪУЫДЫ КОДТА МАДЗАЛ, ЦӔМӔЙ ЙЕМӔ БАФИДАУӔМ

8. Йегъовӕ цавӕр мадзал ӕрхъуыды кодта, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм?

8 Йегъовӕ ӕрхъуыды кодта мадзал, цӕмӕй тӕригъӕдджын адӕм йемӕ бафидауой. Цӕмӕй, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ раздаха, уый тыххӕй ӕрхаста «фидауынгӕнӕг нывонд» (1 Иоан. 4:10). Уымӕн йӕ аргъ у, сӕфт цы ’рцыд, уымӕн цы аргъ ис, ахӕм. Уыцы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн ис, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм.

9. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй-иу израилӕгты тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой?

9 Раджы заман Йегъовӕ израилӕгтӕн сфидар кодта бӕлвырд ӕгъдау, цӕмӕй-иу сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой ӕмӕ-иу йемӕ бафидыдтаиккой. Израилы-иу алы аз дӕр бӕрӕг кодтой Сыгъдӕггӕнӕн бон, кӕнӕ Фидыды бон. Уыцы бон-иу хистӕр сауджын адӕмы тыххӕй ӕрхаста фосы нывӕндтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы нывӕндтӕн сӕ бон нӕ уыд адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕнын, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы царды аргъ ӕмӕ фосы царды аргъ иу нӕу. Фӕлӕ-иу израилӕгтӕ сӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу, Йегъовӕ цы нывӕндтӕ домдта, уыдон куы ’рхастой, уӕд-иу сын сӕ ныххатыр кодта (Дзут. 10:1–4). Уымӕй уӕлдай ма сын уыцы нывӕндтӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, тӕригъӕдджын кӕй сты ӕмӕ сӕ кӕй хъӕуы, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ кӕронмӕ чи ссыгъдӕг кӕндзӕн, ахӕм нывонд.

10. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой?

10 Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой? Йӕ уарзон Фырты зӕхмӕ ӕрӕрвыста, цӕмӕй «бирӕты тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи нывондӕн ӕрхастаид ӕрмӕстдӕр иу хатт» (Дзут. 9:28). Йесо йӕ «уд радта бирӕты балхӕныны тыххӕй [комк. «бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ бафидыны тыххӕй», фип.]» (Матф. 20:28). Фӕлӕ цы у ахӕсты аргъ?

ЙЕСО БАФЫСТА АХӔСТЫ АРГЪ

11. а) Библимӕ гӕсгӕ, ахӕсты аргъ цы у? б) Кӕмӕн уыд йӕ бон ахӕсты аргъ бафидын?

11 Библимӕ гӕсгӕ, ахӕсты аргъ у, адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕныны ӕмӕ Хуыцауимӕ бафидауыны тыххӕй фыст чи ’рцыд, уыцы аргъa. Ахӕсты аргъ фыст кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у, Адам ӕмӕ Евӕ цы фесӕфтой, уый фӕстӕмӕ раздахын. Уыдон ӕнӕхай фесты ӕххӕстдзинадӕй ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй. Уымӕ гӕсгӕ ахӕсты аргъӕн ӕмӕ, Адам ӕмӕ Евӕ цы фесӕфтой, уымӕн сӕ аргъ хъуамӕ ӕмхуызон уыдаид (1 Тим. 2:6, фип.). Уыцы аргъ йӕ бон уыд бафидын: 1) ӕххӕст чи уыд, 2) зӕххыл ӕнустӕм цӕрын йӕ бон кӕмӕн уыд ӕмӕ 3) йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ чи уыд, ӕрмӕстдӕр ахӕм нӕлгоймагӕн. Ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагӕн уыд йӕ бон, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ балхӕнын, кӕнӕ раздахын.

12. Йесойӕн йӕ бон цӕмӕн уыд ахӕсты аргъ бафидын?

12 Йесойӕн йӕ бон цӕмӕн уыд ахӕсты аргъ бафидын? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. 1) Уый уыд ӕххӕст адӕймаг. «Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта» (1 Пет. 2:22). 2) Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕххыл ӕнустӕм цӕрын. 3) Цӕттӕ уыд амӕлынмӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй йӕ цард раттынмӕ (Дзут. 10:9, 10). Уый уыд ӕххӕст, фыццаг адӕймаг Адам цалынмӕ тӕригъӕд нӕ сарӕзта, уӕдмӕ куыд ӕххӕст уыд, афтӕ (1 Кор. 15:45). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн, кӕй амард, уый фӕрцы йӕ бон сси Адамы тӕригъӕды тыххӕй бафидын, ома, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ раздахын (Ром. 5:19). Афтӕмӕй Йесо сси «фӕстаг Адам». Ӕмӕ ныр нал хъӕуы, цӕмӕй ӕндӕр ӕххӕст адӕймаг фӕзына ӕмӕ, Адам цы фесӕфта, уый тыххӕй бафида. Йесо амард «ӕрмӕстдӕр иу хатт», ӕрхаста иу нывонд ӕнустӕм (Дзут. 7:27; 10:12).

13. Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм?

13 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ ӕрхъуыды кодта мадзал, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ йемӕ бафидауӕм. Фӕлӕ уый тыххӕй хъуыди ахӕсты аргъ бафидын. Ӕмӕ уыцы аргъ бафыста Йесо, йӕ туг мах тыххӕй куы ныккалдта, уӕд (Еф. 1:7; Дзут. 9:14).

ЙЕГЪОВӔ НӔ ССӔРИБАР КӔНЫ ӔМӔ НӔ РӔСТГӔНДЖЫТЫЛ БАНЫМАЙЫ

14. Ныртӕккӕ цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

14 Йегъовӕ мах тыххӕй цы сарӕзта, уый нын цы пайда хӕссы? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй Библийы ӕркӕсдзыстӕм дыууӕ хъуыдымӕ. Уыдоны фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый нӕ цардыл куыд фӕзыны.

15, 16. а) Ахӕсты аргъ фыст кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы цӕмӕй ссӕрибар вӕййӕм? б) Дӕ бон тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕй у, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ цы фенкъарыс?

15 Библийы фыст ис, ахӕсты аргъы фӕрцы кӕй ссӕрибар вӕййӕм. Апостол Петр уый афтӕ бамбарын кодта: «Уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг царды уаг баззади, уымӕй ссӕрибар стут [комк. «ӕлхӕд ӕрцыдыстут; фервӕзтыстут»], сӕфгӕ чи кӕны, уыцы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрины фӕрцы нӕ, фӕлӕ Чырыстийы зынаргъ туджы фӕрцы, ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы туджы фӕрцы» (1 Пет. 1:18, 19).

16 Тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм (Ром. 5:21). Фӕлӕ Йесо йӕ зынаргъ туг кӕй ныккалдта, ома йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы уый гӕнӕн ис, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ тынг бузныг стӕм (1 Кор. 15:22).

17, 18. а) Адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцӕуы, уый цӕуыл дзурӕг вӕййы? б) Йегъовӕ дӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ цы фенкъарыс?

17 Библийы фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл кӕй банымайы. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ аххосджыныл нал фӕнымайы, цыма тӕригъӕд никуы сарӕзтой, афтӕ. Ӕмӕ сӕ нӕ фӕдомы, цӕмӕй-иу сӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафидой. Фӕлӕ уыимӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахизы. Рӕстгӕнджытыл нӕ цавӕрдӕр хорз хъуыддӕгты тыххӕй нӕ банымайы. Стӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕм дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Фӕлӕ, Йесоимӕ ахӕсты аргъ бафидыны тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы йӕ бон вӕййы нӕ «хӕстӕ», ома нӕ тӕригъӕдтӕ нын ныххатыр кӕнын (Ром. 3:24; Гал. 2:16).

18 Уый махӕй алкӕмӕн дӕр цӕуыл дзурӕг у? Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон ӕрцӕуынц рӕстгӕнджытыл нымад ӕмӕ свӕййынц Хуыцауы хъӕбултӕ (Тит. 3:7; 1 Иоан. 3:1). Йегъовӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ахӕм цӕстӕй сӕм фӕкӕсы, раст цыма уыцы тӕригъӕдтӕ никуы сарӕзтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый аккаг сты, цӕмӕй уӕларвон Паддзахады уой (Ром. 8:1, 2, 30). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон та рӕстгӕнджытыл нымад куы ’рцӕуынц, уӕд свӕййынц Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Йегъовӕ уыдонӕн дӕр сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны (Иак. 2:21–23). Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй макуы амӕлой (Иоан. 11:26). Чи амард, уыцы «рӕстгӕнджытӕ» ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ» райгас уыдзысты (Хъуыд. 24:15; Иоан. 5:28, 29). Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, Хуыцауӕн зӕххыл цы коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕ уыдзӕн, уыдонӕн уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ Фыд Йегъовӕйы ӕххӕст сывӕллӕттӕ куы суӕм, уыцы рӕстӕгмӕ!

19. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой, уый фӕрцы нӕ уавӕр куыд фӕивта? (Кӕс рамкӕ дӕр «Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?».)

19 Кӕддӕр нӕ уавӕр уыд, статьяйы райдианы кӕй кой уыд, уыцы ӕрыгон лӕппуйы уавӕры хуызӕн. Фӕлӕ нын Йегъовӕ баххуыс кодта. Нӕ тӕригъӕдтӕ нын ныххатыр кӕнӕн куыд ис, уымӕн мадзал ӕрхъуыды кодта. Ӕмӕ Йесо ахӕсты аргъ бафыста. Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы уый гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар уӕм. Уымӕй уӕлдай, цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтам, уыдонмӕ Йегъовӕ ахӕм цӕстӕй фӕкӕсы, раст цыма сӕ никуы сарӕзтам. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ свӕййӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды хӕлӕрттӕ.

Цалдӕр нывы: 1. Адӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. 2. Йесо йӕ хъизӕмӕртты хъӕд фӕхӕссы.

Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕм йемӕ бафидауой ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой.

Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафидӕн ӕмӕ нын сӕ ныххатыр кӕнӕн куыд ис, уымӕн Йегъовӕ мадзал ӕрхъуыды кодта.

Йесо йӕ туг ныккалдта ӕмӕ афтӕмӕй ахӕсты аргъ бафыста. Уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уӕм.

Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый фӕрцы ссӕрибар вӕййӕм ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидын нал фӕхъӕуы.

Йегъовӕ нӕ банымайы рӕстгӕнджытыл. Аххосджыныл нӕ нал фӕнымайы, раст цыма тӕригъӕд никуы сарӕзтам, афтӕ. Ахӕсгӕ хуызы нын нӕ тӕригъӕдты номхыгъд фесафы.

20. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ тынг бузныг вӕййӕм (2 Кор. 5:15). Уыдон нын куы нӕ баххуыс кодтаиккой, уӕд нӕ ныфс ницӕмӕй уыдаид. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ цалдӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонмӕ ӕмӕ абарстмӕ. Уыдоны фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд-иу нӕхи кӕй хъуамӕ мауал хӕрӕм.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды нӕ тӕригъӕдтӕ нын хатыр кӕнын?

  • Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цӕй фӕрцы ныххатыр кӕны?

  • Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый нӕ цардыл куыд фӕзыны?

10 ЗАРӔГ Кадджын кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы!

a «Ахӕсты аргъ»-ӕй тӕлмац ныхас кӕцыдӕр ӕвзӕгтыл комкоммӕ нысан кӕны «царды аргъ» кӕнӕ «фыст чи ’рцыд, уыцы аргъ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын