5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
108 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕнувыд уарзт
Йегъовӕйы уарзондзинады фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын?
«Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ» (1 ТИМ. 1:15).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Чырыстийы нывонды фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын ӕмӕ нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый.
1. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон цы вӕййы?
ЗӔГЪӔМ, кӕй уарзыс, уыцы адӕймагӕн цыдӕр балӕвар кодтай. Уый у цавӕрдӕр рӕсугъд ӕмӕ хъӕугӕ дзаума. Цы йын балӕвар кӕнай, ууыл бирӕ фӕхъуыды кодтай. Ӕмӕ дын ӕхсызгон уаид, искӕм ӕй куы сӕвӕрид ӕмӕ дзы рох дӕр куы фӕуид? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ нӕ. Фӕлӕ дын ӕхсызгон уаид, дӕ лӕварӕн дын куы аргъ кӕнид ӕмӕ дӕ куыд бузныг у, уый дӕр дын куы зӕгъид, уӕд. Йегъовӕ дӕр нын скодта стыр лӕвар – йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн ӕрхаста! Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ адӕмы тынг уарзы. Ӕмӕ йын вӕййы тынг ӕхсызгон, уыцы зынаргъ лӕвары ӕмӕ дзы йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый куы равдисӕм, уӕд (Иоан. 3:16; Ром. 5:7, 8).
2. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
2 Фӕлӕ, азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ нӕ, гӕнӕн ис, рох кӕнын райдайа, Чырыстийы нывонд куыд диссаджы лӕвар у, уый. Уый афтӕ уаид, цыма Хуыцауы лӕвар кӕмдӕр сӕвӕрдтам ӕмӕ йыл хъуыды дӕр нал кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ хабар афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. Ӕмӕ нын ацы статья уымӕн баххуыс кӕндзӕн. Аныхас кӕндзыстӕм, ныр дӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм ӕмӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у уӕлдайдӕр Ӕрымысӕн изӕры афон равдисын, Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый.
АБОНЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ
3. Абон дӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы цы арфӕдзинадӕй схайджын вӕййӕм?
3 Чырыстийы нывонды фӕрцы ныр дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм. Зӕгъӕм, уый фӕрцы нын Йегъовӕ хатыр кӕны нӕ тӕригъӕдтӕ. Хӕсджын нӕу, цӕмӕй нын сӕ хатыр кӕна, фӕлӕ йӕ фӕндгӕ кӕны. Йегъовӕйӕ уый тыххӕй бузныг чи уыд, иу ахӕм псаломзарӕггӕнӕг афтӕ загъта: «О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Пс. 86:5; 103:3, 10–13).
4. Йегъовӕ Йесойы нывондӕн кӕй тыххӕй ӕрхаста? (Лукайы 5:32; 1 Тимофеймӕ 1:15).
4 Кӕмӕдӕрты, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сын Йегъовӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Фӕлӕ, раст куы зӕгъӕм, уӕд нӕ иу дӕр уый аккаг нӕу. Зӕгъӕм, апостол Павел загъта: «Апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд». Фӕлӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Ацы хӕс [мыл] ис Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы» (1 Кор. 15:9, 10). Нӕ тӕригъӕдтыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ Йегъовӕ ныххатыр кӕны. Цӕмӕн? Уый аккаг кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд дӕхи уый аккагыл нӕ нымайыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн иу цӕуылдӕр: Йегъовӕ Йесойы нывондӕн ӕнӕтӕригъӕд адӕмы тыххӕй не ’рхаста, фӕлӕ, чи ’рфӕсмон кӕны, уыцы тӕригъӕдджынты тыххӕй. (Бакӕс Лукайы 5:32; 1 Тимофеймӕ 1:15.)
5. Искӕмӕн йӕ бон у афтӕ дзурын, зӕгъгӕ, ӕз уыйбӕрц лӕггад кӕнын, ӕмӕ мын Йегъовӕ хъуамӕ уый тыххӕй мӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.
5 Кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр нӕ иу дӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕна, ӕмӕ нын уый тыххӕй хъуамӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ аргъ кӕны нӕ иузӕрдион лӕггадӕн (Дзут. 6:10). Фӕлӕ, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый мызд нӕу нӕ лӕггады тыххӕй. Уый у йӕ рӕдау лӕвар. Уӕдӕ раст цӕуылнӕ уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ, кӕд бирӕ лӕггад кӕнӕм, уӕд уый аккаг стӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна? Уӕд афтӕ уайдзӕн, ӕмӕ Чырысти дзӕгъӕлы амард ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ нӕ уыцы нывонд нӕ хъӕуы. (Абар Галатӕгтӕм 2:21.)
6. Павел Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ цӕмӕн фыдӕбон кодта?
6 Павел зыдта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цасфӕнды ма арӕзтаид, уӕддӕр Йегъовӕ хӕсджын кӕй нӕ уыдаид, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Ӕмӕ уӕд афтӕ бирӕ цӕмӕн фыдӕбон кодта? Уымӕй равдыста, Йегъовӕйӕ йе стыр хорзӕхы тыххӕй бузныг кӕй уыд (Еф. 3:7). Мах дӕр Павелау ӕмбарӕм, цыфӕнды бирӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр афтӕ кӕй никуы уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ уый фаг балӕггад кодтам, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Фӕлӕ зынгзӕрдӕйӕ уымӕн лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды равдисын, Йегъовӕйӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм.
7. Чырыстийы нывонды фӕрцы ма абон ноджыдӕр цавӕр арфӕдзинадӕй стӕм хайджын? (Ромӕгтӕм 5:1; Иаковы 2:23).
7 Чырыстийы нывонды фӕрцы ма абон хайджын стӕм ноджыдӕр иу арфӕдзинадӕй – ис уый гӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕ уа не ’ввахс Хӕларa. Айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыд, афтӕмӕй, куы райгуырдыстӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахс нӕ уыдыстӕм. Фӕлӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы ис уый гӕнӕн, цӕмӕй «фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ» ӕмӕ йӕм баввахс уӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:1; Иаковы 2:23.)
8. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уый тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
8 Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый фӕрцы йӕм нӕ бон у кувын. Уый ӕцӕгдӕр стыр лӕвар у! Уый нын ӕрмӕст нӕ иумӕйаг куывдтытӕ нӕ хъусы, зӕгъӕм, ӕмбырды исчи се ’ппӕты номӕй куы скувы, уыцы куывдтытӕ. Иунӕгӕй йӕм куы фӕкувӕм, уӕд дӕр нӕ фӕхъусы. Истӕуыл куы фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ йӕм куы скувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы ӕмӕ афтӕ тынг нал фӕмӕт кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕкувӕм. Уый фӕрцы ма йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм (Пс. 65:2; Иак. 4:8; 1 Иоан. 5:14). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд-иу йӕ Фыдмӕ арӕх куывта (Матф. 14:23; Мар. 1:35; Лук. 5:16). Уый зыдта, кӕй йӕ хъусы. Стӕй ма зыдта, кӕй йӕм фӕкувы, уый ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй сӕ хӕлардзинад фидар уа. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ ма йемӕ ныхас дӕр кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис Йесойы нывонды фӕрцы.
ФИДӔНЫ АРФӔДЗИНӔДТӔ
9. Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын уыдзысты?
9 Фидӕны Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн Чырыстийы нывонды фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни ӕнусон цард. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Адӕм, дам, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр мӕлынц. Фӕлӕ адӕм хъуамӕ ӕнустӕм цӕрой – Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд уый у. Адам тӕригъӕд куы нӕ сарӕзтаид, уӕд афтӕ ничи хъуыды кодтаид, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Уӕд алчидӕр ӕнустӕм цардаид. Ӕмӕ кӕд уыцы хъуыды ныр кӕмӕдӕр тынг диссаг кӕсы, уӕд-ма ахъуыды кӕнӕм: Йегъовӕ цы аргъ бафыста, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, ома йӕ уарзон Фырты кӕй нӕ бавгъау кодта, уый та уӕд диссаг нӕу? (Ром. 8:32).
10. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?
10 Ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм фидӕны. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл ныр дӕр хъуыды кӕнӕм. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ зӕххӕн паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕ (Рарг. 20:6). Ӕндӕр фыстӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты ӕмӕ, маст ӕмӕ рыст цы у, уый кӕй нал зондзысты, уымӕ (Рарг. 21:3, 4). Кӕд ӕндӕр фыстӕй дӕ, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ӕнусон цард зӕххыл уӕларвон цардимӕ абаргӕйӕ къаддӕр хӕрзиуӕг у. Хуыцау адӕмы растдӕр уый тыххӕй сфӕлдыста. Ӕмӕ зӕххыл цӕргӕйӕ уыдзыстӕм тынг амондджын.
11, 12. Дзӕнӕты цӕргӕйӕ цы араздзынӕ, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
11 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, дзӕнӕты куыд цӕрдзынӕ, уый. Нал тӕрсдзынӕ, кӕй фӕрынчын уыдзынӕ кӕнӕ кӕй амӕлдзынӕ, уымӕй (Ис. 25:8; 33:24). Дӕ зӕрдӕ хорзӕй цыдӕриддӕр зӕгъы, уыдон дын Йегъовӕ ратдзӕн. Цы дӕ фӕндид ног дунейы аразын? Чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуы хими кӕнӕ физикӕ. Йе та дӕ, чи зоны, фӕнды, цӕмӕй сахуыр уай музыкалон инструментыл цӕгъдын кӕнӕ ныв кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым хъӕудзӕн архитектортӕ, аразджытӕ, зӕххы куыст чи кӕндзӕн, уыдон. Уӕдӕ дзы куыннӕ хъӕудзӕн хӕринаггӕнджытӕ ӕмӕ, кусӕнгӕрзтӕ чи араздзӕн, уыдон. Стӕй хъӕудзӕн зӕхмӕ зилын ӕмӕ йӕ рӕсугъд кӕнын (Ис. 35:1; 65:21). Ӕнустӕм цӕргӕйӕ дын фагӕй дӕр фылдӕр уыдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй кӕцыфӕнды дӕсныйадыл дӕр сахуыр уай.
12 Чи райгас уыдзӕн, уыдоныл куыд цин кӕндзыстӕм, уый та! (Хъуыд. 24:15). Кӕнӕ-ма ахъуыды кӕн, цас цыдӕртӕ ма базондзыстӕм Йегъовӕйы тыххӕй, цытӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд (Пс. 104:24; Ис. 11:9). Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм, нӕ цӕсгом нӕ ӕппындӕр ницӕй тыххӕй хӕрдзӕн, афтӕмӕй! Йӕ разы ницӕмӕй рӕдидзыстӕм ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕ хатыр курын дӕр нӕ хъӕудзӕн. Зӕгъ-ма, ӕппӕт уыцы хорздзинӕдтӕ баивдзынӕ, «тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы», ууыл? (Дзут. 11:25). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ баивдзынӕ! Нӕхи ныртӕккӕ цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм,– фидӕны хорздзинӕдтӕ уый аргъ сты. Дӕ зӕрдыл дар: алкӕд афтӕ нӕ дзурдзыстӕм, фидӕны цӕрдзыстӕм зӕххыл дзӕнӕты, зӕгъгӕ. Иубон уыцы рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ дзӕнӕт нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы уарзондзинады фӕрцы. Афтӕ тынг нӕ уарзы, ӕмӕ цӕттӕ уыд йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Дзӕнӕты цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? (кӕс 11, 12 абзацтӕ)
ДӔ БОН КУЫД У РАВДИСЫН, ЙЕГЪОВӔЙӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ КӔЙ ДӔ?
13. Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? (2 Коринфӕгтӕм 6:1).
13 Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дзы бузныг куыннӕ стӕм. Фӕлӕ уый нӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, Хуыцауы хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уымӕй (Матф. 6:33). Йесо амард, «цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:15). Ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, Йегъовӕ нын йе стыр хорзӕхӕй цӕй тыххӕй бахай кодта, уый рох кӕнын. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:1.)
14. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы разамынд растыл кӕй нымайӕм, уый?
14 Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма равдисдзыстӕм, йӕ разамынд ын растыл куы нымайӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ уынаффӕ рахӕссын, уӕлдӕр ахуыр райсӕм кӕнӕ цавӕрдӕр куыстмӕ бацӕуӕм ӕви нӕ. Уӕд хорз уаид Йегъовӕйы хъуыды базонын (1 Кор. 10:31; 2 Кор. 5:7). Нӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй куы равдисӕм, уӕд ӕрцӕуы иу диссаджы хабар – Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр баууӕндӕм ӕмӕ нӕ хӕлардзинад дӕр ноджы фидардӕр свӕййы. Ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бауырны, ӕцӕгдӕр нын кӕй ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Ром. 5:3–5; Иак. 2:21, 22).
15. Ӕрымысӕн изӕры афон нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауӕй йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый?
15 Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма нӕ бон у ноджыдӕр иу цӕмӕйдӕр равдисын. Ӕрымысӕн изӕры афон нӕ бон у нӕ хъуыддӕгтӕй равдисын, Чырыстийы нывонды тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхӕдӕг фӕнд кӕнӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын. Фӕлӕ ма нӕ бон у иннӕты дӕр хонын (1 Тим. 2:4). Кӕй фӕхонай, уыдонӕн-иу бамбарын кӕн, Ӕрымысӕн изӕры цы уыдзӕн, уый. Дӕ бон сын у видеороликтӕ «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?» ӕмӕ «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм» равдисын (ссарӕн сӕ ис сайты jw.org). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг бацархайой, цӕмӕй фӕхоной, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдоны. Ахъуыды-ма кӕн, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куыд цин кӕндзысты, Йегъовӕйы сӕфт фыстӕй чидӕртӕ фӕстӕмӕ йӕ дзугмӕ куы ’рбаздӕхой, уӕд! (Лук. 15:4–7). Нӕ разы сӕвӕрӕм ахӕм нысан – Ӕрымысӕн изӕры ӕрмӕст кӕрӕдзийыл ма бацин кӕнӕм, фӕлӕ, фыццаг хатт чи ’рбацыд кӕнӕ дзы рагӕй чи нал уыд, уыдоныл дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй бамбарой, се ’рбацыд нын ӕхсызгон кӕй у (Ром. 12:13).
16. Хорз цӕмӕн уыдзӕн Ӕрымысӕн изӕры афон фылдӕр балӕггад кӕнын?
16 Дӕ бон нӕ уаид Ӕрымысӕн изӕры афон фылдӕр балӕггад кӕнын? Афтӕмӕй дӕр равдисдзынӕ, Хуыцау ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзтой, уыдӕтты тыххӕй сӕ бузныг кӕй дӕ. Фылдӕр куы лӕггад кӕнӕм, уӕд арӕхдӕр уындзыстӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Ӕмӕ йыл уӕд нӕ ныфс ноджы тынгдӕр дардзыстӕм (1 Кор. 3:9). Стӕй-иу дӕ ма ферох уӕд, Ӕрымысӕн изӕры афон Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ фӕхъӕуы бакӕсын, уыдон бакӕсын дӕр. Ссарӕн сӕ ис брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас» ӕмӕ «Кусӕн тетрад»-ы. Кӕд дӕ бафӕнда, уӕд дӕ бон уыдзӕн уыцы скъуыддзӕгты фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг бацагурын ӕмӕ сӕ арфдӕр раиртасын.
17. Йегъовӕйӕн цы у ӕхсызгон? (Кӕс рамкӕ дӕр «Дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй дӕ?».)
17 Чи зоны дын дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕуы, уыдӕттӕ иууылдӕр саразын. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: цы аразыс, уый Йегъовӕ нӕ бары, иннӕтӕ цы аразынц, уыимӕ. Уый дын кӕсы дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ уыны, кӕй йӕ уарзыс, уый. Стӕй уыны, куыд бузныг дзы дӕ йӕ зынаргъ лӕвары тыххӕй – Чырыстийы нывонды тыххӕй. Ӕмӕ йын уый ӕхсызгон у (1 Сам. 16:7; Мар. 12:41–44).
18. Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесо Чырыстийӕ бузныг цӕй тыххӕй стӕм?
18 Ӕрмӕстдӕр Чырыстийы нывонды фӕрцы ис уый гӕнӕн, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой, Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа ӕмӕ нын уа ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм Йегъовӕйы уарзондзинады фӕрцы (1 Иоан. 4:19). Цӕй ӕмӕ дзы йӕ уарзондзинады тыххӕй алкӕддӕр бузныг уӕм. Стӕй алкӕддӕр бузныг уӕм Йесойӕ дӕр. Уый нӕ афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ йӕ цард мах тыххӕй нӕ бавгъау кодта (Иоан. 15:13).
154 ЗАРӔГ Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн
a Цалынмӕ Чырыстийы нывонд хаст не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кодта. Афтӕ йӕ бон уымӕн уыд аразын, ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ Фырт мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ Йесо нӕ амард, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕ афтӕ нымадта, цыма Чырыстийы нывонд хаст ӕрцыд (Ром. 3:25).