Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 15/8 8 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Хуыцауыл иузӕрдион у, дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Йегъовӕйы хъуамӕ нӕ бинонтӕй фылдӕр уарзӕм
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2020
  • Дӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадза
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 15/8 8 ф.

КӔСДЖЫТЫ ФАРСТАТӔ

Ныййарджытӕн сӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд сын ӕмбырды иумӕ бадӕн ис?

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыцы адӕймаг Паддзахады залы кӕм хъуамӕ бада, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы. Нӕ публикациты фыст уыд, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой ӕмӕ нырма йӕ ныййарджытимӕ чи цӕры, ахӕм сывӕллонӕн ныййарджытӕ куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕной, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад фидар кӕной. Зӕгъӕм, 2001 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 27–29 фӕрстыл цы статья ис, уым фыст ис, ныййарджытӕн сӕ бон кӕй у ахӕм сывӕллонимӕ Библи ахуыр кӕнын. Уый йын, чи зоны, баххуыс кӕна фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхынӕн.

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы сывӕллон Паддзахады залы йӕ ныййарджытимӕ куы бада ӕмӕ куы никӕй хъыгдара, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй залы фӕстейӕ бада. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у йӕ ныййарджыты фарсмӕ бадын, кӕмфӕнды ма бадой, уӕддӕр. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны уырнындзинадыл кӕй тыхсынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй программӕмӕ лӕмбынӕг хъуса. Уӕдӕ-иу сывӕллон, хъусдард ӕм кӕм нӕ уыдзӕн, ахӕм ран сбадыны бӕсты йӕ ныййарджыты фарсмӕ куы сбада, уӕд ын программӕ фылдӕр пайда хӕсдзӕн.

Фӕлӕ, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы сывӕллон йӕ ныййарджытимӕ куы нӕ цӕра, уӕд ын ӕмбырды йӕ ныййарджыты фарсмӕ бадыны бар ис? Адӕймагӕн йӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, фӕлӕ йемӕ куы нӕ цӕра, уӕд йемӕ йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый фӕдыл нӕ публикациты ис бӕлвырд амындтӕa. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллон ӕмбырды рӕстӕг йӕ ныййарджытимӕ куы бада ӕмӕ куы никӕй хъыгдара, уӕд уый иу хъуыддаг у, бынтон ӕндӕр хъуыддаг та у, хъӕуа-нӕхъӕуа йемӕ ныхас кӕнынӕн фадат куы агурой. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы сывӕллонимӕ йӕ бинонтӕ сӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы дарой ӕмӕ, уый фӕдыл Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд тыхсын ницӕуыл хъӕуы (1 Кор. 5:11, 13; 2 Иоан. 11).

Уӕдӕ ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймаг-иу Паддзахады залы йӕ бинонтӕй кӕнӕ ӕмбырдӕй искӕй фарсмӕ куы сбада, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн, йӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы дара, уӕд. Фӕлӕ йӕ кӕм фӕнды, уым бадын ӕй куы нӕ уадзой, уӕд уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ хорзмӕ ма ’ркӕна. Алцыдӕр уавӕртӕй кӕнгӕ у. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый бинонтӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, ацы хъуыддаджы фӕдыл Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайой, стӕй, уыцы адӕймаг кӕм фӕбады, уый ӕфсымӕртӕн цӕлхдур куы нӕ уа, уӕд, ӕмбырды чи кӕм баддзӕн, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын нӕ хъӕуы.

a Кӕс чиныг «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 237–239 фӕрстӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын