Хуыцауыл иузӕрдион у, дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд
1. Чырыстоны иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куыд цӕуы?
1 Бинонтӕ кӕрӕдзийыл вӕййынц тынг ӕнувыд. Чырыстонӕн фӕлварӕн свӕййы, йӕ бинонтӕй кӕуылдӕр, зӕгъӕм, къай, сывӕллон, ныййарӕг кӕнӕ ма бинонтӕй ӕндӕр искӕуыл хъоды куы бакӕнынц кӕнӕ ӕмбырд куы ныууадзы, уӕд (Матф. 10:37). Хуыцауыл иузӕрдион чырыстон ахӕм адӕймагмӕ цавӕр ахаст хъуамӕ дара? Ахӕм адӕймагимӕ иу хӕдзары куы цӕрай, уӕд ӕм ӕндӕр ахаст дарын хъӕуы? Фыццаджыдӕр уал ӕркӕсӕм, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ. Йӕ уагӕвӕрдтӕ хауынц, куыд хъодыгонд адӕймагмӕ, афтӕ ма ӕмбырд чи ныууагъта, уымӕ дӕр.
2. Библимӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ цавӕр ахаст хъуамӕ дарой, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонмӕ?
2 Цавӕр ахаст хъуамӕ дарӕм хъодыгонд адӕймагмӕ. Хуыцауы Ныхас чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй ма иу кӕной ӕмӕ ма хӕлариуӕг кӕной, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ахӕм адӕймагимӕ: «Баст ма ут уыимӕ [«ӕввахс куыннӕ цӕуат ахӕммӕ», НФ], кӕцы хуыйны ӕфсымӕр, афтӕмӕй хӕты, кӕнӕ гӕртӕмттӕ исы, кӕнӕ гуымирытӕн кусы, кӕнӕ ӕвзӕр дзуры, кӕнӕ расыг кӕны, кӕнӕ у тугдзых; ахӕмтимӕ хӕргӕ дӕр ма кӕнут иумӕ. [...] Уӕдӕ аппарут хъахбайы уе ’хсӕнӕй» (1 Кор. 5:11, 13). Уый тыххӕй дзырдта Йесо дӕр Матфейы 18:17: «[Хъодыгонд] уӕд дӕуӕн муртаттау ӕмӕ хъалонисӕгау» (Матф. 18:17, НФ). Йесомӕ чи хъуыста, уыдон хорз зыдтой, уӕды заманы иудейтӕ сӕхицӕн муртатты ’хсӕн хӕлӕрттӕ кӕй нӕ агуырдтой ӕмӕ хъалонисджытӕй сӕхи кӕй хызтой, цыма хъодыгонд уыдысты. Уӕдӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, цӕмӕй хъодыгонд адӕммӕ хӕстӕг ма цыдаиккой. (Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 мартъи, 1982 аз, 10—12 ф., уыр.)
3, 4. Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ хизӕм нӕхи хъодыгонд ӕмӕ ӕмбырд чи ныууагъта, ахӕм адӕмӕй?
3 Уый нысан кӕны, Хуыцауыл иузӕрдион чырыстӕттӕ монон хъуыддӕгтыл кӕй нӕ дзурдзысты, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, ахӕм адӕймагимӕ. Фӕлӕ ма уымӕ фылдӕр хауы. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ахӕмтимӕ хӕргӕ дӕр ма кӕнӕм иумӕ» (1 Кор. 5:11). Уӕдӕ хъодыгонд адӕймагӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр, зӕгъӕм, хъуамӕ йемӕ ма цӕуӕм улӕфынмӕ, уазӕгуаты, пуртийӕ хъазынмӕ, истытӕ ӕлхӕнынмӕ, йе та театрмӕ, суанг ма йемӕ иу фынгыл дӕр хъуамӕ ма бадӕм хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕндӕр искуы дӕр.
4 Цымӕ хъодыгонд адӕймагимӕ ныхас кӕнӕн ис? Кӕд Библи алы уавӕрыл сӕрмагондӕй нӕ дзуры, уӕддӕр нын уыцы хъуыддаджы 2 Иоанны 10 ӕххуыс кӕны Иегъовӕйы цӕстӕнгас базонынӕн: «Чи уӕм ӕрбацӕуы ӕмӕ ацы ахуырад [чи] нӕ ӕрбахӕссы, уый хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут». Уый фӕдыл 1982 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 17 фарсыл (уыр.) дзырдӕуыд: «Ӕрмӕст салам радтын дӕр, гӕнӕн ис, суа фыццаг къахдзӕф искӕимӕ ныхас райдайынӕн ӕмӕ ма суанг хӕлариуӕг кӕнынӕн дӕр. Фӕнды нӕ ахӕм къахдзӕф скӕнын хъодыгонд адӕймагмӕ?» (Кӕс ма «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2001 аз, 1 май, 27, 28 ф.)
5. Хъоды кӕуыл бакӕнынц, уый цӕмӕй фӕцух вӕййы?
5 Ӕцӕгдӕр, уыцы журналы 23 фарсыл куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «тӕригъӕд чи саразы ӕмӕ хъоды кӕуыл бакӕнынц, уыцы чырыстон бирӕ цӕмӕйдӕртӕй фӕцух вӕййы: Хуыцауы хорзӕхӕй... ӕфсымӕрты хӕлардзинадӕй, уыимӕ ма йын нал вӕййы фадат, цӕмӕй йӕ чырыстон бинонтимӕ бирӕ цӕуылдӕртыл дзура».
6. Ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕной, уый йӕ бинонтимӕ куы цӕра, уӕд ыл хъуамӕ сӕхи бынтондӕр атигъ кӕной? Бамбарын ӕй кӕн.
6 Иу хӕдзары цӕргӕйӕ. Чырыстон бинонтӕй искӕуыл хъоды куы бакӕной ӕмӕ семӕ иу хӕдзары куы цӕра, уӕд йӕ бинонтӕ йемӕ хъуамӕ ма дзурой, ма хӕрой кӕнӕ иумӕ мацы аразой? 1991 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 22 фарсыл (уыр.) фиппаинаджы дзырдӕуы: «Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый йӕ чырыстон бинонтимӕ куы цӕра, уӕд йӕ бон у семӕ сӕ хӕдзары куыстытӕ кӕнын ӕмӕ бинонты хъуыддӕгты архайын». Бинонтӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, йемӕ иумӕ хӕрдзысты кӕнӕ иумӕ хӕдзары куыстытӕ кӕндзысты ӕви нӕ. Фӕлӕ уӕддӕр сӕхи хъуамӕ афтӕ дарой, цӕмӕй сӕ чырыстон хӕлӕрттӕ ма зӕгъой, зӕгъгӕ, сӕхи афтӕ дарынц цыма ницы ӕрцыди.
7. Бинонтӕй искӕуыл хъоды куы бакӕной, уӕд сӕ монон ахастытӕ куыд фӕивдзысты?
7 Фӕлӕ 1982 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 20 фарсыл (уыр.) дзуры хъодыгонд кӕнӕ ӕмбырд чи ныууагъта, уыцы адӕймаджы тыххӕй: «Раздӕр ын ӕмбырдимӕ цы иудзинад уыд, уый бынтондӕр фесӕфта. Уый хауы йӕ хӕстӕджытӕм дӕр ӕмӕ ма йӕ бинонтӕм дӕр. [...] Уый нысан кӕндзӕн, бинонты ’хсӕн раздӕр цы монон ахастытӕ уыд, уыдон кӕй фӕивдзысты. Цӕвиттон, лӕджы ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд ус ӕмӕ сывӕллӕттӕн ӕнцон нӕ уыдзӕн, уый бинонты библион ахуыр куы уадза, кӕнӕ сын Библи куы кӕса, ӕмӕ бинонты номӕй куы кува. Хъӕрӕй йӕ скувын куы фӕнда, зӕгъӕм, хӕрды размӕ, уӕд ын йӕ хӕдзары уыцы бар ис. Фӕлӕ иннӕтӕн уыцы рӕстӕг сӕ бон у Хуыцаумӕ сӕхинымӕр кувын (Ӕмб. 28:9; Пс. 118:145, 146). Цы ис саразӕн, хъодыгонд йӕ бинонтимӕ куы цӕра ӕмӕ йӕ куы фӕнда семӕ иумӕ Библи кӕсын кӕнӕ та йӕ ахуыр кӕнын? Иннӕтӕн сӕ бон у бар радтын, цӕмӕй семӕ уа ӕмӕ хъуса, фӕлӕ йӕ бон нӕу бинонты ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ дзурын».
8. Чырыстон ныййарджытӕ цы хъуамӕ аразой, рӕзгӕ кары сын цы сывӕллон ис, уый ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд?
8 Рӕзгӕ кары сывӕллоны ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕддӕр ӕй йӕ чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ дарддӕр хъомыл кӕной. 1989 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 17 фарсыл (уыр.) кӕсӕм: «Дарддӕр дӕр сӕ сывӕллонӕн хӕрд, дарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынатыл куыд тыхсдзысты, раст афтӕ йӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ дӕр ахуыр кӕндзысты ӕмӕ йын зонд амондзысты (Ӕмб. 6:20—22; 29:17). Кӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр уарзӕгой ныййарджытӕ йемӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕндзысты. Библи йемӕ хицӕнӕй куы ахуыр кӕной, уӕд дзы, чи зоны, фылдӕр пайда райса ӕмӕ сраст уа. Кӕнӕ та йын ратдзысты бар, цӕмӕй архайа, бинонтӕ Библи куы ахуыр кӕной, уӕд». (Кӕс ма «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2001 аз, 1 октябрь, 27, 28 ф.)
9. Чырыстон цавӕр ахаст хъуамӕ дара, йӕ бинонтӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕной ӕмӕ хицӕнӕй чи цӕра, уымӕ?
9 Бинонтӕй исчи хицӕнӕй куы цӕра. «Уавӕр бынтон ӕндӕр вӕййы, дӕ бинонтӕй демӕ чи нӕ цӕры, уый ӕмбырдӕй куы ацух кӕной кӕнӕ ӕмбырд куы ныууадза, уӕд»,— дзырдӕуы 1988 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 21 фарсыл (уыр.). «Куыд зыны, афтӕмӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ дын уыцы адӕймагимӕ мацы иудзинад уа. Бинонты хъуыддӕгтыл дӕ йемӕ ныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕддӕр ын ӕй тынг цыбыртӕй бамбарын кӕн», ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхст сӕххӕст кӕндзынӕ, зӕгъгӕ, «ӕввахс ма цӕут», чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм тӕригъӕдджынмӕ (1 Кор. 5:11, НФ). Хуыцауыл иузӕрдион чырыстӕттӕ ахӕм адӕймагӕй хъуамӕ сӕхи хизой, ӕмӕ иу куыст куы кӕной, уӕддӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй арӕх ма ӕмбӕлой. (Кӕс ма «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1982 аз, 1 мартъи, 21—23 ф., уыр.)
10, 11. Йӕ бинонтӕй хъоды кӕуыл бакодтой, уый цалынмӕ чырыстон йӕ хӕдзармӕ бакӕна, уӕдмӕ уал цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?
10 «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ма нын не ’ргом здахы ӕндӕр уавӕрмӕ дӕр: «Цы кӕнгӕ у, бинонтӕй исчи, зӕгъӕм, фырт кӕнӕ ныййарӕг, хицӕнӕй куы цӕра ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕной ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхын куы фӕнда, уӕд? Бинонтӕ уый хъуамӕ сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕной. Цӕвиттон, хъодыгонд ныййарӕг куы фӕрынчын уа, йӕхимӕ кӕсын кӕнӕ йӕхи дарын йӕ бон куы нал уа, уӕд Библимӕ гӕсгӕ чырыстон сывӕллӕттӕн сӕ хӕс у уымӕн ӕххуыс кӕнын (1 Тим. 5:8). [...] Сӕ уынаффӕ баст уыдзӕн бирӕ хъуыддӕгтыл, зӕгъӕм, ныййарӕджы уавӕрыл, йӕ зондахастыл ӕмӕ хӕдзары хицау йӕ бинонты уырнындзинадыл цас тыхсы, ууыл» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1982 аз, 1 мартъи, 20, 21 ф., уыр.).
11 Уыцы статьяйы ма сывӕллоны тыххӕй дарддӕр дзырдӕуы: «Хаттӕй-хатт-иу чырыстон ныййарджытӕ хӕдзармӕ фӕстӕмӕ ӕрбакодтой сӕ хъодыгонд сывӕллоны, чи-иу фӕрынчын кӕнӕ-иу йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уый. Фӕлӕ алы хатт дӕр ныййарджытӕ хъуамӕ хорз ахъуыды кӕной. Чи зоны, хъодыгонд фырт нырмӕ йӕхи дарынхъом уыд, фӕлӕ ныр нал у? Ӕви йӕ йӕхи тыхсын кӕнын нал фӕнды ӕмӕ йӕ фӕнды ӕнӕмӕтӕй цӕрын? Йӕхи куыд дары ӕмӕ йын цавӕр уагахаст ис? Хӕдзармӕ „ӕнхъизӕн“ нӕ бахӕсдзӕн? (Гал. 5:9)».
12. Цы пайда у, тӕригъӕд ракӕнӕг чырыстӕтты ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый?
12 Иегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ йӕ хорзӕх уыдзӕн. Йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны ӕмӕ ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдоны тыххӕй Фыстады цы амындтӕ ис, уыдон сты пайда. Уыцы амындтӕ хъахъхъӕнынц ӕмбырды сыгъдӕг ном ӕмӕ сӕ фӕрцы иннӕ адӕмӕй хицӕн кӕнӕм, Библийы хӕрзӕгъдаудзинады уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕй (1 Пет. 1:14—16). Уыдон нӕ хъахъхъӕнынц ӕвзӕр ӕндӕвдадӕй (Гал. 5:7—9). Уый ма тӕригъӕдджынӕн фадат дӕтты зонд базонынӕн, ӕмӕ йын ӕххуыс кӕны «фарны дыргъ — рӕстдзинад» хӕссынӕн (Дзут. 12:11, НД).
13. Иу бинонтӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ сарӕзтой ӕмӕ йын цавӕр фӕстиуджытӕ уыд?
13 Районон конгрессы раныхасы фӕстӕ иу ӕфсымӕр йӕ фаззон хоимӕ бамбӕрстой, сӕ мадимӕ сӕ сӕ ахастыты цыдӕр кӕй хъӕуы фӕивын. Мад та цард хицӕнӕй, ӕхсӕз азы размӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Конгрессы фӕстӕ фырт йӕ мадмӕ телефонӕй фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ дӕ уарзӕм, фӕлӕ-иу дӕм бацӕудзыстӕм, ӕрмӕстдӕр-иу нӕ бинонты хъуыддӕгтыл ӕхсызгонӕй аныхас кӕнын куы бахъӕуа, уӕд, ӕндӕр дӕм амӕй фӕстӕмӕ нал дзурдзыстӕм. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ мад райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕмбырды уӕнг сси. Уый фӕстӕ йӕ лӕг дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ донаргъуыд райста.
14. Ӕмбырдӕй ацух кӕныны тыххӕй амындтӕ иузӕрдионӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?
14 Ӕмбырдӕй ацух кӕныны тыххӕй Фыстады цы амындтӕ ис, уыдон иузӕрдионӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Иегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ афтӕмӕй дзуапп дӕтдзыстӕм, йӕ фыдкой чи кӕны, уымӕн (Ӕмб. 27:11). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Иегъовӕ нын йӕ хорзӕх кӕй ратдзӕн, ууыл. Паддзах Давид Иегъовӕйы тыххӕй фыста: «Йӕ уагӕвӕрдтӕ йын ӕз никуы фехалдзынӕн. Иузӕрдион адӕймагыл ды вӕййыс иузӕрдион» (2 Пад. 22:23, 26).